Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
Публикацитӕ иронау (1997–2026)
Рацу
Бацу
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Абон

Цыппӕрӕм, 6 ноябрь

Алцӕй тыххӕй дӕр бузныг дзурут (1 Фес. 5:18).

Йегъовӕмӕ куы фӕкувӕм, уӕд ын нӕ бон бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй вӕййы бузныг зӕгъын. Нӕ бон ын у бузныг дзурын, нӕ царды хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уыдӕтты тыххӕй, уымӕн ӕмӕ алы хорз лӕвар дӕр уымӕй у (Иак. 1:17). Зӕгъӕм, ис ын бузныг зӕгъӕн нӕ рӕсугъд зӕххы тыххӕй ӕмӕ ма ноджыдӕр цы диссӕгтӕ сфӕлдыста, уыдоны тыххӕй. Нӕ бон ма йын у бузныг дзурын царды, нӕ бинонты ӕмӕ не ’мбӕлтты тыххӕй, стӕй нын цы ныфс ис, уый тыххӕй. Уымӕй уӕлдай нӕ фӕнды Йегъовӕйӕн бузныг дзурын, ахӕм фадат нын кӕй радта, цӕмӕй йе ’ввахс хӕлӕрттӕ суыдаиккам. Алчидӕр нӕ Йегъовӕйӕ цӕй тыххӕй хъуамӕ уа бузныг, ууыл хъуыды кӕнын тынг ахсджиаг у. Хатт ууыл тынгдӕр фӕхъӕуы бацархайын. Ныртӕккӕ бирӕтӕ хорздзинадӕн аргъ кӕнын нӕ зонынц ӕмӕ бузныг дӕр никӕмӕй вӕййынц. Сӕ мӕт фылдӕр вӕййы, цы сӕ хъӕуы, уый сӕ къухы куыд бафта, ууыл. Цы сӕм ис, уый тыххӕй бузныг уой, уый та сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ вӕййы. Мах дӕр сӕ зондахастӕй куы фӕхъӕстӕ уӕм, уӕд нӕ куывдтыты ӕрмӕстдӕр дзурдзыстӕм, «ратт мын», «уый мӕ хъӕуы», «баххуыс мын кӕн», зӕгъгӕ. Ӕмӕ цӕмӕй афтӕ ма рауайа, уый тыххӕй хъуамӕ алкӕддӕр аргъ кӕнӕм Йегъовӕйы хорздзинӕдтӕн ӕмӕ йын бузныг дзурӕм (Лук. 6:45). w23.05 4 ф., 8, 9 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Майрӕмбон, 7 ноябрь

Курӕд уырнӕгзӕрдӕйӕ, ӕппындӕр дызӕрдыг ма кӕнӕд (Иак. 1:6).

Йегъовӕ у нӕ Фыд, тынг нӕ уарзы, ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй маст ӕмӕ зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм (Ис. 63:9). Цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм, уыдон абарӕн ис цӕугӕдӕттимӕ кӕнӕ артимӕ (Ис. 43:2). Ӕмӕ нӕ Йегъовӕ ӕппӕт зындзинӕдтӕй нӕ бахизы, фӕлӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, кӕй-иу нын баххуыс кӕндзӕн сӕ сӕрты ахизынӕн. Ӕмӕ цыфӕнды фӕлварӕнтыл ма сӕмбӕлӕм,– ӕххуыс нын кӕндзӕн, цӕмӕй дзы ма адард уӕм. Уымӕй уӕлдай ма нын ратты йӕ хъомысджын сыгъдӕг тых дӕр, ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон вӕййы фидар фӕлӕууын (Лук. 11:13; Фил. 4:13). Уӕдӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нын, цӕмӕй хъӕуы, уымӕй алкӕддӕр кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй кӕронмӕ фидар фӕлӕууӕм ӕмӕ йыл иузӕрдионӕй баззайӕм. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йыл нӕ зӕрдӕ дарӕм (Дзут. 11:6). Иуӕй-иу хатт нӕм нӕ зындзинӕдтӕ хохы йас фӕкӕсынц. Ӕмӕ, гӕнӕн ис, дызӕрдыг кӕнын дӕр райдайӕм, Йегъовӕ нын кӕй баххуыс кӕндзӕн, ууыл. Фӕлӕ нын Библи зӕрдӕ ӕвӕры, Хуыцауы тыхы фӕрцы нӕ бон кӕй у «къулыл сбырын дӕр» (Пс. 18:29). Уӕдӕ-иу хъуамӕ ахӕм дызӕрдыг хъуыдытӕй фервӕзӕм ӕмӕ-иу Йегъовӕмӕ ныфсджынӕй кувӕм. Хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, нӕ куывдтытӕн нын дзуапп кӕй ратдзӕн, ууыл (Иак. 1:6, 7). w23.11 22 ф., 8, 9 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Сабат, 8 ноябрь

Уарзты цӕхӕртӕ сты арты цӕхӕртӕ, Йагъы пиллон арт. Уарзты зынг бирӕ дӕттӕ дӕр нӕ ахуыссын кӕндзысты, цӕугӕдӕттӕ дӕр ӕй нӕ аласдзысты (Сол. з. 8:6, 7).

Диссаджы рӕсугъд ныхӕстӕ! Ахӕм у ӕцӕг уарзондзинад. Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ уый гӕнӕн ис, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийы алкӕддӕр уарзой. Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийы цӕрӕнбонтӕм уарздзысты ӕви нӕ, уый сӕхицӕй кӕнгӕ у. Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Арт, гӕнӕн ис, ӕмӕ макуы ахуысса. Фӕлӕ дзы уый тыххӕй хъӕуы сугтӕ ӕппарын. Артмӕ йӕ хъус куы ничи дара, уӕд сабыргай ахуысдзӕн. Раст афтӕ лӕг ӕмӕ усӕн дӕр сӕ уарзты зынг, гӕнӕн ис, макуы ахуысса. Фӕлӕ уый тыххӕй фӕхъӕуы цыдӕртӕ аразын. Хатт лӕг ӕмӕ ус фембарынц, сӕ уарзты зынг кӕй мынӕг кӕны, уӕлдайдӕр та ӕхцаимӕ, ӕнӕниздзинадимӕ кӕнӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнынимӕ баст зындзинӕдты тыххӕй. Цӕмӕй «Йагъы пиллон арт» ма ахуысса ӕмӕ алкӕддӕр судза, уый тыххӕй хъуамӕ лӕгӕн дӕр ӕмӕ усӕн дӕр Йегъовӕ уа йе ’ввахс Хӕлар. w23.05 20, 21 фф., 1–3 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын