Дыццӕг, 29 июль
Ды дӕ... мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт (Лук. 3:22).
Мах ӕй зонӕм, Йегъовӕ йӕ адӕмӕй райгонд кӕй у. Библийы фыст ис: «Йегъовӕйӕн йӕ адӕм хӕссынц циндзинад» (Пс. 149:4). Фӕлӕ хатт кӕмӕндӕрты сӕ ныфс афтӕ тынг асӕтты, ӕмӕ фӕхъуыды кӕнынц: «Цымӕ Йегъовӕ мӕнӕй дӕр у райгонд?» Хатт-иу ахӕм хъуыдытӕ фӕзынд Йегъовӕйы рагон иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕм дӕр (1 Сам. 1:6–10; Иов 29:2, 4; Пс. 51:11). Библийӕ бӕрӕг у, уый гӕнӕн кӕй ис, цӕмӕй Йегъовӕ ӕнӕххӕст адӕмӕй райгонд уа. Уый тыххӕй адӕймаг хъуамӕ Йесо Чырыстийыл баууӕнда ӕмӕ донаргъуыд райса (Иоан. 3:16). Афтӕмӕй иннӕтӕ базонынц, йӕ тӕригъӕдтыл кӕй ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ Хуыцауӕн дзырд кӕй радта, йӕ фӕндон ын кӕй ӕххӕст кӕндзӕн (Хъуыд. 2:38; 3:19). Йегъовӕйӕн ӕхсызгон вӕййы, уыцы къахдзӕфтӕ куы саразӕм ӕмӕ йӕм куы баввахс вӕййӕм. Донаргъуыды фӕстӕ дӕр, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый куы аразӕм, цӕмӕй йын цы дзырд радтам, уый ӕххӕст кӕнӕм, уӕд нӕ райгонд уыдзӕн ӕмӕ нӕ йӕ хӕлӕрттыл нымайдзӕн (Пс. 25:14). w24.03 26 ф., 1, 2 абз.
Ӕртыццӕг, 30 июль
Цы федтам ӕмӕ цы фехъуыстам, уыдӕтты тыххӕй ма дзурӕм, уый нӕ бон нӕу (Хъуыд. 4:20).
Махӕн дӕр нӕ бон у уыцы ахуыргӕнинӕгты бафӕзмын. Хицауад нӕ хъусын кӕнын куы нӕ уадза, уӕддӕр хорз хабар хъусын кӕндзыстӕм. Йегъовӕ нын ӕнӕмӕнг ӕххуыс кӕндзӕн хорз хабар дарддӕр хъусын кӕнынӕн. Нӕ бон ма дзы у хъӕбатырдзинад, зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад курын. Йегъовӕйӕ курӕм, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн. Махӕй бирӕтӕ цавӕрдӕр низимӕ тох кӕнынц, чидӕртӕ сты ныфссаст, кӕмӕндӕрты, зынаргъ сын чи уыд, уыцы адӕймаг амард, кӕмӕндӕрты сӕ бинонтӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, чидӕртӕ сӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд ӕййафынц. Ӕмӕ ма ӕмбӕлӕм бирӕ ӕндӕр зындзинӕдтыл дӕр. Ӕмӕ пандемийӕтӕ ӕмӕ хӕстыты тыххӕй ноджы зындӕр вӕййы уыцы зындзинӕдтӕ сфӕразын. Уымӕ гӕсгӕ-иу Йегъовӕйӕн дӕ зӕрдӕ раргом кӕн. Дӕ уавӕры тыххӕй-иу ын алцыдӕр радзур, дӕ хорз ӕмбалӕн куыд радзурис, афтӕ. Ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн: Йегъовӕ «йӕхӕдӕг архайдзӕн», цӕмӕй дын баххуыс кӕна (Пс. 37:3, 5). Хъуамӕ Йегъовӕмӕ ӕппынӕдзух кувӕм, цӕмӕй «зындзинӕдты фидар лӕууӕм» (Ром. 12:12). Йегъовӕ зоны, йӕ лӕггадгӕнджытӕ цытӕ ӕвзарынц, уый. Библийы фыст ис, «сӕ дзыназын» сын кӕй хъусы (Пс. 145:18, 19). w23.05 5, 6 фф., 12–15 абз.
Цыппӕрӕм, 31 июль
Ӕппынӕдзух бӕлвырд кӕнут, нӕ Хицауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый (Еф. 5:10).
Ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын нӕ куы хъӕуа, уӕд-иу хъуамӕ бамбарӕм, «Йегъовӕйы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый» ӕмӕ-иу уымӕ гӕсгӕ архайӕм (Еф. 5:17). Библийы куы фӕагурӕм, нӕ уавӕры нын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм уагӕвӕрдтӕ, уӕд афтӕмӕй фӕархайӕм, Хуыцау уыцы хъуыддаджы фӕдыл цы хъуыды кӕны, уый бамбарыныл. Ӕмӕ-иу уыцы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы бацархайӕм, уӕд-иу раст уынаффӕ рахӕсдзыстӕм. «Фыдбылызы», ома не знаг Хӕйрӕджы, фӕнды, цӕмӕй ацы дунейы хъуыддӕгтыл афтӕ суӕм, ӕмӕ нын Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн рӕстӕг мауал уа (1 Иоан. 5:19). Гӕнӕн ис, чырыстонӕн царды сӕйрагдӕр суа ӕхца, уӕлдӕр ахуыр кӕнӕ та куыст. Афтӕ куы рауайа, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ ацы дунейы зондӕй фӕхъӕстӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдӕттӕ дӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ не сты. Фӕлӕ нын хъуамӕ царды ӕппӕты сӕйраг макуы уой. w24.03 24 ф., 16, 17 абз.