Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
Хъусинӕгтӕ
Фӕзынд ног ӕвзгыл: Mbum
  • Абон

Ӕртыццӕг, 30 июль

Цы федтам ӕмӕ цы фехъуыстам, уыдӕтты тыххӕй ма дзурӕм, уый нӕ бон нӕу (Хъуыд. 4:20).

Махӕн дӕр нӕ бон у уыцы ахуыргӕнинӕгты бафӕзмын. Хицауад нӕ хъусын кӕнын куы нӕ уадза, уӕддӕр хорз хабар хъусын кӕндзыстӕм. Йегъовӕ нын ӕнӕмӕнг ӕххуыс кӕндзӕн хорз хабар дарддӕр хъусын кӕнынӕн. Нӕ бон ма дзы у хъӕбатырдзинад, зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад курын. Йегъовӕйӕ курӕм, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн. Махӕй бирӕтӕ цавӕрдӕр низимӕ тох кӕнынц, чидӕртӕ сты ныфссаст, кӕмӕндӕрты, зынаргъ сын чи уыд, уыцы адӕймаг амард, кӕмӕндӕрты сӕ бинонтӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, чидӕртӕ сӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд ӕййафынц. Ӕмӕ ма ӕмбӕлӕм бирӕ ӕндӕр зындзинӕдтыл дӕр. Ӕмӕ пандемийӕтӕ ӕмӕ хӕстыты тыххӕй ноджы зындӕр вӕййы уыцы зындзинӕдтӕ сфӕразын. Уымӕ гӕсгӕ-иу Йегъовӕйӕн дӕ зӕрдӕ раргом кӕн. Дӕ уавӕры тыххӕй-иу ын алцыдӕр радзур, дӕ хорз ӕмбалӕн куыд радзурис, афтӕ. Ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн: Йегъовӕ «йӕхӕдӕг архайдзӕн», цӕмӕй дын баххуыс кӕна (Пс. 37:3, 5). Хъуамӕ Йегъовӕмӕ ӕппынӕдзух кувӕм, цӕмӕй «зындзинӕдты фидар лӕууӕм» (Ром. 12:12). Йегъовӕ зоны, йӕ лӕггадгӕнджытӕ цытӕ ӕвзарынц, уый. Библийы фыст ис, «сӕ дзыназын» сын кӕй хъусы (Пс. 145:18, 19). w23.05 5, 6 фф., 12–15 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Цыппӕрӕм, 31 июль

Ӕппынӕдзух бӕлвырд кӕнут, нӕ Хицауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый (Еф. 5:10).

Ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын нӕ куы хъӕуа, уӕд-иу хъуамӕ бамбарӕм, «Йегъовӕйы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый» ӕмӕ-иу уымӕ гӕсгӕ архайӕм (Еф. 5:17). Библийы куы фӕагурӕм, нӕ уавӕры нын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм уагӕвӕрдтӕ, уӕд афтӕмӕй фӕархайӕм, Хуыцау уыцы хъуыддаджы фӕдыл цы хъуыды кӕны, уый бамбарыныл. Ӕмӕ-иу уыцы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы бацархайӕм, уӕд-иу раст уынаффӕ рахӕсдзыстӕм. «Фыдбылызы», ома не знаг Хӕйрӕджы, фӕнды, цӕмӕй ацы дунейы хъуыддӕгтыл афтӕ суӕм, ӕмӕ нын Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн рӕстӕг мауал уа (1 Иоан. 5:19). Гӕнӕн ис, чырыстонӕн царды сӕйрагдӕр суа ӕхца, уӕлдӕр ахуыр кӕнӕ та куыст. Афтӕ куы рауайа, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ ацы дунейы зондӕй фӕхъӕстӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдӕттӕ дӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ не сты. Фӕлӕ нын хъуамӕ царды ӕппӕты сӕйраг макуы уой. w24.03 24 ф., 16, 17 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Майрӕмбон, 1 август

Бирӕ мӕстытӕ ис рӕстгӕнӕгӕн, фӕлӕ йӕ Йегъовӕ се ’ппӕтӕй дӕр фервӕзын кӕны (Пс. 34:19).

Ацы псаломы ис дыууӕ ахсджиаг хъуыдыйы: 1) рӕстгӕнджытӕ дӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц; 2) Йегъовӕ нӕ нӕ зындзинӕдтӕй фервӕзын кӕны. Куыд нӕ фервӕзын кӕны? Иу уый, ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны цардмӕ раст цӕстӕй кӕсынӕн. Йегъовӕ нын зӕрдӕ бавӕрдта, куы йын лӕггад кӕнӕм, уӕд нын уый циндзинад кӕй хӕсдзӕн. Фӕлӕ афтӕ никуы загъта, ӕмӕ нын ныртӕккӕ, ацы дунейы, ӕнӕмӕт цард уыдзӕн (Ис. 66:14). Уый фӕнды, цӕмӕй фылдӕр хъуыды кӕнӕм нӕ фидӕныл, цы ӕнусон цард нын ӕрцӕттӕ кодта, ууыл (2 Кор. 4:16–18). Уӕдмӕ та нын алы бон дӕр ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ къахыл лӕууӕм ӕмӕ йын лӕггад кӕнынхъом уӕм (Йер. хъ. 3:22–24). Раджы заманты ӕмӕ нӕ рӕстӕджы цӕрӕг иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы цавӕрдӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм. Фӕлӕ нӕ ныфс Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд-иу нын ӕнӕмӕнг баххуыс кӕндзӕн (Пс. 55:22). w23.04 14, 15 фф., 3, 4 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын