Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Абон

Ӕртыццӕг, 6 август

Рӕстгӕнджыты фӕндаг у хуры рухсы хуызӕн – уыцы рухс кӕны тынгӕй-тынгдӕр, цалынмӕ хур йӕ тӕмӕны нӕ бацӕуы, уӕдмӕ (Ӕмб. 4:18).

Фӕстаг бонты нын Йегъовӕ йӕ организацийы уылты ӕдзух лӕвӕрдта ӕмӕ дӕтты уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг, цӕмӕй не ’ппӕт дӕр дарддӕр «Сыгъдӕг фӕндагыл» цӕуӕм (Ис. 35:8; 48:17; 60:17). Зӕгъӕн ис, ӕмӕ, Библи ахуыр кӕнын чи райдайы, уый райдайы «Сыгъдӕг фӕндагыл» цӕуын. Иуӕй-иутӕ йыл иуцасдӕр ацӕуынц, фӕлӕ йӕ стӕй ныууадзынц. Иннӕтӕ та йыл фидар къахдзӕфтӕй размӕ цӕуынц. Фӕнды сӕ, цӕмӕй кӕронмӕ бахӕццӕ уой. Цымӕ кӕдӕм цӕуынц? Уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдоны «Сыгъдӕг фӕндаг» кӕны уӕлӕрвтӕм, «Хуыцауы дзӕнӕтмӕ» (Рарг. 2:7). Зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдоны та уыцы фӕндаг кӕны ӕххӕстдзинадмӕ – ӕххӕст та суыдзысты Чырыстийы миназон хицаудзинады кӕрон. Кӕд абон «Сыгъдӕг фӕндагыл» цӕуыс, уӕд фӕстӕмӕ мауал фӕкӕс. Ӕмӕ цалынмӕ дӕ балц нӕ фӕуа ӕмӕ ног дунемӕ нӕ бахӕццӕ уай, уӕдмӕ уыцы фӕндагӕй ма ахиз. w23.05 17 ф., 15 абз.; 19 ф., 16–18 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Цыппӕрӕм, 7 август

Мах... уарзӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ фыццаг Хуыцау бауарзта (1 Иоан. 4:19).

Йегъовӕ дын хорзӕй цы сарӕзта, уыдӕттыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дзы бузныг уыдзынӕ ӕмӕ дӕ бафӕнддзӕн дӕхи йын снывонд кӕнын (Пс. 116:12–14). Библийы фыст ис, «хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр ӕмӕ алы ӕнӕфау лӕвар дӕр» Йегъовӕ кӕй дӕтты (Иак. 1:17). Йе ’ппӕты стырдӕр лӕвар у, йӕ Фырты, Йесойы, нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый. Ахъуыды-ма кӕн, цы диссаджы лӕвар у! Йесойы нывонды фӕрцы уый гӕнӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕйы хӕлар уай. Стӕй ма дын фӕзынд ӕнустӕм цӕрыны ныфс дӕр (1 Иоан. 4:9, 10). Ахӕм уарзондзинад никуы ничи равдыста. Дӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнай, уӕд афтӕмӕй равдисдзынӕ, цы уарзондзинад равдыста, уый тыххӕй ӕмӕ дзы йе ’ппӕт хорздзинӕдты тыххӕй бузныг кӕй дӕ (Дык. з. 16:17; 2 Кор. 5:15). w24.03 5 ф., 8 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Майрӕмбон, 8 август

Йӕ фӕндӕгтӕ раст кӕмӕн сты, уый тӕрсы Йегъовӕйӕ (Ӕмб. 14:2).

Ацы дуне бынысӕфт фӕци. Ӕмӕ нын уый уынгӕйӕ вӕййы тынг зын, рӕстгӕнӕг Лотӕн куыд зын уыд, афтӕ. Уый «ӕнӕуаг адӕмы хӕлд митӕй... сфӕлмӕцыд». Лот зыдта, нӕ уӕларвон Фыд ахӕм хъуыддӕгтӕй йе сӕфт кӕй уыны (2 Пет. 2:7, 8). Хуыцауӕй кӕй тарсти ӕмӕ йӕ кӕй уарзта, уый йын ӕххуыс кодта, цӕмӕй уыцы адӕмы хуызӕн ма суыдаид. Абон дӕр нӕ алыварс бирӕтӕ Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ ницӕмӕ дарынц. Фӕлӕ уӕддӕр уый гӕнӕн ис, цӕмӕй мах хӕрзӕгъдау цард кӕнӕм. Уый нын бантысдзӕн, Хуыцауы алкӕддӕр куы уарзӕм, стӕй дзы алкӕддӕр куы тӕрсӕм ӕмӕ дзы куы ’фсӕрмы кӕнӕм, уӕд. Йегъовӕ нын йӕхӕдӕг дӕр ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хӕрзӕгъдау цард кӕнӕм. Ӕмбисӕндты чиныджы ныффыссын кодта бирӕ зондджын уынаффӕтӕ. Ӕмӕ уыцы уынаффӕтӕ чырыстӕтты се ’ппӕты дӕр – нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты, ӕрыгӕтты ӕмӕ ацӕргӕты – ныфс бауадздзысты ӕмӕ сын стыр ӕххуыс фӕуыдзысты. Йегъовӕйӕ куы тӕрсӕм, уӕд-иу не слымӕн уыдзыстӕм, ӕвзӕр митӕ чи кӕны, уыдонимӕ. w23.06 20 ф., 1, 2 абз.; 21 ф., 5 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын