Август
Майрӕмбон, 1 август
Бирӕ мӕстытӕ ис рӕстгӕнӕгӕн, фӕлӕ йӕ Йегъовӕ се ’ппӕтӕй дӕр фервӕзын кӕны (Пс. 34:19).
Ацы псаломы ис дыууӕ ахсджиаг хъуыдыйы: 1) рӕстгӕнджытӕ дӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц; 2) Йегъовӕ нӕ нӕ зындзинӕдтӕй фервӕзын кӕны. Куыд нӕ фервӕзын кӕны? Иу уый, ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны цардмӕ раст цӕстӕй кӕсынӕн. Йегъовӕ нын зӕрдӕ бавӕрдта, куы йын лӕггад кӕнӕм, уӕд нын уый циндзинад кӕй хӕсдзӕн. Фӕлӕ афтӕ никуы загъта, ӕмӕ нын ныртӕккӕ, ацы дунейы, ӕнӕмӕт цард уыдзӕн (Ис. 66:14). Уый фӕнды, цӕмӕй фылдӕр хъуыды кӕнӕм нӕ фидӕныл, цы ӕнусон цард нын ӕрцӕттӕ кодта, ууыл (2 Кор. 4:16–18). Уӕдмӕ та нын алы бон дӕр ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ къахыл лӕууӕм ӕмӕ йын лӕггад кӕнынхъом уӕм (Йер. хъ. 3:22–24). Раджы заманты ӕмӕ нӕ рӕстӕджы цӕрӕг иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы цавӕрдӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм. Фӕлӕ нӕ ныфс Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд-иу нын ӕнӕмӕнг баххуыс кӕндзӕн (Пс. 55:22). w23.04 14, 15 фф., 3, 4 абз.
Сабат, 2 август
Хицӕуттӕн коммӕгӕс ут (Ром. 13:1).
Иосиф ӕмӕ Марийӕ хицӕуттӕм хъуыстой, уый-иу сын ӕнцон куы нӕ уыд, уӕд дӕр. Ӕмӕ нын уымӕй сты фӕзминаг (Лук. 2:1–6). Марийӕ фарӕстӕм мӕй йӕхи бар куы нӕ уыд, уӕд сӕ Иосифимӕ хъуыди ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын. Ромы паддзах Август бардзырд радта, цӕмӕй, йӕ паддзахады дӕлбар чи цард, уыдон иууылдӕр сӕ райгуырӕн горӕттӕм ацыдаиккой ӕмӕ сӕхи ныффыстаиккой. Иосиф ӕмӕ Марийӕйы хъуыди Вифлееммӕ ацӕуын. Уый тыххӕй та хъуамӕ 150 километры бӕрц цыдаиккой хӕххон фӕндӕгтыл. Уыцы балц ӕнцон кӕцӕй уыдаид, уӕлдайдӕр Марийӕйӕн. Ӕвӕццӕгӕн, хъуыдытӕ кодтой: цымӕ Марийӕ ӕмӕ сывӕллонӕн ӕдас уыдзӕн? Йӕ арыны афон фӕндагыл куы райдайа, уӕд куыд кӕндзысты? Марийӕ йӕ зӕрдӕйы бын кӕй хаста, уыцы сывӕллон фидӕны хъуамӕ суыдаид Мессийӕ. Уыдӕтты тыххӕй цымӕ афтӕ ахъуыды кодтой, зӕгъгӕ, паддзахы бардзырдмӕ куы нӕ байхъусӕм, уӕддӕр ницы кӕны? Кӕд Иосиф ӕмӕ Марийӕ цӕуылдӕрты мӕт кодтой, уӕддӕр бардзырдмӕ байхъуыстой. Ӕмӕ сын Йегъовӕ раарфӕ кодта. Вифлееммӕ дзӕбӕхӕй ныххӕццӕ сты, Марийӕйӕн райгуырд ӕнӕниз сывӕллон ӕмӕ, коммӕгӕс кӕй разынд, уый фӕрцы ма сӕххӕст Библийы пехуымпарад дӕр (Мих. 5:2). w23.10 8 ф., 9 абз.; 9 ф., 11, 12 абз.
Хуыцаубон, 3 август
Кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтаут (Дзут. 10:25).
Зӕгъӕм, дзуапп раттын дӕ кӕй хъӕуы, ӕрмӕст уыцы хъуыдыйӕ дӕр дӕ хид акӕлы. Уӕд-иу дӕхи дзӕбӕх бацӕттӕ кӕн (Ӕмб. 21:5). Ӕрмӕг хорз куы зонай, уӕд-иу дын ӕнцондӕр уыдзӕн дӕ къухыл схӕцын. Стӕй-иу бацӕттӕ кӕн цыбыр дзуаппытӕ (Ӕмб. 15:23; 17:27). Цыбыр дзуапп дӕтгӕйӕ адӕймаг афтӕ тынг нӕ фӕтыхсы. Дӕхи ныхӕстӕй цыбыр дзуапп куы раттай, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, дӕхи хорз кӕй бацӕттӕ кодтай ӕмӕ ӕрмӕг хорз кӕй ӕмбарыс. Чи зоны, ацы уынаффӕтӕм гӕсгӕ бацархайдтай, фӕлӕ уӕддӕр дӕ ныфс хӕссыс ӕрмӕстдӕр иу кӕнӕ дыууӕ дзуаппы раттынмӕ. Ма дызӕрдыг кӕн: Йегъовӕ аргъ кӕны, дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕй аразыс, уымӕн (Лук. 21:1–4). Дӕ бон цы нӕу, уый дӕ никуы домдзӕн (Фил. 4:5). Ахъуыды кӕн, дӕ бон цавӕр нысан у дӕ разы сӕвӕрын, стӕй архай, цӕмӕй уыцы нысан дӕ къухы бафта, ӕмӕ кув, цӕмӕй-иу ма тыхсай. Фыццаг уал, чи зоны, дӕ разы сӕвӕрай нысан, иу цыбыр дзуапп кӕй ратдзынӕ. w23.04 21 ф., 6–8 абз.
Къуырисӕр, 4 август
Нӕ уӕлӕ дарӕм... згъӕрхӕдон, стӕй... згъӕрхуд (1 Фес. 5:8).
Апостол Павел чырыстӕтты абарста, сӕ хӕстон дзауматӕ сӕ уӕлӕ кӕмӕн сты ӕмӕ тохмӕ цӕттӕ чи у, ахӕм ӕфсӕддонтимӕ. Ӕфсӕддон хъуамӕ уа къӕрцхъус ӕмӕ кӕдфӕндыдӕр цӕттӕ уа тохмӕ. Афтӕ мах дӕр нӕ уӕлӕ уырнындзинады ӕмӕ уарзондзинады згъӕрхӕдон, стӕй ныфсы згъӕрхуд куы дарӕм, уӕд алкӕддӕр Йегъовӕйы бонмӕ цӕттӕ уыдзыстӕм. Згъӕрхӕдон-иу хъахъхъӕдта ӕфсӕддонӕн йӕ зӕрдӕ. Афтӕ нын уырнындзинад ӕмӕ уарзондзинад дӕр хъахъхъӕнынц нӕ зӕрдӕ. Уыдон нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй дарддӕр дӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕнӕм ӕмӕ Йесойы фӕдыл цӕуӕм. Мах уырны, Йегъовӕ нын кӕй раарфӕ кӕндзӕн, зӕрдиагӕй йӕ кӕй агурӕм, уый тыххӕй (Дзут. 11:6). Стӕй нын уырнындзинад ӕххуыс кӕны нӕ Разамонӕг Йесойыл зындзинӕдты иузӕрдионӕй баззайынӕн. Бирӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззадысты, сӕ уырнындзинады тыххӕй-иу ӕфхӕрд куы ӕййӕфтой кӕнӕ-иу сын цардамӕлттӕ кӕнын зын куы уыд, уӕд. Ӕмӕ нын сӕ цӕвиттонтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидардӕр кӕнӕм ӕмӕ-иу уый фӕрцы зындзинӕдтӕ сфӕразӕм. Нӕ бон ма у, йӕ цард чи фӕхуымӕтӕгдӕр кодта ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад фыццаг бынаты чи сӕвӕрдта, уыдоны дӕр бафӕзмын. Уый нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй мулчы фӕдыл ма адзӕгъӕл уӕм. w23.06 10 ф., 8, 9 абз.
Дыццӕг, 5 август
Мигътӕм чи кӕсы, уый ницы ӕркӕрддзӕн (Еккл. 11:4).
Сыгъдӕг тыхы фӕрцы нӕм фӕзындзӕн, нӕ нысанмӕ тырнынӕн нын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм миниуджытӕ, уӕлдайдӕр кӕд ӕнцон нысан нӕу кӕнӕ йӕм афтӕ тынг нӕ тырнӕм, уӕд. Уӕдӕ Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы баххуыс кӕна, сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ чи хауы, уыцы миниуджытӕ дӕ удыхъӕды сфидар кӕнынӕн (Лук. 11:13; Гал. 5:22, 23). Уавӕртӕ, дӕу куыд фӕнды, афтӕ кӕй уыдзысты, уымӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕс. Ацы дунейы, гӕнӕн ис, ӕмӕ, дӕу куыд фӕнды, афтӕ макуы рауайа. Дӕ уавӕртӕ кӕд амондзысты, уымӕ куы ӕнхъӕлмӕ кӕсай, уӕд дӕ нысан дӕ къухы никуы бафтдзӕн. Иуӕй-иу хатт та нӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ нӕ нысан нӕ къухы зынтӕй бафтдзӕн. Ӕмӕ йӕм уый тыххӕй дӕр, гӕнӕн ис, афтӕ тынг ма тырнӕм. Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ хабар афтӕ у, уӕд дӕ бон у дӕ нысан гыццылдӕр нысӕнттыл ныддихтӕ кӕнын. Зӕгъӕм, кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй дӕм цавӕрдӕр миниуӕг фӕзына, уӕд уал бацархай, цӕмӕй йӕ гыццыл хъуыддӕгты равдисай. Кӕд дӕ фӕнды Библи ӕнӕхъӕнӕй бакӕсын, уӕд уал ӕй гыццыл скъуыддзӕгтӕй кӕсын райдай. w23.05 29 ф., 11–13 абз.
Ӕртыццӕг, 6 август
Рӕстгӕнджыты фӕндаг у хуры рухсы хуызӕн – уыцы рухс кӕны тынгӕй-тынгдӕр, цалынмӕ хур йӕ тӕмӕны нӕ бацӕуы, уӕдмӕ (Ӕмб. 4:18).
Фӕстаг бонты нын Йегъовӕ йӕ организацийы уылты ӕдзух лӕвӕрдта ӕмӕ дӕтты уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг, цӕмӕй не ’ппӕт дӕр дарддӕр «Сыгъдӕг фӕндагыл» цӕуӕм (Ис. 35:8; 48:17; 60:17). Зӕгъӕн ис, ӕмӕ, Библи ахуыр кӕнын чи райдайы, уый райдайы «Сыгъдӕг фӕндагыл» цӕуын. Иуӕй-иутӕ йыл иуцасдӕр ацӕуынц, фӕлӕ йӕ стӕй ныууадзынц. Иннӕтӕ та йыл фидар къахдзӕфтӕй размӕ цӕуынц. Фӕнды сӕ, цӕмӕй кӕронмӕ бахӕццӕ уой. Цымӕ кӕдӕм цӕуынц? Уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдоны «Сыгъдӕг фӕндаг» кӕны уӕлӕрвтӕм, «Хуыцауы дзӕнӕтмӕ» (Рарг. 2:7). Зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдоны та уыцы фӕндаг кӕны ӕххӕстдзинадмӕ – ӕххӕст та суыдзысты Чырыстийы миназон хицаудзинады кӕрон. Кӕд абон «Сыгъдӕг фӕндагыл» цӕуыс, уӕд фӕстӕмӕ мауал фӕкӕс. Ӕмӕ цалынмӕ дӕ балц нӕ фӕуа ӕмӕ ног дунемӕ нӕ бахӕццӕ уай, уӕдмӕ уыцы фӕндагӕй ма ахиз. w23.05 17 ф., 15 абз.; 19 ф., 16–18 абз.
Цыппӕрӕм, 7 август
Мах... уарзӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ фыццаг Хуыцау бауарзта (1 Иоан. 4:19).
Йегъовӕ дын хорзӕй цы сарӕзта, уыдӕттыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дзы бузныг уыдзынӕ ӕмӕ дӕ бафӕнддзӕн дӕхи йын снывонд кӕнын (Пс. 116:12–14). Библийы фыст ис, «хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр ӕмӕ алы ӕнӕфау лӕвар дӕр» Йегъовӕ кӕй дӕтты (Иак. 1:17). Йе ’ппӕты стырдӕр лӕвар у, йӕ Фырты, Йесойы, нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый. Ахъуыды-ма кӕн, цы диссаджы лӕвар у! Йесойы нывонды фӕрцы уый гӕнӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕйы хӕлар уай. Стӕй ма дын фӕзынд ӕнустӕм цӕрыны ныфс дӕр (1 Иоан. 4:9, 10). Ахӕм уарзондзинад никуы ничи равдыста. Дӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнай, уӕд афтӕмӕй равдисдзынӕ, цы уарзондзинад равдыста, уый тыххӕй ӕмӕ дзы йе ’ппӕт хорздзинӕдты тыххӕй бузныг кӕй дӕ (Дык. з. 16:17; 2 Кор. 5:15). w24.03 5 ф., 8 абз.
Майрӕмбон, 8 август
Йӕ фӕндӕгтӕ раст кӕмӕн сты, уый тӕрсы Йегъовӕйӕ (Ӕмб. 14:2).
Ацы дуне бынысӕфт фӕци. Ӕмӕ нын уый уынгӕйӕ вӕййы тынг зын, рӕстгӕнӕг Лотӕн куыд зын уыд, афтӕ. Уый «ӕнӕуаг адӕмы хӕлд митӕй... сфӕлмӕцыд». Лот зыдта, нӕ уӕларвон Фыд ахӕм хъуыддӕгтӕй йе сӕфт кӕй уыны (2 Пет. 2:7, 8). Хуыцауӕй кӕй тарсти ӕмӕ йӕ кӕй уарзта, уый йын ӕххуыс кодта, цӕмӕй уыцы адӕмы хуызӕн ма суыдаид. Абон дӕр нӕ алыварс бирӕтӕ Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ ницӕмӕ дарынц. Фӕлӕ уӕддӕр уый гӕнӕн ис, цӕмӕй мах хӕрзӕгъдау цард кӕнӕм. Уый нын бантысдзӕн, Хуыцауы алкӕддӕр куы уарзӕм, стӕй дзы алкӕддӕр куы тӕрсӕм ӕмӕ дзы куы ’фсӕрмы кӕнӕм, уӕд. Йегъовӕ нын йӕхӕдӕг дӕр ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хӕрзӕгъдау цард кӕнӕм. Ӕмбисӕндты чиныджы ныффыссын кодта бирӕ зондджын уынаффӕтӕ. Ӕмӕ уыцы уынаффӕтӕ чырыстӕтты се ’ппӕты дӕр – нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты, ӕрыгӕтты ӕмӕ ацӕргӕты – ныфс бауадздзысты ӕмӕ сын стыр ӕххуыс фӕуыдзысты. Йегъовӕйӕ куы тӕрсӕм, уӕд-иу не слымӕн уыдзыстӕм, ӕвзӕр митӕ чи кӕны, уыдонимӕ. w23.06 20 ф., 1, 2 абз.; 21 ф., 5 абз.
Сабат, 9 август
Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи тыххӕй мауал цӕрӕд, йӕ хъизӕмӕртты хъӕд райсӕд, алы бон дӕр ӕй хӕссӕд ӕмӕ ӕппынӕдзух мӕ фӕдыл цӕуӕд (Лук. 9:23).
Чи зоны, дӕ бинонтӕй чидӕртӕ дӕ ныхмӕ рацыдысты кӕнӕ та дын, чи зоны, уыд фадат, цӕмӕй фылдӕр ӕхца бакуыстаис. Фӕлӕ ды Хуыцауы Паддзахад дӕ царды фыццаг бынаты сӕвӕрдтай (Матф. 6:33). Ма дызӕрдыг кӕн: Йегъовӕ дын уыны дӕ иузӕрдиондзинад ӕмӕ дӕ хъуыддӕгтӕ (Дзут. 6:10). Ӕвӕццӕгӕн ӕй дӕхиуыл бавзӕрстай, Йесойы ныхӕстӕ раст кӕй сты. Уый загъта: «Мӕн тыххӕй ӕмӕ хорз хабары тыххӕй йӕ хӕдзар, кӕнӕ йе ’фсымӕрты, кӕнӕ йӕ хоты, кӕнӕ йӕ мады, кӕнӕ йӕ фыды, кӕнӕ йӕ сывӕллӕтты, кӕнӕ йӕ зӕххытӕ чи ныууагъта, уыдонӕй иу дӕр ахӕм нӕй, ӕмӕ, кӕд ӕфхӕрд ӕййафдзӕн, уӕддӕр абон сӕдӕ хатты фылдӕр чи не ссара хӕдзӕрттӕ, ӕфсымӕртӕ, хотӕ, мадӕлтӕ, сывӕллӕттӕ ӕмӕ зӕххытӕ, ӕмӕ фидӕны та – ӕнусон цард» (Мар. 10:29, 30). Цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын дӕ, уыдон бирӕ фылдӕр сты, дӕхи цӕмӕй фӕцух кодтай, уыимӕ абаргӕйӕ (Пс. 37:4). w24.03 9 ф., 5 абз.
Хуыцаубон, 10 август
Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзы. Уый у, зын сахат адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууынӕн чи райгуыры, ахӕм ӕфсымӕр (Ӕмб. 17:17).
Иудейӕйы тынг ӕххормаг рӕстӕг куы скодта, уӕд сириаг Антиохийы цӕрӕг чырыстӕттӕ «бауынаффӕ кодтой, алчидӕр сӕ, йӕ бон цас у, уыйас кӕй ратдзӕн, цӕмӕй Иудейӕйы цӕрӕг ӕфсымӕртӕн баххуыс кӕной» (Хъуыд. 11:27–30). Кӕд Иудейӕ сириаг Антиохийӕ дард уыд, уӕддӕр Антиохийы цӕрӕг чырыстӕтты фӕндыд сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕн баххуыс кӕнын (1 Иоан. 3:17, 18). Махӕн дӕр нӕ бон вӕййы равдисын, нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты зын нӕ зӕрдӕмӕ кӕй исӕм. Ӕрдзон бӕллӕх кӕнӕ сын ӕндӕр бӕллӕх зиан куы ’рхӕссы, уӕд сын уайтагъд, нӕ бон цӕмӕй у, уымӕй баххуыс кӕнӕм. Иуӕй-иутӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн фӕзӕгъынц, сӕ бон кӕй у, кӕм хъӕуы, уым баххуыс кӕнын. Стӕй ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн мысайнӕгтӕ фӕдӕттӕм ӕмӕ, бӕллӕх кӕм ӕрцыд, уым чи цӕры, уыцы хоты ӕмӕ ’фсымӕрты тыххӕй фӕкувӕм (Ӕмб. 17:17). Гӕнӕн ис, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн, цӕрынӕн сӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттӕ дӕр ма уа, ӕмӕ сӕ хъӕудзӕн не ’ххуыс. Мах фӕнды, цӕмӕй, нӕ Паддзах Йесо Чырысти тӕрхон сӕххӕст кӕнынмӕ куы ’рцӕуа, уӕд фена, кӕрӕдзийы зын нӕ зӕрдӕмӕ арф кӕй исӕм. Ӕмӕ нын уӕд зӕгъдзӕн: «Бынӕн райсут... паддзахад» (Матф. 25:34–40). w23.07 4 ф., 9, 10 абз.; 6 ф., 12 абз.
Къуырисӕр, 11 август
Уе ’мбаргӕдзинадӕй уӕ зонӕд алчидӕр (Фил. 4:5).
Йесо дӕр-иу Йегъовӕйы хуызӕн равдыста ӕмбаргӕдзинад. Уый ӕрвыст уыд, цӕмӕй хорз хабар хъусын кодтаид Израилы адӕмӕн – «сӕфт фыстӕн». Фӕлӕ уыцы хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕнгӕйӕ ӕвдыста, ӕмбаргӕ кӕй уыд. Иухатт ын, израилаг чи нӕ уыд, иу ахӕм сылгоймаг ныллӕгъстӕ кодта, зӕгъгӕ, дам, мын «мӕ чызджы... хӕйрӕджытӕ удхарӕй марынц», ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кӕн. Йесо равдыста фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ дзы уыцы сылгоймаг цы куырдта, уый сарӕзта – йӕ чызджы йын сдзӕбӕх кодта (Матф. 15:21–28). Иухатт та Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Мӕнӕй афтӕ чи зӕгъа, ӕз ӕй нӕ зонын, зӕгъгӕ, уымӕй ӕз дӕр... зӕгъдзынӕн, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ» (Матф. 10:33). Ӕмӕ кӕд Петр афтӕ ӕртӕ хатты загъта, уӕддӕр дзы Йесо нӕ загъта, зӕгъгӕ йӕ ӕз нӕ зонын. Йӕ къух ыл нӕ систа. Йесо зыдта, Петр зӕрдиагӕй кӕй ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ йын фидар уырнындзинад кӕй ис. Йесо куы райгас, уый фӕстӕ Петрмӕ фӕзынд ӕмӕ йын, ӕвӕццӕгӕн, загъта, кӕй йын ныххатыр кодта ӕмӕ йӕ кӕй уарзы (Лук. 24:33, 34). Йегъовӕ ӕмӕ Йесо ӕмбаргӕ сты. Ӕмӕ Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй мах дӕр ӕмбаргӕ уӕм. w23.07 21 ф., 6, 7 абз.
Дыццӕг, 12 август
Нал уыдзӕн... мӕлӕт (Рарг. 21:4).
Нӕ бон цавӕр бӕлвырдгӕнӕнты фӕрцы у иннӕтӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ бауырна, зӕхх дзӕнӕт кӕй суыдзӕн? Фыццаг: Йегъовӕ уымӕй йӕхӕдӕг бавӕрдта зӕрдӕ. Раргомады чиныджы фыст ис: «Паддзахбадӕныл чи бадт, уый загъта: „Цыдӕриддӕр аразын,– ӕппӕт дӕр у ног!“» Уымӕ ис зонд ӕмӕ тых, цӕмӕй уыцы зӕрдӕвӕрд сӕххӕст кӕна, ӕмӕ йӕ уый фӕндгӕ дӕр кӕны. Дыккаг: Йегъовӕ зоны, йӕ зӕрдӕвӕрд ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ӕмӕ йӕ афтӕ нымайы, цыма сӕххӕст. Ӕмӕ афтӕ дӕр уый тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, «ацы ныхӕстӕ сты раст ӕмӕ ӕцӕг» ӕмӕ «сӕххӕст сты ацы ныхӕстӕ!». Ӕртыккаг: Йегъовӕ цыдӕр аразын куы райдайы, уӕд ӕй ӕнӕмӕнг кӕронмӕ ахӕццӕ кӕны. Ӕмӕ уый бӕрӕг у ацы ныхӕстӕй: «Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ» (Рарг. 21:6). Ӕппынфӕстаг Йегъовӕ равдисдзӕн, Хӕйрӕг сайгӕ кӕй кӕны ӕмӕ йӕ бон кӕй нӕу Йегъовӕйы йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнын бахъыгдарын. Уӕдӕ дын исчи куы зӕгъа, уый бӕргӕ хорз у, фӕлӕ афтӕ никуы уыдзӕн, зӕгъгӕ, уӕд дӕ бон куыд уыдзӕн бакӕнын? Бакӕс-иу ын Раргомады 21:5, 6 стихтӕ ӕмӕ-иу ын сӕ бамбарын кӕн. Зӕгъ-иу ын, Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, ууыл йӕхӕдӕг йӕ къух кӕй ӕрӕвӕрдта ӕмӕ йӕ ныхас ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст кӕндзӕн (Ис. 65:16). w23.11 7 ф., 18, 19 абз.
Ӕртыццӕг, 13 август
Ӕз дӕуӕй рауадздзынӕн стыр адӕм (Райд. 12:2).
Йегъовӕ ацы ныхӕстӕ Авраамӕн загъта, 75 азы йыл куы цыд, уӕд. Уӕд Авраамӕн сывӕллӕттӕ нӕ уыд. Цымӕ федта, уыцы зӕрдӕвӕрд куыд сӕххӕст? Зӕгъӕн ис, цыдӕр дзы федта, фӕлӕ, кӕронмӕ куыд сӕххӕст, уый нӕ федта. Евфраты цӕугӕдоны сӕрты куы ахызт, уымӕй ма рацыд 25 азы, ӕмӕ уӕд райгуырд йӕ фырт Исахъ. Йегъовӕ ахӕм диссаг сарӕзта. Уымӕй 60 азы куы рацыд, уӕд та райгуырдысты йӕ фырты фырттӕ, Исав ӕмӕ Иаков (Дзут. 6:15). Фӕлӕ Авраам нӕ федта, йӕ байзӕддӕгтӕ стыр адӕм куыд систы ӕмӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхх бынӕн куыд райстой, уый. Фӕлӕ уыцы иузӕрдион нӕлгоймагӕн стыр циндзинад хаста, йе Сфӕлдисӕгимӕ йын цы хӕлардзинад уыд, уый (Иак. 2:23). Ӕмӕ Авраам куы райгас уа, уӕд куыд цин кӕндзӕн, куы базона, йӕ уырнындзинад ӕмӕ йӕ фӕразондзинад зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕн дӕр цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхастой! (Райд. 22:18). Ацы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Гӕнӕн ис, мах дӕр Авраамау уыйбӕрц ма фӕцӕрӕм, цӕмӕй, Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕй алкӕцы дӕр куыд сӕххӕст, уый фенӕм. Фӕлӕ Авраамы хуызӕн фӕразон куы уӕм, уӕд нӕ Йегъовӕ ныр дӕр схорзӕхджын кӕндзӕн, ӕмӕ нӕ ног дунейы та ноджы фылдӕр хорздзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн (Мар. 10:29, 30). w23.08 24 ф., 14 абз.
Цыппӕрӕм, 14 август
Цалынмӕ Йегъовӕйы агуырдта, уӕдмӕ йын ӕцӕг Хуыцау арфӕ кодта (2 Аз. 26:5).
Паддзах Ози ӕрыгон куы уыд, уӕд уыди сӕрныллӕг. Уый сахуыр «ӕцӕг Хуыцауӕй тӕрсын». Ози фӕцард 68 азы, ӕмӕ йын йӕ царды фылдӕр хай Йегъовӕ арфӕ кодта (2 Аз. 26:1–4). Ози фӕуӕлахиз бирӕ знӕгтыл ӕмӕ бацархайдта, цӕмӕй Иерусалим хорз хъахъхъӕд уыдаид (2 Аз. 26:6–15). Хуыцауы фӕрцы йын бирӕ цыдӕртӕ бантыст, ӕмӕ йын уый циндзинад куыннӕ хастаид (Еккл. 3:12, 13). Паддзах Ози ахуыр уыд, иннӕтӕ йын йӕ ныхасмӕ кӕй хъуыстой, ууыл. Ӕмӕ, чи зоны, уый тыххӕй афтӕ хъуыды кӕнын райдыдта, ӕмӕ йын алцы кӕныны бар дӕр ис. Ози йӕхиуыл фервӕссыд, ӕмӕ сарӕзта, паддзӕхтӕн бар кӕмӕн нӕ уыд, ахӕм хъуыддаг. Уый бацыд Йегъовӕйы кувӕндонмӕ, цӕмӕй будсудзӕн нывондхӕссӕныл буд ссыгътаид (2 Аз. 26:16–18). Хистӕр сауджын Азари йын дзырдта, цӕмӕй афтӕ ма бакодтаид, фӕлӕ Ози мӕстӕй рафыхт. Хъыгагӕн, Ози иузӕрдионӕй нӕ баззад, ӕмӕ йыл Йегъовӕ хъотыр бафтыдта (2 Аз. 26:19–21). Алкӕддӕр сӕрныллӕг куы уыдаид, уӕд йӕ цард бынтон ӕндӕрхуызон рауадаид. w23.09 10 ф., 9, 10 абз.
Майрӕмбон, 15 август
Сунӕт кӕныны фарс чи уыд, уыдоны зӕрдӕхудтӕй тӕрсгӕйӕ, йӕхи иуварс айста (Гал. 2:12).
Апостол Петр сӕрст чырыстон куы сси, уӕд дӕр-иу рӕдыди. Н. э. 36 азы Хуыцау Петры арвыста Корнилиймӕ. Уый дзуттаг нӕ уыд. Ӕмӕ Петр йӕхи цӕстӕй федта, Хуыцау ӕй сыгъдӕг тыхӕй куыд байсӕрста, уый. Уый уыд бӕлвырдгӕнӕн, «Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны» ӕмӕ, дзуттаг чи нӕу, уыдонӕн дӕр сӕ бон кӕй у, цӕмӕй чырыстӕттӕ суой (Хъуыд. 10:34, 44, 45). Уӕдӕй фӕстӕмӕ-иу ӕрбадт иу фынгыл, ӕндӕр адӕмтӕй чи уыд, уыдонимӕ. Раздӕр афтӕ ницӕй тыххӕй бакодтаид. Фӕлӕ, дзуттӕгтӕй чырыстон чи сси, уыдонӕй чидӕртӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ дзуттӕгтӕн ӕмӕ иннӕ адӕмтӕн иумӕ хӕрӕн нӕй. Ахӕм зондыл хӕст чи уыд, уыдонӕй чидӕртӕ Антиохимӕ куы ’рцыдысты, уӕд Петр, сӕ зӕрдӕхудтӕй тӕрсгӕйӕ, дзуттаг чи нӕ уыд, уыцы ӕфсымӕртӕй йӕхи дард ласын райдыдта ӕмӕ семӕ нал хордта. Апостол Павел уый куы федта, уӕд ын йӕ цӕстмӕ миты тыххӕй иннӕты раз бауайдзӕф кодта (Гал. 2:13, 14). Фӕлӕ кӕд Петр фӕрӕдыд, уӕддӕр дарддӕр архайдта Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕныныл. w23.09 22 ф., 8 абз.
Сабат, 16 август
Уӕ хъарутыл уын хъарутӕ бафтаудзӕн (1 Пет. 5:10).
Дӕ зӕрдӕмӕ куы ныккӕсай, уӕд, гӕнӕн ис, бамбарай, цыдӕртӕ дын кӕй нӕ уайы. Фӕлӕ-иу дӕ ныфс ма асӕттӕд! «Нӕ Хицау хӕларзӕрдӕ... у», ӕмӕ дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, цы хъӕуы, уый фӕхуыздӕр кӕнай (1 Пет. 2:3). Апостол Петр нын ныфс ӕвӕры: «Хуыцау... [уӕ] кӕронмӕ сахуыр кӕндзӕн, бафидар уӕ кӕндзӕн». Кӕддӕр Петр йӕхи уый аккагыл нӕ нымадта, цӕмӕй Хуыцауы Фырты раз уыдаид (Лук. 5:8). Фӕлӕ йын Йегъовӕ ӕмӕ Йесо ӕххуыс кодтой, ӕмӕ Петр йӕ къухтӕ не ’руагъта. Уый дарддӕр дӕр цыди Чырыстийы фӕдыл. Ӕмӕ йӕ Йегъовӕ ахӕм кады аккаг скодта, цӕмӕй бацыдаид «нӕ Хицау ӕмӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы ӕнусон паддзахадмӕ» (2 Пет. 1:11). Ды дӕр-иу Петрау дӕ къухтӕ куы не ’руадзай ӕмӕ Йегъовӕйы куы бауадзай, цӕмӕй дӕ ахуыр кӕна, уӕд дӕуӕн дӕр балӕвар кӕндзӕн ӕнусон цард. Дӕ уырнындзинад дӕ ӕркӕндзӕн ирвӕзындзинадмӕ! (1 Пет. 1:9). w23.09 31 ф., 16, 17 абз.
Хуыцаубон, 17 август
Бакувут арв... [ӕмӕ] зӕхх... Сфӕлдисӕгӕн! (Рарг. 14:7).
Рагзаманты цатырӕн уыди иу кӕрт, ӕмӕ алырдыгӕй дӕр уыди ӕхгӕд. Уым-иу сауджынтӕ сӕ хӕстӕ ӕххӕст кодтой. Кӕрты уыди стыр нывондхӕссӕн судзинаг нывӕндтӕн ӕмӕ ӕрхуы аг донимӕ. Уыцы донӕй-иу сауджынтӕ сӕхи ныхсадтой сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕныны размӕ (Рац. 30:17–20; 40:6–8). Абон Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕртӕ иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынц зӕххыл ӕнӕуынгӕ кувӕндоны мидӕггаг кӕрты. Цатыры ӕмӕ кувӕндӕтты донимӕ цы аг уыд, уый сӕрст чырыстӕттӕн дӕр ӕмӕ иннӕ чырыстӕттӕн дӕр сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны, алы хъуыддаджы дӕр сыгъдӕг кӕй хъуамӕ уой, ома хӕрзӕгъдау цард кӕй хъуамӕ кӕной ӕмӕ мӕнг динӕй сӕхи кӕй хъуамӕ хизой. «Тынг бирӕ адӕм» та Йегъовӕйӕн кӕм лӕггад кӕнынц? Апостол Иоанн федта, кӕй лӕууыдысты «паддзахбадӕны... раз», ома зӕххыл ӕнӕуынгӕ кувӕндонӕн йе ’ддаг кӕрты. Уым Хуыцауӕн «ӕхсӕвӕй-бонӕй лӕггад кӕнынц» (Рарг. 7:9, 13–15). Мах тынг аргъ кӕнӕм, нӕ бон Йегъовӕйы стыр ӕнӕуынгӕ кувӕндоны лӕггад кӕнын кӕй у, уымӕн! w23.10 28 ф., 15, 16 абз.
Къуырисӕр, 18 август
Хуыцау [ын] зӕрдӕ бавӕрдта... йӕ уырнындзинад дзы бауагъта тых (Ром. 4:20).
Йегъовӕ ма нӕ хъарутӕ бауадзы хистӕр нӕлгоймӕгты фӕрцы дӕр (Ис. 32:1, 2). Уӕдӕ истӕуыл куы тыхсай, уӕд-иу хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ аныхас кӕн. Ӕмӕ дын баххуыс кӕнынмӕ куы хъавой, уӕд-иу сразы у. Уыдоны фӕрцы-иу дӕ Йегъовӕ бафидар кӕндзӕн. Библийы цы ныфсы кой ис, ома ӕнустӕм цӕрыны ныфс, уый фӕрцы дӕр нӕ хъарутӕ бацӕуы. Иутӕ нӕ цӕрдзысты зӕххыл диссаджы рӕсугъд дзӕнӕты, иннӕтӕ та – уӕларвон Паддзахады (Ром. 4:3, 18, 19). Уыцы ныфсы фӕрцы нӕм фӕзыны тыхтӕ, цӕмӕй фӕлварӕнты фидар фӕлӕууӕм, хорз хабар хъусын кӕнӕм ӕмӕ ӕмбырды алыхуызон хӕстӕ ӕххӕст кӕнӕм (1 Фес. 1:3). Апостол Павелы дӕр ныфс уыд, ӕнустӕм кӕй цӕрдзӕн, ӕмӕ-иу дзы уыцы ныфсы фӕрцы хъарутӕ бацыд. Уый ныффыста, зӕгъгӕ нӕ «хъыгдарынц», «фӕтыхсӕм», «нӕ фӕдыл зилынц», «ссӕндынц нӕ». Суанг ма йӕ цардӕн дӕр тӕссаг уыд (2 Кор. 4:8–10). Павел, цы ныфс ын уыд, ууыл кӕй хъуыды кодта, уый фӕрцы-иу дзы тыхтӕ бацыд, ӕмӕ йӕ бон уыд фӕлварӕнты фидар фӕлӕууын (2 Кор. 4:16–18). Павел хъуыды кодта, фидӕны йӕм цы ӕнхъӕлмӕ каст, ууыл. Йӕ ныфсыл кӕй хъуыды кодта, уый фӕрцы «бонӕй-бонмӕ ногдӕр» кодта, ома-иу дзы тыхтӕ бацыд. w23.10 15, 16 фф., 14–17 абз.
Дыццӕг, 19 август
Йегъовӕ йӕ адӕмӕн ратдзӕн хъару. Йегъовӕ раарфӕ кӕндзӕн йӕ адӕмӕн ӕмӕ сын ратдзӕн фарн (Пс. 29:11).
Куы фӕкувӕм, уӕд-иу ахъуыды кӕнӕм: «Йегъовӕ дӕр афтӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ ныртӕккӕ уый афон у, цӕмӕй мын мӕ курдиат сӕххӕст кӕна?» Чи зоны нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ нын нӕ куывдтытӕн хъуамӕ ныртӕккӕ ратта дзуапп. Фӕлӕ йӕ Йегъовӕ зоны, уый хуыздӕр кӕд уыдзӕн саразын (1 Пет. 5:6, 7). Нӕ курдиат нын уайтагъд куы нӕ сӕххӕст кӕны, уӕд, чи зоны, афтӕ фӕхъуыды кӕнӕм, ӕмӕ йӕ дзуапп у «нӕ». Фӕлӕ ӕцӕгӕй та, гӕнӕн ис, йӕ дзуапп у «нырма нӕ». Зӕгъӕм, йӕ низӕй фервӕзын кӕй фӕнды, уыцы ӕрыгон ӕфсымӕр куывта, фӕлӕ йе ’нӕниздзинад нӕ фӕхуыздӕр. Йегъовӕ йӕ диссаджы хуызы куы сдзӕбӕх кодтаид, уӕд ын Хӕйрӕг уый йӕ цӕстмӕ бадардтаид, зӕгъгӕ дын лӕггад кӕны, кӕй йӕ сдзӕбӕх кодтай, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй (Иов 1:9–11; 2:4). Уымӕй уӕлдай, Йегъовӕ снысан кодта бӕлвырд рӕстӕг, адӕмы ӕппӕт низтӕй дӕр кӕд сдзӕбӕх кӕндзӕн, уымӕн (Ис. 33:24; Рарг. 21:3, 4). Уӕдмӕ та ахӕм диссӕгтӕ нӕ араздзӕн. Уӕдӕ хуыздӕр уыдзӕн, уыцы ’фсымӕр Йегъовӕйӕ куы кура хъарутӕ ӕмӕ фарн, цӕмӕй йӕ бон уа йӕ низӕн фӕразын ӕмӕ дарддӕр дӕр иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын. w23.11 24 ф., 13 абз.
Ӕртыццӕг, 20 август
Нӕ тӕригъӕдтӕм гӕсгӕ нын цы хъӕуы, уый нын нӕ бакӕны, ӕмӕ нын нӕ рӕдыдтытӕм гӕсгӕ цы ’мбӕлы, уый нын нӕ бафиды (Пс. 103:10).
Самсон стыр рӕдыд ӕруагъта, фӕлӕ уӕддӕр йӕ ныфс нӕ асаст. Уый дарддӕр дӕр фӕндыд, Йегъовӕ йын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый аразын, ома филистимӕгтимӕ тох кӕнын (Тӕрх. 16:28–30). Ӕмӕ Йегъовӕйӕн ныллӕгъстӕ кодта: «Ратт мын уый фадат, цӕмӕй филистимӕгтӕй мӕ маст райсон». Ӕцӕг Хуыцау ын йӕ куывд фехъуыста ӕмӕ та йын радта ӕнахуыр тых. Ӕмӕ ацы хатт Самсон цас филистимӕгты амардта, уыйбӕрц уый размӕ никуы. Кӕд Самсон йӕхӕдӕг йӕхи бӕллӕхы баппӕрста, уӕддӕр ӕй фӕндыд дарддӕр Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын. Мах дӕр куы фӕрӕдийӕм ӕмӕ нын уый тыххӕй куы бауайдзӕф кӕной кӕнӕ цавӕрдӕр хӕстӕй ӕнӕхай куы фӕуӕм, уӕддӕр хъуамӕ нӕ ныфс ма асӕтта. Рох нӕ ма уӕд: Йегъовӕ ныл йӕ къух нӕ ауигъы (Пс. 103:8, 9). Кӕд рӕдийӕм, уӕддӕр нын дӕтдзӕн тых йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн, Самсонӕн куыд лӕвӕрдта тых, афтӕ. w23.09 6 ф., 15, 16 абз.
Цыппӕрӕм, 21 август
Фидардзинад... ӕркӕны уымӕ, ӕмӕ адӕймаг ссары Хуыцауы хорзӕх; Хуыцауы хорзӕх куы ссары, уӕд та йын фӕзыны ныфс (Ром. 5:4).
Йегъовӕйӕн ӕхсызгон нӕу, зындзинӕдтыл ӕмӕ фӕлварӕнтыл кӕй ӕмбӕлыс, уый. Уӕдӕ йын ӕхсызгон цы вӕййы? Фидар кӕй фӕлӕууыс ӕмӕ йыл иузӕрдионӕй кӕй баззайыс, уый. Уый фӕрцы ссарыс Хуыцауы хорзӕх. Ӕмӕ уымӕй хуыздӕр та цы хъуамӕ уа! (Пс. 5:12). Хъуыды йӕ кӕнӕм, Авраам дӕр фӕлварӕнтыл кӕй ӕмбӕлд, фӕлӕ сӕ сфӕрӕзта ӕмӕ иузӕрдионӕй баззад. Уый тыххӕй йӕ Йегъовӕ банымадта йӕ хӕларыл ӕмӕ рӕстгӕнӕгыл (Райд. 15:6; Ром. 4:13, 22). Ӕмӕ уый гӕнӕн ис, цӕмӕй мах дӕр йӕ хӕлӕрттыл ӕмӕ рӕстгӕнджытыл банымайа. Йӕ хорзӕх ын ссардзыстӕм ӕви нӕ, уый, кӕм ын лӕггад кӕнӕм, цавӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнӕм кӕнӕ цас аразӕм, уымӕй кӕнгӕ нӕу. Йегъовӕ нӕ райгонд уыдзӕн, фӕлварӕнты йыл иузӕрдионӕй куы баззайӕм, уӕд. Ӕмӕ нӕ алкӕмӕн дӕр йӕ бон у фидар фӕлӕууын – уый нӕ карӕй, нӕ уавӕртӕй кӕнӕ нӕ курдиӕттӕй кӕнгӕ нӕу. Мыййаг, ныртӕккӕ цавӕрдӕр фӕлварӕныл ӕмбӕлыс, фӕлӕ уӕддӕр дарддӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕныс? Кӕд о, уӕд ӕй зон, Йегъовӕ дӕ райгонд кӕй у. Уый куы фӕзонӕм, уӕд нӕ ныфс ноджы фидардӕр свӕййы, ома нӕ тынгдӕр бауырны, ныфс нын цӕмӕй бавӕрдта, уый ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн. w23.12 11 ф., 13, 14 абз.
Майрӕмбон, 22 август
Хъӕбатыр у (1 Пад. 2:2).
Чырыстон нӕлгоймаг хъуамӕ зона адӕмимӕ ныхас кӕнын. Уымӕ хорз чи арӕхсы, уыцы адӕймаг иннӕтӕм лӕмбынӕг фӕхъусы ӕмӕ фӕархайы, цӕмӕй сӕ бамбара (Ӕмб. 20:5). Иннӕ адӕймаг цы хъуыды кӕны ӕмӕ цы ’нкъары, уый ма йӕ бон вӕййы йӕ хъӕлӕсӕй, йӕ цӕсгомӕй ӕмӕ йе уӕнгты змӕлдӕй базонын. Фӕлӕ адӕмимӕ рӕстӕг куы не ’рвитай, уӕд ууыл никуы сахуыр уыдзынӕ. Ӕрмӕст сӕм смс-тӕ куы ’рвитай ӕмӕ сӕм мессенджерты куы фыссай, уӕд-иу дын уый фӕстӕ зындӕр уыдзӕн семӕ ӕнӕуи аныхас кӕнын. Фӕлтау-иу бацархай, цӕмӕй адӕймагимӕ фембӕлай ӕмӕ йемӕ аныхӕстӕ кӕнай (2 Иоан. 12). Фӕлтӕрдджын чырыстон нӕлгоймаг ма хъуамӕ йӕхи ӕмӕ йӕ бинонты фӕдарынхъом уа (1 Тим. 5:8). Адӕймаг хъуамӕ исты аразын зона, цӕмӕй йӕ бон уа куыст ссарын (Хъуыд. 18:2, 3; 20:34; Еф. 4:28). Куыстуарзаг куы уай ӕмӕ, цы куыстмӕ бавналай, уый-иу ӕрдӕгарӕзтӕй куы нӕ ныууадзай, фӕлӕ-иу ӕй кӕронмӕ куы саразай, уӕд дӕ иннӕтӕ зондзысты ӕнӕзӕрдӕхудт адӕймагӕй ӕмӕ дын куыст ссарын дӕр ӕнцондӕр уыдзӕн. w23.12 27 ф., 12, 13 абз.
Сабат, 23 август
Давӕг ӕхсӕвыгон куыд фӕзыны, раст афтӕ... ӕрцӕудзӕн Йегъовӕйы бон дӕр (1 Фес. 5:2).
Библийы «Йегъовӕйы бон» фӕамоны, йе знӕгтӕн куы стӕрхон кӕны ӕмӕ йӕ адӕмы куы фервӕзын кӕны, уыцы рӕстӕгмӕ. Раджы заманты Йегъовӕ кӕцыдӕр адӕмтӕн стӕрхон кодта ӕмӕ-иу йӕ тӕрхӕттӕ сӕххӕст кодта (Ис. 13:1, 6; Йез. 13:5; Соф. 1:8). Нӕ рӕстӕджы «Йегъовӕйы бон» райдайдзӕн, хицауӕдтӕ Стыр Вавилоныл сӕхи куы ныццӕвой, уымӕй ӕмӕ фӕуыдзӕн Армагеддоны хӕстӕй. Цӕмӕй уыцы «бон» аирвӕзӕм, уый тыххӕй йӕм хъуамӕ нӕхи ныртӕккӕ бацӕттӕ кӕнӕм. Ӕмӕ, Йесо куыд загъта, афтӕмӕй хъуамӕ «стыр бӕллӕхмӕ» нӕхи «цӕттӕ дарӕм», ома йӕм алкӕддӕр цӕттӕ уӕм (Матф. 24:21; Лук. 12:40). Апостол Павел йӕ фыццаг фыстӕджы Фессалоникӕгтӕм ӕрхаста цалдӕр цӕстуынгӕ цӕвиттоны ӕмӕ абарсты. Уыдоны фӕрцы чырыстӕттӕн бамбарын кодта, алкӕддӕр цӕттӕ кӕй хъуамӕ уой Йегъовӕйы стыр тӕрхоны бонмӕ. Павел зыдта, Йегъовӕйы бон уыцы тӕккӕ кӕй не ’рцӕудзӕн (2 Фес. 2:1–3). Фӕлӕ уӕддӕр йӕ хотӕн ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй уыцы бонмӕ цӕттӕ уыдаиккой, раст цыма райсом ӕрцӕудзӕн, афтӕ. Ӕмӕ махӕн дӕр йӕ уынаффӕ баххуыс кӕндзӕн. w23.06 8 ф., 1, 2 абз.
Хуыцаубон, 24 август
Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, ут фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ (1 Кор. 15:58).
1978 азы Японийы, горӕт Токиойы сарӕзтой 60-уӕладзыгон агъуыст. Адӕм хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, ам зӕххӕнкъуыстытӕ арӕх вӕййы, ӕмӕ нӕ ныккӕлдзӕн? Фӕлӕ дзӕгъӕлы мӕт кодтой. Инженертӕ йын зыдтой йӕ сусӕгдзинад. Йӕ проект ын афтӕ скодтой, ӕмӕ иуӕй фидар арӕзт у, иннӕмӕй та, зӕхх куы змӕла, уӕд уый дӕр змӕлдзӕн, фӕлӕ нӕ ныккӕлдзӕн. Чырыстӕттӕ дӕр сты уыцы агъуысты хуызӕн. Цымӕ цӕмӕй? Чырыстон хъуамӕ зона, фидар кӕм хъуамӕ уа ӕмӕ-иу кӕм хъуамӕ фӕтаса. Дзырд Йегъовӕйы закъӕттыл ӕмӕ уагӕвӕрдтыл куы цӕуа, уӕд хъуамӕ алкӕддӕр уа фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ. Хъуамӕ Хуыцаумӕ хъуса ӕмӕ, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, ахӕмӕй йын исты куы аразын кӕной, уӕд-иу хъуамӕ басӕттын ма бакома (Хъуыд. 5:29). Иннӕмӕй та хъуамӕ уа «ӕмбаргӕ», кӕнӕ «ӕнцондзырд, ӕнцонтасӕн», ома, гӕнӕн куы уа кӕнӕ уавӕр куы дома, уӕд-иу хъуамӕ йӕхи ныхасыл ма ныллӕууа (Иак. 3:17). Ахӕм чырыстон нӕдӕр ӕгӕр карз уыдзӕн, нӕдӕр ӕгӕр фӕлмӕн. w23.07 14 ф., 1, 2 абз.
Къуырисӕр, 25 август
Сымах кӕд Чырыстийы уынгӕ дӕр никуы фӕкодтат, уӕддӕр ӕй уарзут (1 Пет. 1:8).
Йесо куы сыстыр, уӕд ӕй хъуыди Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар фӕлӕууын. Уый йӕ рӕдийын кодта. Суанг ма йын комкоммӕ загъта, цӕмӕй Хуыцауы ныууагътаид (Матф. 4:1–11). Хӕйрӕг цынӕ арӕзта, цӕмӕй Йесойӕн тӕригъӕд саразын кодтаид ӕмӕ йӕ бон ма бауыдаид ахӕсты аргъ бафидын ӕмӕ адӕмы фервӕзын кӕнын. Зӕххыл цӕргӕйӕ ма Йесо ӕндӕр фӕлварӕнтыл дӕр сӕмбӕлд. Знӕгты къухӕй ӕфхӕрд ӕййӕфта ӕмӕ ма-иу ӕй марынмӕ дӕр хъавыдысты (Лук. 4:28, 29; 13:31). Хъуыди йӕ йе ’нӕххӕст фӕдылдзӕуджыты хъӕндзинӕдтӕн ӕмӕ рӕдыдтытӕн быхсын (Мар. 9:33, 34). Тӕрхон ын куы кодтой, уӕд ыл худтысты ӕмӕ йын фыдмитӕ кодтой. Уый фӕстӕ йӕ фыдгӕнӕгыл банымадтой ӕмӕ йын марыны тӕрхон рахастой, ӕмӕ амард хъизӕмар кӕнгӕйӕ (Дзут. 12:1–3). Уыцы фӕлварӕны фӕстаг хай хъуамӕ йӕхӕдӕг иунӕгӕй сфӕрӕзтаид. Уыцы минут ӕй Йегъовӕ нал хъахъхъӕдта (Матф. 27:46). Йесо ӕцӕгдӕр тынг бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзӕрста, цӕмӕй адӕмы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй ссӕрибар кодтаид. Мах тыххӕй уыйбӕрц цыдӕртӕ бавзарынмӕ цӕттӕ кӕй уыд, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд ӕй ноджы тынгдӕр бауарзӕм. w24.01 10, 11 фф., 7–9 абз.
Дыццӕг, 26 август
Тагъд чи кӕны, уымӕн... йӕ фӕстаг цӕуы мӕгуырмӕ (Ӕмб. 21:5).
Фӕразондзинад нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрӕм. Куыд? Исчи-иу нын исты куы дзура, уӕд-иу ӕм лӕмбынӕг байхъусдзыстӕм (Иак. 1:19). Стӕй иннӕтимӕ фидаудзыстӕм. Тыхст уавӕры куы уӕм, уӕд-иу нӕ ӕнӕрхъуыды, сонт ныхӕстӕ нӕ сирвӕздзӕн ӕмӕ-иу, адӕймаджы зӕрдӕ цӕмӕй фӕриссын кӕндзыстӕм, ахӕмӕй ницы зӕгъдзыстӕм. Исчи-иу нӕ куы фӕхъыг кӕна, уӕд-иу нӕ рамӕсты уыдзыстӕм. Иннӕтӕй нӕ маст нӕ исдзыстӕм, фӕлӕ кӕрӕдзийӕн бардзыстӕм ӕмӕ зӕрдӕйӕ хатыр кӕндзыстӕм (Кол. 3:12, 13). Фӕразондзинад ма нын баххуыс кӕндзӕн раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн. Куыд бакӕнӕм, уый-иу тагъд-тагъдӕй нӕ аскъуыддзаг кӕндзыстӕм, фӕлӕ-иу алцыдӕр бӕстон раиртасдзыстӕм ӕмӕ-иу, хуыздӕр куыд у, афтӕ бакӕндзыстӕм. Зӕгъӕм, куыст агурӕм. Ӕмӕ нӕ, гӕнӕн ис, бафӕнда, фыццаг кӕуыл фӕхӕст стӕм, уыцы куыстмӕ бацӕуын. Фӕлӕ фӕразон куы уӕм, уӕд рӕстӕг рахицӕн кӕндзыстӕм ӕмӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕндзыстӕм: «Уыцы куыст мӕ бинонтыл ӕмӕ мын Йегъовӕимӕ цы хӕлардзинад ис, ууыл куыд фӕзындзӕн?» Фӕразон куы уӕм, уӕд, фӕсмойнаг кӕй тыххӕй фӕуыдзыстӕм, ахӕм уынаффӕ нӕ рахӕсдзыстӕм. w23.08 22 ф., 8, 9 абз.
Ӕртыццӕг, 27 август
Ме уӕнгты та цӕры ӕндӕр закъон – уый тох кӕны мӕ зонды закъонимӕ. Уый у тӕригъӕды закъон ӕмӕ мӕ кӕны йӕ уацайраг (Ром. 7:23).
Тӕригъӕдджын буары монцтимӕ тох кӕнын дӕ кӕй хъӕуы, уый тыххӕй-иу, гӕнӕн ис, дӕ ныфс асӕтта. Уӕд-иу ахъуыды кӕн, дӕхи Йегъовӕйӕн куы нывонд кодтай, уӕд ын цы дзырд радтай, ууыл. Уый фӕрцы-иу дӕм хъарутӕ фӕзындзӕн, цӕмӕй дарддӕр тох кӕнай. Дӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнай, уӕдӕй фӕстӕмӕ дӕхи тыххӕй нал цӕрдзынӕ, ома дӕ къух сисдзынӕ, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, уыцы фӕндтыл ӕмӕ нысӕнттыл (Матф. 16:24). Ӕмӕ-иу дӕ исты куы рӕдийын кӕна кӕнӕ-иу исты фӕлварӕныл куы сӕмбӕлай, уӕд-иу дӕ нӕ хъӕудзӕн рахъуыды-бахъуыды кӕнын, куыд бакӕнон, зӕгъгӕ. Ды уый уӕдмӕ дӕр аскъуыддзаг кӕндзынӕ, ома дын сӕйраг уыдзӕн Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайын. Ӕрмӕстдӕр дын уый уыдзӕн равзарӕн. Ӕмӕ дӕ фидар фӕнд уыдзӕн Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кӕнын. Уымӕй уыдзынӕ Иовы хуызӕн. Уый кӕд тынг уӕззау фӕлварӕнтыл сӕмбӕлд, уӕддӕр фидарӕй загъта: «Хуыцауыл мӕ зӕрдӕ нӕ сивдзынӕн!» (Иов 27:5). w24.03 9 ф., 6, 7 абз.
Цыппӕрӕм, 28 август
Йегъовӕ хӕстӕг у, чи йӕм кувы, уыдонмӕ, рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ йӕм чи кувы, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр (Пс. 145:18).
Йегъовӕ, «уарзондзинады... Хуыцау», немӕ ис! (2 Кор. 13:11). Уый махӕй алкӕмӕ дӕр йӕ хъус дары. Мах рӕвдыд стӕм йе ’нувыд уарзтӕй (Пс. 32:10). Йегъовӕ йӕ уарзондзинад куыд ӕвдисы, ууыл цас фылдӕр фӕхъуыды кӕнӕм, уыйас хуыздӕр фенӕм, кӕй ныл тыхсы, уый ӕмӕ йӕм баввахсдӕр вӕййӕм. Нӕ бон ӕм у сӕрибарӕй кувын ӕмӕ йын дзурын, йӕ уарзондзинад нӕ куыд тынг хъӕуы, уый. Нӕ бон ма йын у дзурын, цы нӕ тыхсын кӕны, цӕуыл мӕт кӕнӕм, уыдӕттӕ. Мах зонӕм, кӕй нӕ ӕмбары ӕмӕ йӕ тынг кӕй фӕнды махӕн баххуыс кӕнын (Пс. 145:19). Уазал бон нӕ куыд фӕфӕнды нӕхи арты хъарммӕ батавын, афтӕ нӕ фӕнды Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнын, цӕмӕй нӕ йӕ фӕлмӕн уарзтӕй тава. Йӕ уарзондзинад тыхджын дӕр у ӕмӕ фӕлмӕн дӕр у. Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы, уымӕй хуыздӕр дӕ царды ницы ис! Ӕмӕ-иу ын ды дӕр зӕгъ, Йегъовӕ, уарзын дӕ, зӕгъгӕ (Пс. 116:1). w24.01 31 ф., 19, 20 абз.
Майрӕмбон, 29 август
Ӕз дӕ ном раргом кодтон (Иоан. 17:26).
Йесо-иу адӕмӕн ӕрмӕст афтӕ нӕ дзырдта, Хуыцауы ном Йегъовӕ у, зӕгъгӕ. Дзуттӕгтӕ Хуыцауы ном ӕнӕуи дӕр зыдтой. Фӕлӕ-иу сын «бамбарын кодта, [Хуыцау] чи у, уый» (Иоан. 1:17, 18). Зӕгъӕм, Дзуттаг Фыстытӕй базонӕн ис, Йегъовӕ кӕй у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау (Рац. 34:5–7). Йесо та уый ноджы хуыздӕр равдыста, хивӕнд фырты тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый фӕрцы. Фырт куы ’рфӕсмон кодта, уӕд сфӕнд кодта хӕдзармӕ ӕрбаздӕхын. «Нырма дард уыд, афтӕ йӕ йӕ фыд ауыдта», азгъордта йӕм, ныхъхъӕбыс ын кодта ӕмӕ йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ ныххатыр кодта (Лук. 15:11–32). Ацы зӕрдӕмӕхъаргӕ хабар хорз ӕвдисы, Йегъовӕ куыд фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ куыд тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау у. Афтӕмӕй Йесо йӕ Фыды раргом кодта – равдыста, ӕцӕгӕй цавӕр Хуыцау у, уый. w24.02 10 ф., 8, 9 абз.
Сабат, 30 август
[Хуыцау] нын цы удӕнцой дӕтты, уымӕй мах дӕр... иннӕтӕн... удӕнцой дӕттӕм (2 Кор. 1:4).
Йегъовӕ, зын уавӕры чи ис, уыдонӕн удӕнцой ратты ӕмӕ сӕ хъарутӕ бауадзы. Махӕн дӕр нӕ бон у Йегъовӕйау иннӕтӕн тӕригъӕд кӕнын ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын. Уый тыххӕй та нӕ хъӕуы цавӕрдӕр миниуджытӕ нӕ удыхъӕды фидар кӕнын. Цымӕ цавӕр миниуджытӕ? Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй кӕрӕдзийы алкӕддӕр уарзӕм ӕмӕ алы бон дӕр кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм? (1 Фес 4:18). Хъуамӕ бацархайӕм, цӕмӕй суӕм хӕларзӕрдӕ, нӕ кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау уарзӕм ӕмӕ нӕм кӕрӕдзийы рыст хъара (Кол. 3:12; 1 Пет. 3:8). Ацы миниуджытӕ нӕм куы уой ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг куы уӕм, уӕд, зын уавӕры чи ис, уыдонмӕ нӕ бон нӕ уыдзӕн ӕнцад кӕсын. Уайтагъд-иу сӕ фарсмӕ балӕудзыстӕм ӕмӕ-иу сын сӕ ныфсыл ныфс бафтаудзыстӕм. Йесо загъта: «Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ йедзаг цӕмӕй вӕййы, дзургӕ дӕр уый фӕкӕны. Хорз адӕймаг йӕ хорздзинады къӕбицӕй рахӕссы хорздзинӕдтӕ» (Матф. 12:34, 35). Уӕдӕ, ӕххуысхъуаг чи у, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕ ныфсыл ныфс куы ӕфтауӕм, уӕд уындзысты, кӕй сӕ уарзӕм, уый. w23.11 10 ф., 10, 11 абз.
Хуыцаубон, 31 август
Ӕмбаргӕ чи уа, уыдон... сӕ бамбардзысты (Дан. 12:10).
Цӕмӕй Библийы пехуымпарӕдтӕ ӕмбарӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы Йегъовӕйы ӕххуыс. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, цыма ӕнӕзонгӕ фӕндагыл фӕцӕуыс. Фӕлӕ демӕ ис де ’мбал ӕмӕ уый уыцы бынӕттӕ хорз зоны. Ӕвӕццӕгӕн дӕ фӕндид, цӕмӕй дын бамбарын кӕна, кӕм стут ӕмӕ уыцы фӕндаг кӕдӕм кӕны. Йегъовӕ дӕр у ахӕм ӕмбалы хуызӕн. Уый зоны, цы рӕстӕджы цӕрӕм ӕмӕ нӕм фидӕны цы ’нхъӕлмӕ кӕсы. Ӕмӕ кӕд мах дӕр фӕнды уыдӕттӕ зонын ӕмӕ Библийы пехуымпарӕдтӕ ӕмбарын, уӕд дзы хъуамӕ сӕрныллӕгӕй ӕххуыс курӕм (Дан. 2:28; 2 Пет. 1:19, 20). Алы хорз ныййарӕг дӕр фӕхъуыды кӕны йӕ сывӕллӕтты фидӕныл ӕмӕ йӕ фӕфӕнды, цӕмӕй амондджын уой. Ӕмӕ Йегъовӕ дӕр ахӕм ныййарӕг у (Йер. 29:11). Фӕлӕ зӕххон ныййарджытӕй уӕлдай, Йегъовӕйӕн йӕ бон у зӕгъын, фидӕны цы уыдзӕн, уый, ӕмӕ никуы фӕрӕдийы. Уый йӕ Ныхасы ныффыссын кодта пехуымпарӕдтӕ, цӕмӕй рагацау зонӕм, цы ахсджиаг хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн, уый (Ис. 46:10). w23.08 8 ф., 3, 4 абз.