Майрӕмбон, 26 сентябрь
[Йесо] райсомӕй раджы... ацыд хибар ранмӕ ӕмӕ уым куывта (Мар. 1:35).
Йесо Йегъовӕмӕ куыд куывта, уымӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн у фӕзминаг. Зӕххыл лӕггад кӕнгӕйӕ Хуыцаумӕ тынг арӕх куывта. Арӕх-иу ӕй ӕппындӕр ницӕмӕуал ӕвдӕлди, стӕй-иу йӕ разы уыди тынг бирӕ адӕм. Ӕмӕ-иу ӕй кувынӕн хъуыди рӕстӕг рахицӕн кӕнын (Мар. 6:31, 45, 46). Райсомӕй-иу раджы сыстад, цӕмӕй-иу хибарӕй Йегъовӕмӕ скуывтаид. Ӕппынкъаддӕр иу хатт та ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фӕкуывта ахсджиаг уынаффӕ рахӕссыны размӕ (Лук. 6:12, 13). Йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв та цалдӕр хатты куывта, уымӕн ӕмӕ йӕ хъуыди кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын, йӕ зӕххон лӕггады ӕппӕты зындӕр саразын цы уыд, уый (Матф. 26:39, 42, 44). Мах дӕр фӕнды Йесойы бафӕзмын. Цыфӕнды ӕнӕвдӕлон куы уӕм, уӕддӕр-иу нӕ хъӕудзӕн кувынӕн рӕстӕг рахицӕн кӕнын. Чи зоны-иу нӕ бахъӕудзӕн кӕнӕ райсомӕй раджы сыстын, кӕнӕ та изӕрӕй гыццыл фӕстӕдӕр схуыссын. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд-иу Йегъовӕ фендзӕн, уыцы диссаджы лӕварӕн тынг кӕй аргъ кӕнӕм. w23.05 3 ф., 4, 5 абз.
Сабат, 27 сентябрь
Хайджын цы сыгъдӕг тыхӕй стӕм, уый фӕрцы нӕ зӕрдӕтӕ Хуыцауы уарзтӕй байдзаг сты (Ром. 5:5).
Сӕрст чырыстӕттӕн сӕ зӕрдӕтӕ Хуыцауы уарзтӕй кӕй «байдзаг сты», уый цӕмӕ амоны? Йегъовӕ сӕрст чырыстӕтты уыйбӕрц уарзы, ӕмӕ йӕ уарзондзинад абарӕн ис доны гуылфӕнимӕ. Сӕрст чырыстӕттӕ йӕ зонынц, «Хуыцау [сӕ] кӕй уарзы» (Иуд. 1). Ӕмӕ иууылдӕр цы ӕнкъарынц, уый тыххӕй апостол Иоанн ныффыста: «Ахъуыды-ма кӕнут, Фыд нӕ куыд тынг бауарзта – мах хуыйнӕм Хуыцауы хъӕбултӕ!» (1 Иоан. 3:1). Фӕлӕ Йегъовӕ ӕрмӕст уыдоны нӕ уарзы. Уый уарзы махӕй алкӕй дӕр. Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый ӕппӕты тынгдӕр равдыста, йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй. Уымӕй стырдӕр уарзондзинад никуы ничи равдыста! (Иоан. 3:16; Ром. 5:8). w24.01 28 ф., 9, 10 абз.
Хуыцаубон, 28 сентябрь
Куы дӕм сдзыназон, уыцы бон ме знӕгтӕ лидзӕг фӕуыдзысты. Ӕз ӕй фидарӕй зонын, Хуыцау мӕ фарс кӕй у (Пс. 56:9).
Ацы стихӕй базонӕн ис, Давидӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй мауал тарстаид. Кӕд йӕ цардӕн тӕссаг уыд, уӕддӕр хъуыды кодта, Йегъовӕ ма йын ноджыдӕр цы сараздзӕн, ууыл. Давид зыдта, йӕ афон куы ’рцӕуа, уӕд ӕй Йегъовӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн. Уый размӕ Йегъовӕ загъта, Давид кӕй уыдзӕн Израилы иннӕ паддзах (1 Сам. 16:1, 13). Ӕмӕ Давид зыдта: иугӕр Йегъовӕ исты загъта, уӕд йӕ ныхас ӕнӕмӕнг сӕххӕст кӕндзӕн. Дӕуӕн та Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта? Мах ӕй зонӕм, ныртӕккӕ нӕ ӕппӕт зындзинӕдтӕй кӕй нӕ бахиздзӕн. Фӕлӕ, ацы дунейы цӕргӕйӕ цы зындзинӕдтыл ӕмӕ фӕлварӕнтыл ӕмбӕлӕм, уыдонӕн кӕрон скӕндзӕн ног дунейы (Ис. 25:7–9). Не Сфӕлдисӕгмӕ уыйбӕрц тых ис, цӕмӕй мӕрдты райгас кӕна, низтӕй нӕ сдзӕбӕх кӕна, нӕ зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ нын байгас кӕна ӕмӕ, нӕ ныхмӕ чидӕриддӕр цӕуы, уыдоны фесафа (1 Иоан. 4:4). w24.01 5, 6 фф., 12, 13 абз.