Сентябрь
Къуырисӕр, 1 сентябрь
Уӕларвӕй [нӕм] рухс ӕркӕсдзӕн (Лук. 1:78).
Хуыцау Йесойӕн радта тых, цӕмӕй адӕмы ӕппӕт зындзинӕдтӕй дӕр фервӕзын кӕна. Йесо диссӕгтӕ кӕй арӕзта, уымӕй равдыста, ахӕм тых ӕм кӕй ис, цӕмӕй адӕмы зындзинӕдтӕн кӕрон скӕна. Нӕхи бон никуы уыдаид уыцы зындзинӕдтӕй фервӕзын. Зӕгъӕм, ис ӕм ахӕм тых, цӕмӕй нӕ ссӕрибар кӕна, зындзинӕдтӕ сӕйраджыдӕр цӕй тыххӕй ӕвзарӕм, уымӕй – нӕ туджы кӕй рахастам, уыцы тӕригъӕдӕй. Стӕй нӕ фервӕзын кӕндзӕн, тӕригъӕд цӕмӕ ӕркодта, уыдӕттӕй дӕр – низтӕй ӕмӕ мӕлӕтӕй (Матф. 9:1–6; Ром. 5:12, 18, 19). Цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдонӕй ма бӕрӕг у, йӕ бон кӕй у «алыхуызон» низтӕй рынчынты дзӕбӕх кӕнын ӕмӕ суанг мӕрдты дӕр ӕгас кӕнын (Матф. 4:23; Иоан. 11:43, 44). Стӕй ма йӕ бон у тыхдымгӕтӕ сабыр кӕнын ӕмӕ адӕмӕй дӕлимонты сурын (Мар. 4:37–39; Лук. 8:2). Йегъовӕ йӕ Фыртӕн ахӕм тых кӕй радта, уый нын у стыр ныфсы хос! Нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Хуыцауы Паддзахады дӕлбар куы цӕрӕм, уӕд Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст уыдзысты. Йесо зӕххыл цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдонӕй равдыста, Хуыцауы уӕларвон Паддзахады Паддзах куы уа, уӕд ноджы стырдӕр диссӕгтӕ кӕй сараздзӕн. w23.04 3, 4 фф., 5–7 абз.
Дыццӕг, 2 сентябрь
Сыгъдӕг тых алцыдӕр иртасы, суанг Хуыцауы арф зонд дӕр (1 Кор. 2:10).
Кӕд уе ’мбырды бирӕ хъусынгӕнджытӕ ис, уӕд дӕм, чи зоны, афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ дын ӕфсымӕр арӕх дӕ къух нӕ фены. Ӕмӕ, чи зоны, фӕхъуыды кӕныс, зӕгъгӕ, гъемӕ ӕппындӕр ницыуал дзурдзынӕн. Фӕлӕ дӕ ныфс ма асӕттӕд. Алы ӕмбырдмӕ дӕр-иу цалдӕр дзуаппы бацӕттӕ кӕн. Ӕмӕ дӕ райдианы куы нӕ бафӕрсой, уӕд дӕр ма дын фӕстӕдӕр уыдзӕн фадат дзуапп раттынӕн. Дӕхи «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуырмӕ куы цӕттӕ кӕнай, уӕд-иу ахъуыды кӕн, алы абзац дӕр статьяйы темӕимӕ куыд баст у, ууыл. Афтӕмӕй дӕ бон уыдзӕн хорз дзуаппытӕ бацӕттӕ кӕнын. Дӕ бон ма у дзуапп бацӕттӕ кӕнын, арфдӕр хъуыдыты кой кӕм цӕуы, уыцы абзацтӕм. Ахӕм хъуыдытӕ зындӕр вӕййы бамбарын кӕнын, ӕмӕ уый тыххӕй, йӕ къухыл чи схӕцы, уыдон афтӕ бирӕ нӕ вӕййынц. Фӕлӕ дӕ, зӕгъӕм, уӕддӕр фӕд-фӕдыл цалдӕр ӕмбырды нӕ бафарстой. Уӕд дӕ бон у ӕмбырды размӕ ӕфсымӕрӕн зӕгъын, кӕцы фарстайӕн дӕ фӕнды дзуапп раттын. w23.04 21, 22 фф., 9, 10 абз.
Ӕртыццӕг, 3 сентябрь
Иосиф... сарӕзта, Йегъовӕйы зӕд ын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ – йӕ усы ӕрбакодта (Матф. 1:24).
Иосиф алкӕддӕр цӕттӕ уыд Йегъовӕйы разамындмӕ байхъусынмӕ. Ӕмӕ уый фӕрцы уыд хорз сӕрыхицау. Йегъовӕ йын ӕппынкъаддӕр ӕртӕ хатты радта разамынд йӕ бинонты тыххӕй. Ӕмӕ ӕртӕ хатты дӕр уайтагъд разамындмӕ байхъуыста, стыр ивындзинӕдтӕ йӕ скӕнын куы хъуыд, уӕд дӕр (Матф. 1:20; 2:13–15, 19–21). Хуыцауы разамындмӕ гӕсгӕ кӕй архайдта, уый фӕрцы йӕ бон уыд Марийӕйы хъахъхъӕнын ӕмӕ йӕ цӕрынӕн цы хъуыд, уыдӕттӕ амал кӕнын. Уый тыххӕй йӕ Марийӕ, ӕвӕццӕгӕн, ноджы тынгдӕр уарзта ӕмӕ нымадта. Лӕгӕн йӕ бон у Иосифы фӕзмын ӕмӕ Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ архайын. Афтӕ куы кӕнай – уый тыххӕй-иу дӕ исты фӕивын куы хъӕуа, уӕд дӕр – уӕд бӕрӕг уыдзӕн, дӕ бинойнаджы кӕй уарзыс. Стӕй уый фӕрцы ӕнгомдӕр кӕндзыстут. Вануатуйӕ иу хо (моймӕдзыд у 20 азӕй фылдӕр) загъта: «Мӕ сӕрыхицау Йегъовӕйы разамынд куы фӕагуры ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ куы фӕархайы, уӕд ӕй тынгдӕр нымайын райдайын. Раст уынаффӕ кӕй рахаста, ууыл нӕ фӕдызӕрдыг кӕнын ӕмӕ ницӕуыл фӕмӕт кӕнын». w23.05 21 ф., 5 абз.
Цыппӕрӕм, 4 сентябрь
Уым конд ӕрцӕудзӕн стыр фӕндаг ӕмӕ йӕ схондзысты Сыгъдӕг фӕндаг (Ис. 35:8).
Вавилонӕй фӕстӕмӕ чи здӕхт, уыцы дзуттӕгтӕ хъуамӕ суыдаиккой «сыгъдӕг адӕм» сӕ Хуыцауӕн (Дык. з. 7:6). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ сӕ ницы хъуыд ивын. Хъуыди сӕ цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ скӕнын, цӕмӕй сӕ Йегъовӕ райгонд уыдаид. Дзуттӕгтӕн сӕ фылдӕр Вавилоны райгуырдысты. Ӕмӕ сыл, ӕвӕццӕгӕн, вавилойнӕгты зондахаст фӕзынд. Стӕй сын се ’гъдӕуттӕй дӕр кӕцыдӕртыл ныххӕцыдысты. Израилмӕ фыццаг дзуттӕгтӕ куы ӕрыздӕхтысты, уымӕй бирӕ азты фӕстӕ хицау Нееми базыдта, Израилы цы сывӕллӕттӕ райгуырдысты, уыдон дзуттаг ӕвзаг кӕй нӕ зонынц, ӕмӕ арвы цӕфау фӕци (Дык. з. 6:6, 7; Неем. 13:23, 24). Хуыцауы Ныхасӕн йӕ фылдӕр хай дзуттагау фыст уыд. Ӕмӕ кӕд дзуттагау не ’мбӕрстой, уӕд Йегъовӕйы куыд хъуамӕ бауарзтаиккой ӕмӕ йын куыд хъуамӕ куывтаиккой? (Езд. 10:3, 44). Уымӕ гӕсгӕ дзуттӕгтӕй кӕйдӕрты хъуыди стыр ивындзинӕдтӕ скӕнын. Фӕлӕ сын Израилы цӕргӕйӕ уый саразын ӕнцондӕр уыд, уымӕн ӕмӕ дзы сыгъдӕг дин сабыргай йӕ къахыл лӕууын райдыдта (Неем. 8:8, 9). w23.05 15 ф., 6, 7 абз.
Майрӕмбон, 5 сентябрь
Йегъовӕ ӕххуыс кӕны, чи ахауы, уыдонӕн, схӕцы, йӕ ныфс кӕмӕн асаст, уыдоныл (Пс. 145:14).
Нӕ нысанмӕ тынг куы тырнӕм кӕнӕ Хуыцауӕй сыгъдӕг тых куы курӕм, уӕд дӕр нын, гӕнӕн ис, цыдӕр ма рауайа. Зӕгъӕм, гӕнӕн ис, ӕнӕнхъӕлӕджы цавӕрдӕр хабар ӕрцӕуа, ӕмӕ нын уый тыххӕй нӕ нысанмӕ тырнынӕн рӕстӕг мауал уа (Еккл. 9:11). Кӕнӕ та, чи зоны, цавӕрдӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлдыстӕм, ӕмӕ уый тыххӕй нӕ ныфс асаст ӕмӕ нӕм тыхтӕ нал ис (Ӕмб. 24:10). Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй, гӕнӕн ис, цавӕрдӕр рӕдыдтытӕ ӕруадзӕм, ӕмӕ нӕ уый дӕр бахъыгдардзӕн, цӕмӕй нӕ нысан нӕ къухы бафта (Ром. 7:23). Кӕнӕ та, чи зоны, тынг бафӕлладыстӕм (Матф. 26:43). Ахӕм уавӕрты нын цы баххуыс кӕндзӕн? Дӕ зӕрдыл дар: цыдӕр дын куы нӕ рауайа, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ дӕ нысан дӕ къухы нӕ бафтдзӕн. Библийы фыст ис, зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлдзыстӕм. Фӕлӕ ма дзы фыст ис, куы «ахауӕм», уӕд нӕ бон кӕй уыдзӕн сыстын. Цыдӕр дын куы нӕ рауайа, фӕлӕ уӕддӕр дарддӕр дӕ нысанмӕ куы тырнай, уӕд афтӕмӕй Йегъовӕйӕн равдисдзынӕ, йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын дӕ кӕй фӕнды. Йегъовӕ куы фӕуыны, дарддӕр дӕр дӕ нысанмӕ кӕй тырныс, уӕд йӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг вӕййы! w23.05 30 ф., 14, 15 абз.
Сабат, 6 сентябрь
Дзугӕн фӕзминаг ут (1 Пет. 5:3).
Ӕрыгон ӕфсымӕр пионерӕй куы фӕлӕггад кӕны, уӕд сахуыр вӕййы алыхуызон адӕмимӕ ӕмгуыст кӕнын. Уый ма йын баххуыс кӕны, цӕмӕй йӕ хӕрдзтӕ пълан кӕна ӕмӕ дзӕгъӕл хӕрдзтӕ ма кӕна (Фил. 4:11–13). Кӕд дӕ фӕнды ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын, уӕд уал райдай ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кӕнын. Бирӕтӕн уый баххуыс кодта, цӕмӕй уый фӕстӕ райдыдтаиккой пионертӕй лӕггад кӕнын. Пионертӕн ма фӕзыны ӕндӕр фадӕттӕ дӕр ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынӕн. Гӕнӕн ис, фӕхоной сӕ нӕ организацийы агъуыстытӕ аразынмӕ кӕнӕ Вефилмӕ. Бирӕ ӕфсымӕртӕ свӕййынц хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ афтӕмӕй сӕ хотӕн ӕмӕ се ’фсымӕртӕн фӕлӕггад кӕнынц. Ӕмӕ алы ӕфсымӕр дӕр хъуамӕ йӕ разы ахӕм нысан сӕвӕра. Библи зӕгъы, уыцы хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ чи тырны, «уый хорз хъуыддагмӕ бӕллы», зӕгъгӕ (1 Тим. 3:1). Фӕлӕ уал уӕдмӕ ӕфсымӕр хъуамӕ цӕттӕ уа кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй лӕггад кӕнынмӕ. Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн бирӕ хъуыддӕгты ӕххуыс кӕнынц. Иутӕ дӕр ӕмӕ иннӕтӕ дӕр сӕ хотӕн ӕмӕ се ’фсымӕртӕн сӕрныллӕгӕй лӕггад кӕнынц ӕмӕ хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнынц. w23.12 28 ф., 14–16 абз.
Хуыцаубон, 7 сентябрь
Нырма бынтон ӕрыгон уыди, афтӕмӕй, райдыдта йӕ фыдӕл Давиды Хуыцауы агурын (2 Аз. 34:3).
Паддзах Иосийыл 16 азы куы цыд, уӕд райдыдта Йегъовӕйы агурын. Уый фӕндыд Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ фӕндоны тыххӕй фылдӕр базонын. Фӕлӕ ӕрыгон паддзахы цард афтӕ ӕнцон нӕ уыд. Уыцы рӕстӕг адӕмӕн сӕ фылдӕр куывтой мӕнг хуыцӕуттӕн. Уымӕ гӕсгӕ Иосийы хъуыди хъӕбатырӕй архайын, цӕмӕй раст дин йӕ къахыл слӕууын кодтаид. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр стыр хъӕбатырдзинад равдыста! 20 азы дӕр ыл нӕма цыд, афтӕ райдыдта Иудӕйы бӕстӕ мӕнг хуыцӕуттӕй сыгъдӕг кӕнын (2 Аз. 34:1, 2). Кӕд ды дӕр бынтон ӕрыгон дӕ, уӕддӕр дӕ бон у Иосийы фӕзмын. Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йын йӕ диссаджы миниуджыты тыххӕй фылдӕр базон. Ӕмӕ дӕ уӕд бафӕнддзӕн дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын. Уый дӕ цардыл куыд фӕзындзӕн? Лука донаргъуыд райста 14-аздзыдӕй. Йӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кодта, уӕд йӕхицӕн загъта: «Амӕй фӕстӕмӕ мын царды фыццаг бынаты уыдзӕн Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Мӕн фӕнды, цӕмӕй йын алкӕддӕр йӕ зӕрдӕ рухс кӕнон» (Мар. 12:30). Ды дӕр дӕ разы ахӕм нысан куы сӕвӕрай, уӕд бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзынӕ! w23.09 11 ф., 12, 13 абз.
Къуырисӕр, 8 сентябрь
Чи уӕм фыдӕбон кӕны, Хицауы хъуыддаджы уын разамынд чи дӕтты... уыдоны нымайут (1 Фес. 5:12).
Апостол Павел ацы фыстӕг куы ныффыста, уӕд Фессалоникӕйы ӕмбырдыл афӕдз дӕр нӕма цыд. Ӕмӕ дзы бӕрнон ӕфсымӕртӕ, ӕвӕццӕгӕн, нырма ӕвӕлтӕрд уыдысты, ӕмӕ-иу цавӕрдӕр рӕдыдтытӕ дӕр ӕруагътой. Фӕлӕ уӕддӕр уый аккаг уыдысты, цӕмӕй сӕ иннӕтӕ нымадтаиккой. Стыр бӕллӕх хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕны, ӕмӕ нӕ фидӕны, чи зоны, ноджы тынгдӕр хъӕудзӕн бынӕттон хистӕр нӕлгоймӕгты разамынд. Гӕнӕн ис, ӕмӕ сӕйраг хайадӕн ӕмӕ филиалӕн фадат ма уа, цӕмӕй нын разамынд дӕттой. Уымӕ гӕсгӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй ныртӕккӕ сахуыр уӕм нӕ хистӕр нӕлгоймӕгты уарзын ӕмӕ нымайын. Цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр хъуамӕ уӕззау зондӕй архайӕм, ӕмӕ-иу сын сӕ хъӕндзинӕдтӕм ма ныккомкоммӕ уӕм. Фӕлӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, уыцы иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕн Йегъовӕ кӕй дӕтты разамынд Чырыстийы уылты. Згъӕрхуд ӕфсӕддонӕн йӕ сӕр куыд хъахъхъӕдта, афтӕ махӕн ирвӕзындзинады ныфс хъахъхъӕны нӕ зонд. Мах зонӕм: ацы дуне нын цытӕ дӕтты, уыдон ницы сты (Фил. 3:8). Нӕ ныфс нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ зӕрдӕтӕ сабыр уой ӕмӕ уӕззау зондӕй архайӕм. w23.06 11, 12 фф., 11, 12 абз.
Дыццӕг, 9 сентябрь
Ӕнӕзонд сылгоймаг у ӕнӕуаг. Йӕ зонд у цыбыр (Ӕмб. 9:13).
«Ӕнӕзонд сылгоймаджы» хъӕлӕс чи хъусы, уыдоны хъӕуы равзарын, йӕ хӕдзармӕ бацӕудзысты ӕви нӕ. Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй нӕхи хизӕм хӕтындзинадӕй ӕмӕ ӕнӕгъдау митӕй. Цӕмӕн? «Ӕнӕзонд сылгоймаг» дзуры: «Давӕггаг дон адджын у» (Ӕмб. 9:17). Цы у «давӕггаг дон»? Лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн цы сыгъдӕг сусӕг ахастдзинӕдтӕ вӕййы, уыдон Библи бары, адӕймаг йӕ дойны кӕмӕй басӕтты, ахӕм донимӕ (Ӕмб. 5:15–18). Ахӕм ахастдзинӕдтӕ хъуамӕ уой, йӕ къухтӕ чи ’рфыста, ӕрмӕстдӕр уыцы нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн. Фӕлӕ «давӕггаг донӕн» йӕ хабар ӕндӕрхуызон у. Уый, ӕвӕццӕгӕн, амоны, лӕг ӕмӕ ус чи нӕу, уыдон ӕмуат куы ’рцӕуынц, уымӕ. Ахӕм хъуыддӕгтӕ арӕх фӕаразынц сусӕгӕй, давӕг куыд фӕархайы, афтӕ. «Давӕггаг дон» сӕм уӕлдай адджын, чи зоны, уый тыххӕй фӕкӕсы, ӕмӕ афтӕ фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ сын сӕ миты тыххӕй ничи базондзӕн. Фӕлӕ уымӕй сӕхи сайынц! Йегъовӕ алцыдӕр уыны. Ӕмӕ ахӕм хъуыддӕгты тыххӕй адӕймаг, гӕнӕн ис, йӕ хорзӕхӕй ӕнӕхай фӕуа. Уый та масты хос у, «адджын» нӕу, фӕлӕ (1 Кор. 6:9, 10). w23.06 22 ф., 7–9 абз.
Ӕртыццӕг, 10 сентябрь
Кӕд ӕй ӕвӕндонӕй аразын, уӕддӕр мын, Хуыцау мын мӕ бар цы бакодта, уый ӕнӕкӕнгӕ нӕй (1 Кор. 9:17).
Чи зоны дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ Йегъовӕмӕ афтӕ зӕрдиагӕй нал кувыс кӕнӕ раздӕрау цингӕнгӕйӕ нал хъусын кӕныс. Афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ дын Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тых нал дӕтты. Мах стӕм ӕнӕххӕст, ӕмӕ нӕ хатт фӕфӕнды цыдӕр аразын, хатт та – нӕ. Кӕд дӕ зӕрдӕйы зынг мынӕг кӕнын райдыдта, уӕд ахъуыды кӕн апостол Павелы цӕвиттоныл. Кӕд Павел архайдта, цӕмӕй Йесойы фӕзмыдтаид, уӕддӕр ӕй ӕмбӕрста, хатт-иу ӕй афтӕ тынг кӕй нӕ фӕнддзӕн цыдӕр аразын. Павелӕн йӕ нысан уыд, дарддӕр дӕр хорз хабар хъусын кӕнын, уый йӕ фӕндыдаид ӕви нӕ, уӕддӕр. Ды дӕр Павелау де ’нӕххӕст зӕрдӕйы коммӕ ма кӕс. Дӕхицӕн фидарӕй зӕгъ, раст цы у, уый кӕй араздзынӕ, уый-иу дӕ куы нӕ фӕнда, уӕд дӕр. Дӕ хъуыддӕгтӕ уымӕ ӕркӕндзысты, ӕмӕ та дӕ зӕрдӕйы зынг ногӕй ссудздзӕн (1 Кор. 9:16). w24.03 11, 12 фф., 12, 13 абз.
Цыппӕрӕм, 11 сентябрь
Равдисут [сын], уӕ уарзондзинад ӕцӕг кӕй у (2 Кор. 8:24).
Нӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ рӕстӕг куы ’рвитӕм ӕмӕ-иу семӕ куы балымӕн уӕм, уӕд равдисдзыстӕм, кӕй сӕ уарзӕм, уый (2 Кор. 6:11–13). Не ’мбырдты ис алыхуызон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ. Сӕ хорз миниуджытӕ сын куы уынӕм, уӕд се ’ппӕты дӕр тынгдӕр уарздзыстӕм. Мах дӕр куы фӕархайӕм, цӕмӕй иннӕтӕм Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсӕм, уӕд равдисӕм, кӕй сӕ уарзӕм. Стыр бӕллӕхы рӕстӕг тынг ахсджиаг уыдзӕн нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты уарзын. Уыцы бӕллӕх куы райдайа, уӕд нӕ Йегъовӕ куыд бахъахъхъӕндзӕн? Ӕркӕсӕм, Йегъовӕйы адӕм цы хъуамӕ арӕзтаиккой, мидиӕгтӕ ӕмӕ персайнӕгтӕ Вавилонмӕ куы бабырстой, уӕд. Йегъовӕ сын загъта: «Ацӕут, мӕ адӕм, уӕ мидӕггаг уӕттӕм бацӕут, уӕхиуыл дуӕрттӕ сӕхгӕнут. Иуцасдӕрмӕ бамбӕхсут, цалынмӕ фыдӕхы рӕстӕг нӕ аивгъуыйа» (Ис. 26:20). Ӕвӕццӕгӕн, стыр бӕллӕхы рӕстӕг мах дӕр афтӕ бакӕнын хъӕудзӕн. w23.07 6, 7 фф., 14–16 абз.
Майрӕмбон, 12 сентябрь
Ацы дунейӕн йӕ хуыз ивы, театры нывтӕ куыд фӕивынц, афтӕ (1 Кор. 7:31).
Ӕмбаргӕ у. Ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕн: «Иннӕтӕ мӕ ӕмбаргӕ, ӕнцондзырд ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймагӕй зонынц? Ӕви афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ карз, тызмӕг кӕнӕ хивӕнд адӕймаг дӕн? Иннӕтӕм дӕр байхъусын ӕмӕ, гӕнӕн куы вӕййы, уӕд, уыдоны куыд фӕфӕнды, афтӕ бакӕнын?» Ӕмбаргӕдзинад куы равдисӕм, уӕд бӕрӕг вӕййы, Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы хуызӕн кӕй стӕм. Нӕ царды исты куы фӕивы, уӕд нӕ ӕмбаргӕдзинад цӕмӕн фӕхъӕуы? Ахӕм уавӕрты, гӕнӕн ис, сӕмбӕлӕм, ӕнхъӕл дӕр кӕмӕн нӕ уыдыстӕм, ахӕм зындзинӕдтыл. Гӕнӕн ис, ссарой нӕм цавӕрдӕр низ. Кӕнӕ та, кӕм цӕрӕм, уым, чи зоны, экономикӕйы кӕнӕ политикӕйы уавӕр ӕнӕнхъӕлӕджы фӕивта, ӕмӕ уый тыххӕй нӕ цард дӕр цӕхгӕр фӕивта (Еккл. 9:11). Адӕймагӕн йӕ лӕггады исты куы фӕивы, уӕд ын суанг уый дӕр хатт фӕлварӕн свӕййы. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу ног уавӕртыл сахуыр уай? Цыппар хъуыддаджы: 1) хъуамӕ бамбарай, ныр дӕ уавӕртӕ ӕндӕрхуызон кӕй сты; 2) хъуыды кӕн, раздӕр цы арӕзтай, ууыл нӕ, фӕлӕ, ныр цы араздзынӕ, ууыл; 3) хъуыды кӕн, дӕ царды хорзӕй цы ис, ууыл ӕмӕ 4) иннӕтӕн хорздзинад араз. w23.07 21, 22 фф., 7, 8 абз.
Сабат, 13 сентябрь
Ды Хуыцауӕн тынг зынаргъ дӕ (Дан. 9:23).
Пехуымпар Данелы вавилойнӕгтӕ уацары куы акодтой, уӕд ӕрыгон уыд. Йӕ райгуырӕн бӕстӕйӕ тынг дард уыди. Уым ыл паддзахы фӕсдзӕуинтӕ сӕ цӕст ӕрӕвӕрдтой. Уыдон кастысты, «цӕст цы уыны, уымӕ» – «иунӕг хъӕндзинад дӕр» ӕм кӕй нӕ уыд, «бакастӕй рӕсугъд» кӕй уыд ӕмӕ кадджын мыггагӕй кӕй уыд, уымӕ (1 Сам. 16:7). Ӕмӕ йӕ вавилойнӕгтӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр кодтой, цӕмӕй йӕ бон уыдаид паддзахы галуаны лӕггад кӕнын (Дан. 1:3, 4, 6). Йегъовӕ та Данелы цӕмӕн уарзта? Уыцы ӕрыгон лӕппу йыл иузӕрдион кӕй уыд, уый тыххӕй. Иухатт Йегъовӕ Ной ӕмӕ Иовы кой кӕнгӕйӕ ракодта Данелы кой дӕр. Уӕд Данелыл 20 азы бӕрц йеддӕмӕ нӕ цыдаид. Уыдон та Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы фӕлӕггад кодтой. Ӕмӕ уый дӕр уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты хуызӕн нымадта рӕстгӕнӕгыл (Райд. 5:32; 6:9, 10; Иов 42:16, 17; Йез. 14:14). Йегъовӕ йӕ алкӕддӕр уарзта (Дан. 10:11, 19). Данел бирӕ фӕцард, стӕй йӕ царды бирӕ диссаджы хабӕрттӕ ’рцыд. w23.08 2 ф., 1, 2 абз.
Хуыцаубон, 14 сентябрь
Уӕ бон кӕронмӕ бамбарын уыдзӕн, цы у рӕстдзинадӕн йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ дӕргъ, йӕ бӕрзӕнд ӕмӕ йӕ арф (Еф. 3:18).
Хӕдзар балхӕнын куы сфӕнд кӕнай, уӕд ын йӕ алы къуым дӕр фендзынӕ ӕмӕ алцӕмӕ дӕр лӕмбынӕг ӕркӕсдзынӕ. Библи куы фӕкӕсӕм ӕмӕ йӕ куы фӕиртасӕм, уӕд дӕр нӕ бон вӕййы алцӕмӕ дӕр лӕмбынӕг ӕркӕсын. Тагъд ӕй куы бакӕсай, уӕд ын базондзынӕ ӕрмӕстдӕр йӕ сӕйраг ахуырӕдтӕ – «Хуыцауы ныхӕсты „абетӕ“» (Дзут. 5:12). Фӕлӕ хӕдзар ӕлхӕнгӕйӕ мидӕмӕ бацӕуын куыд хъӕуы, цӕмӕй дзы алцыдӕр фенай ӕмӕ дзы цы ис, уый базонай, афтӕ дӕ хъӕуы Библимӕ дӕр «мидӕмӕ бакӕсын», ома йӕ арф иртасын, цӕмӕй дзы цы фыст ис, уый ноджы хуыздӕр бамбарай. Фӕлӕ дӕ бон куыд у уый аразын? Ахъуыды-иу кӕн, Библийы хъуыдытӕ кӕрӕдзиимӕ куыд баст сты, ууыл. Стӕй-иу ахъуыды кӕн, цӕуыл ӕууӕндыс, уыдӕттӕ дзӕбӕх ӕмбарыс ӕви нӕ ӕмӕ сыл цӕмӕн ӕууӕндыс, ууыл дӕр. Цӕмӕй Хуыцауы Ныхас хорз ӕмбарӕм, уый тыххӕй йын хъуамӕ йӕ ӕрфытӕм ныккӕсӕм. Апостол Павел йӕ чырыстон хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн дзырдта, цӕмӕй Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг иртӕстаиккой. Афтӕмӕй сӕ бон уыдаид «кӕронмӕ бамбарын... цы у рӕстдзинадӕн йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ дӕргъ, йӕ бӕрзӕнд ӕмӕ йӕ арф». Уый фӕрцы уырнындзинады «уидӕгтӕ» ауагътаиккой ӕмӕ «фидар бындурыл» фидар лӕууыдаиккой (Еф. 3:14–19). Мах дӕр хъуамӕ афтӕ кӕнӕм. w23.10 18 ф., 1–3 абз.
Къуырисӕр, 15 сентябрь
Зындзинӕдтӕн быхсын ӕмӕ фӕразын куыд хъӕуы, уымӕй, ме ’фсымӕртӕ, бафӕзмут, Йегъовӕйы номӕй чи дзырдта, уыцы пехуымпарты (Иак. 5:10).
Библийы ис, нӕ бон бафӕзмын кӕй у, бирӕ ахӕм адӕмы хабӕрттӕ. Ӕмӕ дӕ бон у уыдоны тыххӕй дӕр фылдӕр базонын. Зӕгъӕм, Давид Израилы паддзахӕй сӕрст ӕрцыд бынтон ӕрыгонӕй. Фӕлӕ йӕ бахъуыд бирӕ азтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын, цалынмӕ паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ райста, уӕдмӕ. Симеон ӕмӕ Аннӕ зӕрдӕвӕрд Мессийӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодтой (Лук. 2:25, 36–38). Ахӕм хабӕрттӕ куы иртасай, уӕд-иу дзуапп ссар ахӕм фарстатӕн: «Ацы адӕймагӕн цы ’ххуыс кодта, цӕмӕй фӕразон уыдаид? Уый йын цы пайда ӕрхаста? Мӕ бон ӕй куыд у бафӕзмын?» Дӕ бон ма у цыдӕртӕ базонын, фӕразондзинад чи нӕ равдыста, уыдоны хабӕрттӕй дӕр (1 Сам. 13:8–14). Ахъуыды-иу кӕн: «Фӕразондзинад цӕуылнӕ равдыста? Уый йӕ цӕмӕ ӕркодта?» w23.08 25 ф., 15 абз.
Дыццӕг, 16 сентябрь
Ӕмӕ дыл мах баууӕндыдыстӕм ӕмӕ йӕ базыдтам, ды Хуыцауӕй ӕрвыст кӕй дӕ (Иоан. 6:69).
Апостол Петр уыди иузӕрдион адӕймаг. Ӕмӕ йӕ ницы бакъуылымпы кодта Йесойы фӕдыл цӕуын. Иухатт Йесо цы ныхӕстӕ загъта, уыдон йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ бамбӕрстой (Иоан. 6:68). Бирӕтӕ нӕ банхъӕлмӕ кастысты, кӕй сын сӕ бамбарын кӕндзӕн, уымӕ ӕмӕ йӕ фӕдыл нал цыдысты. Фӕлӕ йыл Петр уыд иузӕрдион. Уый загъта, ӕрмӕстдӕр Йесомӕ кӕй сты, «ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы ныхӕстӕ». Йесо Петримӕ ӕмӕ иннӕ апостолтимӕ куы уыд, уӕд ӕй зыдта, уыдон ӕй иууылдӕр кӕй ныууадздзысты. Фӕлӕ ма зыдта, Петр фӕстӕмӕ кӕй сфидар уыдзӕн ӕмӕ йыл иузӕрдионӕй кӕй баззайдзӕн. Ӕмӕ йын уый йӕхицӕн дӕр загъта (Лук. 22:31, 32). Йесо ӕмбӕрста, «уд... фидар [кӕй] у, фӕлӕ буар та лӕмӕгъ [кӕй] у» (Мар. 14:38). Ӕмӕ дзы Петр афтӕ куы загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ, уӕд йӕ апостолыл йӕ къух нӕ систа. Йесо куы райгас, уӕд ӕм фӕзынд, ӕвӕццӕгӕн, уый иунӕгӕй куы уыд, уӕд (Мар. 16:7; Лук. 24:34; 1 Кор. 15:5). Петр йӕхи фӕсмонӕй куыннӕ хордтаид. Ӕмӕ йӕм Йесо кӕй фӕзынд, уый йӕ куыд тынг бафидар кодтаид! w23.09 22 ф., 9, 10 абз.
Ӕртыццӕг, 17 сентябрь
Амондджын сты, Хуыцау йӕ фыдхъуыддӕгтӕ кӕмӕн ныббарста ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕ кӕмӕн ныххатыр кодта (Ром. 4:7).
Хуыцау ныххатыр кӕны, чи йыл ӕууӕнды, уыдоны тӕригъӕдтӕ. Уыдоны тыххӕй сӕ дзуапп нал ӕрдомы, кӕронмӕ сын ныххатыр кӕны (Пс. 32:1, 2). Ӕмӕ сӕ сӕ уырнындзинады фӕрцы фӕнымайы ӕнӕфау, ӕнаххос адӕймӕгтыл ӕмӕ рӕстгӕнджытыл. Кӕд Йегъовӕ Авраамы, Давиды ӕмӕ иннӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты рӕстгӕнджытыл банымадта, уӕддӕр уыдысты ӕнӕххӕст, тӕригъӕдджын адӕймӕгтӕ. Фӕлӕ сӕ уырнындзинады фӕрцы Хуыцауы цӕсты уыдысты ӕнаххос ӕмӕ ӕнӕфау, уӕлдайдӕр, чи йын нӕ лӕггад кодта, уыдонимӕ абаргӕйӕ (Еф. 2:12). Йӕ фыстӕджы Ромӕгтӕм апостол Павел бамбарын кодта, ӕнӕ уырнындзинадӕй Хуыцауы хӕлӕрттӕ кӕй не суыдзыстӕм. Уырнындзинад Авраамы ӕмӕ Давиды куыд хъуыд, афтӕ хъӕуы мах дӕр. w23.12 3 ф., 6, 7 абз.
Цыппӕрӕм, 18 сентябрь
Хуыцауӕн алкӕддӕр хӕссӕм кады нывонд, ома йын нӕ дзыхыныхасӕй адӕмы ’хсӕн йӕ ном кадджын кӕнӕм (Дзут. 13:15).
Чырыстӕттӕй алкӕмӕ дӕр ӕрхауд стыр кад – нӕ бон у Йегъовӕйӕн нывӕндтӕ хӕссын. Уыцы нывӕндтӕ сты нӕ рӕстӕг, нӕ хъарутӕ, не ’хца. Ӕмӕ сӕ Паддзахады хъуыддагӕн не ’вгъау кӕнӕм. Нӕ бон Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй у, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый равдисдзыстӕм, ӕппӕты хуыздӕр нывӕндтӕ йын куы хӕссӕм, уымӕй. Апостол Павел ранымадта, рохуаты цы нӕй уадзӕн, уыдӕттӕ (Дзут. 10:22–25). Уымӕ хауы, Йегъовӕмӕ кӕй хъуамӕ кувӕм, нӕ ныфсы тыххӕй ӕргом кӕй хъуамӕ дзурӕм ӕмӕ ӕмбырдтӕм кӕй хъуамӕ цӕуӕм, стӕй кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс кӕй хъуамӕ ӕфтауӕм, Йегъовӕйы бон «куыд хӕстӕг кӕны, уый цас бӕлвырддӕр уынӕм, уыйас ноджы тынгдӕр». Раргомады чиныджы фӕстаг сӕрты та Йегъовӕйы зӕд Иоаннӕн дыууӕ хатты загъта, Хуыцауӕн бакув, зӕгъгӕ (Рарг. 19:10; 22:9). Уӕдӕ макуы ферох кӕнӕм, Йегъовӕйы стыр ӕнӕуынгӕ кувӕндоны тыххӕй цы ахсджиаг цыдӕртӕ базыдтам, уыдӕттӕ ӕмӕ, нӕ бон нӕ кадджын Хуыцауӕн лӕггад кӕнын кӕй у, уый стыр кадыл нымайӕм! w23.10 29 ф., 17, 18 абз.
Майрӕмбон, 19 сентябрь
Нӕ кӕрӕдзийы уарзӕм (1 Иоан. 4:7).
Не ’ппӕты дӕр фӕнды, цӕмӕй кӕрӕдзийы алкӕддӕр уарзӕм. Фӕлӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм Йесойы ныхӕстӕ. Уый загъта: «Адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ уарзондзинад ӕруазал уыдзӕн» (Матф. 24:12). Йесойы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг нӕ уыдысты, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр сӕ фылдӕрӕн сӕ уарзондзинад ӕруазал уыдзӕн. Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ нӕхи хъахъхъӕнӕм ацы дунейы зондахастӕй, кӕннод махӕн дӕр нӕ уарзондзинад ӕруазал уыдзӕн. Нӕ бон куыд у базонын, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты тынг уарзӕм ӕви нӕ? Зӕгъӕм, ис ахъуыды кӕнӕн, кӕцыдӕр уавӕрты нӕхи куыд фӕдарӕм, ууыл (2 Кор. 8:8). Иу ахӕм уавӕры кой скодта апостол Петр. Уый загъта: «Сӕйраджыдӕр та кӕрӕдзийы афтӕ уарзут, уӕ уарзт артау куыд судза, уымӕн ӕмӕ уарзондзинад бирӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны [комк. «ӕмбӕрзы», фип.]» (1 Пет. 4:8). Уӕдӕ хотӕй кӕнӕ ’фсымӕртӕй исчи куы фӕрӕдийы кӕнӕ нӕ куы фӕхъыг кӕны, уӕд фӕлвӕрд ӕрцӕуы, нӕ уарзондзинад ӕцӕг уарзондзинад у ӕви нӕ. w23.11 10 ф., 12, 13 абз.
Сабат, 20 сентябрь
Уарзут уӕ кӕрӕдзийы (Иоан. 13:34).
Ӕмбырды иуты куы уарзӕм, иннӕты та – нӕ, уӕд афтӕмӕй Йесойы фӕдзӕхст не ’ххӕст кӕндзыстӕм. Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ се ’ппӕты дӕр ӕмхуызон уарздзыстӕм. Йесойӕн дӕр йе ’мбӕлттӕй чидӕртӕ ӕввахсдӕр уыдысты (Иоан. 13:23; 20:2). Фӕлӕ нын апостол Петр нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты се ’ппӕты дӕр кӕй хъуамӕ уарзӕм, уымӕн ӕмӕ иу бинонтӕ стӕм (1 Пет. 2:17). Петр ныффыста, «кӕрӕдзийы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзут, уӕ уарзт артау судзӕд», зӕгъгӕ (1 Пет. 1:22). Нӕ уарзт артау кӕй хъуамӕ судза, уый ацы ран амоны, нӕ зӕрдӕ кӕй хъуамӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕнӕм, ӕмӕ нын уарзын зын кӕй у, уыдоны дӕр кӕй хъуамӕ бауарзӕм. Зӕгъӕм, хотӕй кӕнӕ ӕфсымӕртӕй нӕ исчи куы фӕхъыг кӕны, уӕд нӕ, чи зоны, фыццаг фӕфӕнды уымӕй йын ӕй бафидын, уарзондзинад равдисын нӕ, фӕлӕ. Фӕлӕ Йесо Петрӕн бамбарын кодта, уый Хуыцауы зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуы (Иоан. 18:10, 11). Ӕмӕ Петр уый фӕстӕ ныффыста: «Ӕвзӕр ӕвзӕрӕй ма фидут ӕмӕ уын ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ чи кӕны, уыдоны ма ӕфхӕрут, фӕлӕ семӕ уӕзданӕй ныхас кӕнут» (1 Пет. 3:9). Уӕдӕ дӕуӕн дӕр дӕ уарзт артау судзӕд, ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ у. w23.09 29 ф., 9–11 абз.
Хуыцаубон, 21 сентябрь
Афтӕ сылгоймӕгтӕ дӕр хъуамӕ... алцӕмӕй дӕр бӕрц зоной, алы хъуыддаджы дӕр уой Хуыцауыл иузӕрдион (1 Тим. 3:11).
Диссаг у, сывӕллон куыд тагъд астыр вӕййы. Адӕймагмӕ афтӕ фӕкӕсы, цыма йӕхӕдӕг рӕзы ӕмӕ йӕ уый тыххӕй аразын дӕр ницы хъӕуы. Фӕлӕ цӕмӕй фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ суӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы фыдӕбон кӕнын (1 Кор. 13:11; Дзут. 6:1). Цӕмӕй уыцы нысан нӕ къухы бафта, уый тыххӕй Йегъовӕ хъуамӕ суа не ’ввахс Хӕлар. Хъӕуы ма нӕ йӕ сыгъдӕг тых дӕр, цӕмӕй нӕм фӕзына, йӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм миниуджытӕ, царды нӕ чи бахъӕудзӕн, ахӕм хъуыддӕгтыл сахуыр уӕм ӕмӕ ныл фидӕны цы хӕстӕ уыдзӕн, уыдонмӕ нӕхи бацӕттӕ кӕнӕм (Ӕмб. 1:5). Йегъовӕ адӕмы куы сфӕлдыста, уӕд сфӕлдыста нӕлгоймаджы ӕмӕ сылгоймаджы (Райд. 1:27). Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнынц уындӕй дӕр ӕмӕ ӕндӕр цӕмӕйдӕрты дӕр. Йегъовӕ сӕ афтӕ сфӕлдыста, цӕмӕй дзы алчидӕр бӕлвырд хӕстӕ ӕххӕст кӕна (Райд. 2:18). Ӕмӕ сӕ уый тыххӕй та хъӕуы цавӕрдӕр миниуджытӕ, стӕй хъуамӕ сахуыр уой цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ аразын. w23.12 18 ф., 1, 2 абз.
Къуырисӕр, 22 сентябрь
Ӕппӕт адӕмтӕй дӕр [мын] цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. Дӕттут сын донаргъуыд Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг тыхы номыл (Матф. 28:19).
Цымӕ Йесойы фӕндыд, цӕмӕй йын иннӕтӕ йӕ Фыды йӕ номӕй хуыдтаиккой? Бӕгуыдӕр. Уыцы рӕстӕджы иуӕй-иу дины разамонджытӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ Хуыцауы ном дзурын нӕ фӕтчы. Фӕлӕ Йесо зыдта, уыдӕттӕ адӕмы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттӕ кӕй сты. Уый уӕддӕр йӕ Фыды ном кадджын кодта. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, Герасӕйы раз хӕйрӕджджын лӕджы куы сдзӕбӕх кодта, уыцы хабар. Адӕм старстысты, ӕмӕ Йесойӕн лӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй уырдыгӕй ацыдаид. Ӕмӕ дзы уый дӕр нал ӕрлӕууыд (Мар. 5:16, 17). Фӕлӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй уым дӕр Йегъовӕйы ном базыдтаиккой. Уымӕ гӕсгӕ, кӕй сдзӕбӕх кодта, уыцы нӕлгоймагӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй адӕмӕн дзырдтаид, Йегъовӕ йын цы хорздзинад ракодта, уый тыххӕй. Афтӕ йын нӕ загъта, Йесо цы сарӕзта, уый тыххӕй дзур, зӕгъгӕ (Мар. 5:19). Ӕмӕ Йесойы фӕнды, цӕмӕй абон мах дӕр ӕгас зӕххыл йӕ Фыды ном ӕргом кӕнӕм! (Матф. 24:14; 28:20). Афтӕмӕй рухс кӕнӕм нӕ Паддзах Йесо Чырыстийы зӕрдӕ. w24.02 10 ф., 10 абз.
Дыццӕг, 23 сентябрь
Ды... мӕ номы тыххӕй бирӕ бавзӕрстай (Рарг. 2:3).
Ацы уӕззау фӕстаг бонты дунейы уавӕр фыддӕрӕй-фыддӕр кӕны. Фӕлӕ мах стӕм Йегъовӕйы организацийы. Ӕмӕ нын уый фӕрцы ис, чи нын ӕххуыс кӕны, ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ (Пс. 133:1). Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ бинонтӕ уой ӕнгом (Еф. 5:33–6:1). Стӕй нын амоны, цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы уа фарн. Фӕлӕ нӕ уӕддӕр хъӕуы ӕппӕт тыхтӕй архайын, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ нын хатт иннӕтӕ сӕ ныхӕстӕй ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕй нӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕнынц. Хатт та нӕ ныфс асӕтты, кӕй фӕрӕдийӕм, уый тыххӕй, уӕлдайдӕр, уыцы иу рӕдыдтытӕ ногӕй ӕмӕ ногӕй куы саразӕм, уӕд. Фӕлӕ-иу хъуамӕ нӕ къухтӕ ма ӕруадзӕм. Хъуамӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм, 1) хотӕ ӕмӕ нӕ ’фсымӕртӕй исчи куы фӕхъыг кӕна, 2) нӕ цардӕмбалыл нӕ зӕрдӕ куы фӕхуда ӕмӕ 3) нӕхиуыл нӕ зӕрдӕ куы фӕхуда, уӕддӕр. w24.03 14 ф., 1, 2 абз.
Ӕртыццӕг, 24 сентябрь
Цы нын бантыст, ууыл ма ’рлӕууӕм, фӕлӕ дарддӕр дӕр афтӕ размӕ цӕуӕм (Фил. 3:16).
Чи зоны, фехъуыстай хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй чидӕртӕ Хуыцауӕн фылдӕр лӕггад кӕнын кӕй райдыдтой. Ӕмӕ ма, чи зоны, ахӕм хабӕрттӕ уый фӕстӕ дӕр хъусдзынӕ. Зӕгъӕм, чидӕртӕ ахуыр кодтой Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъолайы кӕнӕ та ацыдысты, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ранмӕ. Кӕд дӕ уавӕртӕ амонынц, уӕд ды дӕр дӕ разы ахӕм нысан сӕвӕр. Йегъовӕйы адӕм иу ран нӕ лӕууынц ӕмӕ сӕ алкӕддӕр фӕфӕнды фылдӕр аразын (Хъуыд. 16:9). Фӕлӕ, чи зоны, ныртӕккӕ дӕ уавӕртӕ нӕ амонынц, цӕмӕй ахӕм нысӕнттӕм тырнай. Уӕд афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ ды иннӕтӕй ӕвзӕрдӕр дӕ. Сӕйраг у, цӕмӕй фидар уай ӕмӕ дӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъорай (Матф. 10:22). Ма рох кӕн, Йегъовӕ тынг кӕй аргъ кӕны, дӕ уавӕрты дӕ бон цы у, уый кӕй аразыс, уымӕн. Дарддӕр дӕр афтӕ куы кӕнай, уӕд донаргъуыды фӕстӕ дӕр ӕппынӕдзух Йесойы фӕдыл цӕудзынӕ (Пс. 26:1). w24.03 10 ф., 11 абз.
Цыппӕрӕм, 25 сентябрь
Йӕ хӕларзӕрдӕйӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ иууылдӕр ныххатыр кодта (Кол. 2:13).
Нӕ уӕларвон Фыд нын зӕрдӕ ӕвӕры, куы ӕрфӕсмон кӕнӕм, уӕд нын кӕй ныххатыр кӕндзӕн (Пс. 86:5). Уӕдӕ нӕ тӕригъӕдтыл зӕрдӕйӕ куы ’рфӕсмон кӕнӕм, уӕд хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ нын кӕй ныххатыр кӕндзӕн. Хъуамӕ нӕ рох ма уа: Йегъовӕ тызмӕг Хуыцау нӕу, уый у ӕмбаргӕ. Уый нӕ, нӕ бон цы у, уымӕй фылдӕр никуы фӕдомы. Йегъовӕ фӕаргъ кӕны, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕй аразӕм, уымӕн. Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи лӕггад кодта, ахӕм рагон лӕггадгӕнджытыл дӕр, зӕгъӕм, апостол Павелыл. Уый бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодта. Мингай километртӕ фӕцыди, ӕмӕ йӕ фӕрцы фӕзынд бирӕ ног ӕмбырдтӕ. Фӕлӕ стӕй йӕ уавӕртӕ фӕивтой, ӕмӕ йӕ бон нал уыд, раздӕр цас хъусын кодта, уыйбӕрц хъусын кӕнын. Цымӕ дзы Йегъовӕ райгонд нал уыд? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Павел дарддӕр дӕр, йӕ бон цы уыд, уый арӕзта, ӕмӕ йын Йегъовӕ арфӕ кодта (Хъуыд. 28:30, 31). Махӕн дӕр нӕ уавӕртӕ фӕивынц, ӕмӕ нӕ бон куы фылдӕр вӕййы аразын, куы та – къаддӕр. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн сӕйрагдӕр у, цӕмӕн ын лӕггад кӕнӕм, уый. w24.03 27 ф., 7, 9 абз.
Майрӕмбон, 26 сентябрь
[Йесо] райсомӕй раджы... ацыд хибар ранмӕ ӕмӕ уым куывта (Мар. 1:35).
Йесо Йегъовӕмӕ куыд куывта, уымӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн у фӕзминаг. Зӕххыл лӕггад кӕнгӕйӕ Хуыцаумӕ тынг арӕх куывта. Арӕх-иу ӕй ӕппындӕр ницӕмӕуал ӕвдӕлди, стӕй-иу йӕ разы уыди тынг бирӕ адӕм. Ӕмӕ-иу ӕй кувынӕн хъуыди рӕстӕг рахицӕн кӕнын (Мар. 6:31, 45, 46). Райсомӕй-иу раджы сыстад, цӕмӕй-иу хибарӕй Йегъовӕмӕ скуывтаид. Ӕппынкъаддӕр иу хатт та ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фӕкуывта ахсджиаг уынаффӕ рахӕссыны размӕ (Лук. 6:12, 13). Йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв та цалдӕр хатты куывта, уымӕн ӕмӕ йӕ хъуыди кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын, йӕ зӕххон лӕггады ӕппӕты зындӕр саразын цы уыд, уый (Матф. 26:39, 42, 44). Мах дӕр фӕнды Йесойы бафӕзмын. Цыфӕнды ӕнӕвдӕлон куы уӕм, уӕддӕр-иу нӕ хъӕудзӕн кувынӕн рӕстӕг рахицӕн кӕнын. Чи зоны-иу нӕ бахъӕудзӕн кӕнӕ райсомӕй раджы сыстын, кӕнӕ та изӕрӕй гыццыл фӕстӕдӕр схуыссын. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд-иу Йегъовӕ фендзӕн, уыцы диссаджы лӕварӕн тынг кӕй аргъ кӕнӕм. w23.05 3 ф., 4, 5 абз.
Сабат, 27 сентябрь
Хайджын цы сыгъдӕг тыхӕй стӕм, уый фӕрцы нӕ зӕрдӕтӕ Хуыцауы уарзтӕй байдзаг сты (Ром. 5:5).
Сӕрст чырыстӕттӕн сӕ зӕрдӕтӕ Хуыцауы уарзтӕй кӕй «байдзаг сты», уый цӕмӕ амоны? Йегъовӕ сӕрст чырыстӕтты уыйбӕрц уарзы, ӕмӕ йӕ уарзондзинад абарӕн ис доны гуылфӕнимӕ. Сӕрст чырыстӕттӕ йӕ зонынц, «Хуыцау [сӕ] кӕй уарзы» (Иуд. 1). Ӕмӕ иууылдӕр цы ӕнкъарынц, уый тыххӕй апостол Иоанн ныффыста: «Ахъуыды-ма кӕнут, Фыд нӕ куыд тынг бауарзта – мах хуыйнӕм Хуыцауы хъӕбултӕ!» (1 Иоан. 3:1). Фӕлӕ Йегъовӕ ӕрмӕст уыдоны нӕ уарзы. Уый уарзы махӕй алкӕй дӕр. Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый ӕппӕты тынгдӕр равдыста, йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй. Уымӕй стырдӕр уарзондзинад никуы ничи равдыста! (Иоан. 3:16; Ром. 5:8). w24.01 28 ф., 9, 10 абз.
Хуыцаубон, 28 сентябрь
Куы дӕм сдзыназон, уыцы бон ме знӕгтӕ лидзӕг фӕуыдзысты. Ӕз ӕй фидарӕй зонын, Хуыцау мӕ фарс кӕй у (Пс. 56:9).
Ацы стихӕй базонӕн ис, Давидӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй мауал тарстаид. Кӕд йӕ цардӕн тӕссаг уыд, уӕддӕр хъуыды кодта, Йегъовӕ ма йын ноджыдӕр цы сараздзӕн, ууыл. Давид зыдта, йӕ афон куы ’рцӕуа, уӕд ӕй Йегъовӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн. Уый размӕ Йегъовӕ загъта, Давид кӕй уыдзӕн Израилы иннӕ паддзах (1 Сам. 16:1, 13). Ӕмӕ Давид зыдта: иугӕр Йегъовӕ исты загъта, уӕд йӕ ныхас ӕнӕмӕнг сӕххӕст кӕндзӕн. Дӕуӕн та Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта? Мах ӕй зонӕм, ныртӕккӕ нӕ ӕппӕт зындзинӕдтӕй кӕй нӕ бахиздзӕн. Фӕлӕ, ацы дунейы цӕргӕйӕ цы зындзинӕдтыл ӕмӕ фӕлварӕнтыл ӕмбӕлӕм, уыдонӕн кӕрон скӕндзӕн ног дунейы (Ис. 25:7–9). Не Сфӕлдисӕгмӕ уыйбӕрц тых ис, цӕмӕй мӕрдты райгас кӕна, низтӕй нӕ сдзӕбӕх кӕна, нӕ зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ нын байгас кӕна ӕмӕ, нӕ ныхмӕ чидӕриддӕр цӕуы, уыдоны фесафа (1 Иоан. 4:4). w24.01 5, 6 фф., 12, 13 абз.
Къуырисӕр, 29 сентябрь
Амондджын у, Хуыцау йӕ фыдракӕнд кӕмӕн ныббарста ӕмӕ йӕ тӕригъӕд кӕмӕн ныххатыр кодта (Пс. 32:1).
Ахъуыды-иу кӕн, дӕхи Йегъовӕйӕн цӕмӕн снывонд кодтай ӕмӕ донаргъуыд цӕмӕн райстай, ууыл. Афтӕ уымӕн бакодтай, ӕмӕ дӕ бафӕндыд Йегъовӕйы фарс слӕууын. Ӕрхъуыды-ма кӕн, куыд бамбӕрстай, рӕстдзинад кӕй ссардтай, уый. Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтай, уӕд Йегъовӕйы базыдтай, ӕмӕ дӕ уӕларвон Фыды бауарзтай. Фӕзынди дӕм уырнындзинад ӕмӕ дӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодтай. Стӕй де ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууагътай ӕмӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын райдыдтай. Хуыцау дын дӕ тӕригъӕдтӕ кӕй ныххатыр кодта, уый куы бамбӕрстай, уӕд дӕуӕй амондджындӕр нал уыд (Пс. 32:2). Ды райдыдтай ӕмбырдтӕм цӕуын ӕмӕ, цы диссаджы хабӕрттӕ базыдтай, уыдоны тыххӕй иннӕтӕн дӕр дзурын. Уый фӕстӕ дӕхи Хуыцауӕн снывонд кодтай ӕмӕ донаргъуыд райстай. Ныр цӕуыс, цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл, ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй архайыс, цӕмӕй дзы ма ахизай (Матф. 7:13, 14). Уӕдӕ ӕнӕфӕцудгӕ у, Йегъовӕйы алкӕддӕр уарз ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕм хъус. w23.07 17 ф., 14 абз.; 19 ф., 19 абз.
Дыццӕг, 30 сентябрь
Хуыцау иузӕрдион у, ӕмӕ нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй бахауат, уӕ бон бафӕразын кӕй нӕ бауа, ахӕм фӕлварӕны, фӕлӕ уын фӕлварӕны, цы бакӕнӕн ис, уый дӕр бацамондзӕн, цӕмӕй йӕ сфӕразат (1 Кор. 10:13).
Исты дӕ куы рӕдийын кӕна, уӕд-иу ӕрхъуыды кӕн, Йегъовӕйӕн цы дзырд радтай, уый. Уый фӕрцы-иу дӕм хъарутӕ фӕзындзӕн, цӕмӕй, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уый ма саразай. Зӕгъӕм, искӕй цардӕмбалмӕ дзӕгъӕл дзырдӕппарӕнтӕ нӕ кӕндзынӕ ӕмӕ дӕхи йемӕ афтӕ нӕ дардзынӕ, цыма дӕ зӕрдӕмӕ цӕуы. Ды Йегъовӕйӕн дзырд радтай, ахӕм митӕ кӕй никуы кӕндзынӕ. Уӕд, чи не ’мбӕлы, ахӕм ӕнкъарӕнтӕ дӕ зӕрдӕйы уидӕгтӕ нӕ ауадздзысты ӕмӕ дӕ нӕ хъӕудзӕн семӕ тох кӕнын, ӕмӕ дӕхи мастӕй бахиздзынӕ. «Фыдгӕнджыты фӕндагӕй» дӕхи «дард айсдзынӕ» (Ӕмб. 4:14, 15). Йесойыл-иу ахъуыды кӕн. Уый алкӕддӕр фӕндыд алцӕмӕй дӕр йӕ Фыды зӕрдӕ рухс кӕнын. Йӕ цӕвиттон дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу дӕхицӕн уайтагъд ӕмӕ фидарӕй зӕгъай, дӕхи кӕмӕн снывонд кодтай, уыцы Хуыцауы зӕрдӕ кӕй ницӕмӕй фӕриссын кӕндзынӕ (Матф. 4:10; Иоан. 8:29). Фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлай кӕнӕ дӕ исты куы рӕдийын кӕна, уӕд дын уыдзӕн фадат, цӕмӕй равдисай, кӕй дӕ фӕнды ӕппынӕдзух Йесойы фӕдыл цӕуын. Ӕмӕ дын Йегъовӕ дӕр ӕнӕмӕнг ӕххуыс кӕндзӕн. w24.03 9, 10 фф., 8–10 абз.