21–27 ИЮЛЫ
ӔМБИСӔНДТӔ 23
97 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)
1. Карз нозтмӕ цы цӕстӕй хъӕуы кӕсын, уый фӕдыл хорз уынаффӕтӕ
(10 мин.)
Бануазынмӕ куы хъавай, уӕд-иу бирӕ ма бануаз (Ӕм 23:20, 21; w04 1/12 28 ф., 5, 6 абз.).
Фыднозт цӕмӕ ’ркӕны, уый дӕ зӕрдыл дар (Ӕм 23:29, 30, 33–35; it-2-U 578 ф., 10 абз. – 579 ф., 1 абз.).
Кӕд дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ фыднозт кӕнын ницы зиан хӕссы, уӕд дӕхи ма сай (Ӕм 23:31, 32).
2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(10 мин.)
Ӕм 23:21. Адӕймаг нард куы уа, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ фырхӕрд кӕны? (w04-U 1/11 31 ф., 2 абз.)
Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
3. Библийӕ бакӕсинаг
(4 мин.) Ӕм 23:1–24 (th 5 урок)
4. Ныхас райдайын
(2 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ, БИРӔ АДӔМ КӔМ ВӔЙЙЫ, АХӔМ РӔТТЫ (lmd 3 урок, 5 пункт).
5. Адӕймагимӕ ногӕй аныхас кӕн
(5 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Адӕймагӕн Библи ахуыр кӕныны тыххӕй зӕгъ ӕмӕ йын равдис, адӕмимӕ Библи куыд фӕахуыр кӕнӕм, уый (lmd 9 урок, 5 пункт).
6. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын
(5 мин.) Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уымӕн ӕххуыс кӕныс, цӕмӕй ныууадза, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыддаг (lmd 12 урок, 4 пункт).
35 зарӕг
7. Фынгыл-иу нозт ӕрӕвӕрон ӕви нӕ?
(8 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.
Бадты рӕстӕг, зӕгъӕм, чындзӕхсӕвы фынгыл нозт ӕрӕвӕрдзынӕ? Уый алчидӕр хъуамӕ йӕхӕдӕг аскъуыддзаг кӕна. Фӕлӕ уал фыццаг хъуамӕ ахъуыды кӕна Библийы уагӕвӕрдтыл ӕмӕ ма ӕндӕр хабӕрттыл.
Равдис ВИДЕОРОЛИК «Фынгыл нозт ӕрӕвӕрон ӕви нӕ?». Стӕй хъусджыты бафӕрс:
Дӕлдӕр Библийӕ цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдон нын куыд баххуыс кӕндзысты, фынгыл нозт ӕрӕвӕрдзыстӕм ӕви нӕ, уый скъуыддзаг кӕнгӕйӕ?
Ин 2:9. Йесо чындзӕхсӕвы дон сӕн фестын кодта.
1Кр 6:10. «Расыггӕнджытӕ... Хуыцауы паддзахад бынӕн нӕ райсдзысты».
1Кр 10:31, 32. «Хӕргӕ кӕнат, нуазгӕ кӕнат... алцыдӕр аразут Хуыцауы кадӕн. Къуылымпыйы хос... [макӕмӕн] ут».
Цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?
Цӕмӕй раст уынаффӕтӕ хӕссӕм, уый тыххӕй хъуамӕ «арф хъуыды кӕнӕм». Уый нын куыд баххуыс кӕндзӕн Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайынӕн? (Ро 12:1; Ек 7:16–18).
8. Ӕркӕсинаг фарстатӕ
(7 мин.)
9. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ
(30 мин.) lfb 2 сӕргонд, разныхас 2 хаймӕ ӕмӕ 3 сӕргонд