14–20 ИЮЛЫ
ӔМБИСӔНДТӔ 22
79 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)
1. Сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнынӕн чи ӕххуыс кӕны, ахӕм хорз уынаффӕтӕ
(10 мин.)
Уӕ сывӕллӕтты цӕттӕ кӕнут, царды цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлдзысты, уыдонмӕ (Ӕм 22:3; w20.10 27 ф., 7 абз.).
Уӕ сывӕллӕтты сӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ ахуыр кӕнут (Ӕм 22:6; w19.12 26 ф., 17–19 абз.).
Зонд сын фӕлмӕнӕй амонут (Ӕм 22:15; w15 15/11 5 ф., 6 абз.).
2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(10 мин.)
Ӕм 22:7. Ацы стихӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (lff 37 урок, 2 дӕлсӕргонд)
Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
3. Библийӕ бакӕсинаг
(4 мин.) Ӕм 22:1–19 (th 10 урок)
4. Ныхас райдайын
(3 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ (lmd 5 урок, 4 пункт).
5. Ныхас райдайын
(4 мин.) ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД. Сывӕллӕттӕ кӕмӕн ис, ахӕм адӕймагӕн равдис, сайты jw.org куыд ис ссарӕн, ныййарджытӕн чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм ӕрмӕг (lmd 1 урок, 4 пункт).
6. Раныхас
(5 мин.): ijwyp 6 статья. Темӕ «Мӕ ныййарджытӕ мӕ мӕхи ирхӕфсын цӕуылнӕ уадзынц?» (th 20 урок).
134 зарӕг
7. Уӕ сывӕллӕттимӕ фӕразон ут, фӕлӕ сӕ сӕхи бар ма ауадзут
(15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.
Сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнгӕйӕ ныййарджыты фӕхъӕуы фӕразондзинад. Ныййарджытӕ хъуамӕ зоной, сӕ сывӕллӕттӕн сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый ӕмӕ сӕ рӕстӕг семӕ ’рвитой. Сывӕллӕттӕ хъуамӕ уыной, сӕ мадӕн ӕмӕ сӕ фыдӕн ӕхсызгон кӕй у семӕ сӕ рӕстӕг ӕрвитын (Д.з 6:6, 7). Цӕмӕй ныййарджытӕ ’мбарой, сӕ цоты цы тыхсын кӕны, уый, уый тыххӕй сӕм хъуамӕ фарстатӕ дӕттой ӕмӕ лӕмбынӕг хъусой, цы дзурынц, уымӕ (Ӕм 20:5). Цавӕрдӕр фарстатыл сӕ, чи зоны, бирӕ хӕттыты бахъӕуа ныхас кӕнын, цӕмӕй сывӕллӕттӕ бамбарой, сӕ ныййарджытӕ сӕ цы домынц, уый ӕмӕ, раст куыд у, афтӕ кӕной.
Ныййарджытӕ хъуамӕ сӕ сывӕллӕттимӕ фӕразон уой, фӕлӕ сӕ хъуамӕ сӕхи бар ма ауадзой. Йегъовӕ ныййарджытӕн бахӕс кодта, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн дзурой, бар сын цӕмӕн ис ӕмӕ цӕмӕн нӕй, уый ӕмӕ-иу сын зонд бацамоной, сӕ коммӕ куы нӕ кӕсой, уӕд (Ӕм 6:20; 23:13).
Бакӕсут Ефесӕгтӕм 4:31. Стӕй хъусджыты бафӕрс:
Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн зонд мӕстыйӕ цӕуылнӕ хъуамӕ амоной?
Бакӕсут Галатӕгтӕм 6:7. Стӕй хъусджыты бафӕрс:
Ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн ӕмбарын кӕной, ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ куы кӕной, уӕд сӕ уый хорзмӕ кӕй не ’ркӕндзӕн?
Равдис ВИДЕОРОЛИК «Ут... бирӕфӕразон, уарзондзинады фӕрцы кӕрӕдзийӕн барут. Уӕ сывӕллӕтӕн». Стӕй хъусджыты бафӕрс:
Ацы видеороликӕй уӕхицӕн зондӕн цы райстат?
8. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ
(30 мин.) lfb «Разамонӕг советы писмо», разныхас 1 хаймӕ ӕмӕ 1 сӕргонд