«Куыд фехъусдзысты»?
1 Йесо фидарӕй загъта: «Ӕппӕт адӕмтӕн раздӕр хъуамӕ хъуыстгонд уа Евангелийы уацхъуыд [«хорз хабар», НД]» (Маркы 13:10). Кӕд тынг зӕрдиагӕй архайӕм, уӕддӕр нырма тынг бирӕ ис, хорз хабар чи нӕ фехъуыста, ахӕм адӕм. Иуӕй-иу бӕстӕты нын хицӕуттӕ нӕ хъуыддаг размӕ нӕ уадзынц. Иу ӕмӕ дыууӕ не сты, тынг бирӕ цӕрджытӕ кӕм ис ӕмӕ ма сӕ нымӕц тагъд кӕм рӕзы, ахӕм бӕстӕтӕ. Уӕдӕ уыцы адӕм «куыд фехъусдзысты»? (Ром. 10:14).
2 Дӕ зӕрдӕ дар Иегъовӕйыл. Рох кӕнын нӕ нӕ хъӕуы, Иегъовӕ алы адӕймаджы зӕрдӕ дӕр кӕй уыны. Адӕймаг цыфӕнды уавӕры ма уа, уӕддӕр Хуыцауы тыххӕй ӕцӕгад сыгъдӕгзӕрдӕйӕ куы агура, уӕд ӕй ссардзӕн (1 Пар. 28:9).
3 Авраам Содом ӕмӕ Гоморры цӕрджытыл мӕт кодта. Фӕлӕ йын Иегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, зӕгъгӕ, Содомы ӕрмӕст дӕс рӕстаг адӕймаджы куы разына, уӕддӕр ӕй нӕ фесафдзӕн (Уӕв. 18:20, 23, 25, 32). Иегъовӕ рӕстгӕнӕджы ӕвзӕргӕнӕгимӕ кӕй никуы фесафы, уый бӕрӕг у, Лот ӕмӕ йӕ чызджытӕ кӕй фервӕзтысты, уымӕй (2 Пет. 2:6—9).
4 Иу рӕстӕджы Илиа ӕнхъӕлдта, ӕцӕг Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй ӕрмӕстдӕр уый кӕй баззад удӕгасӕй. Фӕлӕ йын Иегъовӕ загъта, иунӕг кӕй нӕу ӕмӕ, цы хъуыддаг райдыдта, уый кӕронмӕ кӕй ахӕццӕ уыдзӕн (3 Пад. 19:14—18). Цы зӕгъӕн ис абоны уавӕры тыххӕй та?
5 Дӕ бон цы у, уый араз Хуыцауы хъуыддаджы. Хорз хабар ма цас хъусын кӕндзыстӕм, уый нӕ зонӕм. Ацы хъуыддаг ис Иегъовӕйы бӕрны ӕмӕ йӕм йӕ зӕдты руаджы йӕ хъус дары (Рар. 14:6, 7). Ӕрмӕстдӕр Уый скъуыддзаг кӕны, куыд хъуамӕ ӕрцӕуа хъуыстгонд Паддзахады хорз хабар ӕппӕт адӕмтӕн дӕр. Иегъовӕйы куы бафӕнда, уӕд Паддзахады хабар, мах ӕнхъӕл дӕр куыд не стӕм, афтӕ апарахат кӕндзӕн, ӕмӕ афтӕмӕй ноджы фылдӕр адӕмӕн суыдзӕн сӕ бон «фехъусын Евангелийы дзырд [«хорз хабар», НД] ӕмӕ баууӕндын» (Ап. к. 15:7). Иегъовӕ у уарзагзӕрдӕ, зондджын ӕмӕ раст Хуыцау ӕмӕ алцы дӕр сараздзӕн йӕ миниуджытӕм гӕсгӕ.
6 Махӕн стыр кад у Иегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй архайын хорз хабар алы адӕймагӕн дӕр фехъусын кӕнын (1 Кор. 9:16).