Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bsi07 13–14 фф.
  • Библийы 29 чиныг – Иоил

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библийы 29 чиныг – Иоил
  • Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 15 хай
  • Сӕргӕндтӕ
  • ЦЫ ПАЙДА У
Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 15 хай
bsi07 13–14 фф.

Библийы 29 чиныг – Иоил

Ныффыста йӕ: Иоил

Кӕм ӕрцыд фыст: Иудӕйы

Фыст фӕцис: н. э. агъоммӕ 820 азмӕ ӕв. (?)

ИУ СӔСЧЫТЫ дзуг иннӕйы фӕдыл бырсы ӕмӕ йӕ фӕстӕ ницы уадзы. Сӕ размӕ арт ӕмӕ сӕ фӕстӕ та зынг судзы бӕстӕ. Скодта ӕххормаг заман. Хур баталынг ӕмӕ мӕй туджы хуызӕн сси, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы стыр ӕмӕ тӕссаг бон ӕрбаввахс. Хуыцау бардзырд радта, цӕмӕй райсой ӕхсырфтӕ ӕмӕ сӕмбырд кӕной адӕмыхӕттыты ныццӕгъдынмӕ. Фӕлӕ иуӕй-иутӕ «фервӕздзысты» (Иоил 2:32). Пехуымпар Иоилы чиныджы цы диссаджы цауты тыххӕй дзырдӕуы, уыдон нын канд цымыдисаг не сты, фӕлӕ ма пайда дӕр.

2 Чиныг райдайы ахӕм ныхӕстӕй: «Йегъовӕйы ныхас Вафуилы фырт Иоилмӕ». Библи ӕндӕр ницы дзуры Иоилӕн йӕхи тыххӕй. Сӕйраджыдӕр дзы дзырд цӕуы, Иоил ӕй кӕй ныффыста, ууыл нӕ, фӕлӕ цы хабар хъусын кодта, ууыл. Ном «Иоил» (дзуттагау Йоел) комкоммӕ нысан кӕны «Йегъовӕ у Хуыцау». Иоил Иерусалим, йӕ кувӕндон ӕмӕ дзы цы куыст цыд, уый хорз кӕй зыдта, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ чиныг фыста Иерусалимы кӕнӕ Иудӕйы (Иоил 1:1, 9, 13, 14; 2:1, 15, 16, 32).

3 Кӕд фӕци фыст Иоил йӕ чиныг? Уый зын зӕгъӕн у. Ахуыргӕндтӕ амонынц алыхуызон рӕстӕгмӕ: н. э. агъоммӕ 800 азы райдианӕй н. э. агъоммӕ 400 азмӕ ’ввахс. Йегъовӕ Иосафаты дӕлвӕзы адӕмтыл йӕ тӕрхон кӕй сӕххӕст кодта, уый тыххӕй Иоил куыд фыссы, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Иоил йӕ пехуымпарад ныффыста, Йегъовӕ Иудӕйы паддзах Иосафатӕн уӕлахиз куы радта ӕмӕ н. э. агъоммӕ 936 азы Иосафат паддзах куы сси, уый фӕстӕ (Иоил 3:2, 12; 2 Пар. 20:22–26). Ӕвӕццӕгӕн, пехуымпар Амос Иоилы ныхӕстӕ сфӕлхат кодта. Кӕд афтӕ у, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ пехуымпар Иоил йӕ чиныг фыст фӕцис Амосы чиныгӕй раздӕр, уый та пехуымпарӕй лӕггад кодта н. э. агъоммӕ 829–804 азты (Иоил 3:16; Амос 1:2). Чиныг ацы азтӕй раздӕр кӕй ӕрцыд фыст, уый ма бӕрӕг у, Дзуттаг фыстыты Иоилы чиныг кӕй ис Оси ӕмӕ Амосы чингуыты ’хсӕн. Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, Иоилы чиныг фыст кӕй ӕрцыд н. э. агъоммӕ 820 азмӕ ’ввахс.

4 Иоилы чиныгыл ӕууӕндӕн кӕй ис, уый бӕрӕг у, ацы чиныджы стихтӕ кӕй ӕмбӕлынц Чырыстон Грекъаг Фыстыты ӕмӕ дзы йӕ кой кӕй ис. Фӕндзайӕм боны Петр дзырдта «пехуымпар Иоилы» тыххӕй ӕмӕ йын йӕ пехуымпарӕдтӕй дӕр иу радзырдта. Павел дӕр ӕрхаста уыцы пехуымпарад, ӕмӕ равдыста, дзуттӕгтыл ӕмӕ иннӕ адӕмтӕй чи уыд, уыдоныл кӕй сӕххӕст, уый (Иоил 2:28–32; Ап. хъ. 2:16–21; Ром. 10:13). Пехуымпар Иоил сыхаг адӕмты ныхмӕ цыдӕриддӕр загъта, уыдон иууылдӕр сӕххӕст сты. Навуходоносор стыр сахар Тирыл ӕрхъула кодта, фӕстӕдӕр та, уыцы сахарӕн сакъадахыл цы хай уыд, уый Македойнаг Алыксандр зӕххы ӕмвӕз скодта. Раст афтӕ фесӕфт Филистимы зӕхх дӕр. Едом та фестад ӕдзӕрӕг быдыр (Иоил 3:4, 19). Дзуттӕгтӕ никуы дызӕрдыг кодтой, Иоилы чиныг Хуыцауы фӕндӕй фыст кӕй уыд, ууыл, ӕмӕ йӕ, чысыл пехуымпартӕ кӕй хонынц, уыцы чингуыты ’хсӕн дыккаг бынаты сӕвӕрдтой.

5 Иоил фыссы рӕсугъд ӕмӕ аив ӕвзагӕй. Ныхӕстӕ фӕлхат кӕны, цӕмӕй сын сӕ хъуыды фӕтыхджындӕр кӕна, пайда ма кӕны ирд абарстытӕй дӕр. Мӕтых ӕвдисы адӕм ӕмӕ ӕфсад. Йӕ дӕндӕгтӕ сты домбайы дӕндӕгты хуызӕн, йӕ хуыз у бӕхы хуызӕн, йӕ хъӕлӕс та у хӕстон уӕрдоны уынӕры хуызӕн. Иу чиныджы мӕтыхы ныхмӕ тохы тыххӕй дзырдӕуы: «Иоил мӕтыхы ӕрбабырст куыд бӕстон афыста, афтӕ хорз ӕй ӕндӕр никӕй бон уыд ныффыссын»a.

ЦЫ ПАЙДА У

12Библииртасджытӕй иуӕй-иутӕ дзурынц, зӕгъгӕ, Иоилы пехуымпарӕдтӕ тызмӕг уыдысты. Фӕлӕ Хуыцауы адӕмы хъуыдымӕ гӕсгӕ Иоил хъусын кодта ирвӕзындзинады хабар. Апостол Павел дӕр уый тыххӕй дзуры йӕ фыстӕджы Ромӕгтӕм 10:13: «Йегъовӕмӕ йӕ номӕй чидӕриддӕр кувы, уый фервӕздзӕн» (Иоил 2:32). Иоилы пехуымпарад диссаджы хуызы сӕххӕст н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон. Уӕд Петр Хуыцауы ’ххуысӕй бамбарын кодта, Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтыл Хуыцауы сыгъдӕг уд кӕй ӕрцыд, уымӕй Иоилы пехуымпарад кӕй сӕххӕст (Ап. хъ. 2: 1–21; Иоил 2: 28, 29, 32). Петр уӕлдай тынгдӕр йӕ хъус ӕрдардта, Иоилы пехуымпарады ныхӕстӕ цы нысан кодтой, уымӕ: «Йегъовӕмӕ йӕ номӕй чидӕриддӕр кувы, уый фервӕздзӕн» (Ап. хъ. 2:21, 39, 40).

13 Иоил цы мӕтыхы тыххӕй фыссы ӕмӕ Раргомады 9-ӕм сӕры цы бӕллӕххы тыххӕй дзырдӕуы, уыдон сты тынг ӕмхуызон. Раргомады дӕр хур баталынг. Мӕтых у хӕстмӕ цӕттӕ бӕхты хуызӕн, сӕ хъӕр – хӕстон уӕрдӕтты уынӕры хуызӕн, ӕмӕ сӕ дӕндӕгтӕ та – домбайы дӕндӕгты хуызӕн (Иоил 2:4, 5, 10; 1:6; Рарг. 9:2, 7–9). Иоилы чиныджы 2:31 цы пехуымпарад ис, зӕгъгӕ, хур баталынг уыдзӕн, ахӕм пехуымпарӕдтӕ ма ис Исайы 13:9, 10 ӕмӕ Раргомады 6:12–17. Ӕмбӕлы ма Матфейы 24:29, 30 дӕр, уым Йесо ӕвдисы, пехуымпарад кӕй хауы, Адӕймаджы Фырт тых ӕмӕ стыр кадимӕ куы ’рцӕуа, уыцы рӕстӕгмӕ. Малахийы 4:5 цы ныхӕстӕ ӕмбӕлы, уыдон ист сты Иоилы 2:11, зӕгъгӕ, «Йегъовӕйы бон у стыр ӕмӕ ӕвирхъау». Уыцы «тар ӕмӕ хъуынтъыз боны» тыххӕй ма фыст ис Иоилы 2:2 ӕмӕ Софонийы 1:14, 15.

14 Раргомады чиныг дзуры Хуыцауы мастисӕн «стыр боны» тыххӕй (Рарг. 6:17). Иоил дӕр дзуры уыцы рӕстӕджы тыххӕй, зӕгъгӕ, «Йегъовӕйы [стыр] бон» адӕмыл куы ’рцӕуа, уӕд йӕ хорзӕх чи агура ӕмӕ ирвӕзындзинады тыххӕй йӕ номӕй чи кува, уый «фервӕздзӕн». «Йегъовӕ йӕ адӕмӕн уыдзӕн ӕмбӕхсӕн». Ногӕй та уыдзӕн дзӕнӕт: «Ӕмӕ уыцы бон хӕхтӕй тӕдздзӕн адджын сӕн, ӕмӕ бӕрзонд къуылдымтӕй кӕлдзӕн ӕхсыр, ӕмӕ Иудӕйӕн йӕ донвӕдтӕ иууылдӕр донӕй байдзаг уыдзысты. Ӕмӕ Йегъовӕйы хӕдзарӕй ракӕлдзӕн суадон». Ацы диссаджы зӕрдӕвӕрдтӕ хъусын кӕнгӕйӕ Иоил кадджын кӕны Йегъовӕйы хицаудзинад, ӕмӕ сиды сыгъдӕгзӕрдӕ адӕммӕ, цӕмӕй сӕ ныфс уа, Хуыцау сын кӕй ныббардзӕн: «Раздӕхут уӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ, уымӕн ӕмӕ уый тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ у, мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны ӕмӕ ӕгӕрон у йӕ ӕнувыд уарзт». Ацы сидтмӕ чидӕриддӕр хъусы, уыдон райсдзысты ӕнусон арфӕдзинӕдтӕ (Иоил 2:1, 32; 3:16, 18; 2:13).

[Фиппаинаг]

a «The Interpreter’s Bible», 1956, 6 том, 733 ф. (англ.).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын