Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwbr19 август 1–10 фф.
  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ
  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ 2019
  • Сӕргӕндтӕ
  • 5–11 АВГУСТЫ
  • 12–18 АВГУСТЫ
  • 19–25 АВГУСТЫ
  • 26 АВГУСТЫ – 1 СЕНТЯБРЫ
Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ 2019
mwbr19 август 1–10 фф.

Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ

5–11 АВГУСТЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | 2 ТИМОФЕЙМӔ 1–4

«Хуыцау нын цы сыгъдӕг тых радта, уый нӕ тӕппудтӕ нӕ аразы»

(2 Тимофеймӕ 1:7) Хуыцау нын цы сыгъдӕг тых радта, уый нӕ тӕппудтӕ нӕ аразы, фӕлӕ нӕ уадзы тых, дӕтты нын уарзондзинад ӕмӕ уӕззау зонд.

w09 15/5 15 ф., 9 абз.

Фӕсивӕд, уе ’нтыстдзинад уын алчидӕр уынӕд

9 Павелы фӕндыд Тимофейӕн баххуыс кӕнын ӕмӕ йын фӕстӕдӕр йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта: «Хуыцау нын цы сыгъдӕг уд радта, уый нӕ тӕппудтӕ нӕ аразы, фӕлӕ нӕ уадзы тых, дӕтты нын уарзондзинад ӕмӕ уӕззау зонд» (2 Тим. 1:7). Адӕймаг «уӕззау зонды» хицау уа, уый нысан кӕны ӕмбаргӕйӕ ӕмӕ алцӕуылдӕр лӕмбынӕг ахъуыды кӕнгӕйӕ архайын. Ахӕм адӕймаг цыфӕнды уӕззау уавӕры дӕр вӕййы ӕвронг зонд, никуы фӕтагъд кӕны. Ӕвӕлтӕрд чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ тӕппуд разынынц ӕмӕ сӕхи зын уавӕртӕй бахизыны тыххӕй бирӕ фӕфынӕй кӕнынц кӕнӕ телевизормӕ фӕкӕсынц, нозтыл кӕнӕ наркотиктыл бафтынц, ӕдзух хъазтизӕртӕм фӕцӕуынц кӕнӕ ӕнӕгъдау митӕ фӕкӕнынц. Хуыцауы Ныхас ма чырыстӕтты фӕдзӕхсы, цӕмӕй «ӕнӕхуыцау хъуыддӕгтӕ ӕмӕ зӕххон монцтӕй дард лидзой ӕмӕ ацы цардӕвӕрды уой ӕмбаргӕ, цӕрой рӕстӕй ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй» (Тит. 2:12).

(2 Тимофеймӕ 1:8) Уӕдӕ ӕфсӕрмы ма кӕн, нӕ Хицауы тыххӕй кӕй хъусын кӕныс, стӕй ӕз нӕ Хицауы тыххӕй ахӕстоны кӕй дӕн, уымӕй. Фӕлӕ, хорз хабары тыххӕй цы зындзинӕдтӕ ӕвзарыс, уыдонӕн фӕраз, Хуыцауы тыхыл дӕ зӕрдӕ дар, афтӕмӕй.

w03 1/3 20 ф., 7 абз.

«Хъӕбатыр ӕмӕ фидар ут!»

7 Павел Тимофеймӕ фыста: «Хуыцау нын, ӕвӕдза, нӕ ратта тӕрсыны зӕрдӕ, фӕлӕ хъаруйы... Ай тыххӕй ӕфсӕрмы ма кӕн ӕвдисӕн лӕууын нӕ Хицауӕн» (2 Тимофеймӕ 1:7, 8, НФ; Маркы 8:38). Ацы ныхӕстӕ бакӕсгӕйӕ нӕ бон у ахъуыды кӕнын: мӕ динӕй ӕфсӕрмы кӕнын ӕви йӕ сӕрыл ныфсджынӕй фӕдзурын? Ме ’мкусджытӕн (кӕнӕ ме ’мкъласонтӕн) загътон, Иегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕн ӕви уый иннӕтӕй ӕмбӕхсгӕ кӕнын? Иннӕтӕй кӕй хицӕн кӕнын, уымӕй ӕфсӕрмы кӕнын ӕви сӕрыстыр дӕн, Иегъовӕйы кӕй зонын, уый мӕ иннӕтӕй кӕй хицӕн кӕны? Исчи хорз хабар хъусын кӕнынӕй куы тӕрса кӕнӕ йӕ динӕй куы ’фсӕрмы кӕна, уӕд хъуамӕ йӕ зӕрдыл дара, Иегъовӕ Йесо Навинӕн цы уынаффӕ радта, уый: «Хъӕбатыр ӕмӕ фидар у». Макуы дӕ рох кӕнӕд, ӕппӕты ахсджиагдӕр не ’мкусджыты кӕнӕ не ’мкъласонты хъуыды кӕй нӕу, фӕлӕ Иегъовӕ ӕмӕ Йесо Чырысти цы хъуыды кӕнынц, уый (Галатӕгтӕм 1:10).

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(2 Тимофеймӕ 2:3, 4) Цы зындзинӕдтӕ ӕвзарыс, уыдонӕн фӕраз, Йесо Чырыстийы хъӕбатыр ӕфсӕддонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ. 4 Иу ӕфсӕддон дӕр ӕндӕр хъуыддӕгты фӕдыл ӕхца бакусыны тыххӕй нӕ ацӕудзӕн, цӕмӕй, ӕфсадмӕ йӕ чи райста, уый дзы райгонд уа.

w17.07 10 ф., 13 абз.

Агурӕм ӕцӕг хъӕздыгдзинад

13 Тимофей уыд фидар уырнындзинады хицау. Павел ӕй схуыдта «Йесо Чырыстийы хъӕбатыр ӕфсӕддон», ӕмӕ йын стӕй загъта: «Иу ӕфсӕддон дӕр ӕндӕр хъуыддӕгты фӕдыл ӕхца бакусыны тыххӕй нӕ ацӕудзӕн, цӕмӕй, ӕфсадмӕ йӕ чи райста, уый дзы райгонд уа» (2 Тим. 2:3, 4). Абон дӕр Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ ӕппӕт хъарутӕй архайынц Павелы уынаффӕмӕ гӕсгӕ, ӕмӕ се ’хсӕн ис 1 милуан ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнӕгӕй фылдӕр. Ацы зыд ӕмӕ кӕрӕф дуне сын рекламӕйы уылты бирӕ цыдӕртӕ хъары, фӕлӕ йын сайын нӕ комынц. Рох сӕ нӕу ацы уагӕвӕрд: «Ӕфстау чи райста, уый у ӕфстаудӕттӕджы цагъар» (Ӕмб. 22:7). Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй йӕ дунейӕн цагъартау кусӕм ӕмӕ нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ тыхтӕ иууылдӕр уымӕн дӕттӕм. Зӕгъӕм, иуӕй-иутӕ стыр кредиттӕ райсынц, цӕмӕй хӕдзар кӕнӕ машинӕ балхӕной кӕнӕ та ахуырӕн бафидой, йе та цӕмӕй чындзӕхсӕв скӕной. Уыцы хъуыддаджы къӕрцхъус куы нӕ уӕм, уӕд нӕ бирӕ азты дӕргъы хӕстӕ фидын бахъӕудзӕн. Фӕлӕ куырыхон зондӕй куы архайӕм, уӕд нӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕндзыстӕм, хӕстӕ, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, нӕ исдзыстӕм ӕмӕ къаддӕр ӕхца хардз кӕндзыстӕм. Афтӕмӕй нӕ бон уыдзӕн Хуыцауӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕнын ӕмӕ коммерцийы цагъартӕ дӕр не суыдзыстӕм (1 Тим. 6:10).

(2 Тимофеймӕ 2:23) Стӕй дӕхи хиз ӕнӕзонд ӕмӕ дзӕгъӕл радзур-бадзуртӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ зоныс, уыдӕттӕ хылтӕм кӕй ӕркӕнынц.

w14 15/7 14 ф., 10 абз.

Йегъовӕйы адӕмӕн «фыддзинадимӕ иумӕйагӕй» ницы ис

10 Абон ӕмбырды исчи мӕнг ахуырӕдтӕ парахат кӕнын райдайа, ахӕм хабар арӕх не ’рцӕуы. Фӕлӕ уӕддӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ, Библийы ныхмӕ чи у, ахӕм ахуырӕдтыл сӕмбӕлӕм. Чифӕнды сӕ ма парахат кӕна, уӕддӕр сӕ хъуамӕ нӕхи хизӕм. Зондыл дзурӕг нӕ уаид, раст дины ныхмӕ чи сси, уыдонимӕ ныхас кӕнын куы райдаиккам, фӕнды лӕгӕй-лӕгмӕ, фӕнды Интернеты уылты, фӕнды ӕндӕр цавӕрдӕр хуызы. Кӕд семӕ уый тыххӕй ныхас кӕнӕм, цӕмӕй сын баххуыс кӕнӕм, уӕддӕр афтӕмӕй Хуыцауы фӕдзӕхсты сӕрты хизӕм. Йегъовӕ нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй ахӕм адӕмӕй нӕхи дард ласӕм – хъуамӕ нын семӕ иумӕйагӕй ӕппындӕр мацы уа.

Библийӕ бакӕсинаг

(2 Тимофеймӕ 1:1–18) Павел, Хуыцауы фӕндӕй Йесо Чырыстийы апостол, Йесо Чырыстийы фӕрцы хай кӕмӕй ис, уыцы цардӕй нын Хуыцау зӕрдӕ кӕй бавӕрдта, уымӕ гӕсгӕ. 2 Фыссын мӕ уарзон хъӕбул Тимофеймӕ. Нӕ Фыд Хуыцауы ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы стыр хорзӕх, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ фарнӕй хайджын у. 3 Ӕз тынг бузныг дӕн, мӕ фыдӕлтау сыгъдӕг цӕсгомӕй кӕмӕн лӕггад кӕнын, уыцы Хуыцауӕй ӕмӕ йӕм дӕу тыххӕй ӕдзухдӕр, ӕхсӕвӕй-бонӕй зӕрдиагӕй фӕкувын. 4 Дӕ цӕссыгтӕ мӕ зӕрдыл куы ’рлӕууынц, уӕд дӕ фенынмӕ фӕбӕллын, цӕмӕй та мӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг уа. 5 Мӕ зӕрдыл ӕрлӕууы дӕ ӕнӕхин уырнындзинад. Уыцы уырнындзинад уыд дӕ мадымад Лоидӕмӕ ӕмӕ дӕ мад Евникӕмӕ, фӕлӕ йӕ фидарӕй зонын, дӕумӕ дӕр кӕй ис. 6 Уымӕ гӕсгӕ дын дӕ зӕрдыл лӕууын кӕнын: мӕ къухтӕ дыл куы ӕрӕвӕрдтон, уӕд дӕ Хуыцау кӕмӕй схайджын кодта, уыцы курдиаты зынг ахуыссын ма бауадз. 7 Хуыцау нын цы сыгъдӕг тых радта, уый нӕ тӕппудтӕ нӕ аразы, фӕлӕ нӕ уадзы тых, дӕтты нын уарзондзинад ӕмӕ уӕззау зонд. 8 Уӕдӕ ӕфсӕрмы ма кӕн, нӕ Хицауы тыххӕй кӕй хъусын кӕныс, стӕй ӕз нӕ Хицауы тыххӕй ахӕстоны кӕй дӕн, уымӕй. Фӕлӕ, хорз хабары тыххӕй цы зындзинӕдтӕ ӕвзарыс, уыдонӕн фӕраз, Хуыцауы тыхыл дӕ зӕрдӕ дар, афтӕмӕй. 9 Хуыцау нӕ фервӕзын кодта ӕмӕ, сыгъдӕджытӕ уӕм, уымӕ нӕ ӕрхуыдта нӕ хъуыддӕгты фӕрцы нӕ, фӕлӕ йӕ фӕндмӕ гӕсгӕ ӕмӕ йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ. Уыцы стыр хорзӕхӕй нын Йесо Чырыстийы фӕрцы раджы бахай кодта. 10 Фӕлӕ афтӕ кӕй у, уый та рабӕрӕг абон – нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырысти куы раргом, уӕд: уый мӕлӕтӕн кӕрон скодта ӕмӕ нын хорз хабары фӕрцы раргом кодта, мӕлӕты бар кӕуыл нӕ цӕуы, ахӕм цардӕй хайджын куыд уыдзыстӕм, уый. 11 Ӕмӕ ӕз хъусынгӕнӕгӕй, апостолӕй ӕмӕ ахуыргӕнӕгӕй дӕр уый тыххӕй ӕрцыдтӕн ӕвӕрд, цӕмӕй уыцы хорз хабар хъусын кӕнон. 12 Ӕз ацы зындзинӕдтӕ дӕр уый тыххӕй ӕвзарын, фӕлӕ мӕм уый худинаг нӕ кӕсы, уымӕн ӕмӕ, кӕуыл баууӕндыдтӕн, уый зонын, ӕмӕ мӕ фидарӕй уырны, йӕ бар ын цы бакодтон, уый тӕрхоны бонмӕ кӕй бахъахъхъӕндзӕн. 13 Амӕй фӕстӕмӕ дӕр фидар хӕц, мӕнӕй кӕй фехъуыстай, уыцы раст ныхӕсты хуызӕгыл, ӕмӕ дӕм уӕнт, Йесо Чырыстиимӕ иудзинадӕй чи цӕуы, уыцы уырнындзинад ӕмӕ уарзондзинад. 14 Нӕ мидӕг цы сыгъдӕг тых цӕры, уый фӕрцы хъахъхъӕн, дӕ бар чи ис, уыцы хӕзна. 15 Азийы мӕ иууылдӕр кӕй ныууагътой, уый зоныс. Ныууагътой мӕ Фигелл ӕмӕ Ермоген дӕр. 16 Нӕ Хицау фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисӕд Онисифоры хӕдзаронтӕм. Уый мӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бафидар кодта, ӕмӕ, рӕхыстӕй баст кӕй дӕн, уымӕй дӕр не ’фсӕрмы кодта. 17 Фӕлӕ Ромы куы уыди, уӕд мӕ зӕрдиагӕй агуырдта ӕмӕ мӕ ссардта. 18 Хицау Йегъовӕ йӕм тӕрхоны бон фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисӕд. Ефесы мын цас балӕггад кодта, уый дӕр хорз зоныс.

12–18 АВГУСТЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ТИТМӔ 1 – ФИЛИМОНМӔ

«Сӕвӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ»

(Титмӕ 1:5–9) Криты дӕ уый тыххӕй ныууагътон, цӕмӕй, раст чи нӕу, уыцы хъуыддӕгтӕ сраст кӕнай ӕмӕ дын куыд бафӕдзӕхстон, афтӕ алы горӕты дӕр сӕвӕрай хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. 6 Уый хъуамӕ уа, фау ӕрхӕссӕн кӕмӕ нӕй, ахӕм нӕлгоймаг, хъуамӕ йын иу ус йеддӕмӕ ма уа, йӕ сывӕллӕттӕ хъуамӕ уой уырнӕг, ма сӕ зоной, ӕвзӕр митӕ чи кӕны ӕмӕ хивӕнд чи у, ахӕмтӕй. 7 Цӕстдарӕг у Хуыцауы ӕвӕрд уынаффӕгӕнӕг, ӕмӕ йӕм хъуамӕ фау ӕрхӕссӕн мацӕмӕй уа, ма уа хивӕнд, мӕстыгӕр, расыггӕнаг, йӕ къух макӕмӕ иса, ма уа зыд ӕмӕ хи пайда ма агура, 8 фӕлӕ хъуамӕ уа уазӕгуарзон, уарза хорздзинад, уа ӕмбаргӕ, раст адӕймаг, иузӕрдион, хиуылхӕцгӕ, 9 иннӕты ахуыргӕнгӕйӕ фидар хӕца, ӕууӕндӕн кӕуыл ис, уыцы ныхасыл, цӕмӕй йӕ бон уа раст ахуырады фӕрцы зонд амонын дӕр ӕмӕ, ныхмӕ чи дзуры, уыдонӕн уайдзӕф бакӕнын дӕр.

w14 15/11 28, 29

Кӕсджыты фарстатӕ

Фыццаг ӕнусы-иу хистӕр нӕлгоймӕгты ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты куыд снысан кодтой, уый тыххӕй Библийы алцы бӕстон фыст нӕу. Фӕлӕ уӕддӕр, цы хабӕрттӕ дзы ис фыст, уыдонӕй ис базонӕн, уыцы хъуыддаг куыд арӕзтой, уый. Зӕгъӕм, Павел ӕмӕ Варнавӕ сӕ фыццаг уацамындон балцӕй фӕстӕмӕ куы здӕхтысты, уӕд «алы ӕмбырды дӕр сӕвӕрдтой хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. Павел ӕмӕ Варнавӕ ком фӕдардтой ӕмӕ фӕкуывтой, ӕмӕ афтӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгты, кӕуыл баууӕндыдысты, уыцы Хуыцау Йегъовӕйы бар бакодтой» (Хъуыд. 14:23). Бирӕ азты фӕстӕ Павел йе ’мбӕлццон Титмӕ ныффыста: «Криты дӕ уый тыххӕй ныууагътон, цӕмӕй, раст чи нӕу, уыцы хъуыддӕгтӕ сраст кӕнай ӕмӕ дын куыд бафӕдзӕхстон, афтӕ алы горӕты дӕр сӕвӕрай хистӕр нӕлгоймӕгтӕ» (Тит. 1:5). Куыд зыны, афтӕмӕй ахӕм бар лӕвӕрд уыд Тимофейӕн дӕр, апостол Павелимӕ балцыты бирӕ чи фӕцыд, уымӕн (1 Тим. 5:22). Уӕдӕ бӕрӕг у, ӕфсымӕрты-иу апостолтӕ кӕнӕ, Иерусалимы чи уыд, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ кӕй не снысан кодтой, фӕлӕ цӕуӕг цӕстдарджытӕ.

Библийы ахӕм хабӕрттӕ кӕй ис фыст, уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет фӕивта, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ куыд ӕвӕрд цӕуынц, уыцы хъуыддаг. 2014 азы 1 сентябрӕй фӕстӕмӕ ӕфсымӕрты нысан кӕндзысты афтӕ: алы районон цӕстдарӕг дӕр-иу лӕмбынӕг ӕркӕсдзӕн, йӕ районы ӕмбырдтӕй цы рекомендацитӕ райста, уыдонмӕ. Ӕмбырдтӕ куы бӕрӕг кӕна, уӕд-иу бацархайдзӕн уыцы ӕфсымӕрты хуыздӕр базоныныл ӕмӕ-иу, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, семӕ хъусын кӕнынмӕ дӕр ацӕудзӕн. Районон цӕстдарӕг-иу хистӕр нӕлгоймӕгты советимӕ сӕ рекомендациты фӕдыл куы аныхас кӕна, уӕд йӕ бон уыдзӕн, йӕ районы цы ӕмбырдтӕ ис, уым хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ снысан кӕнын. Афтӕмӕй ацы хъуыддаг, фыццаг ӕнусы йӕ куыд арӕзтой, уый хуызӕн тынгдӕр уыдзӕн.

Цымӕ ацы хъуыддаджы кӕмӕн цавӕр хӕстӕ ис? «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» сӕйраг хӕс у, цӕмӕй «хӕдзаронтӕн» хӕринаг дӕтта (Матф. 24:45–47). Ӕмӕ уый тыххӕй «цагъар» сыгъдӕг тыхы ӕххуысӕй Фыстад фӕиртасы, цӕмӕй, ӕгас дунейы дӕр ӕмбырдты хъуыддӕгтӕ куыд хъуамӕ цӕуой арӕзт, уый фӕдыл сын Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ разамынд дӕтта. Ӕууӕнкджын цагъар ма снысан кӕны районон цӕстдарджыты ӕмӕ филиалты комитетты уӕнгты дӕр. Филиалтӕ та ӕмбырдтӕн ӕххуыс кӕнынц, цы разамынд райсынц, уымӕ гӕсгӕ архайынӕн. Хистӕр нӕлгоймӕгты советыл ис стыр хӕс: хъуамӕ-иу лӕмбынӕг ахъуыды кӕной, рекомендаци кӕмӕн дӕттынц, уыцы ӕфсымӕртӕм, Библимӕ гӕсгӕ сӕм цы миниуджытӕ хъуамӕ уа, уыдон сты ӕви нӕ, ууыл. Алы районон цӕстдарӕгыл дӕр ис ахсджиаг хӕс, цӕмӕй-иу Хуыцаумӕ скува ӕмӕ-иу лӕмбынӕг ӕркӕса, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы рекомендацитӕ радтой, уыдонмӕ ӕмӕ стӕй, аккаг чи уа, уыцы ӕфсымӕрты снысан кӕна.

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Титмӕ 1:12) Сӕхицӕй иу чидӕр, сӕхи пехуымпар, афтӕ загъта: «Критӕгтӕ ӕдзух кӕнынц сайгӕ, сты тугдзых сырдтӕ, магусайӕ гуыбындзӕл».

w90-U 15/12 31 ф., 5 абз.

Кӕсджыты фарстатӕ

Уый разы нӕ уыд, цӕмӕй критӕгты фыдкой кодтаиккой, ӕндӕр адӕмыхаттӕй кӕй уыдысты, уый тыххӕй. Фӕлӕ Павел зыдта, критӕгтӕ хорз чырыстӕттӕ кӕй уыдысты, Хуыцау сӕ райгонд кӕй уыд ӕмӕ сӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй хайджын кодта (Хъуыддӕгтӕ 2:5, 11, 33). Уыди дзы бирӕ иузӕрдион чырыстӕттӕ ӕмӕ сӕ бон уыд «алы горӕты дӕр» ӕмбырдтӕ аразын. Кӕд уыцы чырыстӕттӕ ӕнӕххӕст уыдысты, уӕддӕр сайгӕ нӕ кодтой ӕмӕ магусайӕ гуыбындзӕлтӕ нӕ уыдысты; афтӕ куы уыдаид, уӕд сын Йегъовӕ нӕ арфӕ кодтаид (Филиппӕгтӕм 3:18, 19; Раргомад 21:8). Абон мах алыхуызон адӕмты ’хсӕн сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы куыд ссарӕм, афтӕ критӕгты ’хсӕн дӕр уыд сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм, ӕмӕ уыдон дӕр тыхстысты, сӕ алыварс цы ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ уыдтой, уыдонӕй ӕмӕ хорз хабармӕ хъуыстой (Йезекил 9:4; абар Хъуыддӕгтӕ 13:48).

(Филимонмӕ 15, 16) Чи зоны дӕ цыбыр рӕстӕгмӕ дӕр уый тыххӕй фӕхицӕн, цӕмӕй дӕм фӕстӕмӕ раздӕха ӕмӕ цӕрӕнбонтӕм демӕ уа. 16 Ӕрмӕст уый ныр ӕнӕуи цагъар нал у, фӕлӕ цагъарӕй зынаргъдӕр – уарзон ӕфсымӕр, уӕлдайдӕр мӕнӕн. Ӕмӕ уӕд дӕуӕн та цас уарзондӕр хъуамӕ уа, кӕд ӕмӕ дӕ цагъар дӕр у, ӕмӕ дӕ чырыстон ӕфсымӕр дӕр.

w08 15/10 31 ф., 4 абз.

Ахсджиаг хъуыдытӕ Титмӕ, Филимонмӕ ӕмӕ Дзуттӕгтӕм фыстӕджытӕй

15, 16 – Павел Филимонӕн цӕуылнӕ загъта, цӕмӕй Онисимы ауагътаид? Павелы фӕндыд йӕ сӕйраг хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕнын: хъусын кӕнын Хуыцауы паддзахады тыххӕй ӕмӕ ахуыр кӕнын Хицау Йесо Чырыстийы тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ ӕхсӕнадон фарстаты йӕхи нӕ тъыста, уыимӕ цагъарадимӕ баст фарстаты дӕр (Ап. хъ. 28:31).

Библийӕ бакӕсинаг

(Титмӕ 3:1–15) Амӕй фӕстӕмӕ дӕр сын сӕ зӕрдыл лӕууын кӕн, цӕмӕй хицауӕдтӕм ӕмӕ, бартӕ кӕй къухы сты, уыдонмӕ хъусой ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсой, ӕнӕзивӕг уой алы хорз хъуыддагмӕ дӕр, 2 макӕй фыдкой кӕной, ма уой загъдгӕнаг, фӕлӕ уой ӕмбаргӕ, алкӕимӕ дӕр фӕлмӕн. 3 Ӕвӕдза, мах нӕхӕдӕг дӕр кӕддӕр уыдыстӕм ӕнӕзонд, ӕгоммӕгӕс, куырм, алы монцты ӕмӕ ирхӕфсӕнты цагъартӕ, уыдыстӕм фыдзӕрдӕ ӕмӕ хӕлӕггӕнаг, ӕнад, кӕрӕдзийӕ уыдтам не сӕфт. 4 Фӕлӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауы хӕларзӕрдӕдзинад ӕмӕ, адӕмы куыд уарзы, уый куы раргом,– 5 нӕ раст хъуыддӕгты тыххӕй нӕ, фӕлӕ йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадмӕ гӕсгӕ,– уӕд нӕ фервӕзын кодта – ныхсадта нӕ, ӕмӕ нын уый радта цард. Стӕй нӕ фервӕзын кодта, йӕ сыгъдӕг тыхӕй нӕ кӕй сног кодта, уый фӕрцы дӕр. 6 Уыцы тых ныл рӕдауӕй ӕруагъта нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы уылты, 7 цӕмӕй йе стыр хорзӕхы фӕрцы рӕстгӕнджытыл нымад ӕрцӕуӕм ӕмӕ суӕм, ӕнусон цард бынӕн райсыны ныфс кӕмӕн ис, ахӕм адӕймӕгтӕ. 8 Ацы ныхӕстӕ раст сты, ӕмӕ мӕ фӕнды, уыдӕтты тыххӕй ӕдзухдӕр фидарӕй дзурай, цӕмӕй, Хуыцауыл чи баууӕндыд, уыдонӕн сӕ хъуыдытӕ ӕдзухдӕр уой, хорзӕй цы саразой, ууыл. Уый адӕймагӕн хорз ӕмӕ пайда у. 9 Дӕхи хиз ӕнӕзонд радзур-бадзуртӕй ӕмӕ мыггӕгты равзӕрд рацагур-бацагурӕй, стӕй хылтӕй ӕмӕ Закъоны фӕдыл быцӕутӕй, уымӕн ӕмӕ уыдон сты ӕнӕпайда, дзӕгъӕлы. 10 Мӕнг ахуырад чи парахат кӕны, уый та дыууӕ хатты бафӕдзӕхс. Ӕмӕ куы нӕ байхъуса, уӕд дын йемӕ иумӕйагӕй мацыуал уӕд. 11 Зон ӕй, ахӕм адӕймаг кӕй адзӕгъӕл, тӕригъӕды кӕй бафтыд ӕмӕ йӕхӕдӕг йӕхицӕн тӕрхон кӕй рахаста. 12 Артемӕйы кӕнӕ дӕм Тихикы куы арвитон, уӕд бацархай, цӕмӕй мӕм Никополмӕ ӕрцӕуай, уымӕн ӕмӕ зымӕг уым арвитинаг дӕн. 13 Дӕ бон цӕмӕй у, уымӕй баххуыс кӕн Зинайӕн, Закъон чи зоны, уымӕн, ӕмӕ Аполлосӕн, фӕндагмӕ сӕ цыдӕриддӕр хъӕуы, уымӕй сӕ срӕвдз кӕн. 14 Не ’фсымӕртӕ дӕр ахуыр кӕнӕнт хорз хъуыддӕгтӕ аразыныл, цӕмӕй, цы сӕ хъӕуы, уымӕй цух ма ӕййафой ӕмӕ алкӕддӕр ӕнтыстджын уой. 15 Мемӕ чи ис, уыдон дын иууылдӕр салӕмттӕ ӕрвитынц. Мӕ номӕй салӕмттӕ ратт, не ’муырнджытӕй зынаргъ кӕмӕн стӕм, уыдонӕн. Уе ’ппӕт дӕр Хуыцауы стыр хорзӕхӕй хайджын ут.

19–25 АВГУСТЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ДЗУТТӔГТӔМ 1–3

«Уарз рӕстдзинад ӕмӕ фыддзинадӕй де сӕфт уын»

(Дзуттӕгтӕм 1:8) Йӕ Фырты тыххӕй та зӕгъы: «Хуыцау йӕхӕдӕг у дӕ паддзахбадӕн ӕнусӕй-ӕнусмӕ, ӕмӕ дӕ паддзахады лӕдзӕг у рӕстдзинады лӕдзӕг».

w14 15/2 5 ф., 8 абз.

Скадджын кӕнут Паддзах Йесо Чырыстийы!

8 Йегъовӕ йӕ Фыртӕн уӕлӕрвты паддзахы бартӕ радта 1914 азы. Йесойӕн йӕ «паддзахы лӕдзӕг у рӕстдзинады лӕдзӕг», ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, алкӕддӕр рӕстӕй кӕй архайдзӕн. Йесо Паддзах уа, уый бар ын уымӕн ис, ӕмӕ «Хуыцау йӕхӕдӕг у йӕ паддзахбадӕн», ома йӕ Йегъовӕ йӕхӕдӕг сӕвӕрдта Паддзахӕй. Уымӕй уӕлдай ма Йесойы паддзахбадӕн уыдзӕн «ӕнусӕй-ӕнусмӕ». Уӕдӕ Йегъовӕйы ӕвӕрд Паддзахы дӕлбар кӕй стӕм, уымӕй сӕрыстыр куыннӕ хъуамӕ уӕм!

(Дзуттӕгтӕм 1:9) Ды уарзыс рӕстдзинад, фыддзинадӕй та де сӕфт уыныс. Ӕмӕ дӕ де ’мбӕлттӕй уӕлдай Хуыцау, дӕ Хуыцау, цины сойӕ дӕр уымӕн байсӕрста.

w14 15/2 4, 5 фф., 7 абз.

Скадджын кӕнут Паддзах Йесо Чырыстийы!

7 Бакӕс Псалом 45:6, 7. Йесо рӕстдзинад тынг кӕй уарзы ӕмӕ, йӕ Фыды ном цыдӕриддӕр чъизи кӕны, уымӕй йе сӕфт кӕй уыны, уымӕ гӕсгӕ йӕ Йегъовӕ йӕ Паддзахады Паддзахӕй сӕвӕрдта. Хуыцау ӕй «йе ’мбӕлттӕй уӕлдай», ома, Давиды байзӕддӕгтӕй Иудӕйы паддзӕхтӕ чи уыд, уыдонӕй уӕлдай, «цины сойӕ» байсӕрста. Уый куыд ӕмбаргӕ у? Фыццаджыдӕр, Йесойы Йегъовӕ йӕхӕдӕг байсӕрста. Стӕй ма йӕ Йегъовӕ байсӕрста, кӕнӕ сӕвӕрдта, Паддзахӕй дӕр ӕмӕ Хистӕр сауджынӕй дӕр (Пс. 2:2; Дзут. 5:5, 6). Уымӕй уӕлдай ма йӕ Хуыцау байсӕрста сойӕ нӕ, фӕлӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй, ӕмӕ Йесо Паддзах у уӕлӕрвты, зӕххыл нӕ, фӕлӕ.

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Дзуттӕгтӕм 1:3) Уый мидӕг зыны Хуыцауы кад, уый у, Хуыцау цыхуызӕн у, раст ахӕм. Уый ӕппӕтыл дӕр хӕцы йӕ тыхджын дзырдӕй. Ӕмӕ нӕ нӕ тӕригъӕдтӕй куы ссыгъдӕг кодта, уӕд уӕлӕрвты Цытджын Хуыцауы рахиз фарс ӕрбадт.

it-U «Образ», дӕлсӕргонд «Всегда ли Иисус был подобен своему Отцу в равной мере?», 1 абз.

Хуыцауы хуызӕн

Чырысти алкӕддӕр, «Хуыцау цыхуызӕн у, раст ахӕм» уыд?

Хуыцауы фыццаггуырд Фырт, фӕстӕдӕр адӕймаг Йесо чи сси, уый у йӕ Фыды хуызӕн (2Кр 4:4). «Скӕнӕм адӕймаджы нӕхимӕ гӕсгӕ», зӕгъгӕ, Хуыцау, ӕвӕццӕгӕн, ацы Фыртӕн загъта ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, Фырт йӕ Фыды, Сфӕлдисӕджы, хуызӕн кӕй уыд ӕппӕты райдианӕй, куы йӕ сфӕлдыста, уӕдӕй фӕстӕмӕ (Рд 1:26; Ин 1:1–3; Кл 1:15, 16). Йесо зӕххыл ӕххӕст адӕймаг уӕвгӕйӕ, йӕ бон цас уыд, уыйбӕрц йӕ Фыды миниуджытӕ ӕвдыста, ӕмӕ йӕ бон уыд афтӕ зӕгъын: «Мӕн чи федта, уый федта Фыды дӕр» (Ин 14:9; 5:17, 19, 30, 36; 8:28, 38, 42). Фӕлӕ Йесойы йӕ Фыд, Йегъовӕ Хуыцау, куы райгас кодта ӕмӕ уӕлӕрвтӕм куы ацыд ӕмӕ йын «ӕппӕт бартӕ уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр» куы радта, уӕд йӕ Фыды хуызӕн ноджы тынгдӕр сси (1Пт 3:18; Мф 28:18). Хуыцау Йесойы «ноджы уӕлдӕр [кӕй] сӕвӕрдта», уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы Фырт уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕ Фыды кад ӕвдыста, зӕхмӕ ’рцӕуыны размӕ йӕ куыд ӕвдыста, уымӕй ноджы тынгдӕр (Фп 2:9; Дзт 2:9). Ӕмӕ ныр у, «Хуыцау цыхуызӕн у, раст ахӕм» (Дзт 1:2–4).

(Дзуттӕгтӕм 1:10–12) Ӕмӕ ма афтӕ дӕр зӕгъы: «О Хицау, райдианы зӕххӕн бындур ды сӕвӕрдтай, ӕмӕ арв дӕр у дӕ къухты фыдӕбон. 11 Уыдон фесӕфдзысты, ды та уыдзынӕ ӕнустӕм. Уыдон дарӕсау баихсидзысты, 12 ӕмӕ сӕ ды пӕлӕзау стухдзынӕ, дарӕсау ивд ӕрцӕудзысты. Ды та нӕ ивыс, ӕмӕ дӕ азтӕ никуы фӕуыдзысты».

it-U «Небо», дӕлсӕргонд «Буквальные небеса вечны», 5 абз.

Арв

Псалом 102:25, 26 стихы ныхӕстӕ Йегъовӕ Хуыцаумӕ хауынц, фӕлӕ сӕ апостол Павел Йесо Чырыстимӕ ахаста, уымӕн ӕмӕ Хуыцау Дун-дуне сфӕлдыста йӕ иунӕггуырд Фырты ӕххуысӕй. Павел загъта, Фырт ӕнустӕм кӕй уыдзӕн. Хуыцауы сконд дунейы тыххӕй та загъта, Хуыцауӕн йӕ бон кӕй у, цӕмӕй йӕ «пӕлӕзау стуха» ӕмӕ йӕ айса (Дзт 1:1, 2, 8, 10–12; абар 1Пт 2:3).

Библийӕ бакӕсинаг

(Дзуттӕгтӕм 1:1–14) Раджы заманты Хуыцау нӕ фыдӕлтимӕ бирӕ хӕттыты ӕмӕ алы ӕгъдауӕй ныхас кодта пехуымпарты уылты, 2 ацы бонты кӕрон та немӕ ныхас кодта йӕ Фырты уылты, ӕппӕт дӕр бынӕн кӕмӕн радта ӕмӕ, дун-дунейы цыдӕриддӕр ис, уый кӕй фӕрцы скодта, уый уылты. 3 Уый мидӕг зыны Хуыцауы кад, уый у, Хуыцау цыхуызӕн у, раст ахӕм. Уый ӕппӕтыл дӕр хӕцы йӕ тыхджын дзырдӕй. Ӕмӕ нӕ нӕ тӕригъӕдтӕй куы ссыгъдӕг кодта, уӕд уӕлӕрвты Цытджын Хуыцауы рахиз фарс ӕрбадт. 4 Ӕмӕ сси зӕдтӕй дӕр уӕлдӕр, уымӕн ӕмӕ йын лӕвӕрд ӕрцыд зӕдты номӕй кадджындӕр ном. 5 Зӕгъӕм, зӕдтӕй кӕд кӕмӕн загъта: «Ды дӕ мӕ фырт, абон ӕз сдӕн дӕ фыд»? Науӕд: «Ӕз суыдзынӕн йӕ фыд, уый та суыдзӕн мӕ фырт»? 6 Фӕлӕ йӕ Фыццаггуырды ногӕй зӕхмӕ куы ’ркӕна, уыцы рӕстӕджы тыххӕй та афтӕ зӕгъы: «Хуыцауы зӕдтӕ иууылдӕр йӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхауӕнт». 7 Стӕй зӕдты тыххӕй та афтӕ зӕгъы: «Йӕ зӕдты фестын кӕны хъомысджын тыхтӕ, ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты – пиллон арт». 8 Йӕ Фырты тыххӕй та зӕгъы: «Хуыцау йӕхӕдӕг у дӕ паддзахбадӕн ӕнусӕй-ӕнусмӕ, ӕмӕ дӕ паддзахады лӕдзӕг у рӕстдзинады лӕдзӕг. 9 Ды уарзыс рӕстдзинад, фыддзинадӕй та де сӕфт уыныс. Ӕмӕ дӕ де ’мбӕлттӕй уӕлдай Хуыцау, дӕ Хуыцау, цины сойӕ дӕр уымӕн байсӕрста». 10 Ӕмӕ ма афтӕ дӕр зӕгъы: «О Хицау, райдианы зӕххӕн бындур ды сӕвӕрдтай, ӕмӕ арв дӕр у дӕ къухты фыдӕбон. 11 Уыдон фесӕфдзысты, ды та уыдзынӕ ӕнустӕм. Уыдон дарӕсау баихсидзысты, 12 ӕмӕ сӕ ды пӕлӕзау стухдзынӕ, дарӕсау ивд ӕрцӕудзысты. Ды та нӕ ивыс, ӕмӕ дӕ азтӕ никуы фӕуыдзысты». 13 Зӕдтӕй та кӕд кӕмӕй загъта: «Бад мӕ рахиз фарс, цалынмӕ дын де знӕгты дӕ къӕхты бын не ’рӕвӕрон, уӕдмӕ»? 14 Зӕдтӕ се ’ппӕт дӕр лӕггадгӕнӕг тыхтӕ не сты? Чи хъуамӕ фервӕза, уыдонӕн лӕггад кӕнынмӕ сӕ не ’рвиты?

26 АВГУСТЫ – 1 СЕНТЯБРЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ДЗУТТӔГТӔМ 4–6

«Ӕппӕт тыхтӕй архай, цӕмӕй Хуыцауы ӕнцойадмӕ бацӕуай»

(Дзуттӕгтӕм 4:1) Уӕдӕ, Хуыцау йе ’нцойадмӕ бацӕуынӕй зӕрдӕ кӕй бавӕрдта, уый нырма йӕ тыхы ис, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕхи хъахъхъӕнӕм, цӕмӕй афтӕ ма рауайа, ӕмӕ нӕ чидӕр аккаг нӕ разынд.

(Дзуттӕгтӕм 4:4) Ӕвдӕм боны тыххӕй уый иу ран афтӕ загъта: «Ӕмӕ ӕвдӕм бон Хуыцау йе ’ппӕт хъуыддӕгтӕй дӕр улӕфын райдыдта».

w11 15/7 24, 25 фф., 3–5 абз.

Цы у Хуыцауы ӕнцойад?

3 «Ӕвдӕм бон» Йесо Чырыстийы рӕстӕджы дӕр ӕмӕ фыццаг чырыстӕтты рӕстӕджы дӕр кӕй нӕма фӕци, уымӕн ис дыууӕ бӕлвырдгӕнӕны. Фыццаг бӕлвырдгӕнӕн у, Йесо Чырысти йе знӕгтӕн цы загъта, уый. Йесо рынчынты сабаты дӕр кӕй дзӕбӕх кодта, уый тыххӕй йӕм йе знӕгтӕ мӕсты кодтой. Уыдон афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ сабаты рынчынты дзӕбӕх кӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ сабат уыд улӕфты бон ӕмӕ кусӕн ницы уыд. Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Мӕ Фыд ныры онг дӕр фыдӕбон кӕны, ӕмӕ ӕз дӕр фыдӕбон кӕнын» (Иоан. 5:16, 17). Цы зӕгъын ӕй фӕндыд уымӕй? Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йесойы ныхӕстӕн сӕ хъуыды уыд ахӕм: «Ӕз ӕмӕ мӕ Фыд иу хъуыддаг аразӕм. Ныр цалдӕр миназы мӕ Фыдӕн у сабатбон, фӕлӕ уӕддӕр фыдӕбон кӕны, ӕмӕ уӕд мӕнӕн мӕ бон цӕуылнӕ у сабаты исты аразын?» Йесойы ныхӕстӕй бӕрӕг у, йӕ рӕстӕджы дӕр ма кӕй уыд «ӕвдӕм бон», кӕнӕ Хуыцауы ӕнцойады бон, ома, Хуыцау зӕххыл куы ницыуал фӕлдыста, уыцы рӕстӕг. Фӕлӕ, Хуыцау уӕды онг дӕр кӕй «фыдӕбон кодта», уый та афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ йӕм зӕххы тыххӕй ӕмӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд уыд, уый уыцы рӕстӕджы дӕр сабыргай ӕххӕст кодта.

4 Дыккаг бӕлвырдгӕнӕн та нӕ бон у ссарын апостол Павелы ныхӕсты. Дзуттӕгтӕм цы фыстӕг ныффыста, уым дзуры Хуыцауы ӕнцойады тыххӕй. Уыцы фыстӕджы 4 сӕры, Райдианы 2:2 фыст ныхӕстӕ ӕрхӕссыны размӕ, Павел загъта: «Мах та, уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдон, цӕуӕм йе ’нцойадмӕ» (Дзут. 4:3, 4, 6, 9). Уымӕй бӕрӕг у, Павелы рӕстӕджы дӕр «ӕвдӕм бон» кӕй нӕма фӕци. Кӕд хъуамӕ фӕуа «ӕвдӕм бон»?

5 Цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп ссарӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, Йегъовӕ «ӕвдӕм бон» ахсджиаг хъуыддагӕн кӕй рахицӕн кодта. Райдианы 2:3 фыст ис: «Хуыцау раарфӕ кодта ӕвдӕм бонӕн ӕмӕ йӕ иннӕ бонтӕй рахицӕн кодта». Йегъовӕ уыцы «бон» рахицӕн кодта, цӕмӕй кӕронмӕ сӕххӕст кодтаид, зӕххы тыххӕй йӕм цы фӕнд уыди, уый. Йӕ фӕнд та у, цӕмӕй коммӕгӕс адӕм зӕххыл ӕнустӕм цӕрой ӕмӕ зӕхмӕ ӕмӕ цӕрӕгойтӕм зилой (Райд. 1:28). Гъе уыцы фӕнд сӕххӕст кӕныныл «ныры онг дӕр фыдӕбон кӕнынц» Йегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырысти, «сабатыл йӕ бар [кӕмӕн] цӕуы», уый (Матф. 12:8). Уӕдӕ Хуыцауы ӕнцойады бон уыдзӕн, цалынмӕ йӕ фӕнд кӕронмӕ нӕ сӕххӕст кӕна, уӕдмӕ. Ӕмӕ уый та уыдзӕн Чырыстийы Миназон хицаудзинады кӕрон.

(Дзуттӕгтӕм 4:6) Хорз хабар фыццаг кӕмӕн фехъусын кодтой, уыдон сӕ ӕгоммӕгӕсдзинады тыххӕй уыцы ӕнцойадмӕ нӕ бацыдысты. Фӕлӕ ма уӕддӕр кӕмӕндӕрты сӕ бон у бацӕуын.

w11 15/7 25 ф., 6 абз.

Цы у Хуыцауы ӕнцойад?

6 Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйӕн бӕлвырд бамбарын кодта, зӕххы тыххӕй йӕм цы фӕнд уыд, уый. Фӕлӕ уыдон уыцы фӕнды ныхмӕ рацыдысты. Адам ӕмӕ Евӕйы фӕстӕ ма ноджыдӕр бирӕ адӕм нӕ хъуыстой Хуыцаумӕ. Суанг ма Хуыцауы адӕм дӕр, израилӕгтӕ, разындысты ӕгоммӕгӕс. Йӕ рӕстӕджы Павел чырыстӕтты дӕр фӕдзӕхста, уыдонӕй дӕр кӕмӕндӕрты тӕссаг кӕй уыд, израилӕгтау ӕгоммӕгӕс кӕй суыдзысты, уымӕй. Павел ныффыста: «Гъемӕ уӕдӕ ӕппӕт хъарутӕй архайӕм уыцы ӕнцойадмӕ бацӕуыныл, цӕмӕй нӕ тӕригъӕды мачи бафта ӕмӕ уыдонау ӕгоммӕгӕс ма суа» (Дзут. 4:11). Павелы ныхӕстӕй бӕрӕг у: ӕгоммӕгӕс адӕм Хуыцауы ӕнцойадмӕ нӕ бацӕудзысты. Цымӕ уый махӕн ууыл дзурӕг у, ӕмӕ исты хъуыддаджы Хуыцауы фӕнды ныхмӕ куы цӕуӕм, уӕд йе ’нцойадмӕ нӕ бацӕудзыстӕм? Ацы фарстайӕн дзуапп базонын тынг ахсджиаг у, ӕмӕ ууыл дарддӕр фылдӕр аныхас кӕндзыстӕм. Фӕлӕ уал фыццаг ӕркӕсӕм израилӕгты хабармӕ ӕмӕ базонӕм, Хуыцауы ӕнцойадмӕ цӕуылнӕ бацыдысты, уый.

(Дзуттӕгтӕм 4:9–11) Уӕдӕ Хуыцауы адӕмӕн ныр дӕр ма у сабат – ӕнцойады бон. 10 Хуыцауы ӕнцойадмӕ чи бацыд, уый йӕхӕдӕг дӕр ӕрӕнцад йӕ хъуыддӕгтӕй, Хуыцау йӕ хъуыддӕгтӕй куыд ӕрӕнцад, афтӕ. 11 Гъемӕ уӕдӕ ӕппӕт хъарутӕй архайӕм уыцы ӕнцойадмӕ бацӕуыныл, цӕмӕй нӕ тӕригъӕды мачи бафта ӕмӕ уыдонау ӕгоммӕгӕс ма суа.

w11 15/7 28 ф., 16, 17 абз.

Цы у Хуыцауы ӕнцойад?

16 Абон махӕй афтӕ ничи хъуыды кӕны, ӕмӕ ирвӕзындзинад райсыны тыххӕй чырыстӕттӕ хъуамӕ Моисейы закъон ӕххӕст кӕной. Павел ефесӕгтӕм бӕлвырд ныффыста: «Уыцы стыр хорзӕхы фӕрцы сымах фервӕзтыстут уӕ уырнындзинады руаджы, ӕмӕ уый уӕхи фӕрцы нӕу – уый Хуыцауы лӕвар у. Уый уӕ хъуыддӕгты фӕрцы нӕу» (Еф. 2:8, 9). Уӕдӕ абон чырыстӕттӕн Хуыцауы ӕнцойадмӕ бацӕуын сӕ бон куыд у? Ӕрхъуыды-ма кӕн, Йегъовӕ йе ’нцойады бон уый тыххӕй кӕй рахицӕн кодта, цӕмӕй кӕронмӕ сӕххӕст кодтаид, зӕххы тыххӕй ӕмӕ йӕм коммӕгӕс адӕмы тыххӕй цы фӕнд уыд, уый. Абон нын Йегъовӕ йӕ организацийы уылты ӕмбарын кӕны, йӕ фӕнд цы у ӕмӕ нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Йегъовӕйы коммӕ куы кӕсӕм ӕмӕ йӕ организацийы разамындмӕ куы хъусӕм, уӕд йе ’нцойадмӕ бацӕудзыстӕм.

17 Фӕлӕ нын ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар цы дзуры, уымӕ куы нӕ хъусӕм кӕнӕ та, махмӕ цы кӕсы раст, ӕрмӕст уый куы аразӕм, уӕд цӕудзыстӕм Йегъовӕйы фӕнды ныхмӕ. Ӕмӕ Йегъовӕйы фӕнды ныхмӕ куы цӕуӕм, уӕд та йӕ хӕлӕрттӕ нӕ уыдзыстӕм. Коммӕгӕс стӕм ӕви нӕ, уый рабӕрӕг вӕййы алыхуызон уавӕрты, ӕмӕ иннӕ статьяйы аныхас кӕндзыстӕм уыдонӕй цалдӕрыл. Ахӕм уавӕрты цавӕр уынаффӕтӕ рахӕссӕм, уымӕй бӕрӕг у, Хуыцауы ӕнцойадмӕ бацыдыстӕм ӕви нӕ.

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Дзуттӕгтӕм 4:12) Хуыцауы ныхас у удӕгас ӕмӕ дзы ис стыр тых, уый у цыфӕнды дыууӕкомон хъамайӕ дӕр цыргъдӕр: адӕймаджы афтӕ ахизы, ӕмӕ равдисы, бакастӕй куыд зыны ӕмӕ мидӕгӕй цавӕр у, уый, кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн кӕны стджытӕ ӕмӕ стджыты магъз, ӕмӕ базоны зӕрдӕйы хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕ.

w16.09 13

Кӕсджыты фарстатӕ

Дзуттӕгтӕм 4:12 фыст ис, «Хуыцауы ныхас у удӕгас ӕмӕ дзы ис стыр тых», зӕгъгӕ. Ам цы «ныхас»-ы кой ис, уый цӕмӕ амоны?

▪ Ацы стихы контекстӕй куыд зыны, афтӕмӕй апостол Павел дзырдта, Хуыцауы фӕндоны тыххӕй кӕм цыди дзырд, уыцы фыстӕджыты, уыимӕ, Библийы фыст чи ’рцыд, уыдоны тыххӕй.

Дзуттӕгтӕм 4:12 стихӕй нӕ публикациты арӕх фӕпайда кӕнӕм, цӕмӕй равдисӕм, Библийӕн йӕ бон кӕй у адӕймаджы цард фӕивын, ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у. Фӕлӕ-ма ӕркӕсӕм Дзуттӕгтӕм 4:12 стихы контекстмӕ. Павел дзуттаг чырыстӕтты разӕнгард кодта, цӕмӕй Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ архайдтаиккой. Йӕ фӕндон та фыст ис Сыгъдӕг Фыстады. Павел цӕвиттонӕн ӕрхаста, Египеты уацарӕй чи ссӕрибар, уыцы израилӕгты. Уыдоны ныфс уыд, «ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы», уыцы зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ кӕй бацӕудзысты ӕмӕ ’цӕг ӕнцойад кӕй ссардзысты (Рац. 3:8; Дык. з. 12:9, 10).

Уый уыд Хуыцауы фӕндон ӕмӕ йӕ бӕлвырд бамбарын кодта. Фӕлӕ фӕстӕдӕр израилӕгтӕ сӕ зӕрдӕтӕ ныддур кодтой, уырнындзинад сӕм нал уыд ӕмӕ сӕ фылдӕр Хуыцауы зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ кӕнӕ ’нцойадмӕ нӕ бацыдысты (Ным. 14:30; Йес. Н. 14:6–10). Стӕй ма Павел загъта, «Хуыцау йе ’нцойадмӕ бацӕуынӕй зӕрдӕ кӕй бавӕрдта» (Дзут. 3:16–19; 4:1). Уыцы зӕрдӕвӕрд хауы Хуыцауы фӕндонмӕ. Дзуттаг чырыстӕттау махӕн дӕр нӕ бон у уыцы фӕндоны тыххӕй базонын ӕмӕ уыцы фӕндонмӕ гӕсгӕ архайын. Уыцы зӕрдӕвӕрдӕн Фыстады бындур кӕй ис, уый равдисыны тыххӕй Павел ӕрхаста Райдиан 2:2 ӕмӕ Псалом 95:11 стихтӕй скъуыддзӕгтӕ.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, махӕн ӕхсызгон у, «Хуыцау йе ’нцойадмӕ бацӕуынӕй зӕрдӕ кӕй бавӕрдта», уый абон дӕр йӕ тыхы кӕй ис. Мах фидарӕй уырны, Библийы Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, ома нын йе ’нцойадмӕ бацӕуыны ныфс кӕй ис, уый ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн. Ӕмӕ уый тыххӕй мах нӕ царды цыдӕртӕ аивтам. Цӕмӕй Хуыцауы хорзӕх ссарӕм, уый тыххӕй нӕ Моисейы закъон ӕххӕст кӕнын кӕнӕ ӕндӕр цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ аразын нӕ хъӕуы. Уырнындзинады фӕрцы нӕ бафӕндыд Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ архайын ӕмӕ нӕ дарддӕр дӕр уымӕ разӕнгард кӕны. Ӕгас дунейы дӕр минтӕ райдыдтой Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ базыдтой Хуыцауы фӕндоны тыххӕй. Уыдонӕй бирӕты бафӕндыд сӕ цард фӕивын ӕмӕ донаргъуыд райсын. Цы ивындзинӕдтӕ скодтой, уымӕй бӕрӕг у иу хъуыддаг – «Хуыцауы ныхас у удӕгас ӕмӕ дзы ис стыр тых». Хуыцауы фӕндон махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ цардыл хуыздӕрырдӕм зыны ӕмӕ афтӕ уыдзӕн алкӕддӕр.

(Дзуттӕгтӕм 6:17, 18) Раст афтӕ Хуыцау дӕр, йӕ фӕнд ӕнӕивгӕ кӕй у, уый, йӕ хорздзинӕдтӕй зӕрдӕ кӕмӕн бавӕрдта, уыдонӕн ноджы ирддӕрӕй равдисынвӕнд куы скодта, уӕд йӕ ныхас сомыйӕ сфидар кодта, 18 цӕмӕй, Хуыцауӕн йӕ бон цы дыууӕ ӕнӕивгӕ хъуыддаджы нӕу фӕсайын, уыдон мах – йӕхи Хуыцауы уазӕг чи бакодта, уыдоны,– разӕнгард кӕной, цы ныфс нын ис, ууыл фидар хӕцынмӕ.

it-U «Надежда», дӕлсӕргонд «Христианская надежда», 2 абз.

Ныфс

«Уӕларвмӕ хуынд адӕмӕн» (Дзт 3:1) ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕй ис ӕмӕ сын ӕнӕмбийгӕ буӕрттӕ кӕй уыдзӕн, уымӕн ис фидар бындур, дызӕрдыг кӕнӕн ыл нӕй. Уыцы ныфсыл фидарӕй ӕууӕндӕн ис, Хуыцауӕн йӕ бон дыууӕ хъуыддаджы фӕсайын кӕй нӕу, уый фӕрцы – дзырд куы ратта ӕмӕ куы расомы кӕна, уӕд. Уыцы ныфс баст у Чырыстиимӕ – уый ныр уӕлӕрвты ис ӕмӕ у ӕнӕмӕлгӕ. Уымӕ гӕсгӕ Павел загъта: «Уыцы ныфс махӕн у науӕнгуырау, фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ, ӕмӕ нӕ бакӕндзӕн мидӕмӕ, ӕмбӕрзӕны фӕстӕмӕ [хистӕр сауджын-иу Сыгъдӕггӕнӕн бон Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ куыд бахызт, афтӕ]. Уырдӕм нӕ разӕй бахызти ӕмӕ нын фӕндаг бакодта Йесо – ӕнустӕм Мелхиседекы хуызӕн хистӕр сауджын чи сси, уый» (Дзт 6:17–20).

Библийӕ бакӕсинаг

(Дзуттӕгтӕм 5:1–14) Адӕмӕй хистӕр сауджын чи свӕййы, уыдонӕй алкӕцы дӕр ӕвӕрд ӕрцӕуы Хуыцауы хъуыддаджы сӕргъы, адӕмӕн ӕххуыс кӕнынӕн, цӕмӕй кувинӕгтӕ ӕмӕ тӕригъӕдты тыххӕй нывӕндтӕ хӕсса. 2 Уымӕн йӕ бон у, ӕнӕзонгӕйӕ чи рӕдийы, уыдоны ӕмбарын, уымӕн ӕмӕ йӕхиуыл дӕр уӕз кӕнынц йӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ. 3 Ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ тӕригъӕдты тыххӕй нывӕндтӕ хӕссын фӕхъӕуы канд адӕмы тыххӕй нӕ, фӕлӕ йӕхи тыххӕй дӕр. 4 Стӕй уыцы кадджын бынаты адӕймаг йӕхӕдӕг йӕхи нӕ сӕвӕры, фӕлӕ йӕ Хуыцау сӕвӕры – Аароны куыд сӕвӕрдта, афтӕ. 5 Ӕмӕ Чырысти дӕр хистӕр сауджын куы сси, уӕд йӕхӕдӕг йӕхи не скадджын кодта, фӕлӕ йӕ скадджын кодта, афтӕ йын чи загъта, «ды дӕ мӕ фырт, абон ӕз сдӕн дӕ фыд», зӕгъгӕ, уый. 6 Афтӕ ма ӕндӕр ран дӕр загъта: «Ды дӕ Мелхиседекы хуызӕн сауджын ӕнустӕм». 7 Чырысти зӕххыл куы уыди, уӕд дзыназгӕйӕ ӕмӕ цӕссыгкалгӕйӕ лӕгъстӕ кодта, мӕлӕтӕй йӕ бахизын кӕй бон уыди, Уымӕн, ӕмӕ йӕ Уый фехъуыста, Хуыцауы тас ӕм кӕй уыд, уый тыххӕй. 8 Кӕд йӕ Фырт уыди, уӕддӕр, цытӕ бавзӕрста, уый фӕрцы сахуыр коммӕ кӕсыныл. 9 Ӕмӕ алцӕмӕй ӕххӕст куы сси, уӕд ын Хуыцау йӕ бар бакодта, йӕ коммӕ чидӕриддӕр кӕсы, уыдоны ӕнусон ирвӕзындзинад, 10 уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау йӕхӕдӕг схуыдта Мелхиседекы хуызӕн хистӕр сауджын. 11 Уый тыххӕй нӕм бирӕ зӕгъинӕгтӕ ис, фӕлӕ сӕ зын у сымахӕн бамбарын кӕнын, уымӕн ӕмӕ хъусынхъом нал стут. 12 Рӕстӕгмӕ гӕсгӕ сымах хъуамӕ ахуыргӕнджытӕ уаиккат, фӕлӕ та уын ногӕй амонын хъӕуы Хуыцауы ныхӕсты «абетӕ». Ахӕм уавӕрмӕ ’рцыдыстут, ӕмӕ уын хъӕбӕр хӕринаг нӕ, фӕлӕ ӕхсыр дӕттын хъӕуы. 13 Йӕ хӕринаг ӕхсыр кӕмӕн у, уый рӕстдзинады дзырдӕн ницы зоны, уымӕн ӕмӕ нырма гыццыл сывӕллон у. 14 Хъӕбӕр хӕринаг та у фӕлтӕрд адӕймӕгтӕн, йӕ зондӕй чи архайы ӕмӕ афтӕмӕй йӕ зонд, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын чи сахуыр кодта, уыдонӕн.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын