Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Библийы чиныг 41 – Марчы
    Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 16 хай
    • 3 Миссионерӕй лӕггад кӕнгӕйӕ, Марк йӕхи тынг хорз равдыста ӕмӕ стыр ӕххуыс фӕци ӕрмӕст Варнавӕйӕн нӕ, фӕлӕ ма фӕстӕдӕр апостолтӕ Петр ӕмӕ Павелӕн дӕр. Павел фыццаг хатт Ромы ахст куы уыд (н. э. 60–61 азты), уӕд Марк йемӕ уыди (Филим. 1, 24). Стӕй Петримӕ уыд Вавилоны н. э. 62 ӕмӕ н. э. 64 азты ’хсӕн (1 Пет. 5:13). Павелы та ногӕй Ромы ахӕстоны бакодтой, ӕвӕццӕгӕн, н. э. 65 азы, ӕмӕ йӕ фыстӕджы Тимофейӕ куырдта, цӕмӕй йемӕ ракодтаид Марчы, «мӕ лӕггады мӕ йе ’ххуыс хъӕуы», зӕгъгӕ (2 Тим. 1:8; 4:11). Ацы ныхӕсты фӕстӕ Библийы Марчы кой нал ис.

      4 Ӕппӕты цыбырдӕр Евангелийы фыссӕгыл нымайынц Марчы. Марк ӕххуыс кодта апостолтӕн ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕныны тыххӕй йӕхиуыл нӕ ауӕрста. Фӕлӕ Марк 12 апостолтӕй нӕ уыд, стӕй Йесоимӕ иумӕ нӕ лӕггад кодта. Уӕдӕ Йесойы царды хабӕрттӕ райдианӕй кӕронмӕ афтӕ хорз кӕцӕй зыдта? Рагон ахуыргӕндтӕ Папий, Ориген ӕмӕ Тертуллиан куыд дзурынц, афтӕмӕй Марк уыцы хабӕрттӕ базыдта Петрӕй, уымӕн ӕмӕ уыдысты хорз ӕмбӕлттӕa. Петр ӕй хуыдта «мӕ хъӕбул», зӕгъгӕ (1 Пет. 5:13). Марк йӕ чиныджы цы хабӕртты кой кӕны, уыдонӕн сӕ фылдӕр Петр федта йӕхи цӕстӕй. Уӕдӕ Марк Петрӕй базыдта, иннӕ Евангелиты чи нӕй, уыцы лыстӕгдзинӕдтӕ. Зӕгъӕм, Марк фыссы Зеведейы «ӕххуырст кусджыты» тыххӕй; «йӕ зонгуытыл чи ӕрхауд», уыцы хъотырджын лӕджы тыххӕй ӕмӕ «йӕхи дуртӕй [чи] хоста», уыцы хӕйрӕджджын лӕджы тыххӕй; стӕй Йесо, Оливӕбӕлӕсты хохыл «кувӕндоны акомкоммӕ куы бадт, уӕд» кӕй загъта, уыцы пехуымпарады тыххӕй – «Адӕймаджы Фырт... стыр тых ӕмӕ кадимӕ [кӕй] ӕрцӕудзӕн» (Марчы 1:20, 40; 5:5; 13:3, 26).

  • Библийы чиныг 60 – 1 Петры
    Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 17 хай
    • 3 Кӕд ныффыста Петр йӕ фыстӕг? Фыстӕгӕй бӕрӕг у, чырыстӕттӕн фӕлварӕнтӕ кӕй уыд – мӕнгхуыцӕуттӕн кувӕг адӕм, кӕнӕ сын дзуттӕгтӕ зындзинӕдтӕ ’взарын кодтой. Фӕлӕ уӕд Нерон чырыстӕтты ӕфхӕрын нӕма райдыдта (уый уыд н. э. 64 азы). Ӕвӕццӕгӕн, Петр йӕ фыстӕг ныффыста уыцы хабӕртты хӕдразмӕ, чи зоны, н. э. 62 ӕмӕ 64 азты ’хсӕн. Уымӕн бӕлвырдгӕнӕн у, уыцы рӕстӕг Марк Петримӕ кӕй уыд, уый. Павел фыццаг хатт Ромы ахӕстоны куы бакодтой (н. э. 59–61 азтӕм ӕв.), уӕд Марк йемӕ уыд, фӕлӕ йӕ ацӕуын хъуыди Къаннӕг Азимӕ. Павелы дыккаг хатт ахӕстоны куы сбадын кодтой (н. э. 65 азмӕ ӕв.), уӕд та йӕм Марк ӕрцӕуинаг уыд (1 Пет. 5:13; Кол. 4:10; 2 Тим. 4:11). Ӕмӕ цалынмӕ Павелы дыккаг хатт ахӕстоны нӕ бакодтой, уӕдмӕ Марк уыд Петримӕ Вавилоны.

      4 Кӕм ныффыста Петр йӕ фыццаг фыстӕг? Фыстӕгыл ӕууӕндӕн кӕй ис, Хуыцауы фӕндӕй фыст кӕй у, чи йӕ ныффыста ӕмӕ кӕд, уыцы фарстаты фӕдыл Библи иртасджытӕ иу хъуыдыйыл хӕст сты. Фӕлӕ фыст кӕм ӕрцыд, уый тыххӕй та сӕм ис алыхуызон хъуыдытӕ. Петры ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕ фыццаг фыстӕг ныффыста Вавилоны (1 Пет. 5:13). Фӕлӕ иуӕй-иутӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ йӕ Ромы ныффыста, «Вавилон» та уыд Ромы фӕсномыг ном. Фӕлӕ ахӕм хъуыдыйӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ нӕй. Библийы никуы ис фыст, Ром ма Вавилон хуыдтой, уый. Петр йӕ фыстӕджы бӕлвырд бынӕтты кой кодта, зӕгъӕм, Понт, Галати, Каппадоки, Ази ӕмӕ Вифини (1:1). Уымӕ гӕсгӕ Вавилон дӕр бӕлвырд горӕт уыд. Петр Вавилоны уыд ахсджиаг хъуыддаджы фӕдыл. Хъуамӕ хорз хабар хъусын кодтаид, сунӕтгонд чи у, уыдонӕн, ӕмӕ Вавилоны та уыд бирӕ дзуттӕгтӕ (Гал. 2:7–9). Иу энциклопедийы фыст ис, зӕгъгӕ, Вавилойнаг Талмуд кӕм ныффыстой, ныхас ууыл куы фӕцӕуы, уӕд фӕамонынц «Вавилоны стыр [дзуттаг] академитӕм»c.

      5 Фыстад, уыимӕ Петры дыууӕ фыстӕджы дӕр нӕ дзурынц, зӕгъгӕ, Петр Ромы уыд. Павел йӕхи тыххӕй дзырдта, Ромы кӕй уыд, фӕлӕ никуы загъта, Петр дӕр уым уыд, зӕгъгӕ. Павел йӕ фыстӕджы Ромӕгтӕм 35 адӕймаджы ном ныффыста ӕмӕ дзы 26 адӕймагӕн та салӕмттӕ арвыста. Фӕлӕ цымӕ Петры кой цӕуылнӕ скодта? Уымӕн ӕмӕ Петр уыцы рӕстӕг уым нӕ уыд (Ром. 16:3–15). Уӕдӕ Петр йӕ фыццаг фыстӕджы цы «Вавилоны» кой ракодта, уый уыд, ӕцӕгдӕр Месопатамийы Ефраты донбыл цы Вавилон лӕууыд, уый.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын