Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ
2–8 ДЕКАБРЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАРГОМАД 7–9
«Банымайӕн дӕр кӕмӕн нӕй, уыцы тынг бирӕ адӕмӕн Йегъовӕ арфӕ кӕны»
(Раргомад 7:9) Уый фӕстӕ акастӕн, ӕмӕ федтон тынг бирӕ адӕм – банымайын дӕр сӕ никӕй бон уыди – ӕппӕт адӕмтӕй, мыггӕгтӕй, адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй. Уыдон лӕууыдысты паддзахбадӕны ӕмӕ Уӕрыччы раз, сӕ уӕлӕ уыди даргъ урс дарӕстӕ, сӕ къухты та – пальмӕйы къалиутӕ.
it-U «Великое множество людей», дӕлсӕргонд «Кого оно представляет», 2 абз.
Тынг бирӕ адӕм
Кӕд «тынг бирӕ адӕм», чи фервӕздзӕн ӕмӕ зӕххыл цӕргӕйӕ чи баззайдзӕн, уыдон сты, уӕд Библийы афтӕ фыст цӕмӕн ис, ӕмӕ лӕууынц Хуыцауы «паддзахбадӕны ӕмӕ Уӕрыччы раз»? (Рар 7:9). Библийы афтӕ фыст куы вӕййы, ӕмӕ чидӕр кӕйдӕр раз лӕууы, уӕд уый хатт фӕамоны, кӕй раз лӕууы, уый хорзӕх кӕй ссардта, уымӕ (Пс 1:5; 5:5; Ӕм 22:29; Лк 1:19). Раргомады 6 сӕры фыст ис, «зӕххон паддзӕхтӕ, ӕлдӕрттӕ, ӕфсады сӕргълӕуджытӕ, хъӕздгуытӕ, тыхджынтӕ, алы цагъар ӕмӕ алы сӕрибар адӕймаг дӕр» кӕй бамбӕхстысты, «паддзахбадӕныл чи бады, уый ӕмӕ Уӕрыччы фыдӕхӕй, уымӕн ӕмӕ сӕ судзгӕ масты стыр бон ралӕууыд, ӕмӕ чи бафӕраздзӕн [кӕнӕ «чи фӕлӕудзӕн»]?» (Рар 6:15–17; абар Лк 21:36). Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ «тынг бирӕ адӕм» сты, Хуыцауы масты бон чи аирвӕздзӕн ӕмӕ Хуыцауы ӕмӕ Уӕрыччы хорзӕх чи ссардта ӕмӕ сӕ разы «лӕууын» йӕ бон кӕмӕн у, уыдон.
(Раргомад 7:14) Ӕз ын уайтагъд загътон: «Мӕ буц хицау, ды йӕ хуыздӕр зоныс». Ӕмӕ мын уӕд загъта: «Уыдон сты, стыр бӕллӕхы сӕрты чи ахызт, уыцы адӕм. Уыдон сӕ дарӕстӕ ныхсадтой ӕмӕ сӕ сурс кодтой Уӕрыччы тугӕй».
it-U «Беды, страдания», дӕлсӕргонд «Великое бедствие», 5 абз.
Бӕллӕхтӕ, фыдӕвзарӕнтӕ
Иерусалим пырхгонд куы ’рцыд, уымӕй иу-30 азы фӕстӕ апостол Иоанн цӕстылуайӕны федта, алы адӕмыхӕттытӕй, мыггӕгтӕй ӕмӕ адӕмтӕй чи уыд, уыцы тынг бирӕ адӕмы. Ӕмӕ йын уыцы адӕмы тыххӕй загъд уыд: «Уыдон сты, стыр бӕллӕхы сӕрты чи ахызт, уыцы адӕм» (Рар 7:13, 14). Тынг бирӕ адӕм «стыр бӕллӕхы сӕрты» кӕй ахызтысты, уый афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ аирвӕзтысты. Афтӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн? Раргомады 7:14 стихы цы грекъаг дзырд ӕмбӕлы, уый у, Хъуыддӕгты 7:9, 10 стихты цы дзырд ӕмбӕлы, уый хуызӕн. Уым фыст ис: «Хуыцау уыд йемӕ [Иосифимӕ] ӕмӕ йӕ фервӕзын кодта йе ’ппӕт фыдӕвзарӕнтӕй дӕр [кӕнӕ «бӕллӕхтӕй», грек. тли́псис]». Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Иосиф йӕ зындзинӕдты ӕрмӕст фидар кӕй нӕ фӕлӕууыд, фӕлӕ ма сӕ кӕй фервӕзт, уый дӕр.
(Раргомад 7:15–17) Гъе уый тыххӕй лӕууынц Хуыцауы паддзахбадӕны раз ӕмӕ йын йӕ кувӕндоны ӕхсӕвӕй-бонӕй лӕггад кӕнынц. Паддзахбадӕныл чи бады, уый сын сӕ сӕрмӕ айтындздзӕн йӕ цатыр. 16 Уыдон нал дӕр ӕххормаг ӕййафдзысты, нал дӕр сын дойны уыдзӕн, хур дӕр сӕ нал судздзӕн, ӕнтӕфӕй дӕр нал тыхсдзысты, 17 уымӕн ӕмӕ, паддзахбадӕны раз чи лӕууы, уыцы Уӕрыкк сӕ хиздзӕн ӕмӕ сӕ кӕндзӕн царды суадӕттӕм. Ӕмӕ сын Хуыцау ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ.
it-U «Великое множество людей», дӕлсӕргонд «Кого оно представляет», 1 абз.
Тынг бирӕ адӕм
Чи сты? «Тынг бирӕ адӕм» чи сты, уый бамбарӕн ис, Раргомады 7 сӕры уыцы адӕмы тыххӕй цы фыст ис, уымӕй, стӕй ма Библийӕ ӕндӕр скъуыддзӕгтӕй дӕр (куыд зыны, афтӕмӕй уыцы скъуыддзӕгты дӕр уыцы хабӕртты кой цӕуы). Раргомады 7:15–17 стихты фыст ис, Хуыцау сын сӕ сӕрмӕ кӕй «айтындздзӕн йӕ цатыр», Йесо сӕ кӕй «кӕндзӕн царды суадӕттӕм» ӕмӕ сын Хуыцау кӕй «ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ». Ахӕм ныхӕстӕ ма ӕмбӕлы Раргомады 21:2–4 стихты дӕр: «Хуыцауы цатыр ис адӕмы ’хсӕн», «ӕмӕ сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ» ӕмӕ «нал уыдзӕн... мӕлӕт». Ацы цӕстылуайӕны ӕвдыст сты, уӕлӕрвты (Ног Иерусалим кӕцӕй «ӕрцӕйцыд», уым) чи цӕрдзӕн, уыцы адӕм нӕ, фӕлӕ, зӕххыл чи цӕрдзӕн, уыцы адӕм.
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Раргомад 7:1) Уый фӕстӕ ӕз федтон цыппар зӕды зӕххы цыппар кӕроныл лӕугӕйӕ. Уыдон фидар хӕцыдысты зӕххы цыппар дымгӕйыл, цӕмӕй ма дымдтаиккой мадӕр зӕххыл, мадӕр денджызыл, мадӕр бӕлӕстыл.
re-U 113 ф., 3, 4 абз.
Хуыцауы Израилыл мыхуыр ӕвӕрд ӕрцыд
3 Цалынмӕ Йегъовӕ йӕ маст нӕ ныккалдта, уӕдмӕ зӕдтӕ уӕлӕрвты аразынц ахсджиаг хъуыддаг. Иоанн цӕстылуайӕны федта: «Уый фӕстӕ ӕз федтон цыппар зӕды зӕххы цыппар кӕроныл лӕугӕйӕ. Уыдон фидар хӕцыдысты зӕххы цыппар дымгӕйыл, цӕмӕй ма дымдтаиккой мадӕр зӕххыл, мадӕр денджызыл, мадӕр бӕлӕстыл» (Раргомад 7:1). Ацы хабар абон махмӕ куыд хауы? «Цыппар дымгӕйы» амонынц, тагъд ацы дунемӕ цы тӕрхон ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕ. Сӕфт ӕрцӕудзысты зӕххыл цӕрӕг фыдгӕнджытӕ, абухгӕ «денджызӕй» уӕлдай чи не сты, уыдон, стӕй, бӕлӕсты хуызӕн чи сты ӕмӕ зӕххон адӕмы ӕххуысыл йӕ ныфс чи дары, уыцы сӕрбӕрзонд хицӕуттӕ (Исай 57:20; Псалом 37:35, 36).
4 Фидарӕй зӕгъӕн ис, цыппар зӕды кӕй амонынц зӕдты цыппар къордмӕ. Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ уыдон цыппар дымгӕйы не суадздзысты нысангонд рӕстӕджы онг, ома нӕ бауадздзысты, цӕмӕй тӕрхон афонӕй раздӕр сӕххӕст уа. Хуыцау йӕ маст ныккалынӕввонг куы уа, уӕд зӕдтӕ уыцы дымгӕтӕ феуӕгъд кӕндзысты уыцы иу рӕстӕг, ӕмӕ радымдзысты цӕгат ӕмӕ хуссарӕй, скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕнӕй, ӕмӕ бӕстӕ пырх кӕндзысты. Уый уыдзӕн, раджы заманты Йегъовӕ еламӕгтыл цыппар дымгӕйы куыд рауагъта ӕмӕ сӕ уыцы дымгӕтӕн алырдӕмты куыд фӕхӕссын кодта ӕмӕ сӕ куыд ныццагъта, уый хуызӕн. Ӕрмӕст уыцы хабар ӕрцӕудзӕн ӕгас дунейы дӕр (Йереми 49:36–38). Уый уыдзӕн, чи никуыма уыди, ахӕм тыхджын дымгӕ, Йегъовӕ аммонӕгты ныццӕгъдынӕн цы «уад» сыстын кодта, уымӕй бирӕ тыхджындӕр (Амос 1:13–15). Йегъовӕйы масты бон Хӕйрӕджы организацийӕ зӕххыл ӕппындӕр ницыуал баззайдзӕн, ӕмӕ Йегъовӕ ӕнустӕм сбӕлвырд кӕндзӕн, Дун-дунейы хицау уа, уый бар ын кӕй ис (Псалом 83:15, 18; Исай 29:5, 6).
(Раргомад 9:11) Мӕтыхтӕн уыд паддзах – дӕлдзӕхы зӕд. Дзуттагау йӕ ном у Аваддон, йӕ грекъаг ном та – Аполлион.
it-U «Аваддон», дӕлсӕргонд «Кто такой Аваддон, ангел бездны?»
Аваддон
Чи у Аваддон, дӕлдзӕхы зӕд?
Раргомады 9:11 стихы Аваддон у «дӕлдзӕхы зӕды» ном. Грекъагау уыцы ном у Аполлион ӕмӕ нысан кӕны «Сафӕг». 19 ӕнусы иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ дзырдтой, ацы стихы ныхӕстӕ кӕй амыдтой, зӕгъӕм, паддзах Веспасианмӕ, Мухаммедмӕ ӕмӕ ма суанг Наполеонмӕ дӕр, ӕмӕ сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уыцы зӕд уыд Сайтаны зӕд. Фӕлӕ Раргомады 20:1–3 стихтӕй бӕрӕг у, «дӕлдзӕхы дӕгъӕл» кӕй къухы уыд, уыцы зӕд уӕлӕрвтӕй кӕй ӕрцыд ӕмӕ Сайтаны зӕд нӕ, фӕлӕ Хуыцауы минӕвар кӕй уыд, уымӕн ӕмӕ уый йӕхӕдӕг Сайтаны сбаста ӕмӕ йӕ дӕлдзӕхмӕ ныппӕрста. Иу энциклопедийы Раргомады 9:11 стихы фӕдыл фыст ис: «Аваддон Сайтаны зӕд нӕу, фӕлӕ Хуыцауы зӕд. Уый Хуыцауы ныхасмӕ гӕсгӕ фыдгӕнджыты фесафдзӕн» (The Interpreter’s Bible).
Дзуттаг Фыстыты кӕцыдӕр стихтӕй куыд зыны, афтӕмӕй дзырд аваддо́н баст у шеол ӕмӕ мӕлӕтимӕ. Раргомады 1:18 стихы фыст сты Йесо Чырыстийы ныхӕстӕ: «Ӕз... цӕрын ӕнусӕй-ӕнусмӕ, ӕмӕ мӕм ис мӕлӕт ӕмӕ ингӕны [комк. «гадесы»] дӕгъӕлтӕ». Йесойӕн дӕлдзӕхыл йӕ бар кӕй цӕуы, уый бӕрӕг у Лукайы 8:31 стихӕй. Ӕмӕ йӕм сафыны хъомыс кӕй ис, уыимӕ Хӕйрӕджы фесафыны хъомыс дӕр, уый бӕрӕг у Дзуттӕгтӕм 2:14 стихы ныхӕстӕй. Фыст дзы ис, Йесо кӕй сси «туг ӕмӕ фыд, цӕмӕй йӕ мӕлӕты руаджы йӕ тых асӕтта, мӕлӕт хӕссыны хъомыс кӕмӕ ис, уымӕн, ома Хӕйрӕгӕн». Раргомады 19:11–16 стихтӕй бӕрӕг у, Хуыцау Йесойӕн кӕй бахӕс кодта, цӕмӕй знӕгты фесафа ӕмӕ йын йӕ тӕрхӕттӕ сӕххӕст кӕна. (Кӕс АПОЛЛИОН.)
Библийӕ бакӕсинаг
(Раргомад 7:1–12) Уый фӕстӕ ӕз федтон цыппар зӕды зӕххы цыппар кӕроныл лӕугӕйӕ. Уыдон фидар хӕцыдысты зӕххы цыппар дымгӕйыл, цӕмӕй ма дымдтаиккой мадӕр зӕххыл, мадӕр денджызыл, мадӕр бӕлӕстыл. 2 Федтон ма ӕндӕр зӕды дӕр, хурыскӕсӕнырдыгӕй ссӕугӕйӕ, уыди йӕм удӕгас Хуыцауы мыхуыр. Ӕмӕ уыцы зӕд ныхъхъӕр кодта, зӕхх ӕмӕ денджызӕн знаггад кӕныны бар лӕвӕрд кӕмӕн ӕрцыд, уыцы цыппар зӕдмӕ: 3 «Цалынмӕ нӕ Хуыцауы цагъарты ныхтыл мыхуыртӕ нӕ сӕвӕрӕм, уӕдмӕ знаггад ма ракӕнут мадӕр зӕххӕн, мадӕр денджызӕн, мадӕр бӕлӕстӕн». 4 Ӕз фехъуыстон, мыхуыр ӕвӕрд кӕуыл ӕрцыди, уыдоны нымӕц – сӕдӕ цыппор цыппар мины, Израилы адӕмы ӕппӕт мыггӕгтӕй дӕр: 5 Иудӕйы мыггагӕй мыхуыр ӕвӕрд ӕрцыди дыууадӕс миныл; Рувимы мыггагӕй – дыууадӕс миныл; Гады мыггагӕй – дыууадӕс миныл; 6 Асиры мыггагӕй – дыууадӕс миныл; Неффалимы мыггагӕй – дыууадӕс миныл; Манассийы мыггагӕй – дыууадӕс миныл; 7 Симеоны мыггагӕй – дыууадӕс миныл; Левийы мыггагӕй – дыууадӕс миныл; Иссахары мыггагӕй – дыууадӕс миныл; 8 Завулоны мыггагӕй – дыууадӕс миныл; Иосифы мыггагӕй – дыууадӕс миныл; Вениамины мыггагӕй – дыууадӕс миныл. 9 Уый фӕстӕ акастӕн, ӕмӕ федтон тынг бирӕ адӕм – банымайын дӕр сӕ никӕй бон уыди – ӕппӕт адӕмтӕй, мыггӕгтӕй, адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ ӕвзӕгтӕй. Уыдон лӕууыдысты паддзахбадӕны ӕмӕ Уӕрыччы раз, сӕ уӕлӕ уыди даргъ урс дарӕстӕ, сӕ къухты та – пальмӕйы къалиутӕ. 10 Ӕмӕ хъӕрӕй дзырдтой: «Нӕ ирвӕзынгӕнджытӕ сты нӕ Хуыцау – паддзахбадӕныл чи бады, уый, ӕмӕ Уӕрыкк!» 11 Паддзахбадӕны, хистӕр лӕгты ӕмӕ цыппар херувимы алыварс цы зӕдтӕ лӕууыд, уыдон се ’ппӕт дӕр паддзахбадӕны раз сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой ӕмӕ Хуыцауӕн бакуывтой 12 ӕмӕ загътой: «Аммен! Табу, кад ӕмӕ намыс нӕ зондджын, арфӕйаг, тыхджын ӕмӕ хъомысджын Хуыцауӕн ӕнусӕй-ӕнусмӕ. Аммен».
9–15 ДЕКАБРЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАРГОМАД 10–12
«Сырд „дыууӕ ӕвдисӕны“ амардта, ӕмӕ стӕй райгас сты»
(Раргомад 11:3) Ӕмӕ ӕз арвитдзынӕн мӕ дыууӕ ӕвдисӕны, ӕмӕ иу мин дыууӕсӕдӕ ӕхсай боны пехуымпариуӕг кӕндзысты хъисыны.
Кӕсджыты фарстатӕ
Раргомады 11 сӕры цы дыууӕ ӕвдисӕны кой ис, уыдон чи сты?
Раргомады 11:3 фыст ис, дыууӕ ӕвдисӕны 1 260 боны кӕй пехуымпариуӕг кӕндзысты. Уый фӕстӕ дзы фыст ис, зӕгъгӕ сыл сырд «фӕтых... уыдзӕн ӕмӕ сӕ амардзӕн». Фӕлӕ «ӕртӕ боны ӕмӕ ’рдӕджы фӕстӕ» уыцы дыууӕ ӕвдисӕны райгас уыдзысты, ӕмӕ сӕм чи кӕса, уыдон ууыл дис кӕндзысты (Рарг. 11:7, 11).
Чи сты уыцы дыууӕ ӕвдисӕны? Уый бамбарыны тыххӕй бӕстондӕр ӕркӕсӕм, Раргомады 11 сӕры уыцы дыууӕ ӕвдисӕны тыххӕй цы фыст ис, уымӕ. Фыццаг уал дзы кӕсӕм, зӕгъгӕ, «уыдоны ӕвдисынц дыууӕ оливӕбӕласы ӕмӕ дыууӕ цырагъдарӕны» (Рарг. 11:4). Уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, пехуымпар Захари цы цырагъдарӕн ӕмӕ цы дыууӕ оливӕбӕласы кой кодта, уыдон. Захарийӕн загъд уыд, уыцы оливӕбӕлӕстӕ кӕй амонынц «дыууӕ сӕрст лӕггадгӕнӕгмӕ» – хицау Зоровавелмӕ ӕмӕ хистӕр сауджын Йесомӕ, «ӕгас зӕххы Бардарӕджы раз чи лӕууы, уыдонмӕ» (Зах. 4:1–3, 14). Дыккаг та уый, ӕмӕ уыцы дыууӕ ӕвдисӕны арӕзтой, Моисей ӕмӕ Илийа цавӕр диссӕгтӕ арӕзтой, ахӕмтӕ. (Абар Раргомад 11:5, 6 ӕмӕ Нымӕцтӕ 16:1–7, 28–35; 1 Паддзӕхты 17:1; 18:41–45.)
Раргомады 11 сӕры ӕмӕ Захарийы 4:1–3, 14 стихты иумӕйагӕй цы ис? Дыууӕ раны дӕр дзырд цӕуы Хуыцауы сӕрст лӕггадгӕнджыты тыххӕй, Хуыцауы адӕмӕн уӕззау фӕлварӕнты рӕстӕг разамынд чи лӕвӕрдта, уыдоны тыххӕй. 1914 азы Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты куы сфидар, уӕд, Хуыцауы адӕмӕн разамынд чи лӕвӕрдта, уыцы сӕрст ӕфсымӕртӕ ӕртӕ азы ӕмӕ ӕрдӕг хъусын кодтой «хъисыны». Афтӕмӕй сӕххӕст, Раргомады 11 сӕры цы фыст ис, уый.
Уыцы сӕрст чырыстӕттӕ «хъисыны» куы хъусын кодтой, уый фӕстӕ сӕ, зӕгъӕн ис, ӕмӕ «амардтой» – ахӕстоны сӕ бакодтой. Ахӕстоны фесты ӕртӕ азы ӕмӕ ӕрдӕгӕй къаддӕр – «ӕртӕ боны ӕмӕ ’рдӕг». Хуыцауы адӕмы знӕгты хъуыдымӕ гӕсгӕ сӕ куыст бынтондӕр ӕрлӕууыд, ӕмӕ ууыл тынг цин кодтой (Рарг. 11:8–10).
Фӕлӕ пехуымпарады куыд фыст уыд, афтӕ уыцы ӕртӕ боны ӕмӕ ӕрдӕджы фӕстӕ дыууӕ ӕвдисӕны райгас сты – уыцы сӕрст чырыстӕтты ахӕстонӕй рауагътой. 1919 азы Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕй кӕмӕндӕрты сӕ Хицау Йесо Чырыстийы уылты бахӕс кодта стыр хъуыддаг – уыдон систы «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар», цӕмӕй фӕстаг бонты Хуыцауы адӕмӕн уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг лӕвӕрдтаиккой. Ӕмӕ се ’хсӕн уыдысты, ахӕстонӕй кӕй рауагътой ӕмӕ иузӕрдионӕй чи баззад, уыдон дӕр (Матф. 24:45–47; Рарг. 11:11, 12).
Цымыдисаг у, Раргомады 11:1, 2 стихты уыцы хабӕрттӕ баст кӕй сты, ӕнӕуынгӕ кувӕндон барст куы ӕрцыд, уыцы рӕстӕгимӕ. Малахийы 3 сӕры дӕр дзырд цӕуы, ӕнӕуынгӕ кувӕндоны хъуыддӕгтӕм кӕй ӕркӕсдзысты ӕмӕ йӕ стӕй кӕй ссыгъдӕг кӕндзысты, уый тыххӕй (Мал. 3:1–4). Уыцы хабӕрттӕ цас рӕстӕг ахастой? 1914 азӕй 1919 азы фыццаг мӕйты онг. Раргомады 11 сӕры кӕй кой ис, уыцы 1 260 боны (42 мӕйы) дӕр ӕмӕ «ӕртӕ боны ӕмӕ ’рдӕг» дӕр хауынц уыцы рӕстӕгмӕ.
Куыд ӕхсызгон нын у, Йегъовӕ алцыдӕр кӕй сарӕзта, цӕмӕй йӕхицӕн ссыгъдӕг кӕна, хорз хъуыддӕгтыл йӕ уд чи хъара, ахӕм адӕм! (Тит. 2:14). Уымӕй уӕлдай ма тынг аргъ кӕнӕм, иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕ уӕззау фӕлварӕнты рӕстӕг сӕхимӕ разамынд кӕй истой ӕмӕ афтӕмӕй «дыууӕ ӕвдисӕны» хӕстӕ кӕй ӕххӕст кодтой.
(Раргомад 11:7) Хъусын кӕнын куы фӕуой, уӕд, дӕлдзӕхӕй чи ссӕуы, уыцы сырд семӕ стох кӕндзӕн, фӕтых сыл уыдзӕн ӕмӕ сӕ амардзӕн.
(Раргомад 11:11) Ӕртӕ боны ӕмӕ ’рдӕджы фӕстӕ сӕ Хуыцау цард бауагъта, ӕмӕ сӕ къӕхтыл слӕууыдысты. Чи сӕм касти, уыдоны та стыр тас бацыд.
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Раргомад 10:9, 10) Ӕз дӕр зӕдмӕ бацыдтӕн ӕмӕ йын загътон, цӕмӕй мын уыцы гыццыл тыхтон радтаид. Ӕмӕ мын загъта: «Айс ӕй ӕмӕ йӕ бахӕр. Дӕ ахсӕн дзы смаст уыдзӕн, фӕлӕ дӕ дзыхы уыдзӕн мыдау адджын». 10 Ӕмӕ уыцы гыццыл тыхтон зӕды къухӕй райстон ӕмӕ йӕ бахордтон. Ӕмӕ мӕ дзыхы уыди мыдау адджын, фӕлӕ йӕ куы бахордтон, уӕд дзы мӕ ахсӕн смаст.
it-U «Свиток», дӕлсӕргонд «Символическое значение»
Тыхтон
Ахӕсгӕ нысаниуӕг. Библийы иуӕй-иу рӕтты дзырд «тыхтон»-ӕн ис ахӕсгӕ нысаниуӕг. Йезекил дӕр ӕмӕ Захари дӕр цӕстылуайӕны федтой, дыууӕрдыгӕй дӕр фыстытӕ кӕуыл уыд, ахӕм тыхтон. Уыцы заманты-иу тыхтонӕн арӕхдӕр ӕрмӕст йӕ иу фарсыл фыстой. Фӕлӕ уыцы дыууӕ пехуымпары цы тыхтӕттӕ федтой, уыдонӕн сӕ дыууӕ фарсыл дӕр тӕрхӕттӕ фыст кӕй уыди, уый, ӕвӕццӕгӕн, амоны, тынг ахсджиаг ӕмӕ карз тӕрхӕттӕ кӕй уыдысты, стӕй бирӕ адӕммӕ кӕй хаудысты, уымӕ (Йез 2:9–3:3; Зх 5:1–4). Раргомады чиныджы цы цӕстылуайӕнты тыххӕй фыст ис, уыдонӕй иуы Иоанн федта, паддзахбадӕныл чи бадт, уымӕн йӕ рахиз къухы кӕй уыди тыхтон. Уыцы тыхтоныл ӕвӕрд уыди авд мыхуыры, ӕмӕ дзы цы фыст уыд, уый базонӕн нӕ уыд, цалынмӕ Хуыцауы Уӕрыкк мыхуыртӕ нӕ систа, уӕдмӕ (Рар 5:1, 12; 6:1, 12–14). Фӕстӕдӕр Иоаннӕн цӕстылуайӕны йӕхицӕн лӕвӕрд ӕрцыд тыхтон ӕмӕ йын загъд уыд, цӕмӕй йӕ бахордтаид. Уыцы тыхтон йӕ дзыхы адджын уыд, фӕлӕ йӕ куы бахордта, уӕд дзы йӕ ахсӕн смаст. Тыхтон гом кӕй уыд ӕмӕ йыл мыхуыр ӕвӕрд кӕй нӕ уыди, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ йӕ фыстытӕ ӕнцонӕмбарӕн уыдысты. Цы хабар дзы фыст уыд, уый тыххӕй Иоаннмӕ тыхтон адджын фӕкаст, фӕлӕ йын маст та, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй уыд, ӕмӕ йӕ карз хабар хъусын кӕнын хъуыди (Рар 10:1–11). Йезекилӕн цӕстылуайӕны цы тыхтон лӕвӕрд ӕрцыд, уый дӕр уый хуызӕн уыд – «фыст дзы уыди хъарджытӕ, ӕрдиаг ӕмӕ кӕуын» (Йез 2:10).
(Раргомад 12:1–5) Ӕмӕ уӕлӕрвты федтон стыр диссаг. Федтон, йӕ дарӕс хурӕй кӕмӕн уыди, ахӕм сылгоймаджы. Йӕ къӕхты бын уыди мӕй, йӕ сӕрыл та – кадыхуд дыууадӕс стъалыйӕ. 2 Сылгоймаг уыд сывӕрджын ӕмӕ аргӕ-арын йӕ рыстытӕй хъӕр кодта. 3 Федтон ма уӕлӕрвты ӕндӕр диссаг дӕр: сырх-сырхид залиаг калм авд сӕримӕ ӕмӕ дӕс сыкъаимӕ, йӕ сӕртыл та – авд кадыхуды. 4 Йӕ къӕдзилӕй раласта уӕларвон стъалытӕн се ’ртыккаг хай ӕмӕ сӕ зӕхмӕ ӕрӕппӕрста. Залиаг калм арӕг сылгоймаджы раз лӕууыд, цӕмӕй, куы ныййардтаид, уӕд ын йӕ сывӕллоны аныхъуырдтаид. 5 Сылгоймагӕн райгуырд лӕппу, фырт – уый ӕппӕт адӕмты дӕр здахдзӕн ӕфсӕйнаг лӕдзӕгӕй. Ӕмӕ сылгоймагӕн йӕ сывӕллон уайтагъд хаст ӕрцыд Хуыцаумӕ, йӕ паддзахбадӕнмӕ.
it-U «Родовые муки», дӕлсӕргонд «Символическое значение», 6–8 абз.
Сылгоймаг аргӕ-арын цы рыстытӕ февзары, уыдон
Раргомады фыст ис, апостол Иоанн цӕстылуайӕны кӕй федта уӕларвон сылгоймаджы. Сылгоймаг уыд сывӕрджын, ӕмӕ «аргӕ-арын йӕ рыстытӕй хъӕр кодта». Райгуырд ын «лӕппу, фырт – уый ӕппӕт адӕмты дӕр здахдзӕн ӕфсӕйнаг лӕдзӕгӕй». Залиаг калм хъавыд сывӕллоны аныхъуырынмӕ, фӕлӕ «сылгоймагӕн йӕ сывӕллон уайтагъд хаст ӕрцыд Хуыцаумӕ, йӕ паддзахбадӕнмӕ» (Рар 12:1, 2, 4–6). Хуыцау сывӕллоны кӕй райста, уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ йӕ йӕ фыртыл банымадта. Раджы заманты дӕр ахӕм ӕгъдау уыд, ӕмӕ-иу ноггуырд сывӕллоны йӕ фыдмӕ бахастой, цӕмӕй-иу ӕй йӕ сывӕллоныл банымадтаид. (Кӕс РОЖДЕНИЕ.) Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ «сылгоймаг» у Хуыцауы «бинойнаг», «уӕларвон Иерусалим», Чырыстийы ӕмӕ йӕ сӕрст ӕфсымӕрты «мад» (Га 4:26; Дзт 2:11, 12, 17).
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауы уӕларвон «сылгоймаг» у ӕххӕст, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, аргӕ-арын рыстытӕ кӕй ӕвзӕрста, уый комкоммӕ ӕмбаргӕ нӕу. Уый амоны, «сылгоймаг», тагъд кӕй ныййардзӕн, уый кӕй ӕмбӕрста ӕмӕ уыцы хабармӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ каст, уымӕ (Рар 12:2).
Чи у уыцы «лӕппу, фырт»? Пехуымпарадмӕ гӕсгӕ, «уый ӕппӕт адӕмты дӕр здахдзӕн ӕфсӕйнаг лӕдзӕгӕй». Ахӕм ныхӕстӕ загъд уыд, йӕ сӕргъы Мессийӕ ӕвӕрд кӕмӕн у, уыцы Паддзахады Паддзахы тыххӕй дӕр, фыст сты Псалом 2:6–9 стихты. Фӕлӕ Иоанн уыцы цӕстылуайӕн федта, Чырысти куы райгуырд, стӕй куы амард ӕмӕ куы райгас, уымӕй бирӕ фӕстӕдӕр. Уӕдӕ зӕгъӕн ис, цӕстылуайӕн кӕй амоны Хуыцауы Паддзахады райгуырдмӕ. Уыцы Паддзахады Паддзах у Хуыцауы Фырт Йесо Чырысти. Уый мӕрдтӕй райгас ӕмӕ «ӕрбадт Хуыцауы рахиз фарс, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, Хуыцау ын йе знӕгты йӕ къӕхты бын кӕд ӕрӕвӕрдзӕн, уымӕ» (Дзт 10:12, 13; Пс 110:1; Рар 12:10).
Библийӕ бакӕсинаг
(Раргомад 10:1–11) Ӕмӕ федтон ӕндӕр тыхджын зӕды уӕларвӕй ӕрцӕйцӕугӕ, мигъы мидӕг, йӕ сӕрмӕ уыд арвӕрдын, йӕ цӕсгом уыди хуры хуызӕн, йӕ къӕхтӕ та – судзгӕ цӕджындзты хуызӕн. 2 Йӕ къухы уыди гыццыл тыхтон гомӕй. Йӕ рахиз къах ӕрӕвӕрдта денджызыл, галиу та – зӕххыл, 3 ӕмӕ ныхъхъӕр кодта, домбай куыд ныббогъ кӕны, афтӕ. Куы ныхъхъӕр кодта, уӕд райхъуыст авд арвнӕрды хъӕлӕс. 4 Авд арвнӕрды дзырд куы фесты, уӕд мӕхи ӕрцӕттӕ кодтон фыссынмӕ, фӕлӕ мӕм уӕларвӕй ӕрыхъуысти хъӕлӕс: «Авд арвнӕрды цы загътой, уый басусӕг кӕн, ма йӕ ныффысс». 5 Денджызыл ӕмӕ зӕххыл лӕугӕ цы зӕды федтон, уый йӕ рахиз къух арвмӕ сдардта 6 ӕмӕ расомы кодта, ӕнусӕй-ӕнусмӕ чи цӕры, уымӕй,– арв ӕмӕ арвыл цы ис, зӕхх ӕмӕ зӕххыл цы ис, денджыз ӕмӕ денджызы цы ис, уыдӕттӕ чи сфӕлдыста, уымӕй: «Уый фӕстиат нал бакӕндзӕн. 7 Фӕлӕ ӕвдӕм зӕд уадындзӕй ныууасынмӕ йӕхи куы ’рцӕттӕ кӕна, уӕд кӕронмӕ сӕххӕст уыдзӕн Хуыцауы сусӕгдзинад – йӕ цагъар-пехуымпартӕн цы хорз хабар фехъусын кодта, уый». 8 Ӕмӕ та мӕм уӕларвӕй ӕрыхъуыст хъӕлӕс, ӕмӕ мын загъта: «Ацу, денджызыл ӕмӕ зӕххыл цы зӕд лӕууы, уымӕн йӕ къухӕй гом тыхтон райс». 9 Ӕз дӕр зӕдмӕ бацыдтӕн ӕмӕ йын загътон, цӕмӕй мын уыцы гыццыл тыхтон радтаид. Ӕмӕ мын загъта: «Айс ӕй ӕмӕ йӕ бахӕр. Дӕ ахсӕн дзы смаст уыдзӕн, фӕлӕ дӕ дзыхы уыдзӕн мыдау адджын». 10 Ӕмӕ уыцы гыццыл тыхтон зӕды къухӕй райстон ӕмӕ йӕ бахордтон. Ӕмӕ мӕ дзыхы уыди мыдау адджын, фӕлӕ йӕ куы бахордтон, уӕд дзы мӕ ахсӕн смаст. 11 Ӕмӕ мын загътой: «Ды хъуамӕ дарддӕр пехуымпариуӕг кӕнай адӕмыхӕттыты, адӕмты, ӕвзӕгты ӕмӕ бирӕ паддзӕхты тыххӕй».
16–22 ДЕКАБРЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАРГОМАД 13–16
«Тасӕфтауӕг сырдтӕй ма тӕрс»
(Раргомад 13:1, 2) Ӕмӕ ӕрлӕууыд денджызы был змисыл. Ӕмӕ федтон денджызӕй иу сырды схизгӕ, дӕс сыкъаимӕ ӕмӕ авд сӕримӕ. Йӕ сыкъатыл уыди дӕс кадыхуды, йӕ сӕртыл та – Хуыцауы фауӕн нӕмттӕ. 2 Цы сырды федтон, уый уыди фыранчы хуызӕн, фӕлӕ йӕ дзӕмбытӕ уыдысты арсы дзӕмбыты хуызӕн, йӕ дзых та – домбайы дзыхы хуызӕн. Уыцы сырдӕн залиаг калм радта йӕ тых, йӕ паддзахбадӕн ӕмӕ стыр бартӕ.
Йегъовӕ у «сусӕгдзинӕдтӕ Ӕргомгӕнӕг»
6 Н. э. 1 ӕнусы кӕрон Йесо апостол Иоаннӕн фенын кодта диссаджы цӕстылуайӕнтӕ (Рарг. 1:1). Уыцы цӕстылуайӕнтӕй иуы Иоанн федта, денджызы был кӕй лӕууыд залиаг калм. Уыцы залиаг калм амоны Хӕйрӕгмӕ. (Бакӕс Раргомад 12:17–13:2.) Иоанн ма федта, денджызӕй кӕй рацӕйхызт ӕнахуыр сырд. Уыцы сырдӕн уыди авд сӕры ӕмӕ йын Хӕйрӕг стыр бартӕ радта. Фӕстӕдӕр Иоанн федта сырх-сырхид сырды, уымӕн дӕр уыди авд сӕры. Уыцы сырх-сырхид сырд уыди, Раргомады 13:1 цы сырды кой ис, уымӕн йӕ «ныв». Зӕд Иоаннӕн загъта, уыцы сырх-сырхид сырдӕн йӕ авд сӕры кӕй амонынц «авд паддзахмӕ», кӕнӕ хицауадмӕ (Рарг. 13:14, 15; 17:3, 9, 10). Иоанн Раргомады чиныг куы фыста, уӕдмӕ уыцы «паддзӕхтӕй» фондз нал уыдысты, иу дзы уыд уыцы рӕстӕджы, иннӕ та «нӕма ӕрцыд». Уыцы хицауӕдтӕ, кӕнӕ дунеон паддзахӕдтӕ, чи уыдысты? Ӕркӕсӕм, Раргомады чиныджы цы сырды кой цӕуы, уымӕн йӕ авд сӕрӕй алкӕцыдӕр кӕмӕ амоны, уымӕ. Уыцы дунеон паддзахӕдты тыххӕй ма фылдӕр базондзыстӕм Данелы чиныгӕй дӕр. Кӕцыдӕрты тыххӕй дзы Данел лыстӕг хабӕрттӕ ныффыста, куы фӕзындысты, уымӕй ӕнустӕ раздӕр.
(Раргомад 13:11) Ӕмӕ федтон ӕндӕр сырды зӕххы хуылфӕй сцӕйцӕугӕ. Уыдис ын уӕрыччы сыкъаты хуызӕн дыууӕ сыкъайы, фӕлӕ дзургӕ та скодта залиаг калмау.
(Раргомад 13:15) Ӕмӕ йын лӕвӕрд уыди бар, цӕмӕй цард бауадза сырды нывы ӕмӕ цӕмӕй уыцы ныв дзыхӕй дзура ӕмӕ, сырды нывӕн чи нӕ кува, уыдоны се ’ппӕты дӕр марын кӕна.
Йегъовӕ ӕргом кӕны, «тагъд рӕстӕджы цытӕ хъуамӕ ӕрцӕуа, уыдӕттӕ»
12 Кӕд Англо-Америкаг дунеон паддзахад ӕлыгимӕ хӕццӕ ӕфсӕйнагӕй конд у, уӕддӕр, Йесо Чырысти Иоаннӕн цы цӕстылуайӕн фенын кодта, уымӕй бӕрӕг у, фӕстаг бонты йӕ тыхы кӕй уыдзӕн. Иоанн федта, дыууӕ сыкъайы кӕмӕн уыд ӕмӕ залиаг калмау чи дзырдта, ахӕм сырды. Уыцы ӕнахуыр сырд та кӕмӕ амоны? Дыууӕ сыкъайы йын кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ амоны, иумӕ чи архайы, ахӕм дыууӕ паддзахадмӕ. Уӕдӕ уыцы сырд дӕр амоны Англо-Америкаг дунеон паддзахадмӕ. Фӕлӕ ныр архайы цавӕрдӕр бӕлвырд хъуыддаджы. (Бакӕс Раргомад 13:11–15.)
13 Дыууӕ сыкъайы кӕмӕн уыд, уыцы сырд адӕмӕн «дзырдта», цӕмӕй сарӕзтаиккой, авд сӕры кӕмӕн уыд, уыцы сырды «ныв». Иоанн ныффыста, уыцы сырды «ныв» кӕй фӕзындзӕн, стӕй кӕй нал уыдзӕн, ӕмӕ та уый фӕстӕ ногӕй кӕй фӕзындзӕн. Ӕмӕ растдӕр афтӕ рауад йӕ хабар, Фыццаг дунеон хӕсты фӕстӕ цы организаци фӕзынд, уымӕн. Уыцы организаци фӕзынд Великобритани ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штатты фӕндӕй. Уый хъуамӕ дунейы паддзахӕдтӕ кӕрӕдзийыл бастаид ӕмӕ сӕ номӕй архайдтаид. Схуыдтой йӕ Нациты Лигӕ. Дыккаг Дунеон хӕст куы райдыдта, уӕд Нациты Лигӕ нал уыд. Уыцы хӕсты рӕстӕг Хуыцауы адӕм фехъусын кодтой, Раргомады фыст пехуымпарадмӕ гӕсгӕ ацы организаци ногӕй кӕй фӕзындзӕн. Ӕмӕ растдӕр афтӕ ӕрцыд, ӕрмӕст ӕй ныр схуыдтой Иугонд Нациты Организаци (Рарг. 17:8).
14 Авд сӕры кӕмӕн уыд, уыцы сырды «ныв» Иоанн схуыдта «ӕстӕм паддзах». Цӕмӕн ӕй схуыдта паддзах? Уый сырдӕн йӕ ӕстӕм сӕр нӕу. Уыцы сырдӕн уый у ӕрмӕстдӕр йӕ «ныв». Цы бартӕ йӕм ис, уыдон ын дӕттынц, Иугонд Нациты Организацийы чи ис, уыцы паддзахӕдтӕ, уӕлдайдӕр та Англо-Америкаг дунеон паддзахад (Рарг. 17:10, 11). Фӕлӕ уый бакӕндзӕн, ӕнӕхъӕн дунейыл дӕр чи фӕзындзӕн, ахӕм хъуыддаг, ӕмӕ йӕ Иоанн паддзах дӕр уый тыххӕй схуыдта.
re-U 193 ф., 26 абз.
Противостояние двум свирепым зверям
26 Что же это? Это Англо-Американская мировая держава – то же, что и седьмая голова первого зверя, но в особой роли. То, что в видении она выделена в отдельного зверя, помогает нам яснее увидеть, как она самостоятельно действует на мировой арене. Этот образный двурогий зверь состоит из двух сосуществующих независимых, но сотрудничающих держав. Два его рога, «как у агнца», наводят на мысль, что он притворяется добрым и безобидным и желает выдать свою форму правления за прогрессивную и достойную всеобщего подражания. Но он говорит «как дракон», то есть оказывает давление, пускает в ход угрозы и применяет насилие там, где не согласны с предлагаемой им формой правления. Он призывает не подчиняться Царству Бога, в котором правит Божий Агнец, а служить интересам Сатаны, великого дракона. Зверь поощряет разделения и ненависть на почве национализма, тем самым содействуя поклонению первому зверю.
re-U 194, 195 фф., 30, 31 абз.
Противостояние двум свирепым зверям
30 Ход истории показывает, что это изображение представляет организацию, которая была создана по инициативе Великобритании и Соединенных Штатов, организацию, которой эти страны оказывают всемерное содействие и которая сначала называлась Лигой Наций. Позднее, в 17-й главе Откровения, она будет представлена другим символом – живым, дышащим багряным зверем, существующим самостоятельно. Эта международная организация «говорит», хвастливо заявляя, что только она способна принести человечеству мир и безопасность. На самом же деле она превратилась в форум, где представители государств-членов разражаются друг против друга тирадами и обмениваются оскорблениями. Она грозит бойкотом, означающим ужасные условия, любой стране и любому народу, которые не желают признавать ее власть. Лига Наций на самом деле исключала из числа своих членов государства, которые не придерживались ее идеологии. В начале великого бедствия военизированные «рога» этого изображения зверя сыграют губительную роль (Откровение 7:14; 17:8, 16).
31 После Второй мировой войны изображение зверя, теперь воплощенное в Организации Объединенных Наций, уже убивало в буквальном смысле. Так, в 1950 году войска ООН принимали участие в войне между Северной и Южной Кореей. Войска ООН вместе с войсками Южной Кореи убили, по оценкам, 1 420 000 северных корейцев и китайцев. А с 1960 по 1964 год вооруженные силы Организации Объединенных Наций действовали в Конго (Киншаса). Более того, мировые лидеры, в том числе папы Павел VI и Иоанн Павел II, не переставали подтверждать, что это изображение – последняя и наиболее прочная надежда человечества на мир. Лидеры подчеркивают, что, если человеческий род не будет служить этому изображению, человечество уничтожит само себя. Тем самым они, образно говоря, делают так, чтобы убивали всех, кто не желает подчиняться изображению или поклоняться ему (Второзаконие 5:8, 9).
(Раргомад 13:16, 17) Ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕй дӕр – хуымӕтӕгтӕй ӕмӕ номдзыдтӕй, хъӕздгуытӕй ӕмӕ мӕгуыртӕй, сӕрибар адӕмӕй ӕмӕ цагъартӕй – домы, цӕмӕй сын сӕ рахиз къухтыл кӕнӕ сӕ ныхтыл нысан сӕвӕрой 17 ӕмӕ цӕмӕй уыцы нысан кӕуыл уа, ома сырды ном кӕнӕ йӕ номы нымӕц, уыдон йеддӕмӕ макӕй бон уа ӕлхӕнын дӕр ӕмӕ уӕй кӕнын дӕр.
Ахсджиаг хъуыдытӕ Раргомады чиныгӕй – 2 хай
13:16, 17. Алы боны хъуыддӕгтӕ кӕнгӕйӕ, зӕгъӕм, исты ӕлхӕнгӕйӕ, йе та уӕйгӕнгӕйӕ, кӕд зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм, уӕддӕр хъуамӕ сырдӕн уый бар ма дӕттӕм, ӕмӕ нын нӕ цардыл къухдариуӕг кӕна. Сырдӕн нӕ къухыл кӕнӕ нӕ ныхыл нысан сӕвӕрын куы бауадзӕм, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ йын бар радтам нӕ хъуыддӕгтыл ӕмӕ нӕ зондыл ӕндавынӕн.
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Раргомад 16:13, 14) Ӕмӕ федтон, залиаг калмы дзыхӕй, сырды дзыхӕй ӕмӕ мӕнг пехуымпары дзыхӕй кӕй рацыд хӕфсыты хуызӕн ӕртӕ ӕлгъаг пехуымпар-ныхасы. 14 Уыцы ныхӕстӕ цӕуынц хӕйрӕджытӕй ӕмӕ аразынц диссӕгтӕ. Уыдон рацыдысты ӕгас дунейы паддзӕхтӕм, цӕмӕй сӕ ӕрӕмбырд кӕной, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы стыр боны чи уыдзӕн, уыцы хӕстмӕ.
Армагеддон ӕцӕгӕй цы у?
Раргомады чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй тагъд Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕ зӕххон хицӕутты ахӕм зондыл сараздзысты, цӕмӕй се ’фсӕдты ӕрӕмбырд кӕной ӕмӕ Хуыцауы адӕмы ныхмӕ рацӕуой ӕмӕ сын сӕ хъуыддаг ӕрлӕууын кӕной. Фӕлӕ уыцы фыдгӕнджыты Хуыцауы фыдӕх баййафдзӕн, ӕмӕ милуангай адӕм фӕцагъды уыдзысты (Раргомад 19:11–18).
Армагеддон ӕцӕгӕй цы у?
Армагеддоны хӕст Хуыцау нӕ райдайдзӕн. Уыцы хӕст райдайдзысты «ӕппӕт дунейы паддзӕхтӕ», ома ацы дунейы хицӕуттӕ. Хуыцау та хорз адӕмы сӕрыл рахӕцдзӕн ӕмӕ сӕ фесафынвӕнд чи кӕндзӕн, уыдонӕй сӕ фервӕзын кӕндзӕн. Фӕлӕ зӕххон хицӕуттӕ уыцы хӕст цӕмӕн райдайдзысты? Уыдон сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ се ’фсӕдтӕ дӕр Хӕйрӕджы къухы хъазӕнхъултӕй уӕлдай не сты, ӕмӕ сӕ ракӕндзӕн, Йегъовӕ Хуыцауӕн ӕгас дунейы дӕр цы лӕггадгӕнджытӕ ис, уыдоны ныхмӕ (Раргомад 16:13, 14; 19:17, 18).
(Раргомад 16:21) Адӕмыл арвӕй ныууарыд тынг стыр их, алы ихы къӕрттӕн дӕр йӕ уӕз уыди дыууын килӕйы бӕрц, ӕмӕ адӕм Хуыцауы ӕлгъыстой уыцы бӕллӕхы тыххӕй, ома ихы тыххӕй, уымӕн ӕмӕ уый уыд ӕнахуыр стыр бӕллӕх.
«Уӕ ирвӕзындзинад ӕрхӕстӕг»!
9 Стыр бӕллӕхы рӕстӕг «Хуыцауы паддзахады тыххӕй... хорз хабар» хъусын кӕнын нал хъӕудзӕн. Уыцы хабар хъусын кӕныны рӕстӕг аивгъуыйдзӕн. Уый уыдзӕн «кӕроны» рӕстӕг! (Матф. 24:14). Уӕд Хуыцауы адӕм хъӕбатырӕй хъусын кӕндзысты ӕндӕр хабар – адӕммӕ се ’ппӕтмӕ дӕр чи хаудзӕн, уыцы тӕрхоны хабар. Уыцы хабар, ӕвӕццӕгӕн, уыдзӕн, Хӕйрӕджы дуне тынг тагъд сӕфт кӕй ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй. Библийы уыцы тӕрхоны хабар барст цӕуы ихимӕ: «Адӕмыл арвӕй ныууарыд тынг стыр их, алы ихы къӕрттӕн дӕр йӕ уӕз уыди дыууын килӕйы бӕрц, ӕмӕ адӕм Хуыцауы ӕлгъыстой уыцы бӕллӕхы тыххӕй, ома ихы тыххӕй, уымӕн ӕмӕ уый уыд ӕнахуыр стыр бӕллӕх» (Рарг. 16:21).
Библийӕ бакӕсинаг
(Раргомад 16:1–16) Ӕмӕ фехъуыстон, авд зӕдмӕ сыгъдӕг бынатӕй чидӕр хъӕрӕй кӕй радзырдта: «Ацӕут ӕмӕ Хуыцауы масты авд къусы зӕххыл акалут». 2 Фыццаг зӕд ацыд ӕмӕ йӕ къус зӕххыл акалдта. Ӕмӕ уӕд, сырды нысан кӕуыл уыд ӕмӕ йын йӕ нывӕн чи куывта, уыцы адӕмыл фӕзынд риссаг ӕмӕ ӕвзӕр хъӕдгӕмттӕ. 3 Дыккаг зӕд йӕ къус акалдта денджызыл. Ӕмӕ денджыз туг фестади, мард адӕймаджы туджы хуызӕн, ӕмӕ денджызы удӕгасӕй ницыуал баззад. 4 Ӕртыккаг зӕд йӕ къус акалдта цӕугӕдӕттыл ӕмӕ суадӕттыл, ӕмӕ туг фестадысты. 5 Ӕмӕ фехъуыстон, дӕттыл кӕй бар цӕуы, уыцы зӕд кӕй загъта: «Раст дӕ ды, чи уыд ӕмӕ чи ис, уыцы Хуыцау, иузӕрдион Хуыцау, ахӕм тӕрхӕттӕ кӕй рахастай, 6 уымӕн ӕмӕ уыдон сыгъдӕджыты ӕмӕ пехуымпарты туг ныккалдтой, ӕмӕ сын ды туг бануазын кодтай. Уыдон уый аккаг сты». 7 Ӕмӕ фехъуыстон, нывондхӕссӕн афтӕ кӕй загъта: «О Йегъовӕ, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау, дӕ тӕрхӕттӕ сты ӕцӕг ӕмӕ раст». 8 Цыппӕрӕм зӕд йӕ къус акалдта хурыл, ӕмӕ хурӕн лӕвӕрд ӕрцыд бар, цӕмӕй адӕмы артӕй сыгътаид. 9 Ӕмӕ адӕм фыртӕвдӕй сыгъдысты, фӕлӕ уӕддӕр фаудтой Хуыцауы ном – ацы бӕллӕхтыл кӕй бар цӕуы, уый ном, ӕмӕ не ’рфӕсмон кодтой ӕмӕ йӕ не скадджын кодтой. 10 Фӕндзӕм зӕд йӕ къус акалдта сырды паддзахбадӕныл, ӕмӕ йӕ паддзахад нытталынг, ӕмӕ адӕм фыррыстӕй се ’взӕгтыл дӕндагӕй хӕцын райдыдтой. 11 Фӕлӕ сӕ рыст ӕмӕ сӕ хъӕдгӕмтты тыххӕй ӕлгъыстой уӕларвон Хуыцауы ӕмӕ сӕ митыл не ’рфӕсмон кодтой. 12 Ӕхсӕзӕм зӕд йӕ къус акалдта Евфраты стыр цӕугӕдоныл, ӕмӕ йӕ дон бахус, цӕмӕй хурыскӕсӕйнаг паддзӕхтӕн фӕндаг цӕттӕ уа. 13 Ӕмӕ федтон, залиаг калмы дзыхӕй, сырды дзыхӕй ӕмӕ мӕнг пехуымпары дзыхӕй кӕй рацыд хӕфсыты хуызӕн ӕртӕ ӕлгъаг пехуымпар-ныхасы. 14 Уыцы ныхӕстӕ цӕуынц хӕйрӕджытӕй ӕмӕ аразынц диссӕгтӕ. Уыдон рацыдысты ӕгас дунейы паддзӕхтӕм, цӕмӕй сӕ ӕрӕмбырд кӕной, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы стыр боны чи уыдзӕн, уыцы хӕстмӕ. 15 «Мӕнӕ, фӕцӕуын давӕгау. Амондджын у, чи нӕ бафынӕй ӕмӕ йӕ уӕлӕдарӕс чи хъахъхъӕны, цӕмӕй бӕгънӕгӕй ма цӕуа ӕмӕ йын адӕм йӕ худинаг ма феной». 16 Ӕмӕ паддзӕхты ӕрӕмбырд кодтой, дзуттагау Армагеддон чи хуыйны, уыцы бынатмӕ.
23–29 ДЕКАБРЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАРГОМАД 17–19
«Хуыцауы фӕстаг хӕст»
(Раргомад 19:11) Ӕмӕ федтон арв гомӕй, ӕмӕ мӕнӕ – урс бӕх. Бӕхыл чи бады, уый хуыйны Иузӕрдион ӕмӕ Ӕцӕг, ӕмӕ тӕрхон кӕны ӕмӕ хӕцы рӕстӕй.
(Раргомад 19:14–16) Йӕ фӕдыл цыдысты уӕларвон ӕфсӕдтӕ урс бӕхтыл. Сӕ уӕлӕ уыди урс, сыгъдӕг, ӕппӕты хуыздӕр кӕттагӕй уӕлӕдарӕс. 15 Йӕ дзыхӕй цӕуы даргъ цыргъ хъама, цӕмӕй дзы адӕмты ныццӕгъда. Уый сӕ здахдзӕн ӕфсӕйнаг лӕдзӕгӕй. Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы фыдӕх ӕмӕ масты сӕндуцӕны цъӕл кӕндзӕн сӕнӕфсир. 16 Йӕ уӕлӕдарӕсыл, йӕ синыл, фыст ис ном: паддзӕхты Паддзах ӕмӕ хицӕутты Хицау.
w08-U 1/4 8 ф., 3, 4 абз.
Армагеддон – Хуыцау ӕппӕт хӕстытӕн дӕр кӕрон кӕм скӕндзӕн, уыцы хӕст
Бартӕ цалынмӕ фыдгӕнджыты къухы уой, уӕдмӕ рӕстгӕнджытӕ фӕрнӕй ӕмӕ ӕдасӕй никуы цӕрдзысты (Ӕмбисӕндтӕ 29:2; Екклесиаст 8:9). Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ, фыддзинадыл чи бафтыд, уыдонӕн сӕ хъуыддӕгтӕ тыххӕй ничи ныууадзын кӕндзӕн. Уӕдӕ цӕмӕй зӕххыл сабыр цард уа ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ мауал уа, уый тыххӕй фыдгӕнджыты хъӕуы фесафын. Соломон ныффыста: «Рӕстгӕнӕджы балхӕныны тыххӕй раттынц фыдгӕнӕджы» (Ӕмбисӕндтӕ 21:18).
Тӕрхонгӕнӕг Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, фыдгӕнджытӕн цы тӕрхӕттӕ рахӕсса, уыдонӕй алкӕцы дӕр раст кӕй уыдзӕн. Кӕддӕр Авраам ахӕм фарста радта: «Ау, ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕг раст тӕрхон нӕ рахӕсдзӕн?» Авраам йӕхи цӕстӕй федта, Йегъовӕ алкӕддӕр рӕстӕй кӕй тӕрхон кӕны! (Райдиан 18:25). Уымӕй уӕлдай ма нын Библи дзуры, Йегъовӕйӕн фыдгӕнджыты мӕлӕт ӕхсызгон кӕй нӕу. Уый сын мӕлӕты тӕрхон рахӕссы, ӕндӕр гӕнӕн куы нал вӕййы, ӕрмӕстдӕр уӕд (Йезекил 18:32; 2 Петры 3:9).
it-U «Конь», дӕлсӕргонд «Символическое значение», 8 абз.
Бӕх
Апостол Иоанн цӕстылуайӕны федта, Йесо Чырысти урс бӕхыл кӕй рацыд, йӕ фӕдыл та урс бӕхтыл кӕй цыдысты уӕларвон ӕфсӕдтӕ. Ацы цӕстылуайӕн амоны, Чырысти йӕ Фыд Йегъовӕйы знӕгтимӕ се ’ппӕтимӕ дӕр цы хӕсты хӕцдзӕн, уый рӕстаг хӕст кӕй уыдзӕн (Рар 19:11, 14). Иоанн уый размӕ цы цӕстылуайӕнтӕ федта, уыдонӕй иуы алыхуызон барджытӕ ӕмӕ сӕ бӕхтӕ амонынц, Чырысти паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ куы райста, уӕд цы сарӕзта, уымӕ ӕмӕ, уый фӕстӕ цы бӕллӕхтӕ райдыдтой цӕуын, уыдонмӕ (Рар 6:2–8).
(Раргомад 19:19, 20) Ӕмӕ федтон, сырд ӕмӕ зӕххон паддзӕхтӕ се ’фсӕдтимӕ кӕй ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй, бӕхыл чи бады, уыимӕ ӕмӕ йе ’фсадимӕ схӕцой. 20 Ӕмӕ ӕрцахстой сырды ӕмӕ, сырды нысан чи райста ӕмӕ йын йӕ нывӕн чи куывта, уыдоны сайынӕн йӕ разы диссӕгтӕ чи ӕвдыста, уыцы мӕнг пехуымпары дӕр. Сӕ дыууӕ дӕр удӕгасӕй ӕппӕрст ӕрцыдысты сондонӕй судзгӕ цады.
re-U 285, 286 фф., 24 абз.
Хъомысджын Ӕфсӕддон ӕмӕ Паддзах Армагеддоны фӕуӕлахиз уыдзӕн
24 Дӕс сыкъайы ӕмӕ авд сӕры кӕмӕн уыд ӕмӕ денджызӕй чи схызт, уыцы сырд амоны Хӕйрӕджы политикон организацимӕ. Уыцы сырд сӕфт ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ ма йемӕ сӕфт ӕрцӕудзӕн мӕнг пехуымпар дӕр, кӕнӕ ӕвдӕм дунеон паддзахад (Раргомад 13:1, 11–13; 16:13). Нырма «удӕгас» уыдзысты, ома иумӕ зӕххыл Хуыцауы адӕмы ныхмӕ архайдзысты, афтӕмӕй ӕппӕрст ӕрцӕудзысты «судзгӕ цады». Цымӕ «судзгӕ цад» цавӕрдӕр бӕлвырд бынат у? Нӕ. Сырд ӕмӕ мӕнг пехуымпары (дыууӕ сыкъайы кӕмӕн уыд, уыцы сырды) кой куы кӕнӕм, уӕд уыдон ӕцӕг цӕрӕгойтӕ не сты. Уӕдӕ «судзгӕ цад» амоны, ӕппӕрст дзы чи ’рцӕудзӕн, уыдон ӕнустӕм сӕфт кӕй ӕрцӕудзысты ӕмӕ уырдыгӕй раздӕхӕн кӕй нӕ уыдзӕн, уымӕ. Фӕстӕдӕр уырдӕм ӕппӕрст ӕрцӕудзысты мӕлӕт ӕмӕ гадес дӕр, стӕй Хӕйрӕг йӕхӕдӕг дӕр (Раргомад 20:10, 14). «Судзгӕ цад» зындоны артмӕ нӕ амоны, уымӕн ӕмӕ, ахӕм бынаты искӕй хъизӕмарӕй марай, ӕрмӕст уыцы хъуыды дӕр Йегъовӕйӕн ӕнад у (Йереми 19:5; 32:35; 1 Иоанны 4:8, 16).
(Раргомад 19:21) Иннӕтӕ та, бӕхыл бадӕгӕн йӕ дзыхӕй цы даргъ хъама цыд, уымӕй фӕцагъды сты. Ӕмӕ мӕргътӕ иууылдӕр сӕ мӕрдтӕй бафсӕстысты.
re-U 286 ф., 25 абз.
Хъомысджын Ӕфсӕддон ӕмӕ Паддзах Армагеддоны фӕуӕлахиз уыдзӕн
25 Хицауадмӕ чи нӕ хауы, фӕлӕ, ацы фыддунейӕ рацӕуын ӕмӕ йӕ фыдхъуыддӕгтӕ ныууадзын кӕй нӕ фӕнды, уыдон дӕр, «бӕхыл бадӕгӕн йӕ дзыхӕй цы даргъ хъама» цӕуы, уымӕй фӕцагъды уыдзысты. Йесо фехъусын кӕндзӕн, мӕлӕты аккаг кӕй сты. Уыцы адӕмы тыххӕй афтӕ фыст нӕй, ӕмӕ «судзгӕ цады» ӕппӕрст ӕрцӕудзысты. Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ райгас уыдзысты? Библийы никуы ис фыст, ӕмӕ уыцы рӕстӕг Йегъовӕйы ӕвӕрд Тӕрхонгӕнӕг кӕй фесафа, уыдон райгас уыдзысты. Чырысти загъта, йӕ «фыстӕй» чи нӕу, уыдон се ’ппӕт дӕр сӕфт кӕй ӕрцӕудзысты, «Хӕйрӕг ӕмӕ, йӕ фӕдыл чи ацыд, уыцы зӕдтӕм цы ӕнусон арт» ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уым, ома «ӕнустӕм фесӕфдзысты» (Матфейы 25:33, 41, 46). Ууыл ахицӕн уыдзӕн, «ӕнӕхуыцау адӕмыл тӕрхон кӕд сӕххӕст уыдзӕн ӕмӕ кӕд фесӕфдзысты, уыцы бон» (2 Петры 3:7; Наум 1:2, 7–9; Малахи 4:1).
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Раргомад 17:8) кӕй федтай, уыцы сырд уыд ӕмӕ нал ис, фӕлӕ тагъд схиздзӕн дӕлдзӕхӕй ӕмӕ йе сӕфт ӕрцӕудзӕн. Зӕххыл цӕрӕг адӕм уый куы феной, ӕмӕ сырд кӕй уыд, кӕй нал ис ӕмӕ та кӕй уыдзӕн, уӕд дисы бафтдзысты. Уыдоны нӕмттӕ дунейы фӕзындӕй фӕстӕмӕ царды тыхтоны фыст не ’рцыдысты.
Йегъовӕ ӕргом кӕны, «тагъд рӕстӕджы цытӕ хъуамӕ ӕрцӕуа, уыдӕттӕ»
13 Дыууӕ сыкъайы кӕмӕн уыд, уыцы сырд адӕмӕн «дзырдта», цӕмӕй сарӕзтаиккой, авд сӕры кӕмӕн уыд, уыцы сырды «ныв». Иоанн ныффыста, уыцы сырды «ныв» кӕй фӕзындзӕн, стӕй кӕй нал уыдзӕн, ӕмӕ та уый фӕстӕ ногӕй кӕй фӕзындзӕн. Ӕмӕ растдӕр афтӕ рауад йӕ хабар, Фыццаг дунеон хӕсты фӕстӕ цы организаци фӕзынд, уымӕн. Уыцы организаци фӕзынд Великобритани ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штатты фӕндӕй. Уый хъуамӕ дунейы паддзахӕдтӕ кӕрӕдзийыл бастаид ӕмӕ сӕ номӕй архайдтаид. Схуыдтой йӕ Нациты Лигӕ. Дыккаг Дунеон хӕст куы райдыдта, уӕд Нациты Лигӕ нал уыд. Уыцы хӕсты рӕстӕг Хуыцауы адӕм фехъусын кодтой, Раргомады фыст пехуымпарадмӕ гӕсгӕ ацы организаци ногӕй кӕй фӕзындзӕн. Ӕмӕ растдӕр афтӕ ӕрцыд, ӕрмӕст ӕй ныр схуыдтой Иугонд Нациты Организаци (Рарг. 17:8).
re-U 247, 248 фф., 5, 6 абз.
Раскрывается поразительная тайна
5 «Зверь... был». Да, он существовал в виде Лиги Наций с 10 января 1920 года, и в этой организации в разные периоды состояло 63 государства. Со временем из нее вышли Япония, Германия и Италия и был исключен Советский Союз. В сентябре 1939 года нацистский диктатор Германии развязал Вторую мировую войну. Не сумев сохранить мир во всем мире, Лига Наций погрузилась в бездну бездеятельности. К 1942 году она перестала играть какую-либо роль на мировой арене. И ни раньше, ни позже, а именно в это критическое время Иегова открыл своему народу весь глубинный смысл видения! На теократическом конгрессе «Новый мир» Н. Х. Норр с полным основанием заявил, что, в согласии с пророчеством, «зверя... нет». А затем он задал вопрос: «Останется ли Лига в бездне?» Процитировав Откровение 17:8, он ответил: «Это объединение народов мира появится вновь». Именно так и произошло, что подтвердило истинность пророческого Слова Иеговы!
Зверь выходит из бездны
6 Багряный зверь в самом деле выбрался из бездны. 26 июня 1945 года в Сан-Франциско (США) под звуки фанфар 50 государств проголосовали за принятие Устава Организации Объединенных Наций. Ее целью было «поддержание международного мира и безопасности». У Лиги Наций и ООН было много общего. В энциклопедии «Уорлд бук» отмечается: «В некоторых отношениях ООН напоминает Лигу Наций, созданную после Первой мировой войны... Многие государства, основавшие ООН, в свое время основали и Лигу Наций. Как и Лига, ООН была создана, чтобы содействовать сохранению мира между государствами. Главные органы ООН во многом напоминают главные органы Лиги». То есть, по сути, ООН – это возродившийся багряный зверь. Сейчас в нее входят примерно 190 стран, что намного больше 63, входивших в Лигу Наций. Кроме того, ООН взяла на себя более масштабные обязательства, чем ее предшественница.
(Раргомад 17:16, 17) Цы дӕс сыкъайы ӕмӕ сырды федтай, уыдон хӕтаг сылгоймагӕй се сӕфт фендзысты, ницыуал ын ныууадздзысты, сбӕгънӕг ӕй кӕндзысты, йӕ буар ын бахӕрдзысты ӕмӕ йӕ арты басудздзысты, 17 уымӕн ӕмӕ сын Хуыцау сӕ зӕрдӕты бавӕрдта йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнын, ома уыдонӕн сӕ иумӕйаг фӕнд сӕххӕст кӕнын: сӕ паддзахад сырды къухмӕ раттын, цалынмӕ Хуыцауы ныхӕстӕ нӕ сӕххӕст уой, уӕдмӕ.
Йегъовӕ ӕргом кӕны, «тагъд рӕстӕджы цытӕ хъуамӕ ӕрцӕуа, уыдӕттӕ»
17 Фӕлӕ мӕнг динтӕ сӕхигъӕдӕй нӕ фесӕфдзысты. Хӕтаг сылгоймагӕн дарддӕр дӕр уыдзӕн стыр бартӕ ӕмӕ архайдзӕн, цӕмӕй паддзӕхтӕ йӕ зондыл цӕуой. Ӕмӕ афтӕ уыдзӕн, цалынмӕ сын Хуыцау сӕ зӕрдӕты «йӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны» хъуыды нӕ бавӕра, уӕдмӕ. (Бакӕс Раргомад 17:16, 17.) Йегъовӕ афтӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ, Хӕйрӕджы дунейы цы хицауӕдтӕ ис, уыдон мӕнг динтыл сӕхи ныццӕвдзысты, ӕмӕ уыцы хицауӕдты номӕй та архайдзӕн Иугонд Нациты Организаци. Ӕмӕ уӕд хӕтаг сылгоймагӕн уыцы хицауӕдтыл йӕ бар нал цӕудзӕн, стӕй йе ’ппӕт хъӕздыгдзинӕдтӕй дӕр ӕнӕхай фӕуыдзӕн. Цалдӕр дӕсазы размӕ адӕймаг ацы хабарӕй загътаид, уый гӕнӕн нӕй, зӕгъгӕ. Фӕлӕ абон хӕтаг сылгоймаг уыцы сырх-сырхид сырдыл раздӕрау фидар нал бады, дзой-дзой йыл кӕны. Кӕд афтӕ у, уӕддӕр сырдӕй сабыргай йӕхигъӕдӕй не ’рбырдзӕн. Зӕххыл йӕ тъӕпп куыд фӕцӕудзӕн ӕмӕ ӕвиппайды куыд ныппырх уыдзӕн, уый йӕхӕдӕг дӕр нӕ бамбардзӕн (Рарг. 18:7, 8, 15–19).
Библийӕ бакӕсинаг
(Раргомад 17:1–11) Авд къусы кӕмӕ уыди, уыцы авд зӕдӕй иу ӕрбацыд ӕмӕ мын загъта: «Рацу, ӕмӕ дын фенын кӕнон, бирӕ дӕттыл чи бады, йӕ ном хъуыстгонд кӕмӕн у, уыцы хӕтаг сылгоймаджы цы тӕрхон баййафдзӕн, уый. 2 Йемӕ хӕтыдысты зӕххон паддзӕхтӕ, ӕмӕ зӕххыл цӕрӕг адӕм срасыг сты йӕ хӕтындзинады сӕнӕй». 3 Ӕмӕ мӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы руаджы ахаста ӕдзӕрӕг быдырмӕ. Ӕмӕ федтон иу сылгоймаджы сырх-сырхид сырдыл бадгӕ. Сырд йедзаг уыди Хуыцауы фауӕн нӕмттӕй, уыдис ын авд сӕры ӕмӕ дӕс сыкъайы. 4 Сылгоймаджы уӕлӕ уыди тарсырх ӕмӕ сӕнтсырх дарӕс, сызгъӕринтӕ, зынаргъ дуртӕ ӕмӕ налхъуыттӕ, йӕ къухы та уыд сызгъӕрин къус, йӕ хӕтындзинады ӕлгъаг ӕмӕ чъизи митӕй йедзаг. 5 Йӕ ныхыл фыст уыди сусӕг ном: «Стыр Вавилон, хӕтаг сылгоймӕгты ӕмӕ зӕххон ӕлгъаг миты мад». 6 Ӕмӕ федтон, уыцы сылгоймаг кӕй уыд расыг сыгъдӕджыты тугӕй ӕмӕ Йесойы ӕвдисӕнты тугӕй. Куы йӕ федтон, уӕд тынг бадис кодтон. 7 Ӕмӕ мын уӕд зӕд загъта: «Цӕуыл дис кӕныс? Ӕз дын зӕгъдзынӕн ацы сылгоймаджы сусӕгдзинад ӕмӕ, кӕуыл бады, уыцы авдсӕрон ӕмӕ дӕссыкъаджын сырды сусӕгдзинад: 8 кӕй федтай, уыцы сырд уыд ӕмӕ нал ис, фӕлӕ тагъд схиздзӕн дӕлдзӕхӕй ӕмӕ йе сӕфт ӕрцӕудзӕн. Зӕххыл цӕрӕг адӕм уый куы феной, ӕмӕ сырд кӕй уыд, кӕй нал ис ӕмӕ та кӕй уыдзӕн, уӕд дисы бафтдзысты. Уыдоны нӕмттӕ дунейы фӕзындӕй фӕстӕмӕ царды тыхтоны фыст не ’рцыдысты. 9 Ам хъӕуы ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ зонд: авд сӕры сты, сылгоймаг кӕуыл бады, уыцы авд хохы. 10 Уыдон ма ӕвдисынц авд паддзахы: фондз дзы бабын сты, иу дзы ис ныртӕккӕ, иннӕ та нӕма ӕрцыд, фӕлӕ куы ’рцӕуа, уӕд бирӕ нӕ ахӕсдзӕн. 11 Чи уыд ӕмӕ чи нал ис, уыцы сырд ма йӕхӕдӕг у ӕстӕм паддзах дӕр, фӕлӕ равзӕрд авд паддзахӕй ӕмӕ цӕуы сӕфтмӕ.
30 ДЕКАБРЫ – 5 ЯНВАРЫ
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАРГОМАД 20–22
«Цыдӕриддӕр аразын,– ӕппӕт дӕр у ног!»
(Раргомад 21:1) Ӕмӕ федтон ног арв ӕмӕ ног зӕхх. Раздӕры арв ӕмӕ раздӕры зӕхх та нал сты, нал ис денджыз дӕр.
re-U 301 ф., 2 абз.
Ног арв ӕмӕ ног зӕхх
2 Иоанны замантӕй сӕдӕ азтӕ раздӕр Йегъовӕ Исайӕн загъта: «Ӕз аразын ног арв ӕмӕ ног зӕхх. Ӕмӕ, раздӕр цы уыд, уыдон хъуыды дӕр ничиуал ӕркӕндзӕн ӕмӕ зӕрдӕйы дӕр нал баззайдзысты» (Исай 65:17; 66:22). Ацы пехуымпарад фыццаг хатт сӕххӕст, 70 азы Вавилоны уацары чи уыд, уыцы иузӕрдион дзуттӕгтӕ н. э. размӕ 537 азы фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ куы ӕрыздӕхтысты, уӕд. Уыдон систы «ног зӕхх», ома, чи ссыгъдӕг, уыцы адӕм, ӕмӕ уыдысты «ног арвы» дӕлбар, ома ног хицауады дӕлбар. Фӕлӕ апостол Петр бамбарын кодта, уыцы пехуымпарад ма ноджыдӕр иу хатт кӕй сӕххӕст уыдзӕн: «Фӕлӕ мах, зӕрдӕ нын куыд бавӕрдта, афтӕ, ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, рӕстдзинад кӕм уыдзӕн, уыцы ног арв ӕмӕ ног зӕхмӕ» (2 Петры 3:13). Ӕмӕ Иоанны ныхӕстӕй та бӕрӕг у, уыцы пехуымпарад кӕй сӕххӕст уыдзӕн Хицау Йесойы боны. Нал уыдзысты «раздӕры арв ӕмӕ раздӕры зӕхх», ома, Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕн сӕ дӕлбар чи ис, уыцы дуне ӕмӕ дзы цы хицаудзинӕдтӕ ис, уыдон. Абухгӕ «денджызӕй» уӕлдай чи не сты, уыцы фыдгӕнӕг ӕмӕ змӕнтӕг адӕм дӕр сӕфты хай бауыдзысты. Уыдоны раивдзысты «ног арв ӕмӕ ног зӕхх»,– ног хицауад, ома Хуыцауы Паддзахад, ӕмӕ, зӕххыл йӕ дӕлбар чи цӕрдзӕн, уыцы адӕм. (Абар Раргомад 21:1.)
(Раргомад 21:3, 4) Ӕмӕ мӕм паддзахбадӕнӕй райхъуыст тыхджын хъӕлӕс: «Акӕс-ма! Хуыцауы цатыр ис адӕмы ’хсӕн, ӕмӕ Хуыцау цӕрдзӕн семӕ, ӕмӕ уыдон уыдзысты йӕ адӕм. Ӕмӕ Хуыцау йӕхӕдӕг уыдзӕн семӕ. 4 Ӕмӕ сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта».
«Цыдӕриддӕр аразын,– ӕппӕт дӕр у ног!»
«[Хуыцау] сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ» (Раргомад 21:4). Цымӕ ам цавӕр цӕссыгтыл цӕуы дзырд? Уыдон нӕдӕр цины цӕссыгтӕ сты, нӕдӕр, цӕмӕй нӕ цӕстытӕ ма хус кӕной, уый тыххӕй кӕмӕй ауымӕл вӕййынц, ахӕм цӕссыгтӕ. Хуыцау нын ныссӕрфдзӕн, хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ алы мӕстыты аххосӕй цы цӕссыгтӕ фӕкалӕм, уыдон. Ӕмӕ нын сӕ ӕрмӕст сӕрфгӕ нӕ ныккӕндзӕн, фӕлӕ нын сӕ бахус кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ судзгӕ цӕссыгтӕ цӕй тыххӕй фӕкалӕм, уыдӕттӕ – хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ маст – ӕнустӕм фесафдзӕн.
«Нал уыдзӕн... мӕлӕт» (Раргомад 21:4). Ӕппӕты судзагдӕр цӕссыгтӕ фӕкалӕм, исчи нын куы амӕлы, уӕд. Коммӕгӕс адӕмы Йегъовӕ фервӕзын кӕндзӕн мӕлӕты уацарӕй. Куыд? Фесафдзӕн, адӕм цӕй тыххӕй мӕлынц, уый сӕйраг аххосаг – Адамӕй сӕ туджы кӕй рахастой, уыцы ӕнӕххӕстдзинад (Ромӕгтӕм 5:12). Йегъовӕ афтӕ сараздзӕн, ӕмӕ Чырысти йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый фӕрцы коммӕгӕс адӕм суыдзысты ӕххӕст. Уый фӕстӕ «сӕфт ӕрцӕудзӕн» фӕстаг знаг – мӕлӕт (1 Коринфӕгтӕм 15:26). Хуыцауыл иузӕрдион адӕм ӕнустӕм ӕнӕнизӕй цӕрдзысты, ома райдианы Хуыцауы куыд фӕндыд, афтӕ.
«Нал уыдзӕн... рыст» (Раргомад 21:4). Цавӕр рыст нал уыдзӕн? Милуангай адӕм фервӕздзысты, тӕригъӕдджын ӕмӕ ӕнӕххӕст кӕй сты, уый аххосӕй кӕмӕй хъӕрзынц ӕмӕ сын сӕ цард царды ад кӕй тыххӕй нал фӕкӕны, уыцы низтӕй – адӕймаг нал хъӕрздзӕн йӕ буары рыстӕй, йӕ зӕрдӕ ницӕуылуал рисдзӕн ӕмӕ сӕры магъзимӕ баст низтӕй дӕр нал удхар кӕндзӕн.
(Раргомад 21:5) Уӕд, паддзахбадӕныл чи бадт, уый загъта: «Цыдӕриддӕр аразын,– ӕппӕт дӕр у ног!» Ӕмӕ мын афтӕ: «Ныффысс, уымӕн ӕмӕ ацы ныхӕстӕ сты раст ӕмӕ ӕцӕг».
Иегъовӕ у ӕцӕгады Хуыцау
14 Иегъовӕ нын йӕ Ныхасы цы дзуры, уымӕ уӕлӕнгай цӕстӕй хъуамӕ ма кӕсӕм. Иегъовӕ у, йӕхӕдӕг йӕхицӕй цы зӕгъы, уый, ӕмӕ афтӕ цӕмӕй зӕгъы, сараздзынӕн ӕй, зӕгъгӕ, уый сараздзӕн. Хуыцауыл нӕ бон у нӕ зӕрдӕ фидарӕй дарын. Иугӕр Иегъовӕ афтӕ загъта, ӕмӕ «Йӕ маст райсдзӕн, Хуыцауы чи нӕ базыдта, ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Евангелимӕ чи нӕ хъусы, уыдонӕй», уӕд афтӕ уыдзӕн – ууыл дызӕрдыг кӕнын нӕ хъӕуы (2 Фессалоникӕгтӕм 1:8, НФ). Фидарӕй ма ӕууӕндӕн ис, Иегъовӕ афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, рӕстдзинадмӕ чи тырны, уыдон уарзын, кӕнӕ йӕ уырнындзинад хъуыддагӕй чи ӕвдисы, уыдонӕн ратдзынӕн ӕнусон цард, стӕй цӕссыг, рис ӕмӕ суанг мӕлӕт дӕр кӕй нал уыдзӕн, ууыл дӕр. Иегъовӕ кӕй нӕ сайы, уый равдыста, ацы фӕстаг зӕрдӕвӕрды фӕстӕ апостол Иоаннӕн ахӕм фӕдзӕхст кӕй радта, зӕгъгӕ, «ныффыс; уымӕн ӕмӕ ацы дзырдтӕ сты ӕцӕг ӕмӕ раст» (Раргомад 21:4, 5; Ӕмбисӕндтӕ 15:9; Иоанны 3:36).
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(Раргомад 20:5) (Иннӕ мӕрдтӕ нӕ райгас сты, цалынмӕ мин азы нӕ рацыд, уӕдмӕ.) Уый у фыццаг райгасы хабар.
it-U «Жизнь», дӕлсӕргонд «Жизнь на земле без тления», 2 абз.
Цард
Хуыцау Адамӕн цы бафӕдзӕхста, уымӕй бӕрӕг у, Хуыцауы коммӕ куы кастаид, уӕд кӕй никуы амардаид (Рд 2:17). Уӕдӕ адӕмы фӕстаг знаг, мӕлӕт, сӕфт куы ’рцӕуа, уӕд коммӕгӕс адӕм фервӕздзысты, сӕ туджы кӕй рахастой ӕмӕ мӕлӕтмӕ чи кӕны, уыцы тӕригъӕдӕй. Уӕд сын фадат уыдзӕн, цӕмӕй макуы амӕлой (1Кр 15:26). Мӕлӕт сӕфт ӕрцӕудзӕн Чырыстийы хицаудзинады кӕрон, ӕмӕ, Раргомады чиныгӕй куыд зыны, афтӕмӕй Чырысти хицауиуӕг кӕндзӕн мин азы дӕргъы. Уыцы чиныджы ма фыст ис, Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ чи уыдзӕн, уыдоны тыххӕй: «Уыдон райгас сты ӕмӕ Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ уыдысты мин азы». Ныхӕстӕ, «иннӕ мӕрдтӕ нӕ райгас сты, цалынмӕ мин азы нӕ рацыд, уӕдмӕ», зӕгъгӕ, кӕмӕ хауынц? Ӕвӕццӕгӕн, мин азы кӕрон, бӕлвырдӕй та, Хӕйрӕг адӕмы фӕстаг хатт бафӕлварынӕн дӕлдзӕхӕй уагъд куы нӕма ’рцӕуа, уыцы рӕстӕг, чи цӕра, уыдонмӕ. Миназон хицаудзинады кӕрон зӕххыл цӕрӕг адӕм суыдзысты ӕххӕст, Адам ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд саразыны размӕ куыд уыдысты ӕххӕст, афтӕ. Уӕд хайджын уыдзысты ӕххӕст цардӕй. Ӕмӕ Хӕйрӕг цыбыр рӕстӕгмӕ уагъд куы ’рцӕуа ӕмӕ адӕмы куы бафӕлвара, уӕд йӕ ныхмӕ фидар чи фӕлӕууа, уыдон уыцы цардӕй ӕнустӕм хайджын уыдзысты (Рар 20:4–10).
(Раргомад 20:14, 15) Мӕлӕт ӕмӕ ингӕн та ӕппӕрст ӕрцыдысты судзгӕ цады. Уыцы судзгӕ цад нысан кӕны дыккаг мӕлӕт. 15 Царды чиныджы фыст чи нӕ уыд, уыдон дӕр ӕппӕрст ӕрцыдысты судзгӕ цады.
it-U «Огненное озеро», 1–3 абз.
Судзгӕ цад
Ацы дзырдбаст ӕмбӕлы ӕрмӕстдӕр Раргомады чиныджы ӕмӕ йын ис ахӕсгӕ нысаниуӕг. Библи йӕхӕдӕг бӕлвырдӕй ӕмбарын кӕны, ацы дзырдбаст цӕмӕ амоны, уый: «Уыцы судзгӕ цад нысан кӕны дыккаг мӕлӕт» (Рар 20:14; 21:8).
«Судзгӕ цад»-ӕн ахӕсгӕ нысаниуӕг кӕй ис, уый ма бӕрӕг у, Раргомады чиныджы йӕ кой цы стихты цӕуы, уыдоны контекстӕй дӕр. Мӕлӕты тыххӕй дзы фыст ис, судзгӕ цады ӕппӕрст кӕй ӕрцыд (Рар 19:20; 20:14). Ацы ныхӕстӕ комкоммӕ ӕмбаргӕ не сты, уымӕн ӕмӕ мӕлӕт басудзӕн нӕй. Уыцы цады ма ӕппӕрст ӕрцыд Хӕйрӕг дӕр, ӕнӕуынгӕ тых. Ӕнӕуынгӕ удгоймаг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ уый дӕр арты басудзӕн нӕй (Рар 20:10; абар Рц 3:2 ӕмӕ Трх 13:20).
Судзгӕ цад «дыккаг мӕлӕт» кӕй нысан кӕны, стӕй Раргомады 20:14 стихмӕ гӕсгӕ «мӕлӕт» ӕмӕ «ингӕн» (кӕнӕ гадес), уырдӕм ӕппӕрст кӕй ӕрцӕудзысты, уымӕ гӕсгӕ бӕлвырд у: судзгӕ цад нӕ амоны нӕдӕр, адӕм сӕ туджы Адамӕй цы мӕлӕт рахастой, уымӕ (Ро 5:12), нӕдӕр гадесмӕ (шеолмӕ). Уӕдӕ, ӕвӕццӕгӕн, амоны ӕндӕр мӕлӕтмӕ – раздӕхӕн кӕцӕй нӕй, ахӕм мӕлӕтмӕ. Афтӕ зӕгъӕн уымӕн ис, ӕмӕ, нӕ туджы Адамӕй цы мӕлӕт рахастам, уымӕй уӕлдай ӕмӕ гадесӕй (шеолӕй) уӕлдай, «судзгӕ цады» тыххӕй афтӕ никуы ис фыст, ӕмӕ дзы чи ис, уыдоны фӕстӕмӕ ратдзӕн (Рар 20:13). «Царды чиныджы» фыст чи не ’рцӕуа, ома, Хуыцауы хицаудзинады ныхмӕ чи цӕуа ӕмӕ чи не ’рфӕсмон кӕна, уыдон судзгӕ цады ӕппӕрст ӕрцӕудзысты. Ӕндӕр ныхӕстӕй, уыдон ӕнустӕм фесӕфдзысты, ӕмӕ уый уыдзӕн дыккаг мӕлӕт (Рар 20:15).
Библийӕ бакӕсинаг
(Раргомад 20:1–15) Ӕмӕ федтон уӕларвӕй иу зӕды ӕрцӕйцӕугӕ. Йӕ къухы уыд дӕлдзӕхы дӕгъӕл ӕмӕ стыр рӕхыс. 2 Уыцы зӕд ӕрцахста залиаг калмы, Хӕйрӕг ӕмӕ Сайтан чи у, уыцы рагон калмы, ӕмӕ йӕ мин азмӕ сбаста. 3 Дӕлдзӕхмӕ йӕ ныппӕрста, сӕхгӕдта йӕ ӕмӕ йыл мыхуыр сӕвӕрдта, цӕмӕй адӕмты мауал сайа, цалынмӕ мин азы нӕ рацӕуа, уӕдмӕ. Уый фӕстӕ цыбыр рӕстӕгмӕ уагъд ӕрцӕудзӕн. 4 Ӕмӕ федтон паддзахбадӕнтӕ ӕмӕ сыл чи сбадт, уыдоны. Ӕмӕ сын лӕвӕрд ӕрцыд тӕрхон кӕныны бар. Федтон ма, Йесойы тыххӕй кӕй хъусын кодтой ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй кӕй дзырдтой, уый тыххӕй сӕ сӕртӕ кӕмӕн акъуырдтой, уыдоны удтӕ дӕр, ома, нӕдӕр сырдӕн, нӕдӕр йӕ нывӕн чи нӕ бакуывта ӕмӕ йӕ ныхыл ӕмӕ йӕ къухыл нысан сӕвӕрын чи нӕ бауагъта, уыдоны удтӕ. Уыдон райгас сты ӕмӕ Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ уыдысты мин азы. 5 (Иннӕ мӕрдтӕ нӕ райгас сты, цалынмӕ мин азы нӕ рацыд, уӕдмӕ.) Уый у фыццаг райгасы хабар. 6 Амондджын ӕмӕ ӕнӕфау сты, фыццаг чи райгас уа, уыдон – дыккаг мӕлӕты бар сыл нӕ цӕуы, фӕлӕ уыдзысты Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы сауджынтӕ, ӕмӕ йемӕ паддзӕхтӕ уыдзысты мин азы. 7 Уыцы мин азы куы фӕуой, уӕд Сайтан йӕ ахӕстонӕй уагъд ӕрцӕудзӕн. 8 Ӕмӕ рацӕудзӕн, цӕмӕй фӕсайа зӕххӕн йӕ цыппар кӕроны цӕрӕг адӕмты – Гогы ӕмӕ Магогы – ӕмӕ сӕ цӕмӕй хӕстмӕ ӕрӕмбырд кӕна. Сӕ нымӕц уыдзӕн денджызы змисау. 9 Ӕмӕ рацыдысты ӕгас зӕххыл ӕмӕ ӕртыхстысты сыгъдӕджыты лӕууӕн бынатыл ӕмӕ уарзон горӕтыл. Фӕлӕ арвӕй ӕрцыд арт ӕмӕ сӕ аныхъуырдта. 10 Чи сӕ сайдта, уыцы Хӕйрӕг та ӕппӕрст ӕрцыд судзгӕ сондоны цады, сырд дӕр ӕмӕ мӕнг пехуымпар дӕр кӕм уыдысты, уырдӕм, ӕмӕ уым ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕнусӕй-ӕнусмӕ хъизӕмар кӕндзысты. 11 Ӕмӕ федтон стыр урс паддзахбадӕн ӕмӕ йыл чи бадти, уый дӕр. Уымӕн йӕ разӕй фӕлыгъдысты зӕхх ӕмӕ арв, ӕмӕ сын бынат нал разынд. 12 Федтон мӕрдты дӕр, номдзыдты ӕмӕ хуымӕтӕгты, паддзахбадӕны раз лӕугӕ, ӕмӕ тыхтӕттӕ байгом сты. Байгом ма ӕндӕр тыхтон дӕр – царды тыхтон. Ӕмӕ мӕрдтӕ тӕрхонгонд цыдысты, тыхтӕтты сӕ кӕмӕн цы хъуыддӕгтӕ уыд фыст, уыдонмӕ гӕсгӕ. 13 Ӕмӕ денджыз радта, чи дзы уыди, уыцы мӕрдты, мӕлӕт ӕмӕ ингӕн дӕр радтой, чи дзы уыд, уыцы мӕрдты, ӕмӕ сӕ алчидӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ тӕрхонгонд ӕрцыд. 14 Мӕлӕт ӕмӕ ингӕн та ӕппӕрст ӕрцыдысты судзгӕ цады. Уыцы судзгӕ цад нысан кӕны дыккаг мӕлӕт. 15 Царды чиныджы фыст чи нӕ уыд, уыдон дӕр ӕппӕрст ӕрцыдысты судзгӕ цады.