Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 1/00 1 ф.
  • Ды дзы уыдзынӕ?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ды дзы уыдзынӕ?
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • 2006 азы облӕстон конгресс «Ирвӕзындзинад ӕввахс у»
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
  • Ахсджиаг хъуыддӕгтӕн аргъ кӕныс?
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
  • 2007 азы облӕстон конгресс «Цу Чырыстийы фӕдыл!»
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2006
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
km 1/00 1 ф.

Ды дзы уыдзынӕ?

1 Иегъовӕйӕн бирӕ рӕстӕг цы ӕфсымӕр лӕггад кӕны, уый загъта: «Конгрессы фыццаг бон куы рауадзай, уӕд тынг бирӕ фесафдзынӕ!» Афтӕ цӕмӕн хъуыды кодта? Уымӕн ӕмӕ нын Иегъовӕйы организаци цы хъӕздыг духовон куывд бацӕттӕ кӕны, уый райдайы фыццаг бонӕй (Ис. 25:6). Конгрессы фыццаг бонӕй куы уӕм, уӕд уымӕй равдисдзыстӕм разы кӕй стӕм псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстимӕ: «Сцин кодтон ӕз куы загътой мӕнӕн: „Цом Хицауы хӕдзармӕ“» (Пс. 121:1).

2 Фӕлӕ фарон иуӕй-иу облӕстон конгресты «Хуыцауы пехуымпарадон ныхас» майрӕмбоны бирӕ къаддӕр адӕм уыд сабат ӕмӕ хуыцаубонӕй. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ не ’фсымӕртӕй тынг бирӕтӕ нӕ байхъуыстой, конгрессы программӕйы хӕйтты пехуымпарадон ныхасы тыххӕй цы ахсджиаг ӕрмӕг уыд лӕвӕрд, уымӕ. Уыдон ма се ’муырнджытимӕ дӕр нӕ аныхас кодтой.

3 Дӕ куыст дӕ ма бахъыгдарӕд. Иуӕй-иутӕ, чи зоны, сӕ куыст фесафынӕй кӕй тӕрсынц, уымӕ гӕсгӕ майрӕмбоны конгрессы нӕ вӕййынц. Фӕлӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ зонынц, сӕ куысты хицауимӕ развӕлгъау куы баныхас кӕной ӕмӕ дзы сӕхи куы ракурой, уӕд сӕ ӕнӕзивӕгӕй кӕй ауадздзысты. Иу хо, пионер, ӕнӕсцухӕй кӕй цыд ӕмбырды алы фембӕлдмӕ дӕр ӕмӕ алы конгресмӕ дӕр, уый йӕ хицауы афтӕ тынг бацымыдис кодта, ӕмӕ йемӕ ӕнӕхъӕн бон конгрессы фӕбадт!

4 Ма хъуыды кӕн, зӕгъгӕ мӕ хицау куыстӕй нӕ ауадздзӕн ӕмӕ конгрессы иу бон куы нӕ уон, уӕд уымӕй ницы уыдзӕн. Цӕмӕй дӕ хицауӕн зӕрдӕбынӕй ӕмӕ уӕзданӕй Библийӕ бамбарын кӕнай, конгресмӕ цӕуын дӕ кувынады ахсджиаг хай кӕй у, уый тыххӕй рагацау бацӕттӕ кӕн (Дзут. 10:24, 25). Уый фӕстӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ Иегъовӕйыл баууӕнд, кӕцы нын ныфс бавӕрдта, зӕгъгӕ, ницы хъуаг уыдзынӕ, дӕ царды фыццаг бынаты духовон хъуыдӕгтӕ куы ӕвӕрай, уӕд (Мтф. 6:33; Дзут. 13:5, 6).

5 «Ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕн» куы аргъ кӕнӕм, уӕд ӕнӕхъӕн конгресмӕ байхъусдзыстӕм (Фил. 1:10, 11, НД; Пс. 26:4). Афтӕмӕй рагацау спълан кӕндзыстӕм, цӕмӕй стыр пайда райсӕм Иегъовӕйы ахсджиаг мадзалӕй. Абонӕй райдай пълан кӕнын ӕмӕ аскъуыддзаг кӕн, конгрессы ӕртӕ боны дӕр кӕй уыдзынӕ!

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын