Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • «Цӕгатаг паддзах» кӕроны рӕстӕджы
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2020 | май
    • 19 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

      «Цӕгатаг паддзах» кӕроны рӕстӕджы

      «Кӕроны рӕстӕг хуссайраг паддзах йемӕ [цӕгатаг паддзахимӕ] схӕцдзӕн» (ДАН. 11:40).

      150 ЗАРӔГ Хуыцауы агур, ӕмӕ фервӕзай

      СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫa

      1. Нӕ бон цы у Библийы пехуымпарӕдтӕй базонын?

      ТАГЪД рӕстӕджы Йегъовӕйы адӕммӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы? Библийы пехуымпарӕдтӕй базонӕн ис, тагъд цы ахсджиаг хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн ӕмӕ не ’ппӕтыл дӕр куыд бандавдзысты, уый. Иу пехуымпарад нын уӕлдай тынгдӕр ӕргом кӕны, ӕппӕты хъомысджындӕр хицауӕдтӕй кӕцыдӕртӕ цы сараздзысты, уый. Уыцы пехуымпарад ис Данелы чиныджы 11-ӕм сӕры. Дзырд дзы цӕуы, кӕрӕдзиимӕ чи тох кӕны, дыууӕ ахӕм паддзахыл – цӕгатаг паддзахыл ӕмӕ хуссайраг паддзахыл. Уыцы пехуымпарадӕн йӕ фылдӕр хай сӕххӕст, ӕмӕ, йӕ иннӕ хай дӕр кӕй сӕххӕст уыдзӕн, ууыл хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм.

      2. Райдианы 3:15 стихмӕ гӕсгӕ ӕмӕ Раргомады 11:7 ӕмӕ 12:17 стихтӕм гӕсгӕ, Данелы пехуымпарад иртасгӕйӕ нӕ зӕрдыл цавӕр ахсджиаг хъуыдытӕ хъуамӕ дарӕм?

      2 Данелы чиныджы 11-ӕм сӕры цы пехуымпарад ис, уый цӕмӕй бамбарӕм, уый тыххӕй хъуамӕ иу цыдӕр нӕ зӕрдыл дарӕм: уыцы пехуымпарад амоны, Хуыцауы адӕмӕй бирӕтӕ кӕм цардысты кӕнӕ карз ӕфхӕрд кӕм ӕййӕфтой, ӕрмӕстдӕр уыцы бӕстӕты хицӕуттӕм ӕмӕ хицауӕдтӕм. Зӕххыл цас адӕм цӕры, уыимӕ абаргӕйӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ бирӕ не сты. Фӕлӕ сӕ цымӕ уӕд уыцы хицауӕдтӕ сӕ ныхтӕ цӕмӕн ныссадзынц? Уымӕн ӕмӕ Хӕйрӕгӕн ӕмӕ йӕ дунейӕн сӕ сӕйраг нысан у, Йегъовӕйӕн ӕмӕ Йесойӕн чи лӕггад кӕны, уыдоны зӕххы цъарӕй фесафын. (Бакӕс Райдиан 3:15; Раргомад 11:7; 12:17.) Уымӕй уӕлдай, хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Данелы пехуымпарад куыд ӕмбарӕм, уый кӕй хъуамӕ ма уа, иннӕ пехуымпарӕдтӕ куыд ӕмбарӕм, уый ныхмӕ. Ӕмӕ йӕ цӕмӕй раст ӕмбарӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕнӕмӕнг ӕркӕсӕм Библийы иннӕ хӕйттӕм дӕр.

      3. Ацы статьяйы ӕмӕ иннӕ статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

      3 Уӕдӕ ныртӕккӕ аныхас кӕндзыстӕм Данелы 11:25–39 стихтыл. Базондзыстӕм, 1870-ӕм азӕй 1991-ӕм азмӕ цӕгатаг паддзах ӕмӕ хуссайраг паддзах чи уыдысты, уый, стӕй ацы пехуымпарадӕн йӕ иу хай ӕндӕрхуызон ӕмбарын цӕмӕн хъӕуы, уый дӕр. Иннӕ статьяйы ӕркӕсдзыстӕм Данелы 11:40–12:1 стихтӕм ӕмӕ базондзыстӕм, 1991-ӕм азӕй Армагеддоны хӕсты онг цавӕр хабӕрттӕ хъуамӕ цӕуа, уый. Ацы дыууӕ статьяйы куы ахуыр кӕнай, уӕд-иу ӕркӕс схемӕмӕ «Кӕрӕдзиимӕ чи тох кӕны, уыцы паддзӕхтӕ кӕроны рӕстӕджы». Ныр та уал базонӕм, ацы пехуымпарады цы дыууӕ паддзахы кой ис, уыдон чи сты, уый.

      КУЫД ИС БАЗОНӔН ЦӔГАТАГ ПАДДЗАХЫ ӔМӔ ХУССАЙРАГ ПАДДЗАХЫ?

      4. Цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы нын баххуыс кӕндзысты, цӕгатаг паддзах ӕмӕ хуссайраг паддзах чи сты, уый базонынӕн?

      4 Райдианы «цӕгатаг паддзах» ӕмӕ «хуссайраг паддзах» хуындысты, Израилӕн цӕгатырдыгӕй ӕмӕ хуссарырдыгӕй цы паддзахӕдтӕ уыди, уыдон. Цӕмӕ гӕсгӕ ис афтӕ зӕгъӕн? Дӕ хъус-ма ӕрдар, зӕд Данелӕн цы загъта, уымӕ: «Ӕз ӕрцыдтӕн, цӕмӕй дын раргом кӕнон, дӕ адӕмыл [ома Хуыцауы адӕмыл] фӕстаг бонты цы ’рцӕудзӕн, уый» (Дан. 10:14). Н. э. 33 азмӕ Фӕндзайӕм боны онг Хуыцауы адӕм уыдысты Израилы адӕм. Фӕлӕ уыцы бонӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕ бӕлвырд ӕвдыста, йӕ адӕмыл кӕй банымадта Чырыстийы иузӕрдион ахуыргӕнинӕгты. Уымӕ гӕсгӕ, Данелы 11-ӕм сӕры цы пехуымпарад ис, уымӕн йӕ фылдӕр хай Израилы адӕммӕ нӕ амоны, фӕлӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕм (Хъуыд. 2:1–4; Ром. 9:6–8; Гал. 6:15, 16). Стӕй-иу алы рӕстӕджыты алыхуызон хицӕуттӕ кӕнӕ хицауӕдтӕ систы цӕгатаг паддзах ӕмӕ хуссайраг паддзах. Фӕлӕ сӕ алкӕддӕр базонӕн уыд ӕртӕ хъуыддагмӕ гӕсгӕ. Фыццаг: уыдон уыдысты, Хуыцауы адӕмӕй бирӕтӕ кӕм цардысты кӕнӕ карз ӕфхӕрд кӕм ӕййӕфтой, уыцы бӕстӕты паддзӕхтӕ. Дыккаг: Хуыцауы адӕмӕн куыд уыдысты, уымӕй бӕрӕг уыд, ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйӕ се сӕфт кӕй уынынц. Ӕмӕ ӕртыккаг: уыцы дыууӕ паддзахы кӕрӕдзиимӕ тох кодтой, бартӕ кӕй къухы уыдзысты, ууыл.

      5. Н. э. 2 ӕнусӕй 1870-ӕм азмӕ искӕй уыди цӕгатаг паддзах ӕмӕ хуссайраг паддзах схонӕн? Бамбарын ӕй кӕн.

      5 2 ӕнусы ӕцӕг чырыстӕтты ӕмбырды мӕнг чырыстӕттӕ сбирӕ сты. Уыдон парахат кодтой мӕнг динты ахуырӕдтӕ, Хуыцауы Ныхасы цы рӕстдзинад ис, уый та сусӕг кодтой. Уӕдӕ 2 ӕнусӕй 1870-ӕм азмӕ Хуыцауӕн зӕххыл организаци нӕ уыд. Мӕнг чырыстӕттӕ хӕмпӕлгӕрдӕгау сбирӕ сты, ӕмӕ уый тыххӕй базонӕн нал уыд, ӕцӕг чырыстон дзы чи уыд, уый (Матф. 13:36–43). Уыцы хабӕрттӕ зонын ахсджиаг цӕмӕн у? Уыдон ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ, Библийы цӕгатаг паддзахы ӕмӕ хуссайраг паддзахы тыххӕй цы фыст ис, уый нӕ хауы, 2 ӕнусӕй 1870-ӕм азмӕ цы паддзӕхтӕ ӕмӕ хицауӕдтӕ уыд, уыдонмӕ. Хуыцауӕн зӕххыл организаци кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ сӕ бон нӕ уыди Хуыцауы адӕмы ныхмӕ рацӕуынb. Фӕлӕ та 1870-ӕм азы фӕстӕ цӕгатаг паддзах ӕмӕ хуссайраг паддзах хъуамӕ ногӕй фӕзындаиккой. Уый кӕцӕй зонӕм?

      6. Хуыцауы адӕм та, куыд къорд, афтӕ бӕрӕг дарын кӕд райдыдтой? Бамбарын ӕй кӕн.

      6 1870-ӕм азы Хуыцауы адӕм бӕрӕг дарын райдыдтой, куыд къорд, афтӕ. Уыцы аз Чарлз Тейз Расселл ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ райдыдтой иумӕ Библи иртасын. Ӕфсымӕр Расселл ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ уыдысты, Библийы кӕй тыххӕй уыд загъд, уыцы «фидиуӕг». Уый хъуамӕ «фӕндаг асыгъдӕг» кодтаид, цалынмӕ Мессийӕйы Паддзахад ӕвӕрд не ’рцыд, уӕдмӕ (Мал. 3:1). Ногӕй та Хуыцауы адӕмы уыди базонӕн! Цымӕ паддзахӕдтӕй та искӕцы уыцы рӕстӕг Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ’фхӕрдта? Ӕркӕсӕм иуӕй-иу хабӕрттӕм.

      ЧИ У ХУССАЙРАГ ПАДДЗАХ?

      7. 1917-ӕм азмӕ хуссайраг паддзах чи уыд?

      7 1870-ӕм азмӕ Великобритани сси зӕххыл ӕппӕты стырдӕр паддзахад ӕмӕ йӕм уыди ӕппӕты тыхджындӕр ӕфсад. Данелы пехуымпарады фыст ис, иу гыццыл сыкъа ӕртӕ сыкъайыл кӕй фӕуӕлахиз. Ӕмӕ уыцы гыццыл сыкъа уыди Великобритани, ӕртӕ сыкъайы та – Франци, Испани ӕмӕ Нидерландтӕ (Дан. 7:7, 8). Великобритани хуссайраг паддзах уыд 1917-ӕм азмӕ. Уӕдмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттӕ систы зӕххыл ӕппӕты хъӕздыгдӕр бӕстӕ, ӕмӕ бирӕ хъуыддӕгты Великобританиимӕ иумӕ архайын райдыдтой.

      8. Фӕстаг бонты дӕргъы хуссайраг паддзах чи уыд?

      8 Фыццаг дунеон хӕсты Иугонд Штаттӕ дӕр хӕцыдысты Великобританиимӕ иумӕ, ӕмӕ дыууӕ бӕстӕйы иумӕ уыдысты тынг тыхджын. Уыцы рӕстӕг систы Англо-Америкаг дунеон паддзахад. Данелы пехуымпарады фыст куыддӕриддӕр уыд, афтӕ уыцы паддзахмӕ уыд «тынг стыр ӕмӕ тыхджын ӕфсад» (Дан. 11:25). Фӕстаг бонты дӕргъы хуссайраг паддзах алкӕддӕр уыд Англо-Америкаг дунеон паддзахадc. Фӕлӕ чи уыд цӕгатаг паддзах та?

      Англо-Америкаг дунеон паддзахад Библийы пехуымпарӕдты

      Хуссайраг паддзах – Англо-Америкаг дунеон паддзахад – Библийы алыхуызон пехуымпарӕдты алыхуызӕтты ӕвдыст у.

      • Къӕхтӕ фадхъултӕй дӕлӕмӕ ӕфсӕйнагӕй ӕмӕ ӕлыгӕй

        Къӕхтӕ фадхъултӕй дӕлӕмӕ ӕфсӕйнагӕй ӕмӕ ӕлыгӕй (Дан. 2:41–43)

      • Сырды сӕр сыкъатимӕ. Сыкъаты ’хсӕн фӕзынд гыццыл сыкъа, ис ын цӕстытӕ ӕмӕ дзых

        Ӕвирхъау сырды сӕрыл чи рацыд, ахӕм сыкъа (Дан. 7:7, 8)

      • Дӕс сыкъайы ӕмӕ авд сӕры кӕмӕн ис, уыцы сырд

        Сырды сӕртӕй ӕвдӕм (Рарг. 13:1)

      • Дыууӕ сыкъайы кӕмӕн ис, уыцы сырд

        Дыууӕ сыкъайы кӕмӕн ис, ахӕм сырд (Рарг. 13:11–15)

      • Хицауады агъуыстытӕ, амонынц Англо-Америкаг дунеон паддзахадмӕ

        Мӕнг пехуымпар (Рарг. 19:20)

      ЧИ У «ЦӔГАТАГ ПАДДЗАХ»?

      9. Цӕгатаг паддзах ногӕй кӕд фӕзынд ӕмӕ Данелы 11:25 стих куыд сӕххӕст?

      9 Цӕгатаг паддзах ногӕй фӕзынд 1871-ӕм азы, Расселл ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ Библи иртасынӕн къорд куы скодтой, уый фӕстӕ. Чи уыд цӕгатаг паддзах? Уый уыди Германи. Уыцы аз Отто фон Бисмарк цалдӕр бӕстӕйы баиу кодта, ӕмӕ афтӕмӕй фӕзынд Германийы паддзахад. Йӕ фыццаг паддзах сси пруссиаг паддзах Вильгельм Фыццаг, ӕмӕ Бисмаркы та сӕвӕрдта хицауады сӕргъыd. Цасдӕры фӕстӕ Германи йӕ дӕлбар бакодта Африкӕйы бӕстӕтӕй иуӕй-иутӕ, стӕй, Сабыр океаны цы территоритӕ уыд, уыдонӕй дӕр кӕцыдӕртӕ. Ӕмӕ архайдта, цӕмӕй Великобританийӕ тыхджындӕр суыдаид. (Бакӕс Данелы 11:25.) Германийы паддзахадмӕ фӕзынд тыхджын ӕфсад, йӕ денджызон флотӕй стырдӕр та уыди ӕрмӕстдӕр Великобританийы флот. Ӕмӕ Фыццаг дунеон хӕсты Германи йе знӕгтыл йӕ хӕстон хъомыс бавзӕрста.

      10. Данелы 11:25б, 26 стихтӕ куыд сӕххӕст сты?

      10 Данелы пехуымпарадӕй ма базонӕн ис, Германийы паддзахад ӕмӕ йе ’фсӕдтӕ цы хъуамӕ бауыдаиккой, уый дӕр. Фыст дзы ис, цӕгатаг паддзах «фидар фӕлӕууын нӕ бафӕраздзӕн», зӕгъгӕ. Цӕуылнӕ? «Уымӕн ӕмӕ йын уыдон йӕ ныхмӕ фыдвӕндтӕ кӕндзысты. Ӕмӕ йын йӕ хуыздӕр хӕринӕгтӕй чи хӕры, уыдон ӕй бабын кӕндзысты» (Дан. 11:25б, 26а). «Паддзахы хӕринӕгтӕй» чи хордта, уыдоны ’хсӕн Данелы рӕстӕджы уыдысты, паддзахӕн чи лӕггад кодта, уыдон, зӕгъӕм, йӕ фӕсдзӕуинтӕ ӕмӕ йӕ уынаффӕгӕнджытӕ (Дан. 1:5). Ацы пехуымпарад кӕмӕ амоны? Германийы паддзахады бӕрзонд бынӕттӕ чи ахста, уыцы хицӕуттӕм, уыимӕ, паддзах кӕуыл ӕууӕндыд, уыцы генералтӕм ӕмӕ ӕфсӕддон хицӕуттӕм. Уыдон афтӕ бакодтой, цӕмӕй паддзахы хицаудзинадӕн кӕрон ӕрцыдаид ӕмӕ бартӕ йӕ къухмӕ райстаид ног хицауадe. Данелы пехуымпарады ма фыст ис, хӕст цӕгатаг паддзахы ӕмӕ хуссайраг паддзахы ’хсӕн цӕуыл ахицӕн уыдзӕн, уый дӕр. Цӕгатаг паддзахы тыххӕй дзы фыст ис: «Йе ’фсад та йын дон фӕласдзӕн, ӕмӕ бирӕтӕ фӕмард уыдзысты» (Дан. 11:26б). Ӕмӕ Фыццаг дунеон хӕсты Германийы ӕфсад цыма ӕцӕгдӕр дон фӕласта, афтӕ уыд, бирӕтӕ дзы фӕмард сты. Уыцы хӕсты цас адӕм фӕмард, уыйбӕрц уый размӕ иу хӕсты дӕр нӕ фӕмард.

      11. Данелы 11:27–30 стихтӕм гӕсгӕ, цӕгатаг паддзах ӕмӕ хуссайраг паддзах цы арӕзтой?

      11 Данелы 11:27, 28 стихты фыст ис, Фыццаг дунеон хӕсты размӕ цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдоны тыххӕй. Зӕгъӕм, фыст дзы ис, цӕгатаг паддзах ӕмӕ хуссайраг паддзах «иу фынгыл бадгӕйӕ мӕнг ныхӕстӕ кӕндзысты», зӕгъгӕ. Стӕй ма дзы фыст ис, цӕгатаг паддзах «стыр фӕллӕйттӕ» кӕй ӕрӕмбырд кӕндзӕн. Ӕмӕ та ацы ныхӕстӕ дӕр сӕххӕст сты. Германи ӕмӕ Великобритани кӕрӕдзийӕн дзырдтой, кӕй сӕ фӕнды, цӕмӕй сабырдзинад уа. Фӕлӕ 1914-ӕм азы хӕст куы райдыдта, уӕд рабӕрӕг, мӕнг ныхӕстӕ кӕй кодтой. Уымӕй уӕлдай, 1914-ӕм азмӕ Германи сси тынг хъӕздыг бӕстӕ, уымӕй хъӕздыгдӕр уыдысты ӕрмӕстдӕр Америкӕйы Иугонд Штаттӕ. Уый фӕстӕ сӕххӕст Данелы 11:29 стих ӕмӕ 30 стихы фыццаг хай: Германи схӕцыд хуссайраг паддзахимӕ, фӕлӕ йӕ ныфс асаст, уымӕн ӕмӕ йыл хуссайраг паддзах фӕуӕлахиз.

      УЫЦЫ ПАДДЗӔХТӔ ТОХ КӔНЫНЦ ХУЫЦАУЫ АДӔМИМӔ

      12. Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг цӕгатаг паддзах ӕмӕ хуссайраг паддзах цы арӕзтой?

      12 1914-ӕм азӕй фӕстӕмӕ уыцы дыууӕ паддзахы кӕрӕдзиимӕ дӕр ӕмӕ Хуыцауы адӕмимӕ дӕр тынгӕй-тынгдӕр тох кодтой. Зӕгъӕм, Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй йӕ къухмӕ хӕцӕнгарз чи нӕ иста, уыдоны Германийы хицауад дӕр ӕфхӕрдта ӕмӕ Великобританийы хицауад дӕр. Иугонд Штатты хицауад та ахӕстоны бакодта, хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд чи лӕвӕрдта, уыцы ӕфсымӕрты. Ӕмӕ уымӕй сӕххӕст, Раргомады 11:7–10 стихты цы пехуымпарад ис, уый.

      13. 1933-ӕм азӕй фӕстӕмӕ ӕмӕ Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг цӕгатаг паддзах цы арӕзта?

      13 Стӕй 1933-ӕм азӕй фӕстӕмӕ, ӕмӕ уӕлдайдӕр Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг, цӕгатаг паддзах Хуыцауы адӕмы тынг карзӕй ӕфхӕрдта. Германийы нацисттӕ бартӕ сӕ къухмӕ куы райстой, уӕд Гитлер ӕмӕ, йӕ фарс чи уыд, уыдон Хуыцауы адӕмӕн сӕ хъуыддаг сӕхгӕдтой. Цӕгатаг паддзах Йегъовӕйы адӕмӕй 1 500 адӕймаджы бӕрц амардта, мингӕйттӕ та ӕрвыст ӕрцыдысты концлагертӕм. Ӕмӕ Данелы пехуымпарад уымӕй дӕр сӕххӕст. Цӕгатаг паддзах хъусын кӕныны хъуыддаг сӕхгӕдта, ӕмӕ афтӕмӕй «кувӕндон... фӕчъизи» кодта ӕмӕ, «алы бон дӕр кӕй... [хастой], уыцы кувинагӕн кӕрон» скодта (Дан. 11:30б, 31а). Гитлер ма суанг ӕртхъирӕн дӕр кодта, Германийы Хуыцауы адӕмы кӕй сыскъуыйын кӕндзӕн.

      ФӔЗЫНД НОГ ЦӔГАТАГ ПАДДЗАХ

      14. Дыккаг дунеон хӕсты фӕстӕ цӕгатаг паддзах чи сси? Бамбарын ӕй кӕн.

      14 Дыккаг дунеон хӕсты фӕстӕ Советон Цӕдисӕн йӕ бар цӕуын райдыдта, Германийӕ цы стыр территоритӕ ӕмӕ бӕстӕтӕ байста, уыдоныл. Ӕмӕ нацистон Германийау Советон Цӕдис ӕмӕ, йӕ фарс чи уыдысты, уыцы бӕстӕтӕ дӕр карзӕй ӕфхӕрдтой, паддзахадӕй уӕлдӕр ӕцӕг Хуыцауы чи ӕвӕрдта, уыдоны. Афтӕмӕй уыцы бӕстӕтӕ систы цӕгатаг паддзах.

      15. Дыккаг дунеон хӕст куы фӕци, уӕд цӕгатаг паддзах цы арӕзта?

      15 Дыккаг дунеон хӕст куы фӕци, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ ног цӕгатаг паддзах Хуыцауы адӕмы ныхмӕ цӕуын райдыдта. Уыцы паддзах уыди Советон Цӕдис ӕмӕ, йӕ фарс чи уыдысты, уыцы бӕстӕтӕ. Раргомады 12:15–17 стихты цы «цӕугӕдоны» кой ис, уый амоны, Хуыцауы адӕм ӕфхӕрд кӕй ӕййӕфтой, уымӕ. Цӕгатаг паддзах хъусын кӕныны хъуыддаг сӕхгӕдта ӕмӕ Йегъовӕйы адӕмӕй мингӕйтты Сыбырмӕ ахаста. Уӕдӕ, фӕстаг бонтӕ куы райдыдтой, уӕдӕй фӕстӕмӕ цӕгатаг паддзах Хуыцауы адӕмы ӕфхӕры, фӕлӕ йын сӕ бауромын никуы бантыстf.

      16. Данелы 11:37–39 стихты цы пехуымпарад ис, уый Советон Цӕдисыл куыд сӕххӕст?

      16 Бакӕс Данелы 11:37–39. Ацы пехуымпарады фыст ис, цӕгатаг паддзах «йӕ фыдӕлты Хуыцауы ницӕмӕ дардзӕн», зӕгъгӕ. Ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ дӕр сӕххӕст сты. Советон Цӕдисы фӕндыд ӕппӕт динтӕ дӕр фесафын, ӕмӕ архайдта афтӕ бакӕныныл, цӕмӕй адӕмы цӕсты динтӕн кад мауал уыдаид. Зӕгъӕм, 1918-ӕм азы советон хицауад рахаста уынаффӕ скъолайы ӕмӕ динты фӕдыл. Уый уымӕ ӕркодта, ӕмӕ фӕстӕдӕр скъолаты райдыдтой атеизм амонын. Цӕгатаг паддзах «фидар мӕсгуыты хуыцауы» та куыд кадджын кодта? Советон Цӕдис дуне ӕхца хардз кодта, цӕмӕй йе ’фсад фестырдӕр кодтаид ӕмӕ тынг бирӕ ядерон хӕцӕнгарз рауагътаид. Цӕгатаг паддзах дӕр ӕмӕ хуссайраг паддзах дӕр ӕппынфӕстаг уыйбӕрц хӕцӕнгарз ӕрӕмбырд кодтой, ӕмӕ фаг уыдаид, цӕмӕй цалдӕр миллиард адӕймаджы ныццагътаиккой!

      ДЫУУӔ ЗНАДЖЫ ӔМВӔНДӔЙ АРХАЙЫНЦ

      17. «Бӕстӕ чи сафы, уыцы ӕлгъагдзинад» цы у?

      17 Кӕд дыууӕ паддзахы рагӕй фӕстӕмӕ дӕр кӕрӕдзимӕ знаджы цӕстӕй кастысты, уӕддӕр цӕгатаг паддзах хуссайраг паддзахимӕ иу хъуыддаджы архайдта ӕмвӕндӕй – уыдон сӕвӕрдтой, «бӕстӕ чи сафы, уыцы ӕлгъагдзинад» (Дан. 11:31). Уыцы «ӕлгъагдзинад» у Иугонд Нациты Организаци.

      18. Иугонд Нациты Организаци «ӕлгъагдзинад» цӕмӕн хуыйны?

      18 Иугонд Нациты Организаци «ӕлгъагдзинад» уымӕн хуыйны, ӕмӕ уый дзуры, ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр сабыр цард кӕй скӕндзӕн. Фӕлӕ уыцы хъуыддаг ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахадӕн у йӕ бон саразын. Пехуымпарады ма фыст ис, ӕлгъагдзинад «бӕстӕ... сафы», зӕгъгӕ. Уый та амоны, Иугонд Нациты Организаци мӕнг динтӕ иууылдӕр кӕй фесафдзӕн, уымӕ. (Кӕс схемӕ «Кӕрӕдзиимӕ чи тох кӕны, уыцы паддзӕхтӕ кӕроны рӕстӕджы».)

      АЦЫ ХАБӔРТТӔ ЗОНЫН НӔ ЦӔМӔН ХЪӔУЫ?

      19, 20. а) Цы хабӕрттӕм ӕркастыстӕм, уыдон зонын нӕ цӕмӕн хъӕуы? б) Иннӕ статьяйӕ цы базондзыстӕм?

      19 Ацы хабӕрттӕ зонын нӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы, уымӕн ӕмӕ уыдонӕй бӕрӕг у, 1870-ӕм азӕй 1991-ӕм азмӕ Данелы пехуымпарад цӕгатаг паддзах ӕмӕ хуссайраг паддзахы тыххӕй кӕй ӕххӕст кодта. Уымӕ гӕсгӕ нӕ хъуамӕ фидарӕй уырна, ацы пехуымпарадӕн йӕ иннӕ хай дӕр кӕй сӕххӕст уыдзӕн.

      20 1991-ӕм азы Советон Цӕдис фехӕлд. Ӕмӕ уӕд ныртӕккӕ цӕгатаг паддзах чи у? Уый базондзыстӕм иннӕ статьяйӕ.

      ЦАВӔР ДЗУАПП РАТДЗЫНӔ?

      • «Цӕгатаг паддзахы» ӕмӕ «хуссайраг паддзахы» цавӕр ӕртӕ хъуыддагмӕ гӕсгӕ ис базонӕн?

      • 1870-ӕм азӕй 1991-ӕм азмӕ цӕгатаг паддзах ӕмӕ хуссайраг паддзах чи уыдысты?

      • Цы хабӕрттӕм ӕркастыстӕм, уыдон зонын нӕ цӕмӕн хъӕуы?

      128 ЗАРӔГ Кӕронмӕ фидар лӕуу

      a Мах ӕй бӕлвырдӕй уынӕм, Данелы пехуымпарад «цӕгатаг паддзахы» ӕмӕ «хуссайраг паддзахы» тыххӕй дарддӕр кӕй ӕххӕст кӕны. Уый нӕ афтӕ фидарӕй цӕмӕн уырны? Ӕмӕ нӕ цӕмӕн хъӕуы ацы пехуымпарад хуыздӕр бамбарын?

      b Уӕдӕ Ромы паддзах Аврелианы (паддзах уыд н. э. 270–275 азты) нӕй «цӕгатаг паддзахыл» нымайӕн, ус-паддзах Зенобийы та (паддзах уыд н. э. 267–272 азты) – «хуссайраг паддзахыл». Ацы хабар раздӕр куыд ӕмбарын кодтам, уый тыххӕй бакӕсӕн ис чиныджы «Внимайте пророчеству Даниила!», 13 ӕмӕ 14 сӕрты.

      c Кӕс рамкӕ «Англо-Америкаг дунеон паддзахад Библийы пехуымпарӕдты».

      d 1890-ӕм азы Германийы паддзах Вильгельм Дыккаг Бисмаркы йӕ бынатӕй систа.

      e Цӕмӕй паддзахы хицаудзинадӕн тагъддӕр кӕрон ӕрцыдаид, уый тыххӕй уыдон, зӕгъӕм, паддзахы фарс нал уыдысты, хӕсты тыххӕй сусӕг хабӕрттӕ знӕгтӕн рахъӕр кодтой, стӕй паддзахӕн йӕ паддзахбадӕн ныууадзын кодтой.

      f Данелы 11:34 стихы куыд фыст ис, афтӕ, цӕгатаг паддзахы дӕлбар чи цард, уыцы чырыстӕттӕн-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фенцондӕр, уымӕн ӕмӕ-иу сӕ афтӕ тынг нал ӕфхӕрдтой. Зӕгъӕм, хабар афтӕ уыд, 1991-ӕм азы Советон Цӕдис куы фехӕлд, уӕд.

  • Ныртӕккӕ «цӕгатаг паддзах» чи у?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2020 | май
    • 20 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

      Ныртӕккӕ «цӕгатаг паддзах» чи у?

      «Йӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ йын ничи баххуыс кӕндзӕн» (ДАН. 11:45).

      95 ЗАРӔГ Рухс тынгӕй-тынгдӕр кӕны

      СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫa

      1, 2. Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

      АЦЫ дунейӕн йӕ фӕстаг бонты кӕрон кӕй цӕрӕм, уымӕн ныр уыйбӕрц бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, ӕмӕ уыцы хабар дызӕрдыггаг нӕу. Тагъд Йегъовӕ ӕмӕ Йесо Чырысти фесафдзысты, Хуыцауы Паддзахады ныхмӕ чи цӕуы, уыцы хицауӕдтӕ иууылдӕр. Фӕлӕ уӕдмӕ цӕгатаг паддзах ӕмӕ хуссайраг паддзах тох кӕндзысты кӕрӕдзиимӕ ӕмӕ Хуыцауы адӕмимӕ.

      2 Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Данелы 11:40–12:1 стихты цы пехуымпарад ис, уымӕ. Мах базондзыстӕм, ныртӕккӕ цӕгатаг паддзах чи у, уый. Стӕй аныхас кӕндзыстӕм, цы зындзинӕдтӕ нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонӕй цӕуылнӕ хъуамӕ тӕрсӕм, ууыл.

      ФӔЗЫНД НОГ ЦӔГАТАГ ПАДДЗАХ

      3, 4. Ныртӕккӕ цӕгатаг паддзах чи у? Бамбарын ӕй кӕн.

      3 1991 азы Советон Цӕдис куы фехӕлд, уӕд уыцы стыр территорийы алы рӕтты Хуыцауы адӕмӕн фӕзынд сӕрибардзинад, ӕмӕ афтӕ ахаста цасдӕр рӕстӕг. Данел уыцы сӕрибардзинады тыххӕй загъта, «иу гыццыл [сын] баххуыс кӕндзысты», зӕгъгӕ (Дан. 11:34). Уый фӕрцы Хуыцауы адӕмӕн сӕ бон уыд сӕрибарӕй хъусын кӕнын. Ӕмӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ раздӕры социалистон бӕстӕты хъусынгӕнджыты нымӕц схызт сӕдӕгай минтӕм. Цасдӕры фӕстӕ Уӕрӕсе ӕмӕ, йӕ фарс чи сты, уыцы бӕстӕтӕ систы цӕгатаг паддзах. Айразмӕйы статья куыд ӕмбарын кодта, афтӕмӕй цӕгатаг паддзахы ӕмӕ хуссайраг паддзахы базонӕн вӕййы ӕртӕ хъуыддагмӕ гӕсгӕ: 1) уыдон вӕййынц, Хуыцауы адӕмӕй бирӕтӕ кӕм фӕцӕрынц кӕнӕ карз ӕфхӕрд кӕм феййафынц, уыцы бӕстӕты хицауӕдтӕ; 2) сӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг вӕййы, Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ адӕмы знӕгтӕ кӕй сты; 3) уыцы дыууӕ паддзахы кӕрӕдзиимӕ фӕтох кӕнынц.

      4 Нӕ бон цӕмӕн у афтӕ зӕгъын, ӕмӕ ныртӕккӕ цӕгатаг паддзах у Уӕрӕсе ӕмӕ, йӕ фарс чи сты, уыцы бӕстӕтӕ? 1) Уыдон цӕуынц Хуыцауы адӕмы ныхмӕ: хъусын кӕнын сӕ нӕ уадзынц ӕмӕ, сӕ территориты цы сӕдӕгай мин хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ цӕры, уыдоны ӕфхӕрынц. 2) Афтӕ кӕй кӕнынц, уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйӕ ӕмӕ йын йӕ адӕмӕй се сӕфт кӕй уынынц. 3) Уыдон тох кӕнынц хуссайраг паддзахимӕ – Великобританиимӕ ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттимӕ. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Уӕрӕсе ӕмӕ, йӕ фарс чи сты, уыцы бӕстӕтӕ куыд равдыстой, цӕгатаг паддзах кӕй сты, уый.

      ЦӔГАТАГ ПАДДЗАХ ӔМӔ ХУССАЙРАГ ПАДДЗАХ ДАРДДӔР КӔРӔДЗИИМӔ «ХӔЦЫНЦ»

      5. Данелы 11:40–43 стихты цӕй кой ис?

      5 Бакӕс Данелы 11:40–43. Пехуымпарады ацы хайы дзырд цӕуы кӕроны рӕстӕгыл ӕмӕ, цӕгатаг паддзах ӕмӕ хуссайраг паддзах кӕрӕдзиимӕ кӕй тох кӕндзысты, ууыл. Данел ныффыста, кӕроны рӕстӕджы хуссайраг паддзах цӕгатаг паддзахимӕ кӕй «схӕцдзӕн» (Дан. 11:40).

      6. Дыууӕ паддзахы кӕрӕдзиимӕ кӕй «хӕцынц», уый цӕмӕй у бӕрӕг?

      6 Цӕгатаг паддзах ӕмӕ хуссайраг паддзах дарддӕр кӕрӕдзиимӕ тох кӕнынц, уымӕн ӕмӕ иуы дӕр ӕмӕ иннӕйы дӕр фӕнды, цӕмӕй уый уа дунейы ӕппӕты хъомысджындӕр паддзахад. Зӕгъӕм, Дыккаг дунеон хӕсты фӕстӕ Советон Цӕдисӕн ӕмӕ, йӕ фарс чи уыд, уыцы бӕстӕтӕн сӕ бар Европӕйы стыр хайыл цӕуын куы райдыдта, уӕд хуссайраг паддзах цалдӕр бӕстӕимӕ скодта ӕфсӕддон цӕдис – НАТО. Цӕгатаг паддзах дӕр ӕмӕ хуссайраг паддзах дӕр се ’фсӕдтыл ӕмӕ хӕцӕнгӕрзтыл тынг бирӕ ӕхца хардз кӕнынц. Уымӕй уӕлдай, Африкӕйы, Азийы ӕмӕ Латинаг Америкӕйы цы хӕстытӕ цыд, уыдоны-иу цӕгатаг паддзах рахӕцыд, хуссайраг паддзах кӕимӕ хӕцыд, уыдоны фарс. Фӕстаг азты Уӕрӕсейӕн ӕмӕ, йӕ фарс чи сты, уыцы бӕстӕтӕн сӕ бар цӕуын райдыдта ноджы фылдӕр бӕстӕтыл. Уыдон ма хуссайраг паддзахимӕ хӕцынц киберхӕстыты дӕр. Иу дзы иннӕйы фӕаххосджын кӕны, зӕгъгӕ, зианхӕссӕг компьютерон программӕтӕй пайда кӕны, цӕмӕй нӕ хицауады ныхмӕ тох кӕна ӕмӕ нӕ экономикӕ заууатмӕ ӕрцӕуа. Ӕмӕ, Данелы пехуымпарад куыд зӕгъы, афтӕ, цӕгатаг паддзах дарддӕр дӕр цӕуы Хуыцауы адӕмы ныхмӕ (Дан. 11:41).

      ЦӔГАТАГ ПАДДЗАХ БАЦЫД «РӔСУГЪД БӔСТӔМӔ»

      7. «Рӕсугъд бӕстӕ» цы у?

      7 Данелы 11:41 стихы фыст ис, зӕгъгӕ, цӕгатаг паддзах бацӕудзӕн «Рӕсугъд бӕстӕмӕ». Уый цавӕр бӕстӕ у? Раджы заманты уый уыди Израил. Уый нымад уыд «ӕппӕт зӕххыты фидыцыл» (Йез. 20:6). Фӕлӕ уыцы бӕстӕ иннӕ бӕстӕтӕй сӕйраджыдӕр уымӕй хицӕн кодта, ӕмӕ дзы цардысты, Йегъовӕйӕн чи лӕггад кодта, уыцы адӕм. Фӕлӕ н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бонӕй фӕстӕмӕ «Рӕсугъд бӕстӕ» цавӕрдӕр бынат нӕу. Ӕмӕ уымӕн гӕнӕн дӕр нӕй, уымӕн ӕмӕ абон Йегъовӕйы адӕм цӕрынц алы рӕтты ӕгас зӕххыл дӕр. Абон «Рӕсугъд бӕстӕ» у Йегъовӕйы организацийы зӕххон хай. Уыцы организацийы чи ис, уыдон цы аразынц, уымӕ хауы, ӕмбырдтӕм кӕй цӕуынц ӕмӕ кӕй хъусын кӕнынц, уый дӕр.

      8. Цӕгатаг паддзах-иу «Рӕсугъд бӕстӕмӕ» куыд бацыд?

      8 Фӕстаг бонты цӕгатаг паддзах бирӕ хӕттыты бацыд «Рӕсугъд бӕстӕмӕ». Зӕгъӕм, нацистон Германи цӕгатаг паддзах куы уыд, уӕд Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ӕфхӕрдта ӕмӕ сӕ мардта, уӕлдайдӕр Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг. Ӕмӕ-иу афтӕмӕй бацыд «Рӕсугъд бӕстӕмӕ». Дыккаг дунеон хӕсты фӕстӕ Советон Цӕдис цӕгатаг паддзах куы сси, уӕд уый дӕр бацыд «Рӕсугъд бӕстӕмӕ». Уый дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ӕфхӕрдта, стӕй-иу сӕ Сыбырмӕ ахаста.

      9. Ӕрӕджы Уӕрӕсе ӕмӕ, йӕ фарс чи сты, уыцы бӕстӕтӕ «Рӕсугъд бӕстӕмӕ» куыд бацыдысты?

      9 Ӕрӕджы та «Рӕсугъд бӕстӕмӕ» бацыдысты Уӕрӕсе ӕмӕ, йӕ фарс чи сты, уыцы бӕстӕтӕ. Куыд? 2017 азы Уӕрӕсе Йегъовӕйы адӕмы хъуыддаг сӕхгӕдта. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй кӕйдӕрты ӕрцахстой. Уымӕй уӕлдай ма нын нӕ публикацитӕ банымадтой экстремистон литературӕйыл, уыимӕ «Ног дунейы тӕлмац» дӕр. Уый фӕстӕ нын байстой нӕ филиал, стӕй Паддзахады залтӕ ӕмӕ Конгрессты залтӕ. Уыцы хабӕртты фӕстӕ 2018 азы Разамонӕг совет фехъусын кодта, Уӕрӕсе ӕмӕ, йӕ фарс чи сты, уыцы бӕстӕтӕ кӕй сты цӕгатаг паддзах. Фӕлӕ Йегъовӕйы адӕм карз ӕфхӕрд дӕр куы феййафынц, уӕд дӕр хицауады ныхмӕ нӕ фӕцӕуынц кӕнӕ йӕ ӕндӕрӕй баивыныл нӕ фӕархайынц. Уыдон Библийы уынаффӕмӕ гӕсгӕ фӕкувынц, «стыр бынӕттӕ чидӕриддӕр ахсы, уыдоны тыххӕй», уӕлдайдӕр хицауӕдтӕ нӕ сӕрибардзинадимӕ баст уынаффӕтӕ куы фӕхӕссынц, уӕд (1 Тим. 2:1, 2).

      ЦӔГАТАГ ПАДДЗАХ ХУССАЙРАГ ПАДДЗАХЫЛ ФӔУӔЛАХИЗ УЫДЗӔН?

      10. Цӕгатаг паддзах хуссайраг паддзахыл фӕуӕлахиз уыдзӕн? Бамбарын ӕй кӕн.

      10 Данелы 11:40–45 стихты цы пехуымпарад ис, уым фылдӕр цӕгатаг паддзахы кой цӕуы. Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ цӕгатаг паддзах хуссайраг паддзахыл фӕуӕлахиз уыдзӕн? Нӕ. Йегъовӕ ӕмӕ Йесо Армагеддоны хӕсты зӕххон хицауӕдтӕ иууылдӕр куы сафой, уӕд хуссайраг паддзах дӕр нырма «удӕгас» уыдзӕн, ома йӕ тыхы уыдзӕн (Рарг. 19:20). Афтӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн? Ӕркӕсӕм-ма, Данелы чиныджы ӕмӕ Раргомады цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдонмӕ.

      Хохӕй цы дур фӕхицӕн, уый сӕмбӕлд, алыхуызон згъӕртӕй конд чи у, уыцы стыр гуымирыйы къӕхтыл

      Армагеддоны хӕсты «дур», ома Хуыцауы Паддзахад, «стыр гуымиры» ныппырх кӕндзӕн, ома адӕмы хицаудзинадӕн кӕрон скӕндзӕн (кӕс 11 абзац)

      11. Данелы 2:43–45 стихты цы пехуымпарад ис, уый цӕуыл дзурӕг у? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

      11 Бакӕс Данелы 2:43–45. Пехуымпар Данел ныффыста ӕнахуыр стыр гуымирыйы тыххӕй. Йӕ хӕйттӕ конд уыдысты алыхуызон згъӕртӕй. Алы хай дӕр амыдта, Хуыцауы адӕмӕй-иу бирӕтӕ кӕм цардысты, уыцы паддзахадмӕ. Уыцы паддзахӕдтӕ сӕ тыхы уыдысты алы рӕстӕджыты. Гуымирыйӕн йӕ къӕхтӕ фадхъултӕй дӕлӕмӕ уыдысты ӕфсӕйнагӕй ӕмӕ ӕлыгӕй. Къӕхтӕ амонынц фӕстаг паддзахадмӕ – Англо-Америкаг дунеон паддзахадмӕ, ома Великобритани ӕмӕ Иугонд Штаттӕм. Ацы пехуымпарад ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад зӕххон хицауӕдтӕ иууылдӕр куы сафа, уӕд Великобритани ӕмӕ Иугонд Штаттӕ нырма сӕ тыхы уыдзысты.

      12. Сырдӕн йе ’вдӕм сӕр кӕмӕ амоны ӕмӕ уый зонын ахсджиаг цӕмӕн у?

      12 Апостол Иоанн дӕр ныффыста, кӕрӕдзи чи ивта ӕмӕ Хуыцауы адӕмӕй бирӕтӕ кӕм цардысты, уыцы дунеон паддзахӕдты тыххӕй. Йӕ пехуымпарады уыцы паддзахӕдтӕм амоны, авд сӕры кӕмӕн ис, уыцы сырд. Сырдӕн йе ’вдӕм сӕр у Англо-Америкаг дунеон паддзахад. Уый зонын ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ никуы ис фыст, ӕмӕ ма сырдӕн ноджыдӕр сӕр фӕзындзӕн. Ӕвдӕм сӕр нырма уыдзӕн дунеон паддзахад, Чырысти йӕ уӕларвон ӕфсӕдтимӕ уыцы паддзахад ӕмӕ ӕппӕт иннӕ паддзахӕдтӕ куы сафа, уӕд (Рарг. 13:1, 2; 17:13, 14)b.

      ТАГЪД РӔСТӔДЖЫ ЦӔГАТАГ ПАДДЗАХ ЦЫ САРАЗДЗӔН?

      13, 14. «Магогы зӕххӕй чи у, уыцы Гог» чи у ӕмӕ цы ис зӕгъӕн, Хуыцауы адӕмы ныхмӕ цӕмӕн рацӕудзӕн, уый тыххӕй?

      13 Йезекилы пехуымпарӕдтӕй иуы фӕрцы базонӕн ис, цӕгатаг паддзахӕн ӕмӕ хуссайраг паддзахӕн се сӕфт куы ’рцӕуа, уый размӕ цы ’рцӕудзӕн, уый. Куыд зыны, афтӕмӕй Йезекилы 38:10–23; Данелы 2:43–45; 11:44–12:1 ӕмӕ Раргомады 16:13–16, 21 цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдоны уыцы иу хабӕрттыл цӕуы дзырд. Ӕмӕ кӕд ӕцӕгдӕр афтӕ у, уӕд фидӕны хъуамӕ ’рцӕуа мӕнӕ ахӕм хабӕрттӕ.

      14 Стыр бӕллӕх куы райдайа, уымӕй иу цасдӕры фӕстӕ «ӕгас дунейы паддзӕхтӕ» скӕндзысты ӕппӕт зӕххон хицауӕдты цӕдис (Рарг. 16:13, 14; 19:19). Библи уыцы хицауӕдты цӕдис хоны «Магогы зӕххӕй чи у, уыцы Гог» (Йез. 38:2). Уыдон Хуыцауы адӕмыл сӕхи ныццӕвдзысты. Афтӕ цӕмӕн бакӕндзысты? Апостол Иоанн уыцы рӕстӕджы тыххӕй загъта, Хуыцауы знӕгтыл тынг стыр их кӕй ныууардзӕн. Ӕвӕццӕгӕн, уыцы их амоны карз тӕрхоны хабармӕ, ӕмӕ йӕ хъусын кӕндзысты Йегъовӕйы адӕм. Ӕмӕ, гӕнӕн ис, уыцы хабар фехъусгӕйӕ, Магогы зӕххӕй чи у, уыцы Гог рацӕудзӕн Хуыцауы адӕмы ныхмӕ, цӕмӕй сӕ зӕххы цъарӕй фесафа (Рарг. 16:21).

      15, 16. а) Данелы 11:44, 45 стихты цавӕр хабӕртты кой ис? б) Цӕгатаг паддзах ӕмӕ ма Гогмӕ ноджыдӕр чи хауы, уыцы паддзахӕдтӕ цы бауыдзысты?

      15 Данелы 11:44, 45 стихты дӕр, ӕвӕццӕгӕн, уыцы хабӕртты кой ис, ома Хуыцауы адӕм карз хабар кӕй хъусын кӕндзысты ӕмӕ Хуыцауы знӕгтӕ сӕ ныхмӕ кӕй рацӕудзысты, уый кой. (Бакӕс сӕ.) Данел зӕгъы, зӕгъгӕ, «хурыскӕсӕнӕй ӕмӕ цӕгатӕй ахӕм хабӕрттӕ ӕрыхъуысдзӕн, ӕмӕ [цӕгатаг паддзах] катайы бацӕудзӕн. Ӕмӕ мӕстӕй судзгӕйӕ рацӕудзӕн, цӕмӕй бирӕты пырх кӕна ӕмӕ сӕ сӕфты хай кӕна». Куыд зыны, афтӕмӕй ам дзырд «бирӕтӕ» амоны Йегъовӕйы адӕммӕ. Гӕнӕн ис, ацы ран Данел дзуры, Гог фӕстаг хатт Хуыцауы адӕмы ныхмӕ кӕй рацӕудзӕн, уый тыххӕйc.

      16 Цӕгатаг паддзах ӕмӕ иннӕ зӕххон паддзахӕдтӕ Хуыцауы адӕмы ныхмӕ куы рацӕуой, уӕд Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау мӕстӕй рафыцдзӕн. Ӕмӕ уӕд райдайдзӕн Армагеддон (Рарг. 16:14, 16). Уыцы рӕстӕг цӕгатаг паддзахӕн ӕмӕ ма Гогмӕ ноджыдӕр чи хауы, уыцы паддзахӕдтӕн сӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ сын «ничи баххуыс кӕндзӕн» (Дан. 11:45).

      Йесо Чырысти урс бӕхыл бады ӕмӕ хъавы фат суадзынмӕ. Зӕдтӕ дӕр урс бӕхтыл бадынц, сӕ къухты хъаматӕ

      Армагеддоны хӕсты Йесо Чырысти ӕмӕ йӕ уӕларвон ӕфсӕдтӕ Хӕйрӕджы дуне фесафдзысты ӕмӕ Хуыцауы адӕмы фервӕзын кӕндзысты (кӕс 17 абзац)

      17. Данелы 12:1 стихы кӕй кой ис, уыцы «номдзыд кънйаз» Михаил чи у? Ныртӕккӕ цы аразы ӕмӕ тагъд рӕстӕджы цы сараздзӕн?

      17 Бакӕс Данелы 12:1. Ацы стихӕй ис фылдӕр базонӕн, цӕгатаг паддзахӕн ӕмӕ, йӕ фарс чи сты, уыцы бӕстӕтӕн сӕ кӕрон куыд ӕрцӕудзӕн ӕмӕ мах куыд фервӕздзыстӕм, уый тыххӕй. Михаил у нӕ Паддзах Йесо Чырыстийӕн йӕ иннӕ ном. 1914 азы уӕлӕрвты Хуыцауы Паддзахады Паддзах куы сси, уӕдӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы адӕмы «сӕрыл... хӕцы». Тагъд рӕстӕджы та, Армагеддоны хӕсты, «сыстдзӕн», ома йе знӕгты фесафдзӕн. Уыцы хӕстӕй фӕуыдзӕн «тынг уӕззау рӕстӕг». Данел зӕгъы, адӕм куы фӕзындысты, уӕдӕй ахӕм уӕззау рӕстӕг никуыма уыд, зӕгъгӕ. Иоанны пехуымпарады та уыцы рӕстӕг хуыйны «стыр бӕллӕх» (Рарг. 6:2; 7:14).

      ДӔ НОМ «ЧИНЫДЖЫ» ФЫСТ ӔРЦӔУДЗӔН?

      18. Цы зындзинӕдтӕ нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонӕй цӕуылнӕ хъуамӕ тӕрсӕм?

      18 Данел дӕр ӕмӕ Иоанн дӕр ныффыстой, стыр бӕллӕхы Йегъовӕ ӕмӕ Йесо сӕ лӕггадгӕнджыты кӕй фервӕзын кӕндзысты. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ма тӕрсӕм, цы зындзинӕдтӕ нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонӕй. Данел зӕгъы, зӕгъгӕ, фервӕздзысты, сӕ нӕмттӕ «чиныджы... фыст» кӕмӕн уой, уыдон (Дан. 12:1). Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕ нӕмттӕ уыцы чиныджы фыст ӕрцӕуой? Хъуамӕ нӕ цардӕй бӕрӕг уа, Йесойыл, Хуыцауы Уӕрыккыл, кӕй ӕууӕндӕм (Иоан. 1:29). Хъуамӕ нӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕнӕм ӕмӕ донаргъуыд райсӕм (1 Пет. 3:21). Стӕй хъуамӕ, нӕ бон цы у, уый аразӕм, цӕмӕй иннӕтӕн Йегъовӕйы базонынӕн баххуыс кӕнӕм, ӕмӕ афтӕмӕй ӕвдисӕм, Хуыцауы Паддзахады фарс кӕй стӕм.

      19. Ныртӕккӕ цы хъуамӕ аразӕм ӕмӕ цӕмӕн?

      19 Ныртӕккӕ хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ организацийыл ноджы тынгдӕр ӕууӕндӕм. Ныртӕккӕ хъуамӕ ӕвдисӕм, Хуыцауы Паддзахады фарс кӕй стӕм. Ӕмӕ афтӕмӕй нӕ бон уыдзӕн фервӕзын, Хуыцауы Паддзахад цӕгатаг паддзахы ӕмӕ хуссайраг паддзахы куы фесафа, уӕд.

      ЦАВӔР ДЗУАПП РАТДЗЫНӔ?

      • Ныртӕккӕ «цӕгатаг паддзах» чи у?

      • Цӕгатаг паддзах-иу «Рӕсугъд бӕстӕмӕ» куыд бацыд?

      • Цӕгатаг паддзах ӕмӕ хуссайраг паддзах цы бауыдзысты?

      149 ЗАРӔГ Уӕлахизы зарӕг

      a Ныртӕккӕ «цӕгатаг паддзах» чи у ӕмӕ йӕ кӕрон куыд ӕрцӕудзӕн? Ацы фарстатӕн дзуапп куы базонӕм, уӕд нӕ уырнындзинад бафидар уыдзӕн. Стӕй ма нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй цӕттӕ уӕм, тагъд рӕстӕджы цы фӕлварӕнтыл сӕмбӕлдзыстӕм, уыдонмӕ.

      b Данелы 2:36–45 ӕмӕ Раргомады 13:1, 2 цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдоны тыххӕй фылдӕр кӕс 2012 азы 15 июны «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», 7–19 фӕрстыл.

      c Фылдӕр базоныны тыххӕй кӕс 2015 азы 15 майы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 29, 30 фӕрстӕ.

  • Кӕрӕдзиимӕ чи тох кӕны, уыцы паддзӕхтӕ кӕроны рӕстӕджы
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2020 | май
    • Кӕрӕдзиимӕ чи тох кӕны, уыцы паддзӕхтӕ кӕроны рӕстӕджы

      Ацы схемӕйы цы пехуымпарӕдты кой ис, уыдонӕй кӕцыдӕртӕ ӕххӕст кӕнынц уыцы иу рӕстӕг. Ацы пехуымпарӕдтӕ иууылдӕр ӕвдисынц, «кӕроны рӕстӕджы» кӕй цӕрӕм, уый (Дан. 12:4).

      Схемӕ; ӕвдыст ыл ис, 1870 азӕй нӕ рӕстӕджы онг цы пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст, стӕй, цӕгатаг паддзах ӕмӕ хуссайраг паддзах чи уыдысты, уый
      • Кӕроны рӕстӕджы уыцы иу рӕстӕг чи ӕххӕст кӕны, уыцы пехуымпарӕдтӕ (4 схемӕйӕ 1). Ӕххӕст кодтой 1870 азӕй 1918 азмӕ. 1914 азӕй фӕстӕмӕ у кӕроны рӕстӕг. 1-аг пехуымпарад: авд сӕры кӕмӕн ис, уыцы сырд фӕзынд, схемӕйы фыццаг цы аз у амынд, уый размӕ. Фыццаг дунеон хӕсты сырдӕн йӕ ӕвдӕм сӕр фӕцӕф. 1917 азӕй фӕстӕмӕ; ӕвдӕм сӕрӕн йӕ цӕф байгас, ӕмӕ сырд адзӕбӕх. 2-аг пехуымпарад: цӕгатаг паддзах ногӕй фӕзынд 1871 азы, хуссайраг паддзах та – 1870 азы. 1871 азы цӕгатаг паддзах сси Германи. Хуссайраг паддзах фыццаг уыди Великобритани, фӕлӕ 1917 азӕй фӕстӕмӕ хуссайраг паддзах у Англо-Америкаг дунеон паддзахад. 3-аг пехуымпарад: 1870 азӕй фӕстӕмӕ Расселл ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ сты «фидиуӕг». 1880 азӕй фӕстӕмӕ «Сионы хъахъхъӕнӕн мӕсыг» йӕ кӕсджытӕн фӕдзӕхсы, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕной. 4-ӕм пехуымпарад: 1914 азӕй фӕстӕмӕ – хуымгӕрдӕн афон; мӕнӕу хӕмпӕлгӕрдӕгӕй хицӕн кӕнын райдыдтой. 5-ӕм пехуымпарад: 1917 азӕй фӕстӕм зонӕм, фадхъултӕй дӕлӕмӕ ӕфсӕйнагӕй ӕмӕ ӕлыгӕй чи сты, уыцы къӕхтӕ кӕмӕ амонынц, уый. Схемӕйыл ма ӕвдыст ис, 1914–1918 азты дунейы цы хабӕрттӕ цыд, уыдон (Фыццаг дунеон хӕст), стӕй Йегъовӕйы адӕмимӕ баст хабӕрттӕ: 1914–1918 азты Великобританийы ӕмӕ Германийы Библииртасджыты ахӕстӕтты сбадын кодтой; Иугонд Штатты 1918 азы ахӕстоны сбадын кодтой, сӕйраг хайады чи уыд, уыцы ӕфсымӕрты
        1-аг пехуымпарад

        Стихтӕ. Рарг. 11:7; 12:13, 17; 13:1–8, 12.

        Пехуымпарад. «Сырд» зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн хицау уыд 3 000 азӕй фылдӕр. Кӕроны рӕстӕджы йӕ ӕвдӕм сӕр фӕцӕф. Фӕстӕдӕр йӕ цӕф байгас, ӕмӕ «ӕгас зӕхх дӕр» сырды фӕдыл ацыд. Хӕйрӕг уыцы сырды фӕрцы тох кӕны, «чи баззад, уыдонимӕ».

        Йӕ сӕххӕст. Доны хъаймӕты фӕстӕ фӕзынд, Йегъовӕйы ныхмӕ чи цыд, ахӕм хицауӕдтӕ. Уымӕй 3 000 азӕй фылдӕр куы рацыд, уӕд, Фыццаг дунеон хӕсты, Великобритани тынг ӕрлӕмӕгъ. Уый фӕстӕ сфидар, Иугонд Штаттӕ йӕм куы ӕрбаиу сты, уӕд. Уӕлдайдӕр кӕроны рӕстӕджы Хӕйрӕг ӕппӕт зӕххон хицауӕдтӕй дӕр пайда кӕны, цӕмӕй Хуыцауы адӕмы ӕфхӕра.

      • 2-аг пехуымпарад

        Стихтӕ. Дан. 11:25–45.

        Пехуымпарад. Цӕгатаг паддзах ӕмӕ хуссайраг паддзах кӕрӕдзиимӕ тох кӕнынц, бартӕ кӕй къухы уыдзысты, ууыл.

        Йӕ сӕххӕст. Германи тох кодта Великобританиимӕ ӕмӕ Иугонд Штаттимӕ. 1945 азы Советон Цӕдис ӕмӕ, йӕ фарс чи уыдысты, уыцы бӕстӕтӕ систы цӕгатаг паддзах. 1991 азы Советон Цӕдис фехӕлд. Ӕмӕ цасдӕры фӕстӕ цӕгатаг паддзах систы Уӕрӕсе ӕмӕ, йӕ фарс чи сты, уыцы бӕстӕтӕ.

      • 3-аг пехуымпарад

        Стихтӕ. Ис. 61:1; Мал. 3:1; Лук. 4:18.

        Пехуымпарад. Йегъовӕ йӕ «фидиуӕджы» рарвыста, цӕмӕй «фӕндаг асыгъдӕг» кӕна, цалынмӕ Мессийӕйы Паддзахад ӕвӕрд не ’рцыд, уӕдмӕ. Уыцы «фидиуӕг» райдыдта «сабыр адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнын».

        Йӕ сӕххӕст. 1870 азы ӕфсымӕр Расселл ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ райдыдтой Библи лӕмбынӕг иртасын ӕмӕ ӕмбарын кӕнын, бӕлвырдӕй цы дзуры, уый. 1881 азы бамбӕрстой, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ ӕнӕмӕнг кӕй хъуамӕ хъусын кӕной. Мыхуыры рауагътой статьятӕ «Хъӕуы 1 000 хъусынгӕнӕджы» ӕмӕ «Сӕрст сты хъусын кӕнынӕн».

      • 4-ӕм пехуымпарад

        Стихтӕ. Матф. 13:24–30, 36–43.

        Пехуымпарад. Знаг мӕнӕуы хуымы байтыдта хӕмпӕлгӕрдӕг. Хӕмпӕлгӕрдӕг куы сзад, уӕд мӕнӕу нал зынди. Фӕлӕ хуымгӕрдӕн афон мӕнӕу хӕмпӕлгӕрдӕгӕй хицӕн кӕнын райдыдтой.

        Йӕ сӕххӕст. 1870 азӕй фӕстӕмӕ тынгӕй-тынгдӕр зыны, ӕцӕг чырыстӕттӕ ӕмӕ мӕнг чырыстӕттӕ кӕрӕдзийӕ кӕй хицӕн кӕнынц, уый. 1914 азы фӕстӕ зӕдтӕ райдыдтой мӕнг чырыстӕтты «ӕмбырд кӕнын», ома сӕ ӕцӕг чырыстӕттӕй хицӕн кӕнын.

      • 5-ӕм пехуымпарад

        Стихтӕ. Дан. 2:31–33, 41–43.

        Пехуымпарад. Алыхуызон згъӕртӕй конд чи у, уыцы гуымирыйы къӕхтӕ фадхъултӕй дӕлӕмӕ сты ӕфсӕйнагӕй ӕмӕ ӕлыгӕй.

        Йӕ сӕххӕст. Ӕлыг амоны, Великобританийы ӕмӕ Иугонд Штатты чи цӕры ӕмӕ хицауады ныхмӕ чи цӕуы, уыцы хуымӕтӕг адӕммӕ. Уыцы адӕмы тыххӕй Англо-Америкаг дунеон паддзахадӕн йӕ бон нӕу ӕфсӕйнаджы хуызӕн фидарӕй архайын.

      • Кӕроны рӕстӕджы уыцы иу рӕстӕг чи ӕххӕст кӕны, уыцы пехуымпарӕдтӕ (4 схемӕйӕ 2). Ӕххӕст кодтой 1919 азӕй 1945 азмӕ. 1945 азмӕ цӕгатаг паддзах уыд Германи. Хуссайраг паддзах у Англо-Америкаг дунеон паддзахад. 6-ӕм пехуымпарад: 1919 азы сӕрст чырыстӕттӕ ӕмбырдгонд цӕуынц, чи ссыгъдӕг, уыцы ӕмбырдмӕ. 1919 азӕй фӕстӕмӕ хорз хабар ноджы тынгдӕр хъуыстгонд цӕуы. 7-ӕм пехуымпарад: 1920 азы фӕзынд Нациты Лигӕ ӕмӕ уыди Дыккаг дунеон хӕсты райдианмӕ. Схемӕйыл ма ӕвдыст ис: 1-аг пехуымпарад (авд сӕры кӕмӕн ис, уыцы сырд) дарддӕр ӕххӕст кӕны; 5-ӕм пехуымпарад (къӕхтӕ фадхъултӕй дӕлӕмӕ ӕфсӕйнагӕй ӕмӕ ӕлыгӕй) дарддӕр ӕххӕст кӕны; 1939–1945 азты дунейы цы хабӕрттӕ цыд, уыдон (Дыккаг дунеон хӕст), стӕй Йегъовӕйы адӕмимӕ баст хабӕрттӕ: Германийы 1933–1945 азты 11 000 Ӕвдисӕнӕй фылдӕр ахӕстӕтты бакодтой; Великобританийы 1939–1945 азты 1 600 Ӕвдисӕны бӕрц ахӕстӕтты бакодтой. Иугонд Штатты 1940–1944 азты знӕт адӕм 2 500 хаттӕй фылдӕр сӕхи Ӕвдисӕнтыл ныццавтой
        6-ӕм пехуымпарад

        Стихтӕ. Матф. 13:30; 24:14, 45; 28:19, 20.

        Пехуымпарад. «Мӕнӕу» ӕмбырд кӕнынц «хордоны»; хицау йӕ «хӕдзаронты» бакодта «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» бар. «Хуыцауы паддзахады тыххӕй... хорз хабар» хъусын кӕнын райдыдтой «ӕгас зӕххы цъарыл дӕр».

        Йӕ сӕххӕст. 1919 азы ӕууӕнкджын цагъар ӕвӕрд ӕрцыд, цӕмӕй Хуыцауы адӕмыл тыхса. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Библииртасджытӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы ноджы зӕрдиагдӕрӕй архайынц. Абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хъусын кӕнынц 200 бӕстӕйӕ фылдӕры ӕмӕ 1 000 ӕвзагӕй фылдӕрыл уадзынц Библи ӕмбарынгӕнӕн публикацитӕ.

      • 7-ӕм пехуымпарад

        Стихтӕ. Дан. 12:11; Рарг. 13:11, 14, 15.

        Пехуымпарад. Дыууӕ сыкъайы кӕмӕн ис, уыцы сырд зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн дзуры, цӕмӕй, авд сӕры кӕмӕн ис, уыцы «сырды ныв скӕной». Ӕмӕ уыцы «нывы» цард бауагъта.

        Йӕ сӕххӕст. Англо-Америкаг дунеон паддзахады фӕндӕй арӕзт ӕрцыд Нациты Лигӕ. Ӕрбаиу ӕм сты ӕндӕр бӕстӕтӕ дӕр. Уый фӕстӕ йӕм ӕрбаиу цӕгатаг паддзах дӕр, фӕлӕ дзы цалдӕр азы йеддӕмӕ нӕ уыд – 1926 азӕй 1933 азмӕ. Адӕмы уырныдта, Нациты Лигӕ зӕххыл сабыр цард кӕй скӕндзӕн. Ӕмӕ Иугонд Нациты Организацийӕ дӕр афтӕ хъуыды кӕнынц. Фӕлӕ уый ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахады бон у саразын.

      • Кӕроны рӕстӕджы уыцы иу рӕстӕг чи ӕххӕст кӕны, уыцы пехуымпарӕдтӕ (4 схемӕйӕ 3). Ӕххӕст кодтой 1945 азӕй 1991 азмӕ. 1991 азмӕ цӕгатаг паддзах уыд Советон Цӕдис ӕмӕ, йӕ фарс чи уыдысты, уыцы бӕстӕтӕ, уый фӕстӕ та цӕгатаг паддзах сси Уӕрӕсе ӕмӕ, йӕ фарс чи сты, уыцы бӕстӕтӕ. Хуссайраг паддзах у Англо-Америкаг дунеон паддзахад. 8-ӕм пехуымпарад: Атомон бомбӕйы срӕмыгъды фӕстӕ фӕздӕг хӕрдмӕ цӕуы; уый амоны, Англо-Америкаг дунеон паддзахад цы стыр зиан ӕрхаста, уымӕ. 9-ӕм пехуымпарад: 1945 азы фӕзынд Иугонд Нациты Организаци, уый уыди Нациты Лигӕйы бӕсты. Схемӕйыл ма ӕвдыст ис: 1-аг пехуымпарад (авд сӕры кӕмӕн ис, уыцы сырд) дарддӕр ӕххӕст кӕны; 5-ӕм пехуымпарад (къӕхтӕ фадхъултӕй дӕлӕмӕ ӕфсӕйнагӕй ӕмӕ ӕлыгӕй) дарддӕр ӕххӕст кӕны; 6-ӕм пехуымпарад: 1945 азы уыди 156 000 хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр, 1991 азы та – 4 278 000 хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр. Йегъовӕйы адӕмимӕ баст хабӕрттӕ: 1945–1950 азты Ӕвдисӕнтӕй мингӕйттӕ Сыбырмӕ хаст ӕрцыдысты
        8-ӕм пехуымпарад

        Стихтӕ. Дан. 8:23, 24.

        Пехуымпарад. Тызмӕгхуыз паддзах «бӕстӕ пырх кӕндзӕн».

        Йӕ сӕххӕст. Англо-Америкаг дунеон паддзахад стыр зиан ӕрхаста. Зӕгъӕм, Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг Иугонд Штаттӕ ӕрӕппӕрстой дыууӕ атомон бомбӕйы, Иугонд Штаттӕн ӕмӕ Великобританийӕн се знаг чи уыд, уыцы бӕстӕйыл. Кӕм сӕ ӕрӕппӕрстой, уым бӕстӕ ныппырх кодтой ӕмӕ дзы дуне адӕм фӕцагъды.

      • 9-ӕм пехуымпарад

        Стихтӕ. Дан. 11:31; Рарг. 17:3, 7–11.

        Пехуымпарад. Дӕссыкъаджын «сырх-сырхид сырд» дӕлдзӕхӕй схызт; уый у ӕстӕм паддзах. Данелы чиныг ацы паддзахы хоны «бӕстӕ чи сафы, уыцы ӕлгъагдзинад».

        Йӕ сӕххӕст. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг Нациты Лигӕ ницы арӕзта. Хӕсты фӕстӕ арӕзт ӕрцыд Иугонд Нациты Организаци. Адӕмы уый размӕ Нациты Лигӕйӕ куыд уыд ныфс, афтӕ сӕ ныр Иугонд Нациты Организацийӕ дӕр ныфс ис, зӕххыл сабыр цард кӕй скӕндзӕн. Фӕлӕ уый ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахады бон у саразын. Иугонд Нациты Организаци йӕхи динтыл ныццӕвдзӕн.

      • Кӕроны рӕстӕджы уыцы иу рӕстӕг чи ӕххӕст кӕны, уыцы пехуымпарӕдтӕ (4 схемӕйӕ 4). Ӕххӕст кӕнынц нӕ рӕстӕгӕй Армагеддонмӕ. Цӕгатаг паддзах у Уӕрӕсе ӕмӕ, йӕ фарс чи сты, уыцы бӕстӕтӕ. Хуссайраг паддзах у Англо-Америкаг дунеон паддзахад. 10-ӕм пехуымпарад: хицӕуттӕ фехъусын кӕндзысты «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад». Уый фӕстӕ райдайдзӕн стыр бӕллӕх. 11-ӕм пехуымпарад: хицауӕдтӕ мӕнг динтӕ фесафдзысты. 12-ӕм пехуымпарад: зӕххон хицауӕдтӕ Хуыцауы адӕмы ныхмӕ рацӕудзысты. Сӕрст чырыстӕттӕй ма чи баззайа, уыдон уӕлӕрвтӕм ист ӕрцӕудзысты. 13-ӕм пехуымпарад: Армагеддон. Урс бӕхыл чи бады, уый фӕуӕлахиз. Авд сӕры кӕмӕн ис, уыцы сырд сӕфт ӕрцыд; стыр гуымирыйы къӕхтыл дур сӕмбӕлд ӕмӕ йӕ ныппырх кодта. Схемӕйыл ма ӕвдыст ис: 1-аг пехуымпарад (авд сӕры кӕмӕн ис, уыцы сырд) ӕххӕст кӕны Армагеддоны онг. 5-ӕм пехуымпарад (къӕхтӕ фадхъултӕй дӕлӕмӕ ӕфсӕйнагӕй ӕмӕ ӕлыгӕй) ӕххӕст кӕны Армагеддоны онг. 6-ӕм пехуымпарад: абон ис 8 680 000 хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр. Йегъовӕйы адӕмимӕ баст хабӕрттӕ: 2017 азы Уӕрӕсейы хицауад Ӕвдисӕнтӕй кӕйдӕрты ӕрцахста ӕмӕ нын нӕ филиал байста
        10-ӕм ӕмӕ 11-ӕм пехуымпарӕдтӕ

        Стихтӕ. 1 Фес. 5:3; Рарг. 17:16.

        Пехуымпарад. Хицӕуттӕ фехъусын кӕндзысты «сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад», ӕмӕ «дӕс сыкъайы ӕмӕ сырд» сӕхи ныццӕвдзысты «хӕтаг сылгоймагыл» ӕмӕ йӕ сӕфты хай бакӕндзысты. Уый фӕстӕ се сӕфт ӕрцӕудзӕн.

        Йӕ сӕххӕст. Хицӕуттӕ фехъусын кӕндзысты, кӕй сын бантыст зӕххыл сабыр ӕмӕ ӕдас цард скӕнын. Уый фӕстӕ, Иугонд Нациты Организацийы чи ис, уыцы хицауӕдтӕ мӕнг динтӕ фесафдзысты. Уымӕй райдайдзӕн стыр бӕллӕх. Ӕмӕ фӕуыдзӕн, Йесо Армагеддоны Хӕйрӕджы дуне ӕнӕхъӕнӕй дӕр куы фесафа, уӕд.

      • 12-ӕм пехуымпарад

        Стихтӕ. Йез. 38:11, 14–17; Матф. 24:31.

        Пехуымпарад. Гог бабырсдзӕн Хуыцауы адӕмы зӕхмӕ. Зӕдтӕ «’взӕрст адӕмы» ӕрӕмбырд кӕндзысты.

        Йӕ сӕххӕст. Цӕгатаг паддзах иннӕ хицауӕдтимӕ иумӕ Хуыцауы адӕмы ныхмӕ рацӕудзӕн. Уыцы хабар куы райдайа, уымӕй цасдӕры фӕстӕ, сӕрст чырыстӕттӕй ма чи баззайа, уыдон уӕлӕрвтӕм ист ӕрцӕудзысты.

      • 13-ӕм пехуымпарад

        Стихтӕ. Йез. 38:18–23; Дан. 2:34, 35, 44, 45; Рарг. 6:2; 16:14, 16; 17:14; 19:20.

        Пехуымпарад. «Урс бӕхыл» чи бады, уый Гогыл ӕмӕ йе ’фсадыл фӕуӕлахиз. Сырд «ӕппӕрст ӕрцыд сондонӕй судзгӕ цады»; стыр гуымирыйыл дур сӕмбӕлд ӕмӕ йӕ ныппырх кодта.

        Йӕ сӕххӕст. Йесо, Хуыцауы Паддзахады Паддзах, Хуыцауы адӕмы фервӕзын кӕндзӕн. 144 000 паддзахимӕ ӕмӕ йӕ зӕдты ӕфсӕдтимӕ ӕппӕт зӕххон хицауӕдты цӕдис ныппырх кӕндзӕн. Афтӕмӕй Хӕйрӕджы дуне ӕнӕхъӕнӕй дӕр сӕфт ӕрцӕудзӕн.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын