Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w25 сентябрь 26–30 фф.
  • Йегъовӕйы руаджы дидинӕг калдтам, кӕм-иу нӕ ныссагътой, уым

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йегъовӕйы руаджы дидинӕг калдтам, кӕм-иу нӕ ныссагътой, уым
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йегъовӕ мын раарфӕ кодта, ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ уыдтӕн, афтӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
  • Йегъовӕ мын мӕ фӕндаг раст кодта
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2021
  • Нӕ лӕггады исты куы фӕива, уӕддӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕндзыстӕм
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
  • Цӕрӕнбонты ахуыр кӕнӕм нӕ Кадджын Зондамонӕгӕй
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
w25 сентябрь 26–30 фф.
Матс ӕмӕ Анн-Катрин Кассхольм лӕууынц сӕ фургоны раз иу хъӕуы.

БИОГРАФИ

Йегъовӕйы руаджы дидинӕг калдтам, кӕм-иу нӕ ныссагътой, уым

РАДЗЫРДТОЙ ЙӔ МАТС ӔМӔ АНН-КАТРИН КАССХОЛЬМ

«Дидинӕг калут, сагъд кӕм стут, уым». Ацы уынаффӕ, чи зоны, кӕмӕдӕр ӕнахуыр фӕкӕса. Фӕлӕ Матс ӕмӕ Анн-Катри́н (сты Швецийӕ) бирӕ хӕттыты ӕрцыдысты сагъд ног бынаты. Афтӕ куыд рауад? Ӕмӕ сын ацы уынаффӕ куыд ӕххуыс кодта?

Матс ӕмӕ Анн-Катрин ахуыр кодтой Галаады скъолайы 1979 азы. Растдӕр уым фехъуыстой уыцы уынаффӕ сӕ ахуыргӕнджытӕй иуӕй, Джек Ре́дфордӕй. Сӕ ахуыры фӕстӕ сӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ «ныссагътой» ног бынаты. Лӕггад кодтой Заиры, Ираны, Маврикийы, Мьянмӕйы, Танзанийы ӕмӕ Угандӕйы, ӕмӕ алы ран дӕр дидинӕг калдтой. Цӕй ӕмӕ базонӕм, ацы уынаффӕ сын куыд ӕххуыс кодта.

Радзурут-ма, рӕстдзинад куыд базыдтат?

Матс: Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕг мӕ фыд Польшӕйы цард ӕмӕ католикон аргъуаны бирӕ цӕстмӕ митӕ федта. Фӕлӕ-иу арӕх дзырдта, зӕгъгӕ, дам, ӕз зонын, раст дин уӕддӕр кӕмдӕр ис. Ӕмӕ фӕстӕдӕр уый мӕхӕдӕг дӕр бамбӕрстон. Кӕсын бирӕ уарзтон, ӕмӕ, ног чи нӕ уыд, ахӕм чингуытӕ арӕх ӕлхӕдтон. Иухатт мӕ цӕст ӕрхӕцыд иу ӕрвхуызцъар чиныгыл, хуынди «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг ӕцӕгдзинад». Йӕ ном мӕм тынг диссаг фӕкаст, ӕмӕ йӕ балхӕдтон. Иу ӕхсӕвмӕ йӕ бакастӕн ӕмӕ бамбӕрстон, рӕстдзинад кӕй ссардтон!

Уый уыди 1972 азы апрелы. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕй тынг бирӕ бакастӕн, ӕмӕ мӕ фарстатӕн дзуаппытӕ ссардтон. Мӕхимӕ кастӕн, Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы цы сӕудӕджеры кой ракодта, уый хуызӕн. Уый ссардта тынг зынаргъ налхъуыт ӕмӕ йӕ балхӕныны тыххӕй, цыдӕриддӕр ӕм уыд, уый ауӕй кодта. Мӕн тынг фӕндыд университетмӕ бацӕуын ӕмӕ дохтырыл сахуыр кӕнын. Фӕлӕ, «зынаргъ налхъуыт» куы ссардтон, ома рӕстдзинад куы базыдтон, уӕд мӕ фӕндтӕ, зӕгъӕн ис, «ауӕй кодтон» (Матф. 13:45, 46). Ӕмӕ 1972 азы 10 декабры донаргъуыд райстон.

Афӕдз дӕр нӕ рацыд, афтӕ мӕ ныййарджытӕ ӕмӕ мӕ кӕстӕр ӕфсымӕр дӕр рӕстдзинады фӕндагыл слӕууыдысты. 1973 азы июлы райдыдтон пионерӕй лӕггад кӕнын. Не ’мбырды цы зынгзӕрдӕ пионертӕ уыди, уыдонӕй сӕ иу уыд Анн-Катрин. Йегъовӕйы бирӕ уарзта, ӕмӕ мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди. Гъемӕ кӕрӕдзийы бауарзтам ӕмӕ 1975 азы нӕ цард баиу кодтам. Уый фӕстӕ цыппар азы лӕггад кодтам рӕсугъд шведаг горӕт Стрёмсунды. Адӕм дзы хорз хабармӕ тынг хорз хъуыстой.

Анн-Катрин: Мӕ фыд рӕстдзинад базыдта, Стокгольмы университеты куы ахуыр кодта, уӕд. Уӕд мыл ӕртӕ мӕйы йеддӕмӕ нӕма цыд. Фӕлӕ мӕ фыд ӕмбырдмӕ цыдаид ӕви уацамынды,– ӕдзух-иу йемӕ уыдтӕн. Уый мӕ мады зӕрдӕмӕ нӕ цыд, ӕмӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ раст кӕй не сты, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ агуырдта. Фӕлӕ ницы ссардта. Ӕмӕ фӕстӕдӕр йӕхӕдӕг дӕр донаргъуыд райста. Ӕз та донаргъуыд райстон, 13 азы мыл куы цыд, уӕд. 16-аздзыдӕй та райдыдтон пионерӕй лӕггад кӕнын. Лӕггад кодтон, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кодта, иу ахӕм горӕты, У́меойы. Ӕмӕ нырма уым лӕггад кодтон, афтӕ мӕ сӕрмагонд пионерӕй снысан кодтой.

Матсимӕ нӕ цард куы баиу кодтам, уый фӕстӕ цалдӕр адӕймагӕн баххуыс кодтам рӕстдзинады фӕндагыл слӕууынӕн. Сӕ иу уыд ӕрыгон чызг, Ма́йвор. Майворӕн йӕ бон уыд, ӕмӕ зындгонд спортсмен суыдаид. Фӕлӕ йӕ Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын кӕй фӕндыд, уый тыххӕй спорт ныууагъта ӕмӕ мӕ кӕстӕр хоимӕ пионертӕй лӕггад кӕнын райдыдтой. 1984 азы Галаады скъола каст фесты ӕмӕ миссионертӕй лӕггад кӕнынц Эквадоры.

Миссионертӕй бирӕ рӕтты лӕггад кодтат. Зӕгъут-ма, Галаады скъолайы цы уынаффӕ фехъуыстат, дидинӕг калут, сагъд кӕм стут, уым, зӕгъгӕ, уый уын куыд ӕххуыс кодта?

Матс: Арӕх-иу нӕ ныссагътой ӕндӕр ран. Фӕлӕ алы ран дӕр архайдтам, цӕмӕй, Йесойы мидӕг цы уидӕгтӕ ауагътам, уыдон фидар кодтаиккам, ома йӕ алцӕмӕй дӕр фӕзмыдтаиккам, уӕлдайдӕр та йӕ сӕрныллӕгдзинадӕй (Кол. 2:6, 7). Зӕгъӕм, мах не ’нхъӕлмӕ кастыстӕм, цӕмӕй-иу бынӕттон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ алцыдӕр арӕзтаиккой, мах куыд ахуыр уыдыстӕм, афтӕ. Фӕлӕ архайдтам, цӕмӕй-иу базыдтаиккам, цы аразынц, уый афтӕ цӕмӕн аразынц, уый. Фӕндыд-иу нӕ бамбарын сӕ зондахаст ӕмӕ сӕ культурӕ. Ӕмӕ-иу нын Йесойы фӕзмын цас хуыздӕр уад, уыйас-иу тынгдӕр уыдыстӕм «доны был сагъд бӕласы хуызӕн», ӕмӕ-иу нӕ кӕм ныссагътой, уым-иу дидинӕг калдтам (Пс. 1:2, 3).

Матс ӕмӕ Анн-Катрин Кассхольмӕн сӕ къухты ис чемодан ӕмӕ хӕринӕгтӕ.

Ӕмбырдтӕ бӕрӕг кӕныны тыххӕй нӕ ӕдзух хъуыди иу ранӕй иннӕ ранмӕ цӕуын

Анн-Катрин: Бӕлас ӕндӕр бынаты куы ныссадзынц, уӕд цӕмӕй ӕрхӕца, уый тыххӕй йӕ фӕхъӕуы хъарм хуры тынтӕ. Ӕмӕ махӕн нӕ «хур» алкӕддӕр уыд Йегъовӕ (Пс. 84:11). Йегъовӕ нын цы бирӕ уарзӕгой хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ радта, уыдон нӕ алкӕддӕр сӕ уарзтӕй тавтой. Нӕ гыццыл ӕмбырды Тегераны (Иран) хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ уыдысты тынг уазӕгуарзон ӕмӕ рӕдау. Уыдонмӕ кӕсгӕйӕ-иу нӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд Йегъовӕйы рагон лӕггадгӕнджыты уазӕгуарзондзинад. Ираны нӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди. Фӕлӕ 1980 азы июлы бынӕттон хицауад Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъуыддаг сӕхгӕдта. Ӕмӕ нын иу бон фехъусын кодтой, бӕстӕйӕ кӕй хъуамӕ ацӕуӕм. Уымӕн нын радтой дыууӕ суткӕйы. Уый фӕстӕ нӕ снысан кодтой Заирмӕ (ныр у Демократон Республикӕ Конго).

Хуымӕтӕг хӕдзар иу хъӕуы, Заиры.

Заиры куы лӕггад кодтам, уыцы диссаджы рӕстӕджытӕ, 1982 аз

Африкӕмӕ нӕ кӕй снысан кодтой, уый куы базыдтон, уӕд фӕкуыдтон. Кӕлмытӕй ӕмӕ дзы алыхуызон низтӕй тӕссаг кӕй у, уый фехъуыстон, ӕмӕ тынг тарстӕн. Фӕлӕ нӕ дыууӕ ӕввахс ӕмбалы, лӕг ӕмӕ ус, Африкӕйы бирӕ азты дӕргъы лӕггад кодтой, ӕмӕ нын загътой: «Тӕрсгӕ ма кӕнут, уӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцӕудзӕн. Кӕсгӕ-ма-иу кӕнут!» Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ рауад. Африкӕйы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ уыдысты тынг зӕрдӕхӕлар ӕмӕ сӕ уарзондзинад никӕмӕн ӕвгъау кодтой. Ӕхсӕз азы фӕстӕ нын Заиры дӕр нӕ хъуыддаг сӕхгӕдтой, ӕмӕ нӕ уырдыгӕй цӕуын бахъуыд. Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодтон: «Курын дӕ, исты-ма сараз, цӕмӕй ам баззайӕм». Уый мӕхимӕ дӕр худӕг фӕкаст, зӕгъын, уый Африкӕмӕ цӕуын кӕй нӕ фӕндыд, уый у!

Радзурут-ма, уыцы азты дӕргъы цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын стут?

Анн-Катрин тухгӕ бандоныл бады сӕ машинӕ «Фольксваген-Комби»-йы раз.

Нӕ «цӕрӕнуат» Танзанийы, 1988 аз

Матс: Алы рӕтты кӕй лӕггад кодтам, уый фӕрцы балымӕн стӕм иннӕ миссионертимӕ ӕндӕр бӕстӕтӕй. Стыр циндзинад ма нын хастой нӕ Библийы ахуыртӕ дӕр. Кӕцыдӕр бӕстӕты-иу хатт уагътам фӕйнӕ 20 Библийы ахуыры бӕрц. Никуы нӕ ферох уыдзӕн нӕ африкаг хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уарзондзинад ӕмӕ уазӕгуарзондзинад. Танзанийы ӕмбырдтӕ куы бӕрӕг кодтам, уӕд-иу нӕ «цӕрӕнуат» – машинӕ «Фольксваген-Комби» – сӕвӕрдтам ӕфсымӕртӕй искӕй хӕдзары раз. Сӕ уазӕгуарзондзинад ӕмбисондӕн дзуринаг у! Уыдон-иу нын «сарӕзтой, сӕ бон цыдӕриддӕр уыди, уый ӕмӕ уымӕй дӕр фылдӕр» (2 Кор. 8:3). Анн-Катринимӕ ма ноджыдӕр иу цыдӕр тынг цыди нӕ зӕрдӕмӕ: алы бон дӕр-иу изӕры нӕ боны хабӕрттӕ кӕрӕдзийӕн кодтам ӕмӕ-иу Йегъовӕйӕн бузныг дзырдтам, немӕ кӕй уыд, уый тыххӕй.

Анн-Катрин: Мӕнӕн та стыр циндзинад хӕссы, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты алы бӕстӕтӕй кӕй базыдтон, уый. Мах сахуыр кодтам ног ӕвзӕгтӕ, зӕгъӕм, фарси, французаг, лугандӕ ӕмӕ суахили. Стӕй базонгӕ стӕм алыхуызон культурӕтимӕ. Ног хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кодтам сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн. Фӕзынд нын хорз ӕмбӕлттӕ, ӕмӕ иумӕ Йегъовӕйӕн «уӕхски-уӕхск» лӕггад кодтам (Соф. 3:9).

Дисы ма нӕ ӕфтыдтой, Йегъовӕ цы диссӕгтӕ сфӕлдыста, уыдон. Ног ранмӕ-иу нӕ куы снысан кодтой, уӕд-иу нӕм афтӕ каст, цыма та Йегъовӕимӕ ног балцы цӕуӕм. Уый нӕ ахӕм цӕуылдӕрты сахуыр кодта, ӕмӕ уыдӕттыл нӕхӕдӕг никуы сахуыр уыдаиккам.

Цалдӕр нывы: 1. Матс ӕмӕ Анн-Катрин хъусын кӕнынц иу сылгоймагӕн ӕмӕ йӕ фондз сывӕллонӕн. 2. Анн-Катрин хъусын кӕны иу лӕппуйӕн масаи адӕмыхаттӕй.

Хъусын кӕнӕм Танзанийы алыхуызон адӕмӕн

Цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлдыстут ӕмӕ уын цы баххуыс кодта сӕ сӕрты ахизынӕн?

Матс: Хатт-иу рынчын дӕр фестӕм, зӕгъӕм, тӕфсӕгӕй (малярия). Анн-Катринӕн та цалдӕр хатты ӕнӕнхъӕлӕджы бахъуыди операци скӕнын. Мӕт ма кодтам нӕ ацӕргӕ ныййарджытыл дӕр. Мах тынг бузныг стӕм нӕ хӕрзхотӕй ӕмӕ ’фсымӕртӕй, кӕй сӕм кастысты, уый тыххӕй. Сывӕллӕттыл ныййарджыты раз цы хӕс ис, уый ӕххӕст кодтой ӕхсызгонӕй, ӕнӕ хъуыр-хъуырӕй (1 Тим. 5:4). Кӕд дард уыдыстӕм, уӕддӕр нӕ ныййарджытӕн, нӕ бон цӕмӕй уыд, уымӕй ӕххуыс кодтам. Фӕлӕ-иу уӕддӕр хатт нӕхимӕ азым хастам, нӕ бон сын фылдӕр саразын кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй.

Анн-Катрин: 1983 азы Заиры куы лӕггад кодтам, уӕд халерӕй тынг фӕрынчын дӕн. Матсӕн дохтыр загъта: «Ацы бӕстӕйы йӕ иу бон дӕр мауал ныууадз!» Ӕмӕ дыккаг бон Швецимӕ атахтыстӕм, ӕцӕг уӕзласӕн хӕдтӕхӕгыл, уымӕн ӕмӕ ӕндӕр рейсытӕ нӕ уыд.

Матс: Мах ӕнхъӕлдтам, ӕмӕ миссионертӕй лӕггад кӕнын нӕ бон никуыуал бауыдзӕн, ӕмӕ фӕкуыдтам. Фӕлӕ кӕд дохтыртӕ дзырдтой, ӕмӕ Анн-Катрин нал сдзӕбӕх уыдзӕн, уӕддӕр сдзӕбӕх. Ӕмӕ стӕй, иу азы фӕстӕ, Заирмӕ ӕрыздӕхтыстӕм. Лӕггад кодтам горӕт Лубумба́шийы иу гыццыл ӕмбырды, дзырдтой дзы ӕвзаг суахилийыл.

Анн-Катрин: Лубумбашийы куы лӕггад кодтам, уӕд басывӕрджын дӕн, фӕлӕ, хъыгагӕн, февзӕр дӕн. Ӕмӕ кӕд цот рауадзын нӕ фӕнд кодтам, уӕддӕр тынг маст кодтам, нӕ сывӕллон кӕй амард, уый тыххӕй. Уыцы рӕстӕг нын Йегъовӕ скодта, ӕнхъӕл дӕр кӕмӕн нӕ уыдыстӕм, ахӕм лӕвар. Уӕд цас адӕмимӕ райдыдтам Библи ахуыр кӕнын, уыйбӕрц уымӕй размӕ никуы. Афӕдз дӕр нӕма рацыд, афтӕ не ’мбырды хъусынгӕнджыты нымӕц дыууӕ хатты фӕфылдӕр: уыдыстӕм 35 адӕймаджы ӕмӕ баистӕм 70. Ӕмбырдмӕ-иу чи ’рбацыд, уыдоны нымӕц 40 адӕймагӕй схызт 220-мӕ. Матсимӕ бон-изӕрмӕ лӕггад кодтам, ӕмӕ нын Йегъовӕ арфӕ кодта. Уый фӕрцы мын дзӕвгар фенцондӕр. Фӕлӕ нӕ абоны онг дӕр нӕ гыццыл хъӕбул нӕ рох кӕны ӕмӕ йӕ кой арӕх фӕкӕнӕм. Мах зонӕм, ног дунейы нын Йегъовӕ нӕ зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ кӕй сдзӕбӕх кӕндзӕн. Ӕмӕ уыцы рӕстӕгмӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм.

Матс: Иуафон Анн-Катринмӕ тыхы мур нал уыд, уайтагъд-иу афӕллад. Уыцы рӕстӕджы мӕнӕн та ме ставд тъанджы ссардтой рак, уыди цыппӕрӕм стади, ӕмӕ мын бахъуыди тынг уӕззау операци скӕнын. Фӕлӕ ныр мӕхи хорз хатын. Анн-Катрин дӕр, йӕ бон цас у, уыйбӕрц лӕггад кӕны.

Ӕмбарӕм ӕй, зындзинӕдтыл ӕрмӕст мах кӕй не ’мбӕлӕм. 1994 азы Руандӕйы иу адӕмыхатты ныхмӕ геноцид куы сарӕзтой, уӕд уый фӕстӕ ӕрлидзджыты лагеры бирӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты бабӕрӕг кодтам. Ахӕм зын уавӕрты дӕр сӕ уырнындзинад куыд фидар уыди ӕмӕ куыд уазӕгуарзон уыдысты, уымӕ кӕсгӕйӕ иу хъуыддаг бамбӕрстам: Йегъовӕйӕн йӕ адӕм цыфӕнды зын фӕлварӕнты ма бахауой, уӕддӕр сын йӕ бон у баххуыс кӕнын (Пс. 55:22).

Анн-Катрин: Иу ӕвирхъау хабар ма ныл ӕрцыд 2007 азы. Угандӕйы филиал Йегъовӕйӕн нывонд кодтой, ӕмӕ мах дӕр уырдӕм ацыдыстӕм. Программӕйы фӕстӕ иу-25 миссионер ӕмӕ вефилагимӕ ацыдыстӕм Найро́бимӕ (Кени). Кенийы арӕнмӕ куыддӕр фӕцӕйхӕццӕ кодтам, афтӕ нӕ размӕ фӕци иу уӕзласӕн машинӕ ӕмӕ нӕ сцавта. Шофыр ӕмӕ ма фондз ӕфсымӕр ӕмӕ хойы дзыхъмард фесты, иу хо та фӕстӕдӕр рынчындоны амард. Тынг сӕ мысӕм ӕмӕ тынг бӕллӕм сӕ фенынмӕ (Иов 14:13–15).

Мӕ цӕфтӕ кӕддӕр-кӕддӕр байгас сты. Фӕлӕ аварийы фӕстӕ махӕн Матсимӕ нӕ бон нӕ уыд нӕхимӕ ’рцӕуын (посттравматическое стрессовое расстройство). Ахӕм уавӕры ма уыдысты, немӕ автобусы чи уыд, уыдонӕй дӕр чидӕртӕ. Мӕхи тыххӕй куы зӕгъон, уӕд-иу мӕ фыны тыхсын райдыдтон, ӕмӕ-иу фехъал дӕн. Афтӕ-иу мӕм каст, цыма ныртӕккӕ мӕ зӕрдӕ йӕ куыстӕй ӕрлӕудзӕн. Тынг-иу фӕтарстыстӕм. Фӕлӕ-иу Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй куывтам ӕмӕ, нӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр цы стихтӕ цӕуынц, уыдон-иу кастыстӕм. Ӕмӕ-иу уӕд ӕрсабыр стӕм. Стӕй нын дохтыртӕ дӕр тынг баххуыс кодтой. Ныр нын бирӕ ӕнцондӕр у. Ӕмӕ Йегъовӕмӕ фӕкувӕм, цӕмӕй нӕ бон ӕххуыс кӕнын уа, мах уавӕры чи ис, уыдонӕн.

Сымах загътат, уе ’ппӕт зындзинӕдтӕ дӕр кӕй сфӕрӕзтат, Йегъовӕ уӕ хом ӕйчытау кӕй хаста, уый фӕрцы. Уымӕй цы зӕгъинаг уыдыстут?

Матс: Ӕвзаг суахилийыл фӕзӕгъынц: «Тумебэ́буа ка́ма мая́и маби́чи». Нысан кӕны «мах хастой хом ӕйчытау». Адӕймаг хом ӕйчытӕ арӕхстгай фӕхӕссы, цӕмӕй ма асӕттой. Ӕмӕ нӕ Йегъовӕ дӕр афтӕ арӕхстгай хаста йӕ къухты. Кӕмфӕнды ма уыдаиккам, цыфӕнды хӕстӕ ма ӕххӕст кодтаиккам,– алкӕддӕр ныл тыхсти. Ӕнӕмӕнг нӕ цы хъуыди, уыдӕттӕй нӕ цух никуы ныууагъта, фагӕй дӕр нын фылдӕр лӕвӕрдта. Разамонӕг совет ныл куыд тыхсти, уымӕй дӕр бӕрӕг уыди, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы ӕмӕ нын кӕй ӕххуыс кӕны.

Анн-Катрин: Йегъовӕ ныл куыд тыхсти, уый тыххӕй мӕн дӕр фӕнды иу хабар радзурын. Иубон мӕм телефонӕй Швецийӕ ӕрбадзырдтой ӕмӕ мын загътой, зӕгъгӕ, дам, дӕ фыд тыхст рынчын у ӕмӕ рынчындоны ис. Матс уымӕй размӕ тӕфсӕгӕй рынчын уыд, ӕмӕ нырма тынг ӕнӕбон уыд. Билетты фаг нӕм ӕхца нӕ уыди, ӕмӕ загътам, нӕ машинӕ ауӕй кӕнын нӕ бахъӕудзӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ нӕм уалынмӕ иу къай ӕрбадзырдта. Уыдон хабар фехъуыстой, ӕмӕ нын загътой, иу билет нын кӕй балхӕндзысты. Уыдоны фӕстӕ та нӕм ӕрбадзырдта иу ацӕргӕ хо. Уый иу къоппыл ныффыста, «Ӕххуысхъуаг чи у, уыдонӕн», зӕгъгӕ, ӕмӕ дзы ӕхца ӕмбырд кодта. Афтӕ нын цалдӕр минутмӕ Йегъовӕ нӕ къух ацарӕзта! (Дзут. 13:6).

Сымах ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнут 50 азӕй фылдӕр. Уыцы азты дӕргъы цӕуыл сахуыр стут?

Матс ӕмӕ Анн-Катрин мидбылхудгӕйӕ иумӕ лӕууынц.

Ныр лӕггад кӕнӕм Мьянмӕйы

Анн-Катрин: Ӕз бамбӕрстон иу хъуыддаг: нӕ тых уый мидӕг уыдзӕн, куы нӕ тыхсӕм ӕмӕ Йегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ куы дарӕм. Нӕ ныфс ыл куы фӕдарӕм, уӕд нӕ тох свӕййы йӕ тох (Ис. 30:15; 2 Аз. 20:15, 17). Цыфӕнды хӕстӕ ма ӕххӕст кодтаиккам,– нӕ бон цыдӕриддӕр уыди, уый арӕзтам. Ӕмӕ уый фӕрцы цас арфӕдзинӕдтӕй схайджын стӕм, уыйбӕрц арфӕдзинӕдтӕй ӕндӕр исты аразгӕйӕ никуы схайджын уыдаиккам.

Матс: Сӕйраджыдӕр ууыл сахуыр дӕн, ӕмӕ, Йегъовӕйыл дӕ зӕрдӕ куы дарай, уӕд уый йӕхӕдӕг архайдзӕн (Пс. 37:5). Ӕмӕ мӕхиуыл бавзӕрстон, уый ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у. Никуы мӕ фӕфыдӕнхъӕл кодта. Ныр лӕггад кӕнӕм Мьянмӕйы Вефилы, ӕмӕ нын Йегъовӕ абоны онг дӕр ӕххуыс кӕны.

Цӕрӕнбонты нын Йегъовӕ ӕвдыста, ӕнувыд уарзтӕй нӕ кӕй уарзы. Ӕмӕ йын фылдӕр лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыцы ӕрыгӕттӕн нӕ зӕрдӕ зӕгъы, цӕмӕй уыдон дӕр уыцы уарзондзинад сӕхиуыл бавзарой. Нӕ бон у фидарӕй зӕгъын: сӕхи Йегъовӕйы бар куы бакӕной, уӕд «дидинӕг калдзысты», кӕмфӕнды сӕ ма ныссадза, уӕддӕр.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын