ЦАВӔРДӔР ХЪУЫДЫ БИБЛИЙӔ
Йесо «сахуыр коммӕ кӕсыныл»
Йесо Йегъовӕйӕн алкӕддӕр уыд коммӕгӕс (Иоан. 8:29). Ӕмӕ уӕд Библийы афтӕ фыст цӕмӕн ис: «Цытӕ бавзӕрста, уый фӕрцы сахуыр коммӕ кӕсыныл»? (Дзут. 5:8).
Йесойӕн йӕ зӕххон цард тынг хицӕн кодта йӕ уӕларвон цардӕй. Йӕ ныййарджытӕ кӕд Йегъовӕйы уарзтой, уӕддӕр уыдысты ӕнӕххӕст (Лук. 2:51). Дины разамонджытӕ ӕмӕ йын мӕнгард хицӕуттӕ бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзарын кодтой (Матф. 26:59; Мар. 15:15). Мӕлгӕ та акодта хъизӕмайраг мардӕй. Библийы фыст ис: «Йӕхи ӕрныллӕг кодта ӕмӕ сси коммӕгӕс, коммӕгӕс мӕлӕты онг дӕр» (Фил. 2:8).
Уӕдӕ Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд бынтон ӕндӕр уавӕрты сахуыр коммӕ кӕсыныл. Уый фӕрцы сси, нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ нын хорз чи ӕмбары ӕмӕ алцӕмӕй ӕххӕст чи у, ахӕм Паддзах ӕмӕ Хистӕр сауджын (Дзут. 4:15; 5:9). Йесо алы фӕлварӕны дӕр иузӕрдионӕй кӕй баззад, уый фӕрцы Йегъовӕйӕн ноджы зынаргъдӕр сси. Ӕмӕ-иу мах дӕр зын уавӕрты Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй куы баззайӕм, уӕд нын тынгдӕр аргъ кӕндзӕн ӕмӕ-иу нын нӕ бӕрны цавӕрфӕнды хӕстӕ дӕр бакӕндзӕн (Иак. 1:4).