ДОМИНИКАНЫ РЕСПУБЛИКӔ
Ахӕстоны-иу сӕ сбадын кодтой ӕмӕ сын хъусын кӕнынӕн бар нал лӕвӕрдтой
Ӕфсадмӕ кӕй нӕ цыдысты, уый тыххӕй-иу сӕ сбадын кодтой
Энрике Гласс; дыууӕ къуырийы ахст кӕм уыд, уыцы ахӕстон
Кӕддӕр Доминиканы Республикӕйӕ кӕй арвыстой, уыцы адӕмӕй чидӕртӕ 1949 азы 19 июны уырдӕм ӕрыздӕхтысты, цӕмӕй бӕстӕйы ӕгъатыр хицау Рафаэль Трухильойы йӕ бынатӕй раппӕрстаиккой. Фӕлӕ сӕ фӕнд сӕ къухы нӕ бафтыд – кӕй дзы маргӕ акодтой, кӕй та ахсгӕ ’ркодтой. Фӕлӕ хицауад ууыл не ’рлӕууыд. Ахӕстоны-иу сбадын кодтой, ӕфсадмӕ цӕуын чи нӕ куымдта, стӕй-иу знагыл нымад чи ӕрцыд, уыдоны. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй ӕфсадмӕ чи нӕ ацыд ӕмӕ уый тыххӕй кӕй сбадын кодтой, уыдонӕй фыццӕгтӕ уыдысты Леон, Энрике ӕмӕ Рафаэль Гласс, стӕй, Леон кӕимӕ куыста, уыцы Ӕвдисӕнтӕй чидӕртӕ.
Леон радзырдта: «[Мӕн ӕмӕ ме ’мкусджыты] ӕфсады сусӕг хайады кусджытӕ ӕрцахстой ӕмӕ нӕ рафӕрс-бафӕрс кӕнын райдыдтой. Куы нӕм фертхъирӕнтӕ кодтой, уӕд нӕ ауагътой. Фӕлӕ та нӕм цалдӕр боны фӕстӕ фӕдзырдтой, цӕмӕй ӕфсадмӕ ацыдаиккам, къамис ма рацыдаиккам, афтӕмӕй. Мах не сразы стӕм, ӕмӕ нӕ ахӕстоны сбадын кодтой. Уым ма ноджыдӕр уыд цыппар Йегъовӕйы Ӕвдисӕны, дыууӕ дзы уыдысты мӕ хӕрзӕфсымӕртӕ. Куы нӕ рауагътой, уӕд та нӕ фӕстӕдӕр ногӕй сбадын кодтой, ӕмӕ афтӕ ӕртӕ хатты. Иу хаттӕй-иу иннӕ хатмӕ иу кӕнӕ цалдӕр боны йеддӕмӕ нӕ рацыд. Ахӕстоны фӕбадтыстӕм авд азы бӕрц, фӕстаг хатт нын радтой фондз азы».
«Лӕдзӕгӕй, ехсӕй кӕнӕ-иу нӕ топпы хъӕдӕй дӕр куы фӕнадтой, уӕддӕр-иу нын Йегъовӕ хъарутӕ радта, ӕмӕ-иу уый фӕрцы сфӕрӕзтам»
Ӕфсымӕртӕ ахӕстоны ӕдзухдӕр фӕлварӕнтыл ӕмбӕлдысты. Ахст адӕм дӕр ӕмӕ сӕ ахӕстонгӕстӕ дӕр ӕхсӕвӕй-бонӕй хынджылӕг кодтой. Фыццаг цы ахӕстоны бадтысты, Осамӕ, зӕгъгӕ, уым сын ахӕстоны хицау афтӕ бакодта: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, Хӕйрӕджы ӕвдисӕнтӕ куы суат, уӕд-иу мын зӕгъут, ӕмӕ уӕ ауадздзынӕн». Кӕд ӕфсымӕртӕ ахӕм ӕфхӕрд ӕййӕфтой, уӕддӕр сын уый сӕ ныфс нӕ асаста ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззадысты. Уыцы фӕлварӕнтӕ цӕй фӕрцы сфӕрӕзтой, уый тыххӕй Леон загъта: «Йегъовӕ нын алы хатт дӕр хъарутӕ лӕвӕрдта, цӕмӕй фидар фӕлӕууыдаиккам, ӕмӕ уыдтам, гыццыл хъуыддӕгты дӕр нын куыд ӕххуыс кодта, уый. Лӕдзӕгӕй, ехсӕй кӕнӕ-иу нӕ топпы хъӕдӕй дӕр куы фӕнадтой, уӕддӕр-иу нын Йегъовӕ хъарутӕ радта, ӕмӕ-иу уый фӕрцы сфӕрӕзтам».
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн хъусын кӕныны бар нал уыд
Ӕнӕхъӕн бӕстӕйы дӕр алы рӕтты знӕгтӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ ноджы тынгдӕр цӕуын райдыдтой. Фӕлӕ уӕддӕр 1950 азы маймӕ Доминиканы Республикӕйы миссионертӕй уӕлдай уыди 238 хъусынгӕнӕджы. Ӕххӕстрӕстӕг пионертӕй дзы лӕггад кодта 21 адӕймаджы.
Газеты фыст уыд, не ’фсымӕртӕ ӕфсадмӕ кӕй нӕ цыдысты, уый тыххӕй сын цы тӕрхӕттӕ рахастой, уый тыххӕй
Уыцы рӕстӕг сусӕг хайады кусджытӕй иу президенты секретармӕ ныффыста ахӕм ныхӕстӕ: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сектӕйы чи ис, уыдон уӕддӕр сӕ хъуыддаг аразынц, ӕмӕ ацы горӕты [Сьюдад-Трухильойы] районтыл се ’ппӕтыл дӕр ӕрзылдысты». Дарддӕр ныффыста: «Иу хатт ма уын зӕгъын, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм ӕркӕсын хъӕуы, уымӕн ӕмӕ сӕ хъусын кӕныны хъуыддагӕй ӕмӕ иннӕ хъуыддӕгтӕй адӕмы зонд хӕццӕ кӕнынц, уӕлдайдӕр та хуымӕтӕг адӕмы зонд».
Мидхъуыддӕгты министр Антонио Унгри ӕфсымӕр Брандтӕн загъта, цӕмӕй писмо ныффыстаид, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕфсадмӕ цӕуынмӕ, тырысайӕн табу кӕнынмӕ ӕмӕ хъалон фидынмӕ цы цӕстӕй кӕсынц, уый тыххӕй. Ӕфсымӕр писмо фысгӕйӕ спайда кодта, чиныджы «Хуыцау никуы фӕсайдзӕн» цы ӕрмӕг уыд, уымӕй. Фӕлӕ уӕддӕр 1950 азы 21 июны министр Унгри радта бардзырд, цӕмӕй Доминиканы Республикӕйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн хъусын кӕныны бар мауал уыдаид. Ӕфсымӕр Брандтмӕ Унгрийы офисмӕ фӕдзырдтой, цӕмӕй йын уыцы бардзырды тыххӕй йӕхицӕн фехъусын кодтаиккой. Брандт бафарста, мыййаг, миссионерты ацы бӕстӕйӕ ацӕуын хъӕудзӕн, зӕгъгӕ. Унгри йын зӕрдӕ бавӕрдта, закъон куы ӕххӕст кӕной ӕмӕ сӕ дины тыххӕй иннӕтӕн куы нӕ дзурой, уӕд сӕ бон кӕй уыдзӕн баззайынa.
a Уыцы бардзырд лӕвӕрд куы ’рцыд, уымӕй цалдӕр къуырийы размӕ католикон сауджынтӕ газеты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй стыр статьятӕ ныффыстой. Уым сӕ мӕнг ныхӕстӕ фӕкодтой ӕмӕ сӕ фӕаххосджын кодтой, зӕгъгӕ, дам, коммунисттимӕ баст сты.