Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Рацыд 34:6
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 6 Стӕй Йегъовӕ йӕ рӕзты рацыд ӕмӕ фехъусын кодта: «Йегъовӕ, Йегъовӕ – фӕлмӕнзӕрдӕ+ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг+ Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны+, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт+ ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр у раст+.

  • Нымӕцтӕ 14:18
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 18 „Йегъовӕ мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны+, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт+, хатыр кӕны рӕдыд дӕр ӕмӕ фыдракӕнд дӕр+, фӕлӕ, аххосджын чи у, уый ӕнӕфхӕрдӕй ницы хуызы ныууадздзӕн+, фыдӕлты тӕригъӕдты тыххӕй бафхӕры сӕ фыртты, ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг“+.

  • Дыккаг закъон 32:36
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 36 Йегъовӕ тӕрхон кӕндзӕн йӕ адӕмӕн+

      Ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн фӕтӕригъӕд кӕндзӕн+,

      Уымӕн ӕмӕ фендзӕн, хъару сӕм кӕй нал ис

      Ӕмӕ ма сӕ чи баззад, уыдон кӕй сты ӕнӕбон ӕмӕ тӕригъӕддаг.

  • Тӕрхонгӕнджыты 2:18
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 18 Йегъовӕ-иу сын тӕрхонгӕнӕджы куы радта+, уӕд-иу Йегъовӕ уыди йемӕ. Ӕмӕ-иу цалынмӕ тӕрхонгӕнӕг ӕгас уыди, уӕдмӕ-иу сӕ ирвӕзын кодта се знӕгты къухӕй, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ хъуыста, чи сӕ ӕфхӕрдта ӕмӕ сӕ алырдыгӕй чи ссӕста+, уыдоны ӕфсондзы бын куыд хъӕрзынц, уый ӕмӕ сын тӕригъӕд кодта+.

  • 2 Самуилы 24:16
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 16 Зӕд+ йӕ къух Иерусалиммӕ куы систа, цӕмӕй адӕмы фӕцагътаид, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ фӕрыст*+, уыцы бӕллӕх сыл кӕй ӕруагъта, ууыл. Ӕмӕ, адӕмы чи цагъта, уыцы зӕдӕн загъта: «Ӕгъгъӕд у! Ӕруадз дӕ къух». Уыцы рӕстӕг Йегъовӕйы зӕд уыд йевусаг+ Аравнӕйы*+ найгӕнӕн мусы цур.

  • Псалом 51:1
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 51 Батӕригъӕд мын кӕн, о Хуыцау, де ’нувыд уарзтмӕ гӕсгӕ+.

      Де стыр фӕлмӕнзӕрдӕдзинадмӕ гӕсгӕ мын ныххатыр кӕн* мӕ фыдракӕндтӕ+.

  • Псалом 69:16
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 16 Дзуапп мын ратт, о Йегъовӕ, уымӕн ӕмӕ хорз у де ’нувыд уарзт+.

      Де стыр фӕлмӕнзӕрдӕдзинадмӕ гӕсгӕ мӕм де ’ргом раздах+,

  • Псалом 86:15
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 15 Фӕлӕ ды, о Йегъовӕ, ды дӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау+,

      Мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕныс+, ӕгӕрон у де ’нувыд уарзт ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр дӕ раст+.

  • Псалом 90:13
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 13 Раздӕх, о Йегъовӕ!+ Кӕдмӕ уыдзӕн афтӕ?+

      Фӕтӕригъӕд кӕн дӕ лӕггадгӕнджытӕн+.

  • Исай 63:7
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 7 Ӕз дзурдзынӕн Йегъовӕйы ӕнувыд уарзты тыххӕй+, Йегъовӕ нын цы сарӕзта, ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй Йегъовӕйы кадджын кӕндзынӕн+ – дзурдзынӕн, Израилы адӕмӕн+ йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадмӕ+ ӕмӕ йӕ ӕгӕрон ӕнувыд уарзтмӕ гӕсгӕ цы стыр хорздзинӕдтӕ ракодта, уыдоны тыххӕй.

  • Йеремийы хъарӕг 3:32
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 32 Кӕд нӕ масты хай бакодта+, уӕддӕр нын батӕригъӕд кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт+,

  • Иоил 2:13
    Библи – Ног дунейы тӕлмац
    • 13 Уӕ уӕлӕдарӕс+ нӕ, фӕлӕ уӕ зӕрдӕтӕ скъуыдтӕ кӕнут+. Раздӕхут уӕ Хуыцау Йегъовӕмӕ, уымӕн ӕмӕ уый у тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ+ Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны+, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт+, ӕмӕ, йӕ адӕмыл цы бӕллӕх ӕруадзинаг у, ууыл фӕфӕсмон кӕндзӕн+.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын