Дыккаг фыстӕг Фессалоникӕгтӕм
1 Павел Силуан* ӕмӕ Тимофеимӕ+ фыссы Фессалоникӕйы ӕмбырдмӕ, нӕ Фыд Хуыцауимӕ ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстиимӕ иудзинады чи ис, уыдонмӕ.
2 Нӕ Фыд Хуыцауы ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы стыр хорзӕх ӕмӕ фарнӕй хайджын ут+.
3 Сымах тыххӕй, не ’фсымӕртӕ, мах ӕдзухдӕр хъуамӕ Хуыцауӕн бузныг дзурӕм+. Ӕмӕ уый раст уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ уӕ уырнындзинад фидарӕй-фидардӕр кӕны+ ӕмӕ, уе ’ппӕт дӕр кӕрӕдзийы цы уарзтӕй уарзут, уый кӕны тыхджынӕй-тыхджындӕр+. 4 Ӕмӕ мах Хуыцауы ӕмбырдты сымахӕй сӕрыстыр стӕм+, уымӕн ӕмӕ, цы ’фхӕрд ӕмӕ цы зындзинӕдтӕ ӕййафут, уыдоны стут фидар ӕмӕ уӕм ис уырнындзинад+. 5 Ӕппӕт уыдӕттӕй бӕрӕг у, Хуыцау раст тӕрхон кӕй кӕны+, ӕмӕ уый фӕрцы нымад ӕрцӕудзыстут Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуыны аккагыл+, ӕмӕ сымах хъизӕмӕрттӕ дӕр уыцы паддзахады тыххӕй ӕвзарут+.
6 Афтӕ уымӕн зӕгъӕм, ӕмӕ Хуыцауы цӕсты раст у, сымахӕн зындзинӕдтӕ чи ӕвзарын кӕны, уыдонӕн ӕй зындзинӕдтӕй бафидын+. 7 Сымахӕн та, зындзинӕдтӕ чи ӕвзары, уыдонӕн, Хуыцау немӕ иумӕ ратдзӕн удӕнцой, нӕ Хицау Йесо уӕлӕрвтӕй куы фӕзына*+, уӕд. Уый фӕзындзӕн йӕ тыхджын зӕдтимӕ+ 8 пиллон арты ӕмӕ, Хуыцауы чи нӕ зоны+ ӕмӕ нӕ Хицау Йесойы тыххӕй хорз хабары+ коммӕ чи нӕ кӕсы+, уыдонӕй йӕ маст райсдзӕн+. 9 Уыцы адӕмӕн хаст ӕрцӕудзӕн ӕнустӕм фесафыны+ тӕрхон+, ӕмӕ нӕ Хицауы ӕмӕ йе стыр тыхы разӕй ӕрбайсӕфдзысты+. 10 Уыцы хабар уыдзӕн, нӕ Хицау куы ’рцӕуа, уӕд. Цӕугӕ та ӕркӕндзӕн, цӕмӕй йӕ сыгъдӕджытимӕ+ скадджын уа ӕмӕ, уырнындзинад кӕмӕ уыд, уыдоны се ’ппӕты дӕр дисы бафтауа. Ӕмӕ сымах, цы уын дзырдтам, ууыл кӕй баууӕндыдыстут, уымӕ гӕсгӕ уыдзыстут се ’хсӕн.
11 Ӕмӕ сымах тыххӕй ӕдзух кувгӕ дӕр уымӕн фӕкӕнӕм, цӕмӕй уӕ нӕ Хуыцау, цы цардмӕ уӕ ӕрхуыдта, уый аккагыл банымайа+ ӕмӕ йӕ тыхы фӕрцы кӕронмӕ ахӕццӕ кӕна, йӕ зӕрдӕмӕ хорзӕй цыдӕриддӕр цӕуы, уый, стӕй уӕ уӕ уырнындзинад цы хъуыддӕгтӕм разӕнгард кӕны, уыдон, 12 ӕмӕ цӕмӕй нӕ Хуыцауы ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы стыр хорзӕхы+ фӕрцы сымах уылты нӕ Хицау Йесойы ном скадджын уа+, ӕмӕ йемӕ иудзинады+ уӕхӕдӕг дӕр скадджын уат.
2 Нӕ Хицау Йесо Чырыстийы ’рцыды*+ тыххӕй ӕмӕ кӕй ӕрӕмбырд уыдзыстӕм, цӕмӕй йемӕ уӕм+, уый тыххӕй та уӕ, не ’фсымӕртӕ, курӕг стӕм: 2 ма бауадзут, цӕмӕй уӕ зонд ӕвиппайды сдзӕгъӕлтӕ уа ӕмӕ сагъӕсты бахауат ахӕм хъуыдытӕй, Йегъовӕйы бон+ ӕрцыд, зӕгъгӕ, фӕнды пехуымпар-ныхас+ уӕд, фӕнды, загъд уын цы уыд, уый+, фӕнды, мах номӕй фыст кӕй хонынц, ахӕм фыстӕг+.
3 Мачи уӕ мацы ӕгъдауӕй фӕсайӕд, уымӕн ӕмӕ уыцы бон не ’рцӕудзӕн, цалынмӕ, раст дин чи ныууагъта*, ахӕмтӕ нӕ фӕзыной+ ӕмӕ, фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыцы адӕймаг+, сафинаг чи у, уый+, нӕ раргом уа+, уӕдмӕ. 4 Уыцы адӕймаг цӕуы ныхмӕ+ ӕмӕ йӕхи ӕвӕры, «хуыцау» кӕйдӕриддӕр хонынц науӕд цӕмӕн кувынц, уыдонӕй уӕлдӕр. Гъемӕ Хуыцауы кувӕндоны ӕрбаддзӕн ӕмӕ йӕхи хондзӕн хуыцау+. 5 Нӕ йӕ хъуыды кӕнут, уемӕ ма куы уыдтӕн, уӕд уын кӕй дзырдтон адӕтты тыххӕй?+
6 Уӕдӕ йӕ ныр зонут, цы+ йӕ уромы+. Уымӕ гӕсгӕ уый раргом уыдзӕн, йӕ рӕстӕг куы ’рцӕуа, уӕд+. 7 Уӕвгӕ, уыцы фыдхъуыддӕгты сусӕгдзинад райдыдта йӕ куыст кӕнын+. Фӕлӕ уый сусӕгдзинад уыдзӕн, ныртӕккӕ йӕ чи уромы, уый куы нал уа, ӕрмӕстдӕр уӕдмӕ+. 8 Ӕмӕ уӕд уыцы фыдгӕнӕг* раргом уыдзӕн, ӕмӕ йӕ нӕ Хицау Йесо йӕ комытӕфӕй амардзӕн+ ӕмӕ йӕ фесафдзӕн, кӕй ӕрцыд*+, уый куы раргом уа, уӕд+. 9 Фӕлӕ уыцы фыдгӕнӕг куы фӕзына*, уӕд уый уыдзӕн Сайтаны къухӕй+ хъомысджын хъуыддӕгтимӕ, мӕнг нысӕнттимӕ, диссӕгтимӕ+ 10 ӕмӕ алы хӕрам ӕмӕ сайӕн митимӕ+. Ӕппӕт уыдӕттӕ уыдзысты, сӕфты фӕндагыл чи ис, уыдонӕн+. Сӕфты фӕндагыл та сты, кӕй фӕрцы фервӕзтаиккой, уыцы рӕстдзинад*+ кӕй нӕ бауарзтой+, уый тыххӕй. 11 Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Хуыцау дӕр бауагъта, цӕмӕй рӕдыд зондыл цӕуой ӕмӕ афтӕмӕй гӕдыныхӕстыл ӕууӕндой+, 12 ӕмӕ се ’ппӕт дӕр тӕрхонгонд ӕрцӕуой, рӕстдзинадыл кӕй нӕ баууӕндыдысты+, фӕлӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ сӕ зӕрдӕйӕн ӕхсызгон кӕй уыдысты+, уый тыххӕй.
13 Фӕлӕ сымах тыххӕй, не ’фсымӕртӕ, Йегъовӕйӕн уарзон адӕм, мах хъуамӕ алкӕддӕр Хуыцауӕн бузныг дзурӕм, уымӕн ӕмӕ уӕ Хуыцау райдианы равзӕрста+ ирвӕзындзинадӕн, йӕ сыгъдӕг тыхӕй*+ уӕ кӕй ссыгъдӕг кодта+ ӕмӕ рӕстдзинадыл кӕй ӕууӕндут+, уый фӕрцы. 14 Мах цы хорз хабар хъусын кӕнӕм+, уый руаджы уӕ ӕрхуыдта уыцы ирвӕзындзинадмӕ, цӕмӕй хайджын уат нӕ Хицау Йесо Чырыстийы кадӕй+. 15 Гъемӕ уӕдӕ, не ’фсымӕртӕ, фидар лӕуут+ ӕмӕ дарддӕр дӕр хӕцут, загъд уын цы уыд кӕнӕ уын фыстӕджы цы*+ бацамыдтам, уыдӕттыл. 16 Ӕмӕ уын уадз ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырысти йӕхӕдӕг ӕмӕ нӕ Фыд Хуыцау, мах чи бауарзта+ ӕмӕ нын йе стыр хорзӕхы фӕрцы ӕнӕкӕрон удӕнцой ӕмӕ диссаджы ныфс+ чи радта, уыцы Хуыцау, 17 уӕ зӕрдӕтӕ барӕвдауӕнт ӕмӕ уӕ бафидар кӕнӕнт, цӕмӕй алкӕддӕр аразат ӕмӕ дзурат, хорз цы у, уый+.
3 Ӕппынфӕстаг, не ’фсымӕртӕ, кувут мах тыххӕй+, цӕмӕй Йегъовӕйы ныхас+ тагъд парахат кӕна+ ӕмӕ, сымахмӕ куыд скадджын, афтӕ скадджын уа ӕндӕр рӕтты дӕр. 2 Стӕй кувут, цӕмӕй ӕвзӕргӕнджытӕ ӕмӕ фыдадӕмӕй+ хызт уӕм, уымӕн ӕмӕ уырнындзинад се ’ппӕтмӕ нӕй+. 3 Фӕлӕ нӕ Хицау иузӕрдион у, ӕмӕ уӕ уый бафидар кӕндзӕн ӕмӕ уӕ Фыдбылызӕй* бахиздзӕн+. 4 Мах, нӕ Хицауы фӕдылдзӕуджыты, сымахӕй фидар ныфс ис+, цы уын фӕдзӕхсӕм, уыдӕттӕ кӕй кӕнут ӕмӕ сӕ дарддӕр дӕр кӕй кӕндзыстут+. 5 Цӕй ӕмӕ уын амӕй фӕстӕмӕ дӕр нӕ Хицау уӕ зӕрдӕтӕ уымӕ аразӕд, цӕмӕй Хуыцауы уарзат+ ӕмӕ Чырыстийы сӕрвӕлтау фидар лӕууат+.
6 Не ’фсымӕртӕ, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы номӕй уын фӕдзӕхсӕм+: цы не ’мбӕлы, уыдӕттӕ чи кӕны+ ӕмӕ, махӕй цӕуыл* сахуыр стут, уымӕ гӕсгӕ чи нӕ цӕры+, ахӕм ӕфсымӕртӕм хӕстӕг ма цӕут+. 7 Уӕхӕдӕг ӕй зонут, мах уын фӕзминаг цӕмӕй стӕм+, уый, уымӕн ӕмӕ уе ’хсӕн, чи не ’мбӕлы, ахӕм митӕ никуы кодтам+, 8 ӕмӕ сымахӕй къӕбӕр дӕр лӕвар никӕмӕ хордтам+. Фӕлӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй нӕ хид калгӕйӕ фыдӕбон кодтам+, цӕмӕй уӕ стыр хӕрдзтӕй макӕй батыхсын кодтаиккам+. 9 Уый бар нын бӕргӕ ис+, фӕлӕ афтӕ нӕ кӕнӕм, цӕмӕй уын фӕзминаг уӕм+. 10 Куы уӕм уыдыстӕм, уӕд уын фӕдзӕхсгӕ дӕр афтӕ бакодтам+: «Кусын кӕй нӕ фӕнды, уый хӕргӕ дӕр ма кӕнӕд»+. 11 Куыд фехъуыстам, афтӕмӕй сымахӕй чидӕртӕ кӕнынц, чи не ’мбӕлы, ахӕм митӕ+, кусгӕ ӕппындӕр нӕ кӕнынц, фӕлӕ сӕхи иннӕты хъуыддӕгты тъыссынц+. 12 Ахӕм адӕймӕгты нӕ Хицау Йесо Чырыстийы номӕй фӕдзӕхсӕм ӕмӕ сын зӕгъӕм, цӕмӕй сӕхицӕн сабырӕй кусой ӕмӕ, сӕхи фыдӕбонӕй цы къӕбӕр бакусой, уый хӕрой+.
13 Сымахӕн та, не ’фсымӕртӕ, хорз цы у, уый аразгӕйӕ уӕ ныфс ма асӕттӕд+. 14 Кӕд исчи, ацы фыстӕджы цы зӕгъӕм, уымӕ нӕ байхъуса+, уӕд ахӕммӕ та уӕ хъус лӕмбынӕг дарут+ ӕмӕ йемӕ мауал иу кӕнут+, цӕмӕй йӕхиуыл ӕрхуда+. 15 Ӕрмӕст ӕм знаджы цӕстӕй ма кӕсут, фӕлӕ йын дарддӕр дӕр, куыд уе ’фсымӕрӕн, афтӕ зонд амонут+.
16 Фарны Хицау уын йӕхӕдӕг алкӕддӕр ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр дӕттӕд фарн+. Нӕ Хицау уӕд уе ’ппӕтимӕ дӕр.
17 Мӕ салӕмттӕ уӕм ӕз, Павел, фыссын мӕхи къухӕй+. Уый у нысан мӕ алы фыстӕджы дӕр. Ӕз афтӕ фыссын.
18 Уе ’ппӕт дӕр нӕ Хицау Йесо Чырыстийы стыр хорзӕхӕй+ хайджын ут.
[Фиппаинӕгтӕ]
Кӕнӕ «Силӕ».
Комк. «куы раргом уа».
Грекъ. паруси́а. Кӕс Уӕлӕмх. 12.
Кӕнӕ «ныхмӕ чи рацыд».
Кӕнӕ «закъонхалӕг».
Грекъ. паруси́а. Кӕс Уӕлӕмх. 12.
Грекъ. паруси́а. Кӕс Уӕлӕмх. 12.
Кӕнӕ «ӕцӕгдзинад».
Кӕнӕ «сыгъдӕг удӕй» – грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Комк. «цы ӕгъдӕуттӕ».
Ома Сайтанӕй.
Комк. «цы ӕгъдауыл».