Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bi12 1 Тимофеймӕ 1:1–6:21
  • 1 Тимофеймӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • 1 Тимофеймӕ
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац
Библи – Ног дунейы тӕлмац
1 Тимофеймӕ

Фыццаг фыстӕг Тимофеймӕ

1 Павел, Йесо Чырыстийы апостол+ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг+ Хуыцауы+ ӕмӕ нӕ ныфс+ Йесо Чырыстийы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ, 2 фыссын Тимофеймӕ+, уырнындзинады фӕрцы мын ӕцӕг хъӕбулау+ чи сси, уымӕ.

Нӕ Фыд Хуыцауы ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы+ стыр хорзӕх, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ фарнӕй хайджын у.

3 Македонимӕ+ куы цыдтӕн, уӕд дын куыд дзырдтон, Ефесы баззай, зӕгъгӕ, афтӕ дын ныр дӕр дзурын: иуӕй-иутӕн бафӕдзӕхс+, цӕмӕй ӕндӕр цыдӕртӕ ма амоной+, 4 алы аргъӕуттӕм ма хъусой+ ӕмӕ мыггӕгты равзӕрд ма агурой. Уыдӕттӕ адӕймаджы ницӕмӕ ӕркӕнынц+, ӕрмӕст расайынц, рацагур-бацагур кӕй хъӕуы, ахӕм фарстатӕ, Хуыцауӕй цы цӕуы ӕмӕ уырнындзинад цы фидар кӕны, ахӕмӕй та ницы дӕттынц. 5 Ацы фӕдзӕхстӕн та йӕ нысан уый у, цӕмӕй нӕм уа, сыгъдӕг зӕрдӕйӕ+, сыгъдӕг цӕсгомӕй+ ӕмӕ ӕнӕхин уырнындзинадӕй+ чи цӕуы, ахӕм уарзондзинад+. 6 Иуӕй-иутӕ уыдӕттӕ кӕй ницӕмӕ дарынц, уый тыххӕй бафтыдысты+ ӕнӕпайда ныхӕстыл+. 7 Фӕнды сӕ, цӕмӕй закъон+ амоной+, афтӕмӕй та, цы дзурынц, уый дӕр не ’мбарынц ӕмӕ, фидар цӕуыл ныллӕууынц, уый дӕр.

8 Мах та йӕ зонӕм, Закъон хорз кӕй у+, Закъонмӕ гӕсгӕ куыд ӕмбӕлы, афтӕ куы архайай+, уӕд. 9 Ӕмбарӕм ӕй, закъон рӕстгӕнджытӕн кӕй не сфидар кӕнынц, фӕлӕ фыдгӕнджытӕн+, хивӕндтӕн+, ӕнӕхуыцау адӕмӕн, тӕригъӕдджынтӕн, мӕнгард чи у*+ ӕмӕ, сыгъдӕг цы у, уый хынджылӕггаг чи кӕны, йӕ ныййарджыты, стӕй иннӕ адӕмы дӕр чи мары, 10 хӕтгӕ чи кӕны+, уыдонӕн, нӕлгоймӕгтимӕ ӕмуат чи ’рцӕуы, уыцы нӕлгоймӕгтӕн, адӕмы чи давы, сайгӕ ӕмӕ мӕнг сомытӕ чи кӕны+, раст* ахуырады+ ныхмӕ чи у+ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгтӕ чи аразы, уыдонӕн. 11 Раст ахуырад та баст у, амондджын+ Хуыцауӕй чи цӕуы, уыцы диссаджы хорз хабаримӕ. Ӕмӕ мын уыцы хорз хабар бакодта мӕ бар+.

12 Ӕз тынг бузныг дӕн нӕ Хицау Йесо Чырыстийӕ, хъару мын чи радта, уымӕй. Уый мӕ сӕвӕрдта лӕггадгӕнӕгӕй+, ӕмӕ мӕ афтӕмӕй иузӕрдионыл+ банымадта, 13 кӕд кӕддӕр Хуыцауы фаудтон, йӕ адӕмы йын ӕфхӕрдтон+ ӕмӕ ӕдзӕсгом+ адӕймаг уыдтӕн, уӕддӕр. Фӕлӕ мӕм Хицау фӕлмӕнзӕрдӕдзинад+ равдыста, уымӕн ӕмӕ, цы арӕзтон, уый не ’мбӕрстон+ ӕмӕ мӕм уырнындзинад нӕ уыд. 14 Фӕлӕ мын нӕ Хицау рӕдауӕй бахай кодта йе стыр хорзӕхӕй+, стӕй мын радта уырнындзинад ӕмӕ, Йесо Чырыстиимӕ иудзинады кӕй дӕн, уый фӕрцы схайджын дӕн уарзондзинадӕй+. 15 Йесо Чырысти дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕдджынты фервӕзын кӕнынмӕ+ – ацы ныхас раст у ӕмӕ йыл ӕппындӕр дызӕрдыг кӕнын нӕ хъӕуы+. Ӕмӕ уыцы тӕригъӕдджынтӕн ӕз дӕн сӕ фыццаг+. 16 Фӕлӕ мӕм Йесо Чырысти фӕлмӕнзӕрдӕдзинад+ равдыста, цӕмӕй мӕн уылты, тӕригъӕдджынтӕн сӕ фыццаджы уылты, равдиса йӕ бирӕфӕразондзинад иууылдӕр, ӕмӕ уый уа цӕвиттонӕн, чи йыл баууӕнда+ ӕмӕ уый фӕрцы ӕнустӕм чи цӕра+, уыдонӕн.

17 Ӕнусты Паддзахӕн+, ӕнӕмӕлгӕ чи у+ ӕмӕ цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй+, уыцы иунӕг Хуыцауӕн+ та уӕд кад ӕмӕ намыс ӕнусӕй-ӕнусмӕ!+ Аммен.

18 Адӕттӕ дын, мӕ хъӕбул Тимофей, фӕдзӕхсын+, дӕумӕ чи амыдта, уыцы пехуымпар-ныхӕстӕм+ гӕсгӕ, цӕмӕй уыдоны фӕрцы хъӕбатырӕй тох кӕнай+, 19 уырнындзинадыл фидар хӕцай ӕмӕ дӕ цӕсгом сыгъдӕг уа+. Иуӕй-иутӕ сӕ сыгъдӕг цӕсгом ницӕмӕ ӕрдардтой+, ӕмӕ сӕ уырнындзинады нау ныппырх+. 20 Уыдоны ’хсӕн сты Именей+ ӕмӕ Алыксандр+, ӕмӕ сӕ ӕз Сайтаны+ бар бакодтон*, цӕмӕй сын уый уа зондзонӕн ӕмӕ Хуыцауы мауал фауой+.

2 Уӕдӕ уын фыццаджыдӕр фӕдзӕхсын: Хуыцауӕн лӕгъстӕ кӕнут, кувут+ ӕм, курут дзы ӕмӕ йын бузныг дзурут алыхуызон адӕймӕгты тыххӕй+, 2 стӕй паддзӕхты+ ӕмӕ, стыр бынӕттӕ чидӕриддӕр ахсы, уыдоны тыххӕй+, цӕмӕй нӕ бон уа нӕхицӕн ӕнцад ӕмӕ сабырӕй цӕрын, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр уӕм Хуыцауыл иузӕрдион ӕмӕ уӕззау зондыл хӕст+. 3 Афтӕ кӕнат, уый хорз у нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауы+ цӕсты ӕмӕ йын у ӕхсызгон+. 4 Уый фӕнды, цӕмӕй алыхуызон адӕм+, рӕстдзинад*+ цы у, уый бӕлвырдӕй базоной+ ӕмӕ фервӕзой+. 5 Ис иу Хуыцау+, стӕй Хуыцау+ ӕмӕ адӕмы ’хсӕн+ дӕр ис иу ӕхсӕны лӕг+ – адӕймаг Йесо Чырысти+. 6 Уый йӕхи радта, цӕмӕй се ’ппӕты дӕр балхӕна*+, ӕмӕ уый тыххӕй хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн йӕ рӕстӕджы. 7 Ӕз дӕр уый тыххӕй фехъусын кӕнынӕн+ ӕрцыдтӕн ӕвӕрд иннӕ адӕмтӕн хъусынгӕнӕгӕй+ ӕмӕ апостолӕй+ – ахуыргӕнӕгӕй, цӕмӕй сын баххуыс кӕнон уырнындзинад+ ӕмӕ рӕстдзинады* тыххӕй базонынӕн,– раст цы у, уый зӕгъын+, нӕ сайын.

8 Гъемӕ мӕ фӕнды, цӕмӕй, иумӕ кӕм ӕрӕмбырд вӕййут, уым-иу нӕлгоймӕгтӕ сӕ къухтӕ сдаргӕйӕ Хуыцаумӕ кувой, уой иузӕрдион+, мӕсты ма кӕной+ ӕмӕ быцӕу макӕимӕ кӕной, афтӕмӕй+. 9 Фӕнды ма мӕ, цӕмӕй сылгоймӕгтӕ сӕхи рӕсугъд кӕной*, сӕ дзыккутӕ алыхуызӕттӕ кӕй бийынц, сызгъӕрин ӕмӕ налхъуыт* кӕнӕ тынг зынаргъ дзаумӕттӕ кӕй дарынц, уымӕй нӕ+, фӕлӕ аив дарӕсӕй – сӕ дарӕсӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, хӕдӕфсарм+ ӕмӕ ӕмбаргӕ кӕй сты. 10 Стӕй сӕхи хъуамӕ рӕсугъд кӕной, йӕхи Хуыцауыл иузӕрдион чи хоны, уыцы сылгоймӕгтӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ+ – хорз хъуыддӕгтӕй+.

11 Сылгоймаг ахуыр кӕнӕд ӕнӕдзургӕйӕ, алы хъуыддаджы дӕр коммӕгӕсӕй+. 12 Сылгоймагӕн уый бар нӕ дӕттын, ӕмӕ искӕй ахуыр кӕна+ кӕнӕ йӕхи нӕлгоймагӕн хицау кӕна+, фӕлӕ-иу ӕнцад хъусӕд. 13 Уымӕн ӕмӕ Хуыцау фыццаг Адамы скодта, стӕй та Евӕйы+. 14 Стӕй сайд дӕр Адамыл не ’рцыд+, фӕлӕ сылгоймагыл ахӕм сайд ӕрцыд+, ӕмӕ сси фыдгӕнӕг*+. 15 Фӕлӕ сылгоймаг зӕнӕг куы рауадза+, уӕд ӕй уый хъахъхъӕндзӕн, ӕрмӕст ӕм кӕд дарддӕр дӕр уырнындзинад ӕмӕ уарзондзинад уа, кӕд Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг ӕмӕ ӕмбаргӕ уа, уӕд+.

3 Раст сты ацы ныхӕстӕ+. Цӕстдарӕг+ уа, уымӕ чи тырны, уый хорз хъуыддагмӕ бӕллы. 2 Цӕстдарӕгмӕ хъуамӕ фау ӕрхӕссӕн мацӕмӕй уа+, хъуамӕ йын иу ус йеддӕмӕ ма уа, хъуамӕ алцӕмӕй дӕр бӕрц зона+, уа уӕззау зонды хицау+, уаг ӕмӕ йӕм ӕгъдау уа+, уа уазӕгуарзон*+, иннӕты ахуыр кӕнынмӕ арӕхса+, 3 ма уа расыггӕнаг+, йӕ къух макӕмӕ иса*+, уа ӕмбаргӕ*+, ма уа загъдгӕнаг+, ӕхцауарзаг+, 4 йӕ бинонтӕн уа хорз уынаффӕгӕнӕг+, йӕ сывӕллӕттӕ уой коммӕгӕс ӕмӕ уӕззау зондыл хӕст+ 5 (уымӕн ӕмӕ йӕхи бинонтӕн чи нӕ зоны уынаффӕ кӕнын, уый Хуыцауы ӕмбырдӕн цы хъуамӕ баххуыс кӕна?). 6 Уый хъуамӕ ма уа, уырнӕг ӕрӕджы чи сси, ахӕм+, цӕмӕй йӕ сӕр бӕрзӕндты хӕссын ма райдайа+ ӕмӕ йӕ ма баййафа, Хӕйрӕгӕн цы тӕрхон ӕрцыд хаст, уыцы тӕрхон+. 7 Стӕй йын хъуамӕ хорз ном уа ӕддагӕтты ’хсӕн дӕр+, цӕмӕй йӕм мацы уайдзӕф ӕрхауа ӕмӕ Хӕйрӕджы къӕппӕджы+ ма бахауа.

8 Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ+ дӕр хъуамӕ уой уӕззаузонд, ма уой дывзагон, нозтуарзаг*, ма уой зыд ӕмӕ хи пайда ма агурой+, 9 уырнындзинадыл, ома сусӕгдзинадыл*+, фидар хӕцой ӕмӕ сӕ цӕсгом уа сыгъдӕг+.

10 Стӕй сӕ фыццаг хъӕуы бафӕлварын+, уыцы хъуыддаг сын сӕ бар бакӕной, уый аккаг сты ӕви нӕ, ӕмӕ сӕм кӕд фау ӕрхӕссӕн ницӕмӕй уа, уӕд лӕггад кӕнӕнт+.

11 Афтӕ сылгоймӕгтӕ дӕр хъуамӕ уой уӕззаузонд, макӕй фыдкой кӕной+, алцӕмӕй дӕр бӕрц зоной+, алы хъуыддаджы дӕр уой Хуыцауыл иузӕрдион+.

12 Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕн иу ус йеддӕмӕ ма уӕд+, йӕ сывӕллӕттӕн ӕмӕ йӕ бинонтӕн уӕд хорз уынаффӕгӕнӕг+. 13 Хорз чи кӕстӕриуӕг кӕны, уый ӕмбырды раз йӕхицӕн скӕны хорз ном+ ӕмӕ, Йесо Чырыстийыл кӕй ӕууӕнды, уый тыххӕй йӕ бон вӕййы сӕрибарӕй дзурын+.

14 Тагъд дӕм кӕй ӕрцӕудзынӕн, уымӕй мӕ кӕд ныфс ис, уӕддӕр дӕм адӕттӕ фыссын+, 15 мыййаг, куы бафӕстиат уон, уӕд цӕмӕй зонай, Хуыцауы бинонтӕй уӕвгӕйӕ дӕ дӕхи куыд дарын хъӕуы, уый+. Уыцы бинонтӕ сты удӕгас Хуыцауы ӕмбырд – рӕстдзинады* цӕджындз ӕмӕ бындур+. 16 Хуыцауыл алы хъуыддаджы дӕр иузӕрдион чи уыдзӕн, уыцы сусӕгдзинад*+, бӕгуыдӕр, диссаг у: «Уый сси адӕймаг+, уӕларвон буары мидӕг нымад ӕрцыд рӕстгӕнӕгыл+, ӕрлӕууыд зӕдты+ раз, уый тыххӕй хъуыстгонд ӕрцыд адӕмты ’хсӕн+, дунейы йыл баууӕндыдысты+, уӕлӕрвты йыл кадимӕ сӕмбӕлдысты»+.

4 Фӕлӕ пехуымпар-ныхас бӕлвырд дзуры, кӕй ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕджытӕ+, ӕмӕ иуӕй-иутӕ уырнындзинады фӕндагӕй ахаудзысты+, уымӕн ӕмӕ хъусдзысты, адӕймаджы зонд чи зыгъуыммӕ кӕны, ахӕм пехуымпар-ныхӕстӕм+ ӕмӕ хӕйрӕджыты ахуырӕдтӕм+, 2 ӕмӕ уый уыдзӕн, гӕдыныхӕстӕ чи кӕны+, уыдоны цӕстмӕ миты тыххӕй. Уыцы адӕймӕгтӕн сӕ цӕсгом+ у, буар тӕвд ӕфсӕйнагӕй куы басудзынц, уӕд куыд ницыуал фембары, афтӕ. 3 Уыдон нӕ уадздзысты бинонтӕ кӕнын+ ӕмӕ адӕмӕн дзурдзысты, уый ма хӕр, уый дӕр ма хӕр+, зӕгъгӕ, афтӕмӕй та Хуыцау хӕринаг уый тыххӕй сфӕлдыста+, цӕмӕй дзы, уырнындзинад+ кӕмӕ ис ӕмӕ, рӕстдзинад* цы у, уый бӕлвырдӕй чи зоны, уыдон хӕрой ӕмӕ йын бузныг дзурой. 4 Хуыцау цыдӕриддӕр скодта, уыдон иууылдӕр хорз сты+. Ӕмӕ кӕд адӕймаг уыдӕттӕ бузныг зӕгъгӕйӕ фӕхӕры+, уӕд дзы афтӕ ницӕмӕй ис зӕгъӕн, ӕмӕ нӕ бӕззы+, 5 уымӕн ӕмӕ ссыгъдӕг вӕййы Хуыцауы ныхасӕй ӕмӕ, адӕймаг кӕй скувы, уымӕй.

6 Адӕттӕ ӕфсымӕртӕн амон, ӕмӕ уыдзынӕ Йесо Чырыстийы фӕзминаг лӕггадгӕнӕг, дӕ зонд ӕфсаддзынӕ уырнындзинады ныхӕстӕй ӕмӕ, дӕ цард кӕмӕ гӕсгӕ аразыс+, уыцы хорз ахуырады ныхӕстӕй+. 7 Сыгъдӕг цы у, уый хынджылӕггаг чи кӕны, дзӕгъӕл ныхӕстӕ йеддӕмӕ чи ницы сты*, уыцы аргъӕуттӕм та ма хъус+. Фӕлӕ дӕхиуыл кус, цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдион уай – уый уӕд дӕ нысан+. 8 Буары уӕнгтӕ фидар кӕнынӕй* бирӕ пайда нӕй, Хуыцауыл иузӕрдион уай+, уый та пайда у алцӕмӕн дӕр+ – уымӕй кӕнгӕ у нӕ цард абон дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр+. 9 Ацы ныхӕстӕ раст сты ӕмӕ сыл ӕппындӕр дызӕрдыг кӕнын нӕ хъӕуы+. 10 Ӕмӕ мах фыдӕбон дӕр уый тыххӕй кӕнӕм ӕмӕ ӕппӕт хъарутӕй дӕр уый тыххӕй архайӕм+, уымӕн ӕмӕ нӕ ныфс+ дарӕм удӕгас Хуыцауыл – уый у алыхуызон адӕмӕн+ сӕ Ирвӕзынгӕнӕг+, уӕлдайдӕр та, иузӕрдион+ ыл чи у, уыдонӕн.

11 Адӕттӕ иннӕтӕн фӕдзӕхс+ ӕмӕ сын сӕ амон+. 12 Ӕрыгон кӕй дӕ, уый тыххӕй дыл ӕнӕрвӕссон макуы мачи кӕнӕд+. Фӕлӕ дзыхыныхасӕй, уаг ӕмӕ ӕгъдауӕй, уарзондзинадӕй, уырнындзинадӕй ӕмӕ сыгъдӕгдзинадӕй+ фӕзминаг+ у, иузӕрдион+ чи у, уыдонӕн. 13 Цалынмӕ цӕуон, уӕдмӕ дӕр ӕппӕт хъарутӕй ууыл архай, цӕмӕй иннӕтӕн хъӕрӕй+ кӕсай+, фӕдзӕхсай сӕ ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнай. 14 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дыл сӕ къухтӕ куы ӕрӕвӕрдтой+, уӕд дын пехуымпар-ныхасмӕ+ гӕсгӕ цы курдиат+ ӕрцыд лӕвӕрд, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй ма кӕс. 15 Уыдӕттыл хъуыды кӕн+, дӕ хъарутӕ иууылдӕр уыцы хъуыддӕгтӕм сараз, цӕмӕй дын де ’нтыстдзинад+ алчидӕр уына. 16 Ӕдзухдӕр дӕхимӕ кӕс+, стӕй дӕ хъус дар, иннӕтӕн куыд ӕмӕ цы амоныс+, уымӕ. Ацы хъуыддӕгты лӕуд у алкӕддӕр, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй дӕхи дӕр фервӕзын кӕндзынӕ ӕмӕ дӕм чи хъусы, уыдоны дӕр+.

5 Ацӕргӕ нӕлгоймагӕн карз уайдзӕф ма кӕн+, фӕлӕ йемӕ ныхас кӕн фӕлмӕнӕй, цыма дӕ фыд у, афтӕ. Ӕрыгӕттимӕ афтӕ ныхас кӕн, цыма де ’фсымӕртӕ сты. 2 Ацӕргӕ сылгоймӕгтимӕ+ афтӕ ныхас кӕн, цыма дӕ мадимӕ ныхас кӕныс. Ӕрыгон сылгоймӕгтимӕ та, цыма дӕ хотӕ+ сты, афтӕ – сыгъдӕг ӕфсармы уагыл.

3 Ӕцӕгдӕр ӕххуысхъуаг чи у, ахӕм идӕдз сылгоймӕгты+ нымай ӕмӕ сӕм дӕ хъус дар. 4 Фӕлӕ кӕд идӕдз сылгоймагӕн цот кӕнӕ цоты цот ис, уӕд уыдон фыццаджыдӕр ахуыр кӕнӕнт, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй сты, уый сӕхи бинонты ’хсӕн ӕвдисыныл+, ӕмӕ сыл сӕ ныййарджыты+ ӕмӕ сӕ ныййарджыты ныййарджыты раз цы хӕс ис, уый ӕххӕст кӕныныл, уымӕн ӕмӕ уый раст у Хуыцауы раз+. 5 Ӕххуысхъуаг чи у ӕмӕ фӕкӕсӕг кӕмӕ нӕй+, ахӕм идӕдз сылгоймаг та йӕ ныфс фӕдары Хуыцауыл+ ӕмӕ йӕм ӕхсӕвӕй-бонӕй фӕкувы ӕмӕ йын фӕлӕгъстӕ кӕны+. 6 Фӕлӕ, идӕдз уӕвгӕйӕ, йӕ буары монцты фӕдыл чи цӕуы+, уый та у мард+, кӕд удӕгас у, уӕддӕр. 7 Уӕдӕ сын амӕй фӕстӕмӕ дӕр адӕттӕ амон+, цӕмӕй сӕм фау ӕрхӕссӕн мацӕмӕй уа+. 8 Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, йӕхиуӕттыл+, ӕмӕ уӕлдайдӕр та йӕ бинонтыл+, чи нӕ тыхсы, уый ныууагъта+ уырнындзинад+ ӕмӕ у, уырнындзинад кӕмӕ нӕй, уымӕй фыддӕр.

9 Ӕххуыс кӕмӕн хъӕуы, уыдоны номхыгъдмӕ идӕдз сылгоймаджы бахӕссӕн ис, кӕд ыл ӕхсай азӕй къаддӕр нӕ цӕуы, кӕд йӕ лӕгыл иузӕрдион уыди*+, 10 кӕд ӕй зонынц йӕ хорз хъуыддӕгтӕй+, ома йӕ сывӕллӕтты хорз схъомыл кодта+, уыд уазӕгуарзон+, сыгъдӕджытӕн сӕ къӕхтӕ ӕхсадта+, тыхст уавӕры чи уыди, уыдонӕн ӕххуыс кодта+ ӕмӕ алы хорз хъуыддагмӕ дӕр ӕнӕзивӕг уыди, уӕд+.

11 Фӕлӕ уыцы номхыгъдмӕ ӕрыгон идӕдз сылгоймӕгты ма бахӕсс, уымӕн ӕмӕ сӕ буары монцтӕ куы стыхджын вӕййынц, уӕд сын уыдон Чырыстийӕ+ ахсджиагдӕр свӕййынц, ӕмӕ сӕ бафӕнды мой скӕнын. 12 Уыдон сӕхи кӕнынц тӕрхоны аккаг, уымӕн ӕмӕ, фыццаг цы дзырд радтой, ууыл* сӕ къух систой+. 13 Уыимӕ ма афтӕ сахуыр вӕййынц, ӕмӕ кусгӕ ницы кӕнынц, фӕлӕ иу хӕдзарӕй иннӕ хӕдзармӕ дзӕгъӕл рацу-бацу кӕнынц. Стӕй, кусгӕ кӕй ницы кӕнынц, уый иу у, фӕлӕ ма иннӕты кой дӕр кӕнынц, сӕхи адӕмы хъуыддӕгты тъыссынц+ ӕмӕ, цы не ’мбӕлы, уыдӕттӕ дзурынц. 14 Уымӕ гӕсгӕ мӕ фӕнды, цӕмӕй ӕрыгон идӕдз сылгоймӕгтӕ мой кӕной+, зӕнӕг уадзой+ ӕмӕ хӕдзары хъуыддӕгтӕ кӕной, ныхмӕлӕуджытӕн уый ӕфсон куыд нӕ уа, ӕмӕ нӕ ’фхӕрой+. 15 Уӕвгӕ, ныр дӕр идӕдз сылгоймӕгтӕй чидӕртӕ раст фӕндаг ныууагътой ӕмӕ Сайтаны фӕдыл ацыдысты. 16 Кӕд уырнӕг сылгоймагӕн йӕ хиуӕтты ’хсӕн идӕдз устытӕ ис, уӕд сын ӕххуыс кӕнӕд+, цӕмӕй уыцы уаргъ ӕмбырдыл ма ӕрӕнцайа. Уӕд ӕмбырдӕн йӕ бон уыдзӕн, ӕцӕгдӕр ӕххуысхъуаг чи у, уыцы идӕдз устытӕн ӕххуыс кӕнын+.

17 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕттынц хорз разамынд+, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ нымайӕнт уӕлдай кады аккагыл+, уӕлдайдӕр та, Хуыцауы ныхас дзурын ӕмӕ амоныны хъуыддаджы чи фыдӕбон кӕны, уыдоны+. 18 Фыстад дӕр афтӕ зӕгъы: «Гал хор куы най кӕна, уӕд ын йӕ дзых бастӕй ма дар»+. Ӕмӕ ноджыдӕр: «Фыдӕбонгӕнӕг уый аккаг у, ӕмӕ йын йӕ фыдӕбонӕн бафидой»+. 19 Хистӕр нӕлгоймаджы исчи исты хъуыддаджы куы аххосджын кӕна, уӕд уыцы адӕймагмӕ ма байхъус, дыууӕ кӕнӕ йын ӕртӕ ӕвдисӕны куы нӕ уа, уӕд+. 20 Тӕригъӕдджын митӕ чи кӕны+, уыдонӕн уайдзӕф кӕн+ се ’ппӕты раз дӕр, цӕмӕй иннӕтӕ дӕр тӕрсой тӕригъӕд саразын+. 21 Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырыстийы+ раз, стӕй дын Хуыцауы ӕвзӕрст зӕдты раз фӕдзӕхсын: цалынмӕ уынаффӕ рахӕссай, уӕдмӕ-иу алцыдӕр лӕмбынӕг равзар ӕмӕ хъулон макӕй кӕн ӕмӕ афтӕмӕй, цы дын загътон, уыдӕттӕ ӕххӕст кӕн+.

22 Искӕуыл+ дӕ къухтӕ ӕрӕвӕрынмӕ тагъд ма кӕн*+, стӕй иннӕты тӕригъӕдты аххосджын ма разын+, дӕхи фӕчъизи кӕнын ма бауадз+.

23 Дӕ ахсӕн кӕй риссы ӕмӕ арӕх рынчын кӕй вӕййыс, уымӕ гӕсгӕ ӕрмӕст дон мауал нуаз, фӕлӕ-иу сӕн+ дӕр иу гыццыл ануаз.

24 Иуӕй-иутӕн сӕ тӕригъӕдтӕ ӕргом сты+ ӕмӕ сӕ уайтагъд ӕркӕнынц тӕрхонмӕ, фӕлӕ иннӕты тӕригъӕдтӕ дӕр фӕстӕдӕр раргом уыдзысты+. 25 Афтӕ ӕргом сты хорз хъуыддӕгтӕ+ дӕр, фӕлӕ, ӕргом чи не сты, уыцы хорз хъуыддӕгтӕ дӕр нӕ басусӕг уыдзысты+.

6 Цагъартӕ* сӕ хицӕутты нымайӕнт, цы кад сӕм ӕмбӕлы, уый аккагыл+, цӕмӕй Хуыцауы ном ӕмӕ йӕ ахуырад мачи фауа+. 2 Стӕй сӕ хицӕуттӕ уырнджытӕ+ кӕмӕн сты, уыдон сыл, ӕфсымӕртӕ+ кӕй сты, уый тыххӕй ӕнӕрвӕссон ма кӕнӕнт+. Фӕлӕ сын хъуамӕ ноджы зӕрдиагдӕрӕй лӕггад кӕной, уымӕн ӕмӕ сӕ хорз лӕггадӕй пайда кӕмӕн хӕссынц, уыдон сты се ’муырнджытӕ ӕмӕ сӕ уарзон ӕфсымӕртӕ.

Адӕттӕ иннӕтӕн амон+ ӕмӕ сын сӕ фӕдзӕхс. 3 Кӕд исчи ӕндӕр цыдӕртӕ амоны+ ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы раст*+ ныхӕстимӕ ӕмӕ, Хуыцауыл иузӕрдион уай+, уыимӕ баст чи у, уыцы ахуырадимӕ разы нӕу, 4 уӕд уый та у сӕрбӕрзонд+ ӕмӕ ницы ӕмбары+. Ахӕм адӕймаг фӕрынчын+ радзур-бадзурты ӕмӕ цыдӕр ныхӕстыл быцӕу кӕныны низӕй+. Уыдӕттӕ та ӕркӕнынц хӕлӕгмӕ+, хылтӕм, ӕфхӕрӕн ныхӕстӕм+, алы ӕвзӕр дызӕрдыг хъуыдытӕм, 5 стӕй уымӕ, ӕмӕ, йӕ зонд зыгъуыммӕ кӕмӕн у+ ӕмӕ рӕстдзинадӕй* йӕхи ӕнӕхай чи фӕкодта+, уыдон ницӕй тыххӕй дӕр ӕдзух быцӕу фӕкӕнынц. Уыцы адӕймӕгтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, цыма, Хуыцауыл иузӕрдион уай, уый цыдӕр пайда райсыны фадат у+. 6 Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Хуыцауыл иузӕрдион уай+, уый стыр пайда у+, кӕд, цы нӕм ис, уый фагыл нымайӕм+, уӕд. 7 Мах ацы дунемӕ ницы ӕрбахастам, ӕмӕ дзы хӕсгӕ дӕр ницы акӕндзыстӕм+. 8 Уӕдӕ нын хӕрд, уӕлӕдарӕс ӕмӕ, кӕм цӕрӕм, уый куы уа, уӕд уый фагыл нымайӕм+.

9 Схъӕздыг уа, уымӕ чи тырны, уыдон та бахауынц фӕлварӕны+ ӕмӕ къӕппӕджы, ӕмӕ сӕм фӕзыны, адӕймаджы сӕфтмӕ ӕмӕ мӕлӕтмӕ+ чи кӕны, бирӕ ахӕм ӕнӕзонд ӕмӕ фыдбылыз фӕндтӕ+. 10 Уымӕн ӕмӕ адӕймаг ӕхцауарзаг+ куы уа, уӕд уымӕй цӕуы*+ алыхуызон фыдбылызтӕ+. Ӕмӕ иуӕй-иутӕ уыцы уарзты фӕдыл кӕй ацыдысты, уый тыххӕй уырнындзинады фӕндагӕй адзӕгъӕл сты ӕмӕ сӕхи бирӕ мӕстыты хай фӕкодтой+.

11 Ды та, Хуыцауы адӕймаг, уыдӕттӕй дард лидз+. Фӕлӕ тырн рӕстдзинадмӕ, Хуыцауыл иузӕрдион уай, уымӕ, уырнындзинадмӕ, уарзондзинадмӕ, фидардзинадмӕ ӕмӕ, фӕлмӕн удыхъӕды+ хицау уай, уымӕ. 12 Хъӕбатырӕй тох кӕн уырнындзинады сӕрыл+ ӕмӕ фидар ныххӕц ӕнусон цардыл. Хуыцау дӕ уыцы цардмӕ ӕрхуыдта ӕмӕ уыцы царды тыххӕй фехъусын кодтай бирӕ ӕвдисӕнты раз+.

13 Ӕппӕт дӕр удӕгас кӕй фӕрцы у, уыцы Хуыцауы раз ӕмӕ, Понтий Пилаты+ раз хъӕбатырӕй ӕвдисӕн чи ныллӕууыд+ ӕмӕ тынг хорз чи дзырдта+, уыцы Йесо Чырыстийы раз дын зӕгъын+: 14 цалынмӕ нӕ Хицау Йесо Чырысти нӕ раргом уа+, уӕдмӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй ӕххӕст кӕн, цы дын бафӕдзӕхстон, уый, фау ӕрхӕссӕн дӕм мацӕмӕй уӕд. 15 Амондджын ӕмӕ иунӕг Хъомысджын+ Хицау та йӕхи раргом кӕндзӕн, йӕ афон куы ’рцӕуа, уӕд+. Уый у паддзӕхты Паддзах+ ӕмӕ хицӕутты Хицау+, 16 иунӕг уый у ӕнӕмӕлгӕ+, уый цӕры, бацӕуӕн кӕдӕм нӕй, ахӕм рухсы+, иу адӕймаг дӕр ӕй нӕ федта, ӕмӕ йӕ йӕ бон фенын дӕр никӕмӕн у+. Уымӕн уӕд кад+, уый у стыр тыхы хицау ӕнустӕм дӕр! Аммен.

17 Ныртӕккӕ* хъӕздыг+ чи у, уыдонӕн амон, цӕмӕй сӕхицӕй хъал ма уой+ ӕмӕ сӕ зӕрдӕ, ӕууӕнк кӕуыл нӕй, уыцы хъӕздыгдзинадыл ма дарой+, фӕлӕ Хуыцауыл, циндзинад нын цыдӕриддӕр хӕссы, уый нын рӕдауӕй чи дӕтты, ууыл+. 18 Амон сын, цӕмӕй иннӕтӕн хорздзинад аразой+, хъӕздыг уой хорз хъуыддӕгтӕй+, уой цӕстуарзон ӕмӕ сӕм цы ис, уымӕй иннӕтӕн хай кӕной+, 19 ӕмӕ афтӕмӕй сӕхицӕн ӕмбырд кӕной, чи нӕ фесӕфдзӕн, ахӕм хӕзна+ – фидӕнӕн хорз бындур+, цӕмӕй фидар ныххӕцой ӕцӕг цардыл+.

20 Тимофей, дӕ бар дын цы бакодтой, уый хъахъхъӕн+ ӕмӕ дӕхи хиз, сыгъдӕг цы у, уый хынджылӕггаг чи кӕны, уыцы дзӕгъӕл ныхӕстӕй ӕмӕ мӕнг зонындзинадӕй – уыцы зонындзинад ӕркӕны, ӕцӕг цы у, уый ныхмӕ чи у, ахӕм ныхӕстӕм+. 21 Иуӕй-иутӕ сӕхицӕй ӕппӕлыдысты, ахӕм зонындзинад нӕм ис, зӕгъгӕ, ӕмӕ уырнындзинады фӕндагӕй адзӕгъӕл сты+.

Хуыцауы стыр хорзӕхӕй хайджын ут.

[Фиппаинӕгтӕ]

Кӕнӕ «ӕнувыд уарзт кӕмӕ нӕй».

Комк. «ӕнӕниз».

Ома сӕ ӕмбырдӕй ацух кодтой.

Кӕнӕ «ӕцӕгдзинад».

Комк. «се ’ппӕты тыххӕй дӕр сӕрмӕ-сӕр ахӕсты аргъ бафида».

Кӕнӕ «ӕцӕгдзинады».

Кӕнӕ «сӕ фидауц уа».

Кӕнӕ «дзындз»; уырыс. «жемчуг».

Кӕнӕ «закъонхалӕг».

Комк. «ӕцӕгӕлӕтты уарза».

Ам цы грекъ. дзырд ис, уый ма амоны иннӕты ныхасӕй ӕфхӕрын, рӕхуыст ныхас кӕнын.

Кӕнӕ «ӕнцондзырд; ӕнцонтасӕн».

Комк. «сӕн ӕгӕр бирӕ ма нуазой».

Кӕнӕ «сыгъдӕг сусӕгдзинадыл». Грекъ. мисте́рион, ома Хуыцауы сусӕгдзинад.

Кӕнӕ «ӕцӕгдзинады».

Кӕс 9 ст., фип.

Кӕнӕ «ӕцӕгдзинад».

Комк. «ӕмӕ зӕронд устытӕ кӕй фӕдзурынц».

Грекъ. дзырд амоны, гимнаст фӕлтӕрӕнтӕ куыд фӕкӕны, уымӕ.

Комк. «уыди иу лӕджы ус».

Комк. «фыццаг уырнындзинадыл».

Ома искӕй снысан кӕнынмӕ тагъд ма кӕн.

Комк. «Ӕфсондзы бын чи ис, уыцы цагъартӕ».

Комк. «ӕнӕниз».

Кӕнӕ «ӕцӕгдзинадӕй».

Комк. «уый у сӕ уидаг».

Комк. «Ацы цардӕвӕрды».

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын