Дыккаг фыстӕг Тимофеймӕ
1 Павел, Хуыцауы фӕндӕй+ Йесо Чырыстийы апостол, Йесо Чырыстийы+ фӕрцы хай кӕмӕй ис, уыцы цардӕй+ нын Хуыцау зӕрдӕ кӕй бавӕрдта, уымӕ гӕсгӕ. 2 Фыссын мӕ уарзон хъӕбул+ Тимофеймӕ.
Нӕ Фыд Хуыцауы ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы стыр хорзӕх, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ фарнӕй хайджын у+.
3 Ӕз тынг бузныг дӕн, мӕ фыдӕлтау+ сыгъдӕг цӕсгомӕй+ кӕмӕн лӕггад кӕнын+, уыцы Хуыцауӕй ӕмӕ йӕм дӕу тыххӕй ӕдзухдӕр, ӕхсӕвӕй-бонӕй зӕрдиагӕй фӕкувын+. 4 Дӕ цӕссыгтӕ мӕ зӕрдыл куы ’рлӕууынц, уӕд дӕ фенынмӕ фӕбӕллын+, цӕмӕй та мӕ зӕрдӕ цинӕй байдзаг уа. 5 Мӕ зӕрдыл ӕрлӕууы дӕ ӕнӕхин+ уырнындзинад+. Уыцы уырнындзинад уыд дӕ мадымад Лоидӕмӕ ӕмӕ дӕ мад Евникӕмӕ, фӕлӕ йӕ фидарӕй зонын, дӕумӕ дӕр кӕй ис.
6 Уымӕ гӕсгӕ дын дӕ зӕрдыл лӕууын кӕнын: мӕ къухтӕ дыл куы ӕрӕвӕрдтон+, уӕд дӕ Хуыцау кӕмӕй схайджын кодта, уыцы курдиаты+ зынг+ ахуыссын ма бауадз. 7 Хуыцау нын цы сыгъдӕг тых радта, уый нӕ тӕппудтӕ нӕ аразы+, фӕлӕ нӕ уадзы тых+, дӕтты нын уарзондзинад ӕмӕ уӕззау зонд+. 8 Уӕдӕ ӕфсӕрмы ма кӕн, нӕ Хицауы тыххӕй кӕй хъусын кӕныс+, стӕй ӕз нӕ Хицауы тыххӕй ахӕстоны+ кӕй дӕн, уымӕй. Фӕлӕ, хорз хабары тыххӕй цы зындзинӕдтӕ ӕвзарыс+, уыдонӕн фӕраз, Хуыцауы тыхыл дӕ зӕрдӕ дар+, афтӕмӕй. 9 Хуыцау нӕ фервӕзын кодта+ ӕмӕ, сыгъдӕджытӕ уӕм+, уымӕ нӕ ӕрхуыдта нӕ хъуыддӕгты фӕрцы нӕ+, фӕлӕ йӕ фӕндмӕ гӕсгӕ ӕмӕ йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ. Уыцы стыр хорзӕхӕй нын Йесо Чырыстийы фӕрцы раджы бахай кодта+. 10 Фӕлӕ афтӕ кӕй у, уый та рабӕрӕг абон – нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырысти куы раргом+, уӕд: уый мӕлӕтӕн кӕрон скодта+ ӕмӕ нын хорз хабары+ фӕрцы раргом кодта+, мӕлӕты бар кӕуыл нӕ цӕуы+, ахӕм цардӕй+ хайджын куыд уыдзыстӕм, уый. 11 Ӕмӕ ӕз хъусынгӕнӕгӕй, апостолӕй ӕмӕ ахуыргӕнӕгӕй+ дӕр уый тыххӕй ӕрцыдтӕн ӕвӕрд, цӕмӕй уыцы хорз хабар хъусын кӕнон.
12 Ӕз ацы зындзинӕдтӕ дӕр уый тыххӕй ӕвзарын+, фӕлӕ мӕм уый худинаг нӕ кӕсы+, уымӕн ӕмӕ, кӕуыл баууӕндыдтӕн, уый зонын, ӕмӕ мӕ фидарӕй уырны, йӕ бар ын цы бакодтон+, уый тӕрхоны бонмӕ кӕй бахъахъхъӕндзӕн+. 13 Амӕй фӕстӕмӕ дӕр фидар хӕц, мӕнӕй кӕй фехъуыстай, уыцы раст* ныхӕсты хуызӕгыл+, ӕмӕ дӕм уӕнт, Йесо Чырыстиимӕ иудзинадӕй чи цӕуы, уыцы уырнындзинад ӕмӕ уарзондзинад+. 14 Нӕ мидӕг цы сыгъдӕг тых* цӕры, уый фӕрцы хъахъхъӕн+, дӕ бар чи ис, уыцы хӕзна+.
15 Азийы*+ мӕ иууылдӕр кӕй ныууагътой, уый зоныс+. Ныууагътой мӕ Фигелл ӕмӕ Ермоген дӕр. 16 Нӕ Хицау фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисӕд Онисифоры+ хӕдзаронтӕм. Уый мӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бафидар кодта+, ӕмӕ, рӕхыстӕй баст кӕй дӕн, уымӕй дӕр не ’фсӕрмы кодта+. 17 Фӕлӕ Ромы куы уыди, уӕд мӕ зӕрдиагӕй агуырдта ӕмӕ мӕ ссардта+. 18 Хицау Йегъовӕ йӕм тӕрхоны бон+ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисӕд+. Ефесы мын цас балӕггад кодта, уый дӕр хорз зоныс.
2 Уӕдӕ, мӕ хъӕбул+, амӕй фӕстӕмӕ дӕр дӕхи фидар кӕн+, Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы цы стыр хорзӕхӕй+ стӕм хайджын, уымӕй. 2 Ӕмӕ бирӕ ӕвдисӕнты+ раз мӕнӕй цы фехъуыстай, уыдӕттӕ бацамон ӕууӕнкджын адӕймӕгтӕн, ӕмӕ уӕд уыдонӕн дӕр сӕ бон уыдзӕн уыдӕттӕ иннӕтӕн амонын+. 3 Цы зындзинӕдтӕ ӕвзарыс+, уыдонӕн фӕраз, Йесо Чырыстийы хъӕбатыр ӕфсӕддонӕн+ куыд ӕмбӕлы, афтӕ. 4 Иу ӕфсӕддон+ дӕр ӕндӕр хъуыддӕгты фӕдыл ӕхца бакусыны тыххӕй нӕ ацӕудзӕн+, цӕмӕй, ӕфсадмӕ йӕ чи райста, уый дзы райгонд уа. 5 Стӕй адӕймаг ерыс-хъӕзтыты+ архайгӕйӕ хъазты уагӕвӕрдты сӕрты куы ахиза, уӕд хӕрзиуӕг нӕ райсдзӕн. 6 Зӕххы тыллӕгӕй фыццаг, чи йыл фӕфыдӕбон кодта, уыцы зӕхкусӕг хъуамӕ бахӕра+. 7 Ӕдзухдӕр хъуыды кӕн, цы дын дзурын, уыдӕттыл. Нӕ Хицау дын ратдзӕн ӕмбаргӕдзинад+ алы хъуыддаджы дӕр.
8 Дӕ зӕрдыл дар, Йесо Чырысти мӕрдтӕй кӕй райгас+ ӕмӕ Давиды байзӕддаг+ кӕй уыд, ӕз цы хорз хабар хъусын кӕнын+, уымӕ гӕсгӕ. 9 Ӕз зындзинӕдтӕ дӕр уыцы хорз хабары тыххӕй ӕвзарын, суанг ма мӕ фыдгӕнӕгау рӕхыстӕй дӕр сбастой+. Фӕлӕ Хуыцауы ныхас рӕхыстӕй баст нӕу+. 10 Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ алцӕмӕн дӕр быхсын, ӕвзӕрст+ чи у, уыдоны тыххӕй, цӕмӕй Йесо Чырыстийы фӕрцы уыдон дӕр фервӕзой ӕмӕ ӕнусон кадӕй схайджын уой+. 11 Раст сты ацы ныхӕстӕ+: кӕд йемӕ амардыстӕм, уӕд йемӕ цӕргӕ дӕр кӕндзыстӕм+; 12 кӕд фидар лӕууӕм, уӕд йемӕ паддзӕхтӕ дӕр уыдзыстӕм+; куы йӕ ныууадзӕм+, уӕд нӕ уый дӕр ныууадздзӕн; 13 мах иузӕрдион куы нӕ уӕм, уӕддӕр уый уыдзӕн иузӕрдион+, уымӕн ӕмӕ, йӕхиуыл йӕ зӕрдӕ сива, уый йӕ бон нӕу.
14 Адӕттӕ сын сӕ зӕрдыл лӕууын кӕн+, Хуыцауы раз сӕ фӕдзӕхс+, цӕмӕй цыдӕр дзырдтыл ма быцӕу кӕной+ – уыцы быцӕутӕ ӕппындӕр ницы пайда сты, уымӕн ӕмӕ сӕм чи хъусы, уыдонӕн хӕссынц зиан. 15 Ӕппӕт хъарутӕй архай, цӕмӕй Хуыцауы раз ӕрлӕууай аккагӕй+, йӕ куысты тыххӕй йӕ цӕсгом кӕмӕн нӕ судзы+, рӕстдзинады ныхас раст чи амоны ӕмӕ йӕ раст чи ӕмбарын кӕны+, ахӕм кусӕгӕй+. 16 Сыгъдӕг цы у, уый хынджылӕггаг чи кӕны, уыцы дзӕгъӕл ныхӕстӕй та дӕхи хиз+. Ахӕм ныхӕстӕ чи кӕны, уыдон се ’нӕхуыцау хъуыддӕгты фыддӕрӕй-фыддӕр кӕндзысты+, 17 ӕмӕ сӕ ныхас ахӕлиу уыдзӕн, буар сау кӕнын ӕмӕ ӕмбийын куыд райдайы, афтӕ+. Ахӕмтӕ сты Именей ӕмӕ Филит дӕр+. 18 Уыдон дзурынц, зӕгъгӕ, мӕрдтӕ ныридӕгӕн райгас сты+, ӕмӕ афтӕмӕй раст фӕндагӕй адзӕгъӕл сты+, ӕмӕ ма кӕйдӕрты уырнындзинад дӕр халынц+. 19 Фӕлӕ уӕддӕр, Хуыцау цы фидар бындур сӕвӕрдта, уый лӕууы ӕнӕфӕцудгӕйӕ+ ӕмӕ йыл мыхуырӕвӕрдау фыст ис ахӕм ныхӕстӕ: «Йегъовӕ зоны йӕхиуӕтты»+; ӕмӕ ма ноджыдӕр: «Йегъовӕмӕ йӕ номӕй чидӕриддӕр кувы+, уыдонӕн фыддзинадимӕ иумӕйагӕй мацы уӕд»+.
20 Стыр хӕдзары та ӕрмӕст сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист мигӕнӕнтӕ нӕ вӕййы, фӕлӕ ма хъӕдӕй ӕмӕ ӕлыгӕй конд мигӕнӕнтӕ дӕр. Ӕмӕ дзы иутӕ вӕййынц, кадджын хъуыддагӕн чи бахъӕуы, ахӕмтӕ, иннӕтӕ та, ӕнӕуи хъуыддӕгтӕн чи бахъӕуы, ахӕм мигӕнӕнтӕ+. 21 Фӕстӕгтӕй йӕхи чи хизы, уый уыдзӕн, кадджын хъуыддагӕн чи бахъӕуы, ахӕм мигӕнӕн, сыгъдӕг, йӕ хицауӕн хъӕугӕ, алы хорз хъуыддагмӕ дӕр цӕттӕ+. 22 Уымӕ гӕсгӕ, ӕвзонг адӕймаджы зӕрдӕйы цы монцтӕ фӕзыны, уыдонӕй дард лидз+. Ӕмӕ уый бӕсты тырн рӕстдзинадмӕ+, уырнындзинадмӕ, уарзондзинадмӕ ӕмӕ фарнмӕ+ ӕмӕ дӕхи бӕтт, Хицауыл йӕ ныфс сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи дары, уыдоныл+.
23 Стӕй дӕхи хиз ӕнӕзонд ӕмӕ дзӕгъӕл радзур-бадзуртӕй+, уымӕн ӕмӕ йӕ зоныс, уыдӕттӕ хылтӕм кӕй ӕркӕнынц+. 24 Ӕмӕ Хицауы цагъар та хъуамӕ хыл ма кӕна+, фӕлӕ хъуамӕ алкӕимӕ дӕр уа фӕлмӕн*+, иннӕты ахуыр кӕнынмӕ арӕхса+, исчи йын ӕвзӕрӕй исты куы араза, уӕд йӕхиуыл хӕцын фӕраза+, 25 ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕн фӕлмӕнӕй зонд амона+. Кӕд сын Хуыцау ӕрфӕсмон кӕныны фадат раттид+, цӕмӕй, рӕстдзинад* цы у, уый бӕлвырдӕй базоной+, 26 ӕмӕ цӕмӕй сӕхи ӕрӕмбарой ӕмӕ Хӕйрӕджы къӕппӕгӕй+ раирвӕзой, уымӕн ӕмӕ сӕ уый удӕгасӕй+ ӕрцахста йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн.
3 Фӕлӕ уый зон, ӕмӕ фӕстаг бонты+ скӕндзӕн тынг уӕззау рӕстӕг+. 2 Уымӕн ӕмӕ адӕм уыдзысты хиуарзон, ӕхцауарзаг, хиппӕлой, сӕрбӕрзонд, Хуыцауы фаудзысты, сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты коммӕ нӕ кӕсдзысты+, хорздзинадӕн аргъ кӕнын нӕ зондзысты, уыдзысты мӕнгард+, 3 бинонты ’хсӕн уарзондзинад нал уыдзӕн+, уыдзысты зындзырд+, иннӕты фыдкой кӕндзысты*+, хиуыл хӕцын нӕ зондзысты, уыдзысты ӕгъатыр*+, хорздзинад нӕ уарздзысты+, 4 кӕрӕдзийыл гадзрахатӕй цӕудзысты+, уыдзысты хивӕнд, сӕ сӕр бӕрзӕндты хӕсдзысты+, Хуыцауы нӕ уарздзысты, фӕлӕ уарздзысты ирхӕфсӕнтӕ+, 5 сӕхи афтӕ ӕвдисдзысты, цыма Хуыцауӕн кувӕг адӕм сты+, фӕлӕ сӕ цардӕй та уый бӕрӕг нӕ уыдзӕн+. Ахӕмтӕм хӕстӕг дӕр ма цу+. 6 Се ’хсӕнӕй фӕзыны ахӕм адӕймӕгтӕ, ӕмӕ, хинӕй архайгӕйӕ, бинонты ’хсӕнмӕ бахъуызынц+ ӕмӕ, йӕ тӕригъӕдтӕ кӕуыл ӕруӕз кодтой, алыхуызон монцты+ фӕдыл чи цӕуы, ахӕм лӕмӕгъ сылгоймӕгты сӕ уацары бакӕнынц. 7 Уыцы сылгоймӕгтӕ ӕдзух ахуыр кӕнынц, фӕлӕ, рӕстдзинад* цы у, уый бӕлвырдӕй базонын сӕ бон нӕу+.
8 Ианни ӕмӕ Иамври+ Моисейы ныхмӕ куыд ӕрлӕууыдысты, афтӕ уыцы адӕймӕгтӕ дӕр цӕуынц рӕстдзинады+ ныхмӕ. Сӕ зонд бынтондӕр сзыгъуыммӕ+ ӕмӕ сӕ Хуыцауы хорзӕх нӕй, уымӕн ӕмӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ нӕ цӕрынц+. 9 Фӕлӕ сын уымӕй фылдӕр ницы бантысдзӕн, уымӕн ӕмӕ алчидӕр фендзӕн, ӕнӕзонд кӕй сты, уый – уыцы дыууӕйы хабар дӕр куыд уыди, афтӕ+. 10 Ды та алцӕмӕй дӕр мӕн бафӕзмыдтай: ӕз иннӕты куыд ахуыр кӕнын, куыд цӕрын+, цӕмӕ тырнын, уый, мӕ уырнындзинад, мӕ бирӕфӕразондзинад, мӕ уарзондзинад, мӕ фидардзинад, 11 цы ’фхӕрд ӕмӕ цы хъизӕмӕрттӕ баййӕфтон, зӕгъӕм, Антиохийы+, Иконийы+ ӕмӕ мыл Листрӕйы+ цытӕ ’рцыд, уыдӕттӕ. Ӕз бавзӕрстон ахӕм ӕфхӕрдтытӕ, фӕлӕ мӕ Хицау се ’ппӕтӕй дӕр фервӕзын кодта+. 12 Уӕвгӕ, Хуыцауыл иузӕрдионӕй ӕмӕ Йесо Чырыстиимӕ иудзинады цӕрын кӕй фӕнды, уыдон се ’ппӕт дӕр ӕфхӕрд ӕййафдзысты+. 13 Ӕвзӕр адӕм ӕмӕ цӕстфӕлдахджытӕ та кӕндзысты фыддӕрӕй-фыддӕр – иннӕты дӕр зыгъуыммӕ зондыл ардаудзысты, ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр зыгъуыммӕ зондыл цӕудзысты+.
14 Фӕлӕ ды, цы базыдтай ӕмӕ дӕ фидарӕй цӕуыл баууӕндын кодтой, ууыл амӕй фӕстӕмӕ дӕр фидар хӕц+, уымӕн ӕмӕ зоныс, чи дын сӕ бацамыдта, уыдоны+. 15 Стӕй ды дӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ+ зоныс сыгъдӕг Фыстытӕ – уыдон дын ратдзысты ахӕм зонд, цӕмӕй фервӕзай+, Йесо Чырыстийыл кӕй ӕууӕндыс, уый фӕрцы+. 16 Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы комытӕфӕй фыст+ ӕмӕ пайда у адӕймаджы ахуыр кӕнынӕн+, уайдзӕф кӕнынӕн+, хъуыддӕгтӕ раст кӕнынӕн+, раст зондыл аразынӕн+, 17 цӕмӕй Хуыцауы адӕймаг алцыдӕр хорз зона+ ӕмӕ алы хорз хъуыддагмӕ дӕр алцӕмӕй дӕр цӕттӕ уа+.
4 Хуыцауы раз ӕмӕ дын Йесо Чырыстийы раз, удӕгӕстӕн дӕр ӕмӕ мӕрдтӕн+ дӕр тӕрхон чи кӕндзӕн+, чи раргом уыдзӕн+ ӕмӕ йӕ паддзахадмӕ чи ’рцӕудзӕн+, уый раз, фӕдзӕхсын: 2 хъусын кӕн Хуыцауы ныхас+, уыцы хъуыддаг кӕн ӕвӕстиатӕй*, ӕнцон куы уа, уӕд дӕр+ ӕмӕ, зын куы уа, уӕд дӕр+, иннӕтӕн уайдзӕф кӕн+, сӕ рӕдыд-иу сын зӕгъ, фӕдзӕхс сӕ – у бирӕфӕразон+ ӕмӕ сӕ арӕхстджынӕй ахуыр кӕн. 3 Уымӕн ӕмӕ ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ раст* ахуырадӕн нал быхсдзысты+, фӕлӕ сӕ зӕрдӕйы фӕндтӕм гӕсгӕ сӕ алыварс ӕмбырд кӕндзысты, сӕ хъустӕн ӕхсызгон кӕй ныхӕстӕ уой, ахӕм ахуыргӕнджыты+. 4 Уыдон рӕстдзинадмӕ* нал хъусдзысты, фӕлӕ се ’ргом аздахдзысты аргъӕуттӕм+. 5 Ды та алы хъуыддаджы дӕр у къӕрцхъус+, зындзинӕдтӕн быхс+, хорз хабар хъусын кӕн+, дӕ лӕггады рохуаты мацы уадз+.
6 Ӕз ныридӕгӕн нывондӕн хаст цӕуын, кувинаг нозт нывондыл куыд рауадзынц, афтӕ+, ӕмӕ тагъд ссӕрибар уыдзынӕн+. 7 Ӕз хъӕбатырӕй тох кодтон+, мӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъордтон+, мӕ уырнындзинад бахъахъхъӕдтон+. 8 Нырӕй фӕстӕмӕ мын ӕвӕрдӕй лӕууы рӕстдзинады кадыхуд+ – уыцы кадыхуд мын нӕ Хицау, рӕстаг тӕрхонгӕнӕг+, хӕрзиуӕгӕн ратдзӕн+ тӕрхоны бон+. Стӕй ӕрмӕст мӕнӕн нӕ, фӕлӕ, кӕй раргом уыдзӕн, уымӕ чи бӕллы, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр.
9 Бацархай, цӕмӕй мӕм тагъддӕр ӕрцӕуай+. 10 Уымӕн ӕмӕ Димас+ бауарзта ацы дуне*+, ӕмӕ мӕ ныууагъта ӕмӕ Фессалоникӕмӕ ацыд. Крискент ацыд Галатимӕ+, Тит та – Далматимӕ. 11 Ӕрмӕстдӕр ма Лука ис мемӕ. Демӕ-иу ракӕн Марчы дӕр, мӕ лӕггады мӕ йе ’ххуыс ӕхсызгонӕй+ хъӕуы. 12 Тихикы+ та Ефесмӕ арвыстон. 13 Куы цӕуай, уӕд-иу демӕ рахӕсс, Троадӕйы+ Карпмӕ кӕй ныууагътон, уыцы пӕлӕз, стӕй тыхтӕттӕ* дӕр, уӕлдайдӕр та, цӕрмттӕй конд чи сты, уыдон.
14 Ӕрхуыйы куыстгӕнӕг Алыксандр+ мын бирӕ мӕстытӕ бавзарын кодта. Йегъовӕ йын йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ, цы хъӕуы, уый бакӕндзӕн+. 15 Ӕмӕ дзы ды дӕр дӕхи хъахъхъӕн, уымӕн ӕмӕ, цы дзырдтам, уый ныхмӕ тынг цыди.
16 Тӕрхоны раз фыццаг хатт куы ’рлӕууыдтӕн, уӕд мӕ фарсмӕ ничи ӕрбалӕууыд, иууылдӕр мӕ ныууагътой+ – Хуыцау сын ӕй ныххатыр кӕнӕд+. 17 Фӕлӕ нӕ Хицау уыди мӕ фарсмӕ+ ӕмӕ мын хъару лӕвӕрдта+, цӕмӕй хорз хабар бӕстон фехъусын кодтаин ӕмӕ йӕ ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъуыстаиккой+, ӕмӕ мӕ нӕ Хицау домбайы дзыхӕй фервӕзын кодта+. 18 Нӕ Хицау мӕ фервӕзын кӕндзӕн ӕппӕт фыдбылызтӕй+ дӕр ӕмӕ мӕ бахъахъхъӕндзӕн йӕ уӕларвон паддзахадӕн+. Кад ын уӕд ӕнусӕй-ӕнусмӕ! Аммен.
19 Мӕ номӕй салӕмттӕ ратт Прискӕ*+ ӕмӕ Акилӕйӕн, стӕй Онисифоры+ хӕдзаронтӕн.
20 Ераст+ баззад Коринфы+, Трофимы+ та рынчынӕй ныууагътон Милеты+. 21 Бацархай, цӕмӕй мӕм, цалынмӕ зымӕг нӕ райдыдта, уӕдмӕ ӕрцӕуай.
Салӕмттӕ дын ӕрвитынц Еввул, стӕй Пуд, Лин, Клавдийӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ иууылдӕр.
22 Ахӕм хорз зӕрдӕйы уаг дын кӕй ис, уый тыххӕй дын нӕ Хицау раарфӕ кӕнӕд+. Уе ’ппӕт дӕр йе стыр хорзӕхӕй хайджын ут.
[Фиппаинӕгтӕ]
Комк. «ӕнӕниз».
Кӕнӕ «сыгъдӕг уд»; «уд» – грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Кӕс Хъд 2:9, фип.
Кӕнӕ «уӕздан; сабыр».
Кӕнӕ «ӕцӕгдзинад».
Комк. «[уыдзысты] хӕйрӕджытӕ».
Кӕнӕ «знӕт; хъӕддаг».
Кӕнӕ «ӕцӕгдзинад».
Кӕнӕ «зынгзӕрдӕйӕ».
Комк. «ӕнӕниз».
Кӕнӕ «ӕцӕгдзинадмӕ».
Кӕнӕ «цардӕвӕрд». Грекъ. айо́н.
Комк. «гыццыл чингуытӕ». Грекъ. библи́а, ацы дзырдӕй равзӕрд дзырд «Библи».
Хуыйны ма «Прискиллӕ» дӕр.