Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bi12 Дзуттӕгтӕм 1:1–13:25
  • Дзуттӕгтӕм

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Дзуттӕгтӕм
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац
Библи – Ног дунейы тӕлмац
Дзуттӕгтӕм

Фыстӕг Дзуттӕгтӕм

1 Раджы заманты Хуыцау нӕ фыдӕлтимӕ бирӕ хӕттыты+ ӕмӕ алы ӕгъдауӕй ныхас кодта пехуымпарты уылты+, 2 ацы бонты кӕрон+ та немӕ ныхас кодта йӕ Фырты+ уылты, ӕппӕт дӕр бынӕн кӕмӕн радта+ ӕмӕ, дун-дунейы цыдӕриддӕр ис, уый* кӕй фӕрцы скодта+, уый уылты. 3 Уый мидӕг зыны Хуыцауы кад+, уый у, Хуыцау цыхуызӕн у, раст ахӕм+. Уый ӕппӕтыл дӕр хӕцы йӕ тыхджын дзырдӕй+. Ӕмӕ нӕ нӕ тӕригъӕдтӕй куы ссыгъдӕг кодта+, уӕд уӕлӕрвты+ Цытджын Хуыцауы рахиз фарс ӕрбадт+. 4 Ӕмӕ сси зӕдтӕй дӕр уӕлдӕр+, уымӕн ӕмӕ йын лӕвӕрд ӕрцыд* зӕдты номӕй кадджындӕр ном+.

5 Зӕгъӕм, зӕдтӕй кӕд кӕмӕн загъта: «Ды дӕ мӕ фырт, абон ӕз сдӕн дӕ фыд»?+ Науӕд: «Ӕз суыдзынӕн йӕ фыд, уый та суыдзӕн мӕ фырт»?+ 6 Фӕлӕ йӕ Фыццаггуырды+ ногӕй зӕхмӕ куы ’ркӕна, уыцы рӕстӕджы тыххӕй та афтӕ зӕгъы: «Хуыцауы зӕдтӕ+ иууылдӕр йӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхауӕнт»+.

7 Стӕй зӕдты тыххӕй та афтӕ зӕгъы: «Йӕ зӕдты фестын кӕны хъомысджын тыхтӕ*, ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты – пиллон арт»+. 8 Йӕ Фырты тыххӕй та зӕгъы: «Хуыцау йӕхӕдӕг у дӕ паддзахбадӕн ӕнусӕй-ӕнусмӕ+, ӕмӕ дӕ паддзахады лӕдзӕг+ у рӕстдзинады лӕдзӕг+. 9 Ды уарзыс рӕстдзинад, фыддзинадӕй та де сӕфт уыныс. Ӕмӕ дӕ де ’мбӕлттӕй уӕлдай+ Хуыцау, дӕ Хуыцау, цины сойӕ дӕр уымӕн байсӕрста»+. 10 Ӕмӕ ма афтӕ дӕр зӕгъы: «О Хицау, райдианы зӕххӕн бындур ды сӕвӕрдтай, ӕмӕ арв дӕр у дӕ къухты фыдӕбон+. 11 Уыдон фесӕфдзысты, ды та уыдзынӕ ӕнустӕм. Уыдон дарӕсау+ баихсидзысты, 12 ӕмӕ сӕ ды пӕлӕзау+ стухдзынӕ, дарӕсау ивд ӕрцӕудзысты. Ды та нӕ ивыс, ӕмӕ дӕ азтӕ никуы фӕуыдзысты»+.

13 Зӕдтӕй та кӕд кӕмӕй загъта: «Бад мӕ рахиз фарс, цалынмӕ дын де знӕгты дӕ къӕхты бын не ’рӕвӕрон, уӕдмӕ»?+ 14 Зӕдтӕ+ се ’ппӕт дӕр лӕггадгӕнӕг тыхтӕ не сты?+ Чи хъуамӕ фервӕза*+, уыдонӕн лӕггад кӕнынмӕ сӕ не ’рвиты?

2 Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ мах хъӕуы, цы фехъуыстам, уымӕ нӕ хъус уӕлдай лӕмбынӕг дарын+, цӕмӕй нӕ уырнындзинады фӕндагӕй иуварс ма ахӕсса+, 2 уымӕн ӕмӕ кӕд зӕдты+ дзыхӕй загъд ныхас афтӕ фидар уыд, ӕмӕ, йӕ сӕрты чи ахызтаид ӕмӕ йӕм чи нӕ байхъуыстаид, уый-иу, рӕстдзинад куыд домдта, афтӕ ӕфхӕрд баййӕфта+, 3 уӕд мах та куыд аирвӕздзыстӕм+ ӕфхӕрдӕй, ӕппӕты фыццаг нӕ Хицау+ кӕй тыххӕй дзырдта+, уыцы диссаджы ирвӕзындзинад+ куы ницӕмӕ ӕрдарӕм+, уӕд? Уыцы ирвӕзындзинады хабар ӕцӕг кӕй у, уый махӕн та радзырдтой, уымӕн ӕй йӕхицӕй чи фехъуыста, уыдон. 4 Ӕмӕ ма йӕ Хуыцау дӕр равдыста нысӕнттӕй, диссӕгтӕй ӕмӕ алыхуызон хъомысджын хъуыддӕгтӕй+, стӕй, йӕ лӕггадгӕнджытӕн йӕ сыгъдӕг тыхӕй* йӕ фӕндонмӕ+ гӕсгӕ кӕй хай кӕны+, уымӕй дӕр.

5 Мах цы фидӕны зӕххы+ кой кӕнӕм, уыцы зӕхх зӕдты бар нӕ бакодта. 6 Фӕлӕ уый тыххӕй иу чидӕр афтӕ загъта: «Цы у адӕймаг, ӕмӕ йӕ ды хъуыды кӕнай?+ Кӕнӕ цы у адӕймаджы фырт, ӕмӕ йыл ды тыхсай?+ 7 Зӕдтӕй йӕ бирӕ дӕлдӕр нӕ сӕвӕрдтай, кад ӕмӕ намысы+ худ ын ӕркодтай йӕ сӕрыл, дӕ къухты фыдӕбонӕн ӕй сӕвӕрдтай хицауӕй+. 8 Ӕппӕт дӕр ын ӕрӕвӕрдтай йӕ къӕхты бын»+. Ӕмӕ йын Хуыцау ӕппӕт дӕр йӕ къӕхты бын куы ӕрӕвӕрдта+, уӕд ын йӕ бар цы нӕ бакодта, ахӕмӕй ницыуал ныууагъта+. Ӕцӕг, нырма нӕ уынӕм, ӕмӕ ӕппӕтыл дӕр цӕуа йӕ бар+, 9 фӕлӕ уынӕм, Йесо,– зӕдтӕй гыццыл дӕлдӕр ӕвӕрд чи ’рцыди, уый+,– кад+ ӕмӕ намысӕй кӕй схайджын, мӕлӕт кӕй бавзӕрста, уый тыххӕй+. О, Хуыцауы стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ уый мӕлӕт бавзӕрста алкӕй тыххӕй дӕр+.

10 Уымӕн ӕмӕ, ӕппӕт дӕр кӕмӕн у+ ӕмӕ ӕппӕт дӕр кӕй фӕрцы ис ӕмӕ йӕ бирӕ фыртты кадмӕ чи кӕны+, Уымӕ раст касти, цӕмӕй сӕ кӕй фӕрцы ирвӕзын кӕны, уыцы Сӕйраг Разамонӕджы+ алцӕмӕй ӕххӕст скодтаид хъизӕмӕртты руаджы+. 11 Уымӕн ӕмӕ сыгъдӕггӕнӕг дӕр ӕмӕ, кӕй сыгъдӕг кӕны+, уыдон дӕр иууылдӕр иу+ фыдӕй сты, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сыгъдӕггӕнӕгмӕ худинаг нӕ кӕсы, цӕмӕй сӕ йе ’фсымӕртӕ хона+. 12 Уый афтӕ зӕгъы: «Ӕз дӕ ном фехъусын кӕндзынӕн ме ’фсымӕртӕн. Ӕмбырды астӕу дӕ кадӕн зардзынӕн»+. 13 Ӕмӕ ноджыдӕр зӕгъы: «Мӕ зӕрдӕ ууыл дардзынӕн»+. Ӕмӕ ма афтӕ дӕр зӕгъы: «Ӕз мӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ мын Йегъовӕ кӕй радта, уыцы сывӕллӕттӕ дӕр»+.

14 Ӕмӕ «сывӕллӕттӕ» туг ӕмӕ фыдӕй кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ уый дӕр сси туг ӕмӕ фыд+, цӕмӕй йӕ мӕлӕты руаджы+ йӕ тых асӕтта+, мӕлӕт хӕссыны хъомыс кӕмӕ ис, уымӕн+, ома Хӕйрӕгӕн+, 15 ӕмӕ ссӕрибар кӕна+, мӕлӕтӕй тӕрсгӕйӕ+ цӕрӕнбонты цагъар чи уыди, уыдоны се ’ппӕты дӕр+. 16 Уымӕн ӕмӕ уый зӕдтӕн баххуыс кӕнынмӕ не ’рцыд, фӕлӕ Авраамы байзӕддӕгтӕн+. 17 Ӕмӕ уый тыххӕй хъуамӕ алцӕмӕй дӕр суыдаид «йе ’фсымӕрты»+ хуызӕн, цӕмӕй Хуыцауы хъуыддаджы суыдаид тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ иузӕрдион хистӕр сауджын+, ӕмӕ цӕмӕй адӕмы тӕригъӕдты+ тыххӕй фидауынгӕнӕг+ нывонд ӕрхастаид. 18 Фӕлварӕнты йӕхӕдӕг кӕй хъизӕмар кодта+, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон баххуыс кӕнын у, фӕлварӕнты чи ис, уыдонӕн+.

3 Уӕдӕ, ме ’фсымӕртӕ*, уӕларвмӕ хуынд адӕм+, дзӕбӕх ахъуыды кӕнут, ӕргом кӕй тыххӕй дзурӕм+, зӕгъгӕ, уый у зӕхмӕ ӕрвыст*+ ӕмӕ хистӕр сауджын, ууыл – Йесойыл. 2 Моисей+ алы хъуыддаджы дӕр Хуыцауы хӕдзары* иузӕрдион куыд уыд+, афтӕ уый дӕр иузӕрдион+ уыди, апостолӕй ӕмӕ йӕ хистӕр сауджынӕй чи сӕвӕрдта, уыцы Хуыцауыл. 3 Фӕлӕ хӕдзарӕй хӕдзараразӕг кадджындӕр куыд вӕййы+, афтӕ уый+ дӕр Моисейӕ стырдӕр кады аккаг уыд+. 4 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алы хӕдзар дӕр чидӕр саразы, ӕмӕ ӕппӕт саразӕг та у Хуыцау+. 5 Моисей Хуыцауы хӕдзары алы хъуыддаджы дӕр уыд иузӕрдион, куыд лӕггадгӕнӕг+, афтӕ, ӕмӕ йӕ лӕггад амыдта, фӕстӕдӕр цы хъуамӕ раргом уыдаид, уымӕ+. 6 Чырысти та иузӕрдион уыди, куыд Хуыцауы Фырт+, афтӕ, йӕ Фыды хӕдзармӕ йӕ хъус куыд дардта, уыцы хъуыддаджы. Ӕмӕ уыцы хӕдзар та стӕм мах+, кӕд, нӕ бон сӕрибарӕй дзурын кӕй у, ууыл ӕмӕ, сӕрыстыр кӕмӕй стӕм, уыцы ныфсыл кӕронмӕ фидар хӕцӕм, уӕд+.

7 Хуыцауы сыгъдӕг тых+ афтӕ дӕр уымӕн зӕгъы: «Абон, кӕд ын йӕ хъӕлӕс хъусут+, 8 уӕд уӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕнут, уӕ фыдӕлтӕ мӕ ӕдзӕрӕг быдыры+ куы смӕсты кодтой+, куы мӕ фӕлвӕрдтой+, уӕд куыд бакодтой, афтӕ. 9 Кӕд цыппор азы+ дӕргъы мӕ хъуыддӕгтӕ+ сӕхи цӕстӕй уыдтой, уӕддӕр мӕ фӕлвӕрдтой. 10 Ӕмӕ мын уый тыххӕй уыцы фӕлтӕр фенад, ӕмӕ загътон: „Ӕдзух сӕ зӕрдӕты фӕдыл адзӕгъӕл вӕййынц+, нӕ мын базыдтой мӕ фӕндӕгтӕ“+. 11 Гъемӕ сӕм смӕсты дӕн, ӕмӕ расомы кодтон: „Уыдон ме ’нцойадмӕ+ нӕ бацӕудзысты“»+.

12 Уӕдӕ уӕхи хъахъхъӕнут, ме ’фсымӕртӕ, цӕмӕй уӕ удӕгас Хуыцауӕй+ мачи адард уа ӕмӕ йӕ зӕрдӕ ма суа хӕлд ӕмӕ, уырнындзинад кӕм нӕй, ахӕм. 13 Ӕмӕ ма цалынмӕ афтӕ зӕгъӕн ис, «абон»+, зӕгъгӕ, уӕдмӕ алы бон дӕр уӕ кӕрӕдзийы фӕдзӕхсут+, цӕмӕй уӕ тӕригъӕд йӕ фӕдыл макӕй асайа+ ӕмӕ йӕ зӕрдӕ макӕмӕн ныддур уа. 14 Уымӕн ӕмӕ нын Чырыстийӕ хай ӕрмӕстдӕр уӕд ис+, кӕд ӕмӕ нӕ райдианы цы уырныдта, ууыл фидар хӕцӕм кӕронмӕ дӕр+, 15 цалынмӕ ма Фыстад дзуры: «Абон, кӕд ын йӕ хъӕлӕс хъусут+, уӕд уӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕнут, уӕ фыдӕлтӕ мӕ ӕдзӕрӕг быдыры куы смӕсты кодтой+, уӕд куыд бакодтой, афтӕ».

16 Фӕлӕ чи уыдысты, Хуыцауы чи фехъуыста ӕмӕ йӕ уӕддӕр чи смӕсты кодта, уыдон?+ Моисей Египетӕй кӕй ракодта, уыдон нӕ уыдысты се ’ппӕт дӕр?+ 17 Науӕд Хуыцауӕн цыппор азы дӕргъы ӕнад чи уыд?+ Тӕригъӕды фӕндагыл чи ацыд ӕмӕ се стджытӕ ӕдзӕрӕг быдыры кӕмӕн баззадысты, уыдон нӕ уыдысты?+ 18 Стӕй, йӕ коммӕ чи нӕ каст, уыдоны йеддӕмӕ кӕмӕн расомы кодта+, ме ’нцойадмӕ нӕ бацӕудзыстут, зӕгъгӕ?+ 19 Уӕдӕ йӕ уынӕм: уыдонӕн йе ’нцойадмӕ бацӕуын сӕ бон уый тыххӕй нӕ баци, ӕмӕ сӕм уырнындзинад нӕ уыд+.

4 Уӕдӕ, Хуыцау йе ’нцойадмӕ бацӕуынӕй зӕрдӕ кӕй бавӕрдта, уый нырма йӕ тыхы ис+, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕхи хъахъхъӕнӕм, цӕмӕй афтӕ ма рауайа, ӕмӕ нӕ чидӕр аккаг нӕ разынд+. 2 Хорз хабар махӕн куыд фехъусын кодтой+, афтӕ йӕ фехъусын кодтой нӕ фыдӕлтӕн дӕр+. Фӕлӕ, цы дзырд фехъуыстой, уый сын пайда не ’рхаста+, уымӕн ӕмӕ сӕм нӕ уыди, чи йӕм байхъуыста+, уыдонмӕ цы уырнындзинад уыд, ахӕм уырнындзинад+. 3 Мах та, уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдон, цӕуӕм йе ’нцойадмӕ, уымӕн ӕмӕ афтӕ загъта: «Гъемӕ сӕм смӕсты дӕн, ӕмӕ расомы кодтон+: „Уыдон ме ’нцойадмӕ+ нӕ бацӕудзысты“»+, кӕд йӕ хъуыддӕгтӕ, дуне куы фӕзынд, уӕд*+ конд фесты+, уӕддӕр. 4 Ӕвдӕм боны тыххӕй уый иу ран афтӕ загъта: «Ӕмӕ ӕвдӕм бон Хуыцау йе ’ппӕт хъуыддӕгтӕй дӕр улӕфын райдыдта»+. 5 Ӕмӕ та ноджыдӕр загъта: «Уыдон ме ’нцойадмӕ нӕ бацӕудзысты»+.

6 Хорз хабар+ фыццаг кӕмӕн фехъусын кодтой, уыдон сӕ ӕгоммӕгӕсдзинады+ тыххӕй уыцы ӕнцойадмӕ нӕ бацыдысты. Фӕлӕ ма уӕддӕр кӕмӕндӕрты сӕ бон у бацӕуын. 7 Гъе уымӕ гӕсгӕ ногӕй сбӕрӕг кодта иу бон, ӕмӕ уый тыххӕй бирӕ фӕстӕдӕр загъта Давиды псаломы, «абон», зӕгъгӕ,– уӕлдӕр куыд загъд у, раст афтӕ: «Абон, кӕд ын йӕ хъӕлӕс хъусут+, уӕд уӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕнут»+. 8 Навины фырт Йесо+ сӕ куы бакодтаид ӕнцойады бынатмӕ+, уӕд уый фӕстӕ Хуыцау ӕндӕр боны кой нал кодтаид+. 9 Уӕдӕ Хуыцауы адӕмӕн ныр дӕр ма у сабат – ӕнцойады бон+. 10 Хуыцауы ӕнцойадмӕ чи бацыд, уый+ йӕхӕдӕг дӕр ӕрӕнцад йӕ хъуыддӕгтӕй+, Хуыцау йӕ хъуыддӕгтӕй куыд ӕрӕнцад, афтӕ.

11 Гъемӕ уӕдӕ ӕппӕт хъарутӕй архайӕм уыцы ӕнцойадмӕ бацӕуыныл, цӕмӕй нӕ тӕригъӕды мачи бафта ӕмӕ уыдонау ӕгоммӕгӕс ма суа+. 12 Хуыцауы ныхас+ у удӕгас+ ӕмӕ дзы ис стыр тых+, уый у цыфӕнды дыууӕкомон хъамайӕ+ дӕр цыргъдӕр: адӕймаджы афтӕ ахизы, ӕмӕ равдисы, бакастӕй куыд зыны+ ӕмӕ мидӕгӕй цавӕр у, уый*+, кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн кӕны стджытӕ* ӕмӕ стджыты магъз, ӕмӕ базоны зӕрдӕйы+ хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕ. 13 Ӕмӕ, Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдонӕй ахӕм ницы ис, ӕмӕ йӕ ма уына+ – дзуапп кӕй разы дӕттӕм, уымӕй ӕмбӕхст ницы у, алцыдӕр ын у ӕргом+.

14 Уӕдӕ нын ахӕм цытджын хистӕр сауджын кӕй ис,– Йесо, Хуыцауы Фырт+, уӕлӕрвтӕм+ чи ссыд, уый,– уымӕ гӕсгӕ дарддӕр дӕр ӕргом дзурӕм, кӕй йыл ӕууӕндӕм, уый тыххӕй+. 15 Уымӕн ӕмӕ нӕ хистӕр сауджын, нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ нын чи нӕ бамбара, ахӕм нӕу+. Уый махау фӕлвӕрд ӕрцыд алцӕмӕй дӕр, ӕрмӕст тӕригъӕд никуы сарӕзта+. 16 Гъемӕ уӕдӕ баввахс уӕм+, стыр хорзӕх кӕмӕй цӕуы, уый паддзахбадӕнмӕ* ӕмӕ Хуыцаумӕ ныфсджынӕй кувӕм+, цӕмӕй нӕм бахъуаджы сахат фӕлмӕнзӕрдӕ уа ӕмӕ нын йе стыр хорзӕхӕй бахай кӕна+.

5 Адӕмӕй хистӕр сауджын чи свӕййы, уыдонӕй алкӕцы дӕр ӕвӕрд ӕрцӕуы Хуыцауы хъуыддаджы сӕргъы+, адӕмӕн ӕххуыс кӕнынӕн, цӕмӕй кувинӕгтӕ ӕмӕ тӕригъӕдты тыххӕй нывӕндтӕ хӕсса+. 2 Уымӕн йӕ бон у, ӕнӕзонгӕйӕ чи рӕдийы, уыдоны ӕмбарын, уымӕн ӕмӕ йӕхиуыл дӕр уӕз кӕнынц йӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ+. 3 Ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ тӕригъӕдты тыххӕй нывӕндтӕ хӕссын фӕхъӕуы канд адӕмы тыххӕй нӕ, фӕлӕ йӕхи тыххӕй дӕр+.

4 Стӕй уыцы кадджын бынаты адӕймаг йӕхӕдӕг йӕхи нӕ сӕвӕры+, фӕлӕ йӕ Хуыцау сӕвӕры+ – Аароны+ куыд сӕвӕрдта, афтӕ. 5 Ӕмӕ Чырысти дӕр хистӕр сауджын куы сси+, уӕд йӕхӕдӕг йӕхи не скадджын кодта+, фӕлӕ йӕ скадджын кодта+, афтӕ йын чи загъта, «ды дӕ мӕ фырт, абон ӕз сдӕн дӕ фыд»+, зӕгъгӕ, уый. 6 Афтӕ ма ӕндӕр ран дӕр загъта: «Ды дӕ Мелхиседекы хуызӕн сауджын ӕнустӕм»+.

7 Чырысти зӕххыл куы уыди, уӕд дзыназгӕйӕ+ ӕмӕ цӕссыгкалгӕйӕ лӕгъстӕ кодта+, мӕлӕтӕй йӕ бахизын кӕй бон уыди, Уымӕн, ӕмӕ йӕ Уый фехъуыста, Хуыцауы тас+ ӕм кӕй уыд, уый тыххӕй. 8 Кӕд йӕ Фырт уыди, уӕддӕр, цытӕ бавзӕрста, уый фӕрцы сахуыр коммӕ кӕсыныл+. 9 Ӕмӕ алцӕмӕй ӕххӕст куы сси+, уӕд ын Хуыцау йӕ бар бакодта, йӕ коммӕ чидӕриддӕр кӕсы+, уыдоны ӕнусон ирвӕзындзинад+, 10 уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау йӕхӕдӕг схуыдта Мелхиседекы хуызӕн хистӕр сауджын+.

11 Уый тыххӕй нӕм бирӕ зӕгъинӕгтӕ ис, фӕлӕ сӕ зын у сымахӕн бамбарын кӕнын, уымӕн ӕмӕ хъусынхъом нал стут+. 12 Рӕстӕгмӕ гӕсгӕ сымах хъуамӕ ахуыргӕнджытӕ+ уаиккат, фӕлӕ та уын ногӕй амонын хъӕуы Хуыцауы ныхӕсты+ «абетӕ»+. Ахӕм уавӕрмӕ ’рцыдыстут, ӕмӕ уын хъӕбӕр хӕринаг нӕ+, фӕлӕ ӕхсыр дӕттын хъӕуы. 13 Йӕ хӕринаг ӕхсыр кӕмӕн у, уый рӕстдзинады дзырдӕн ницы зоны, уымӕн ӕмӕ нырма гыццыл сывӕллон у+. 14 Хъӕбӕр хӕринаг та у фӕлтӕрд адӕймӕгтӕн, йӕ зондӕй чи архайы ӕмӕ афтӕмӕй йӕ зонд+, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕмбарын чи сахуыр кодта, уыдонӕн+.

6 Уӕдӕ иугӕр Чырыстийы+ тыххӕй сӕйраг ахуырӕдтӕ+ фӕстейӕ ныууагътам, уӕд ӕппӕт хъарутӕй тырнӕм фӕлтӕрддзинадмӕ+, ногӕй та бындур ӕвӕрынмӕ ма бавналӕм+, ома та нӕ ногӕй исчи ма райдайа ахуыр кӕнын алыхуызон ахуырӕдтыл: мард хъуыддӕгтыл ӕрфӕсмон кӕнын+, Хуыцауыл баууӕндын+, 2 алыхуызон аргъуыдтӕ+, къухтӕ ӕвӕрын+, мӕрдты райгас+ ӕмӕ ӕнусон тӕрхоныл+. 3 Уӕвгӕ, суыдзыстӕм фӕлтӕрдджын, кӕд Хуыцау зӕгъа, уӕд+.

4 Кӕддӕр Хуыцау йӕ рухсмӕ кӕй ӕрбакодта+, уӕларвон лӕвары ад чи базыдта+, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй чи схайджын+, 5 Хуыцауы диссаджы ныхасы ад чи банкъардта+ ӕмӕ, ӕрцӕуинаг дунейы* Хуыцауы хъаруйӕ цы хъуыддӕгтӕ арӕзт цӕудзӕн, уый чи федта+, 6 фӕлӕ уырнындзинады фӕндагӕй чи ахауд+, уыдонӕн дыккаг хатт фӕсмонмӕ ӕркӕнӕн нал ис+, уымӕн ӕмӕ уыдон Хуыцауы Фырты ногӕй хъӕдыл байтындзынц ӕмӕ йӕ адӕмы раз худинаг кӕнынц+. 7 Зӕгъӕм, зӕхх къӕвдатӕй куы бафсӕды, ӕмӕ йыл чи кусы, уыдонӕн, цӕмӕ йӕм фенхъӕлмӕ кӕсынц, уый куы ратты+, уӕд уыцы зӕхх Хуыцауӕй арфӕгонд вӕййы. 8 Сындзыты ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕджы бын куы фӕуа, уӕд та ницӕмӕн бӕздзӕн, ӕлгъыст фӕуыдзӕн+ ӕмӕ йыл ӕппынфӕстаг арт бандзардзысты+.

9 Фӕлӕ кӕд уыдӕтты кой кӕнӕм, уӕддӕр ӕй, нӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, фидарӕй зонӕм, сымах хуыздӕр уавӕры кӕй стут – ирвӕзындзинады фӕндагыл кӕй цӕут, уый. 10 Хуыцау мӕнгард нӕу, ӕмӕ уын нӕ ферох кӕндзӕн уӕ фыдӕбон ӕмӕ йын йӕ номмӕ цы уарзондзинад равдыстат, уый+ – сымах лӕггад кодтат ӕмӕ ныр дӕр лӕггад кӕнут сыгъдӕджытӕн+. 11 Фӕлӕ мах фӕнды, цӕмӕй уӕ алчидӕр дарддӕр дӕр афтӕ зӕрдиагӕй архайа ӕмӕ уын цы ныфс+ ис, ууыл кӕронмӕ+ фидарӕй ӕууӕнда+, 12 цӕмӕй зивӕггӕнаг ма суат+, фӕлӕ, Хуыцау сӕ уырнындзинад ӕмӕ сӕ фӕразондзинады тыххӕй хорздзинӕдтӕй зӕрдӕ кӕмӕн бавӕрдта+, уыдоны фӕзмат+.

13 Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕ куы бавӕрдта+, уӕд расомы кодта йӕхицӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ бон йӕхицӕй уӕлдӕр никӕмӕй уыд расомы кӕнын+, 14 ӕмӕ загъта: «Ӕз дын ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзынӕн ӕмӕ дӕ ӕнӕмӕнг сбирӕ кӕндзынӕн»+. 15 Хуыцау Авраамӕн ацы хъуыддагӕй зӕрдӕ бавӕрдта, уый фӕразондзинад куы равдыста, уӕд+. 16 Адӕм расомы кӕнынц, сӕхицӕй уӕлдӕр чи вӕййы, уымӕй+, ӕмӕ се ’хсӕн ныхас ууыл ахицӕн вӕййы, уымӕн ӕмӕ уыцы сомы вӕййы бӕлвырдгӕнӕн, афтӕ кӕй уыдзӕн, уымӕн+. 17 Раст афтӕ Хуыцау дӕр, йӕ фӕнд ӕнӕивгӕ кӕй у, уый+, йӕ хорздзинӕдтӕй зӕрдӕ кӕмӕн бавӕрдта, уыдонӕн+ ноджы ирддӕрӕй равдисынвӕнд куы скодта, уӕд йӕ ныхас сомыйӕ сфидар кодта, 18 цӕмӕй, Хуыцауӕн йӕ бон цы дыууӕ ӕнӕивгӕ хъуыддаджы нӕу фӕсайын+, уыдон мах – йӕхи Хуыцауы уазӕг чи бакодта, уыдоны,– разӕнгард кӕной, цы ныфс+ нын ис, ууыл фидар хӕцынмӕ. 19 Уыцы ныфс+ махӕн у науӕнгуырау, фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ, ӕмӕ нӕ бакӕндзӕн мидӕмӕ, ӕмбӕрзӕны фӕстӕмӕ+. 20 Уырдӕм нӕ разӕй бахызти+ ӕмӕ нын фӕндаг бакодта Йесо – ӕнустӕм Мелхиседекы хуызӕн хистӕр сауджын чи сси, уый+.

7 Уыцы Мелхиседек уыд Салимы паддзах, Иунӕг Стыр Хуыцауы сауджын+. Авраам паддзӕхты куы ныццагъта, уӕд уый йӕ размӕ рацыди ӕмӕ йын раарфӕ кодта+, 2 ӕмӕ йын Авраам радта, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уымӕй дӕсӕм хай+. Мелхиседек у «Рӕстдзинады паддзах»,– йӕ ном ын куы ратӕлмац кӕнай, уӕд афтӕ у йӕ нысаниуӕг,– стӕй ма у Салимы+ паддзах дӕр, ома «Фарны паддзах». 3 Бӕрӕг нӕу, Мелхиседекӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мад чи сты, уый. Йӕ фыдӕлтӕ чи сты, йе та кӕд райгуырд+ ӕмӕ кӕд амард, уый дӕр никуы ис фыст, фӕлӕ йӕ Хуыцау йӕ Фырты+ хуызӕн кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ у сауджын ӕнустӕм+.

4 Ахъуыды-ма кӕнут, мыггаджы хистӕр Авраам, йӕ къухы цы мулк бафтыд, уымӕн йӕ хуыздӕрӕй дӕсӕм хай кӕмӕн радта+, уыцы адӕймаг куыд кадджын уыди. 5 Раст у, Левийы+ фырттӕй сауджынтӕ чи свӕййы, уыдон Закъонмӕ гӕсгӕ хъуамӕ адӕмӕй+, ома се ’фсымӕртӕй, исой дӕсӕм хай+, кӕд уыдон Авраамы байзӕддӕгтӕ сты, уӕддӕр+. 6 Фӕлӕ уыдоны мыггагӕй+ чи нӕ уыд, уый та дӕсӕм хай райста Авраамӕй+ ӕмӕ раарфӕ кодта, Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕн бавӕрдта, уымӕн+. 7 Ӕмӕ уый та алкӕддӕр афтӕ вӕййы: уӕлдӕр чи у, уый фӕарфӕ кӕны, дӕлдӕр чи у, уымӕн+. 8 Фыццаг уавӕры дӕсӕм хай дӕттынц, мӕлӕты бар кӕуыл цӕуы, уыдонӕн+, дыккаджы та – Фыстад афтӕ кӕй тыххӕй зӕгъы, уый цӕры, зӕгъгӕ, уымӕн+. 9 Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Авраамы уылты дӕсӕм хай радта Леви дӕр, йӕхицӕн дӕсӕм хай кӕмӕн дӕттынц, уый, 10 уымӕн ӕмӕ уый уыд Авраамы байзӕддаг, кӕд, Мелхиседек Авраамы размӕ куы рацыд+, уӕд гуырд нӕма уыди*+, уӕддӕр.

11 Уӕдӕ Левийы фырттӕй сауджынтӕ+ чи уыдысты, уыдоны лӕггады фӕрцы,– уый та уыд Хуыцауы адӕмӕн лӕвӕрд Закъоны ахсджиаг фӕзилӕн+,– ӕцӕгдӕр куы уыдаид ӕххӕстдзинадмӕ+ ӕрцӕуӕн, уӕд ма ӕндӕр, Аароны хуызӕн нӕ, фӕлӕ Мелхиседекы+ хуызӕн чи у, ахӕм сауджын цӕмӕн хъуыди?+ 12 Ӕмӕ иугӕр сауджынты лӕггад ивд цӕуы+, уӕд ивинаг у закъон дӕр+, 13 уымӕн ӕмӕ адӕттӕ кӕй тыххӕй загъд сты, уыцы адӕймаг уыд ӕндӕр мыггагӕй+ – уыцы мыггагӕй нывондхӕссӕны раз ничи лӕггад кодта+. 14 Алчидӕр ӕй зоны, нӕ Хицау кӕй рацыд Иудӕйы мыггагӕй+, ӕмӕ уыцы мыггагӕй сауджынтӕ кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй та Моисей ницы загъта.

15 Ӕмӕ уый ноджы бӕлвырддӕр та уымӕй зыны, ӕмӕ кӕй фӕзынд ӕндӕр сауджын+ – Мелхиседекы хуызӕн сауджын+. 16 Уый сауджын сси, зӕххон хъуыддӕгтимӕ баст чи у, уыцы закъонмӕ+ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ, фесафӕн кӕмӕн нӕй, уыцы цард ын цы тыхы фӕрцы ис+, уымӕ гӕсгӕ. 17 Уымӕн ӕмӕ Фыстад иу ран афтӕ зӕгъы: «Ды дӕ Мелхиседекы хуызӕн сауджын ӕнустӕм»+.

18 Уӕдӕ раздӕры закъон лӕмӕгъ кӕй разынд+ ӕмӕ дзы тых кӕй нӕ уыди+, уымӕ гӕсгӕ ивд ӕрцыд. 19 Уымӕн ӕмӕ Закъон алцӕмӕй ӕххӕст ницы скодта+, фӕлӕ ӕппӕт дӕр ӕххӕст сси, хуыздӕр ныфс+ кӕй фӕзынд, уый фӕрцы – уыцы ныфс нӕ ӕввахс кӕны Хуыцаумӕ+. 20 Уыцы хъуыддаг дӕр ӕнӕ сомыйӕ нӕ уыди 21 (уымӕн ӕмӕ ис ахӕм адӕймӕгтӕ, ӕмӕ сауджынтӕ систы, Хуыцау уыдоны тыххӕй сомы нӕ ракодта, афтӕмӕй. Фӕлӕ ис ахӕм, ӕмӕ Хуыцау уый тыххӕй расомы кодта, афтӕ куы загъта: «Йегъовӕ расомы кодта+,– ӕмӕ фӕсмон нӕ фӕкӕндзӕн: „Ды дӕ сауджын ӕнустӕм“»)+, 22 ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Йесо дӕр сси, мыхуыр куыд сӕвӕрай, афтӕ, хуыздӕр бадзырд+ кӕй сӕххӕст уыдзӕн, уымӕн. 23 Стӕй-иу сауджынтӕ бирӕтӕ систы, ӕмӕ-иу кӕрӕдзи ивтой+, уымӕн ӕмӕ-иу сӕ мӕлӕт нӕ бауагъта+, цӕмӕй ӕдзухдӕр уыдаиккой сауджынтӕ. 24 Фӕлӕ уый та ӕнустӕм цӕры+, ӕмӕ йӕ бӕсты ӕндӕр сауджыны никуы бахъӕудзӕн ӕвӕрын. 25 Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, Хуыцаумӕ уый фӕрцы чи ӕввахс кӕны, уыдоны йӕ бон у бынтондӕр фервӕзын кӕнын, уымӕн ӕмӕ алкӕддӕр ӕгас у ӕмӕ йӕ бон у уыдоны тыххӕй Хуыцауӕн лӕгъстӕ кӕнын+.

26 Ӕмӕ мах хъӕугӕ дӕр раст ахӕм хистӕр сауджын+ кӕны: иузӕрдион+, ӕнӕхин+, ӕнӕфау+, тӕригъӕдджынтимӕ иумӕйагӕй кӕмӕн ницы ис+ ӕмӕ уӕлӕрвтӕй дӕр уӕлдӕр чи сси+. 27 Иннӕ хистӕр сауджынтау ӕй алы бон+ нӕ хъӕуы нывӕндтӕ хӕссын, фыццаг йӕхи тӕригъӕдты тыххӕй+, стӕй та адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй+, уымӕн ӕмӕ уый уыцы хъуыддаг бакодта ӕрмӕстдӕр иу хатт+, йӕхи нывондӕн куы ’рхаста, уӕд+. 28 Закъон хистӕр сауджынтӕй+ ӕвӕры, лӕмӕгъдзинӕдтӕ+ кӕмӕ ис, ахӕм адӕймӕгты. Закъоны фӕстӕ Хуыцау цы сомы ракодта+, уымӕ гӕсгӕ та хистӕр сауджынӕй ӕвӕрд ӕрцыд, ӕнустӕм алцӕмӕй ӕххӕст чи сси+, уыцы Фырт.

8 Ныхас та ууыл у, ӕмӕ махӕн ис, уӕлӕрвты Цытджын Хуыцауы паддзахбадӕны рахиз фарс чи ӕрбадт+, ахӕм хистӕр сауджын+. 2 Уый лӕггад кӕны* сыгъдӕг бынаты+, ӕцӕг цатыры – уыцы цатыр сӕвӕрдта адӕймаг+ нӕ, фӕлӕ Йегъовӕ+. 3 Алы хистӕр сауджын дӕр уый тыххӕй ӕвӕрд ӕрцӕуы, цӕмӕй кувинӕгтӕ ӕмӕ нывӕндтӕ хӕсса+, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ уымӕ дӕр уыдаид, нывондӕн цы ’рхастаид, уый+. 4 Зӕххыл куы уыдаид, уӕд та сауджын нӕ уыдаид+, уымӕн ӕмӕ зӕххыл Закъонмӕ гӕсгӕ ӕндӕр сауджынтӕ хӕссынц кувинӕгтӕ, 5 фӕлӕ сӕ лӕггад ӕвдисы+, уӕлӕрвты цы ис, уыдӕттӕ ӕмӕ у сӕ аууон+. Зӕгъӕм, Моисей цатыр+ аразынвӕнд куы скодта, уӕд ын Хуыцау ныффӕдзӕхста+: «Кӕс, ӕппӕт дӕр сараз, хохыл дын цы ныв равдыстон, уымӕ гӕсгӕ»+. 6 Фӕлӕ Хуыцау Йесойӕн цы лӕггад бахӕс кодта, уый та у ноджы хуыздӕр: Йесо ма у, хуыздӕр зӕрдӕвӕрдтыл фидаргонд чи ’рцыд+ ӕмӕ тых кӕмӕн ис, уыцы хуыздӕр бадзырды+ ӕхсӕны лӕг+ дӕр.

7 Уымӕн ӕмӕ фыццаг бадзырд ӕнӕфау куы уыдаид, уӕд дыккаг бадзырд нал бахъуыдаид+. 8 Фӕлӕ Хуыцау уайдзӕф кӕны адӕмӕн: «„Ӕрхӕццӕ кӕнынц уыцы бонтӕ,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ ӕз Израилы адӕмимӕ ӕмӕ Иудӕйы адӕмимӕ скӕндзынӕн ног бадзырд+. 9 Сӕ фыдӕлты къухыл сын куы ныххӕцыдтӕн ӕмӕ сӕ Египеты+ зӕххӕй куы ракодтон, уӕд семӕ цавӕр бадзырд скодтон+, ахӕм бадзырд нӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон мӕ бадзырдмӕ гӕсгӕ нӕ цардысты+, ӕмӕ сӕ ӕз дӕр ныууагътон“,– зӕгъы Йегъовӕ»+.

10 «„Израилы адӕмимӕ уыцы бонты скӕндзынӕн ахӕм бадзырд,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ сын мӕ закъӕттӕ бавӕрдзынӕн сӕ зонды, ӕмӕ сын сӕ сӕ зӕрдӕты+ ныффысдзынӕн. Ӕз суыдзынӕн сӕ Хуыцау+, уыдон та суыдзысты мӕ адӕм+.

11 Ӕмӕ уӕд бӕстӕйы цӕрджытӕй иу иннӕмӕн ӕмӕ ӕфсымӕр ӕфсымӕрӕн нал амондзӕн ӕмӕ йын нал дзурдзӕн: „Йегъовӕйы базон!“+, уымӕн ӕмӕ мӕ стырӕй-чысылӕй иууылдӕр зондзысты+. 12 Ӕз сын сӕ фыдхъуыддӕгтӕ ныххатыр кӕндзынӕн ӕмӕ сын сӕ тӕригъӕдтӕ+ нал ӕрхъуыды кӕндзынӕн“»+.

13 Хуыцау афтӕ кӕй загъта, «ног бадзырд», зӕгъгӕ, уымӕй равдыста, раздӕры бадзырд йӕ тыхы кӕй нал ис+. Ӕмӕ йӕ тыхы цы нал ис ӕмӕ цы фӕзӕронд кӕны, уый та тагъд фесӕфдзӕн+.

9 Раздӕры бадзырдӕн уыди йӕхи домӕнтӕ, Хуыцауӕн куыд лӕггад кӕнын+ хъӕуы, уый тыххӕй, стӕй йын зӕххыл уыд сыгъдӕг бынат+ дӕр. 2 Арӕзт дзы уыд цатыры фыццаг уат+, уым уыди цырагъдарӕн+, стӕй стъол+ ӕмӕ нывонд дзултӕ+. Уый хуыйны «Сыгъдӕг бынат»+. 3 Цатыры дыккаг ӕмбӕрзӕны+ фӕстӕ та уыди, «Ӕппӕты сыгъдӕг бынат»+ чи хуыйны, уыцы уат. 4 Уым уыди сызгъӕрин будсудзӕн+ ӕмӕ бадзырды чырын+, алырдыгӕй дӕр ӕмбӕрзт уыди сызгъӕринӕй+. Бадзырды чырыны мидӕг уыд сызгъӕрин дурын маннӕимӕ+ ӕмӕ Аароны лӕдзӕг – дидинӕг чи рафтыдта, уый+, стӕй, бадзырд цы къӕйдуртыл+ фыст уыди, уыдон дӕр. 5 Бадзырды чырынӕн йӕ сӕрыл та уыди кадджын херувимтӕ+ – уыдон чырыны сӕр, фидыды бынат+, сӕ аууонӕй ӕмбӕрзтой. Фӕлӕ ныртӕккӕ уыдӕттыл бӕстон дзурыны рӕстӕг нӕу.

6 Афтӕ арӕзт чи уыди, уыцы цатыры фыццаг уатмӕ+ сауджынтӕ цӕуынц ӕдзухдӕр, Хуыцауы раз сыл цы хӕстӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕнынмӕ+. 7 Дыккаг уатмӕ та афӕдз иу хатт+ бацӕуы ӕрмӕстдӕр хистӕр сауджын, цӕугӕ та бакӕны тугимӕ+, ӕмӕ йӕ ӕрхӕссы йӕхи тыххӕй+ дӕр ӕмӕ, адӕм ӕнӕзонгӕйӕ цы тӕригъӕдтӕ ракӕнынц+, уыдоны тыххӕй дӕр. 8 Уӕдӕ нын Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕмбарын кӕны, цалынмӕ фыццаг цатыр йӕ бынаты лӕууыди+, уӕдмӕ сыгъдӕг бынатмӕ бацӕуӕн+ кӕй нӕ уыд. 9 Уыцы цатыр фӕсномыгӕй амоны+ абоны рӕстӕгмӕ+, ӕмӕ уыцы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ хӕссынц кувинӕгтӕ ӕмӕ нывӕндтӕ+. Фӕлӕ уыцы кувинӕгтӕ ӕмӕ нывӕндтӕн ахӕм тых нӕй, ӕмӕ сӕ чи хӕссы*, уыдонӕн сӕ цӕсгом+ бынтондӕр+ ссыгъдӕг уа. 10 Уыдон баст сты ӕрмӕстдӕр хӕрд+, нуӕзт+ ӕмӕ сыгъдӕг кӕныны алыхуызон ӕгъдӕуттимӕ+. Уыцы закъӕттӕ хаудысты, адӕймаг буарӕй сыгъдӕг уа+, уыдӕттӕм ӕмӕ уыдысты бӕлвырд рӕстӕгмӕ, цалынмӕ Хуыцау хъуыддӕгтӕ не сраст кодтаид, уӕдмӕ+.

11 Фӕлӕ Чырысти – ныртӕккӕ цы хорздзинӕдтӕй стӕм хайджын, уыдон чи хъуамӕ ӕрхастаид, уыцы хистӕр сауджын+ – куы фӕзынд, уӕд уый кадджындӕр ӕмӕ ӕххӕстдӕр цатырыл, адӕймаджы къухӕй конд чи нӕу, ахӕм, ома ӕндӕр хуызы конд цатырыл+, 12 ӕрмӕстдӕр иу хатт бахызт сыгъдӕг бынатмӕ, ӕцӕг, сӕгътӕ ӕмӕ уӕнгуыты тугимӕ+ нӕ, фӕлӕ йӕхи тугимӕ+, ӕмӕ нын ӕрхаста ӕнусон ирвӕзындзинад+. 13 Кӕд сӕгътӕ+ ӕмӕ галты туг+ ӕмӕ дыгӕрдыджы фӕнык+ афтӕ сыгъдӕг кӕнынц, ӕмӕ, чи фӕчъизи+, уыдоныл сӕ куы бапырх кӕнынц, уӕд сӕ буар чъизи нал вӕййы+, 14 уӕд цы зӕгъӕн ис, ӕнусон сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕхи Хуыцауӕн ӕнӕфау нывондӕн чи ӕрхаста+, уыцы Чырыстийы тугӕй+ та? Уыцы туг нын ссыгъдӕг кӕндзӕн+ нӕ цӕсгом мард хъуыддӕгтӕй+, цӕмӕй лӕггад кӕнӕм+ удӕгас Хуыцауӕн!

15 Ӕмӕ Чырысти ног бадзырды ӕхсӕны лӕг+ дӕр уымӕн у. Уый ӕхсӕны лӕг сси, цӕмӕй, Хуыцау кӕй ӕрхуыдта, уыдон райстаиккой, ӕнустӕм сын уӕларвон хорздзинӕдтӕй хай кӕй уыдзӕн, уыцы зӕрдӕвӕрд+. Ӕмӕ уымӕн та гӕнӕн уыди йӕ мӕлӕты фӕрцы – уый фӕрцы ӕлхӕд ӕрцыдысты+ ӕмӕ ссӕрибар сты, фыццаг бадзырды+ рӕстӕджы цы тӕригъӕдтӕ ракодтой, уыдонӕй. 16 Бадзырд+ арӕзт куы ’рцӕуы, уӕд, бадзырд чи саразы, уыцы адӕймаджы фӕхъӕуы амӕлын, 17 уымӕн ӕмӕ бадзырдӕн тых ис ӕрмӕстдӕр йӕ мӕлӕты фӕстӕ. Бадзырд чи сарӕзта, уый цалынмӕ ӕгас у, уӕдмӕ та йын тых нӕй. 18 Уымӕ гӕсгӕ, фыццаг бадзырд+ дӕр фидаргонд ӕнӕ тугӕй не ’рцыд+. 19 Моисей Закъоны алы фӕдзӕхст дӕр ӕппӕт адӕмӕн+ куы радзырдта, уӕд райста уӕнгуыты ӕмӕ сӕгъты туг, дон, сырх-сырхид къуымбил ӕмӕ иссопы+ къалиутӕ ӕмӕ дзы бапырх кодта чиныгӕн йӕхиуыл дӕр ӕмӕ ӕппӕт адӕмыл дӕр, 20 ӕмӕ загъта: «Ай у, Хуыцау уын цы бадзырдмӕ гӕсгӕ бафӕдзӕхста цӕрын, уыцы бадзырды туг»+. 21 Ӕмӕ тугӕй бапырх кодта+ цатырыл+ дӕр, стӕй, нывӕндтӕ хӕсгӕйӕ цы мигӕнӕнтӕй пайда кодтой, уыдоныл се ’ппӕтыл дӕр. 22 О, зӕгъӕн ис, ӕмӕ Закъонмӕ гӕсгӕ алцыдӕр сыгъдӕг кӕны тугӕй+, ӕмӕ туг куы нӕ ныккӕла+, уӕд тӕригъӕдтӕ хатыргонд нӕ цӕуынц+.

23 Уӕдӕ, уӕлӕрвты цы ис, уый цы ӕвдисы+, уыдӕттӕ хъуамӕ афтӕмӕй сыгъдӕг кодтаиккой+. Уӕлӕрвты цы ис, уыдон та – уыцы нывӕндтӕй хуыздӕр чи у, ахӕм нывӕндтӕй. 24 Уымӕн ӕмӕ Чырысти, ӕцӕг сыгъдӕг бынаты нывмӕ+ гӕсгӕ адӕймаджы къухӕй конд чи ’рцыд, уыцы сыгъдӕг бынатмӕ нӕ бацыд+, фӕлӕ комкоммӕ уӕларвмӕ+, ӕмӕ ныр уый ис уӕлӕрвты, цӕмӕй мах тыххӕй ӕрлӕууа Хуыцауы раз+. 25 Ӕмӕ уый тыххӕй нӕ, цӕмӕй йӕхи бирӕ хӕттыты ӕрхӕсса нывондӕн, хистӕр сауджын алы аз+ дӕр сыгъдӕг бынатмӕ+ йӕхи тугимӕ нӕ, фӕлӕ фосы тугимӕ куыд бацӕуы, афтӕ. 26 Афтӕ куы уаид, уӕд ӕй дунейы фӕзындӕй*+ фӕстӕмӕ бирӕ хӕттыты бахъуыдаид хъизӕмар кӕнын. Фӕлӕ уый ацы дуджы* кӕрон+ йӕхи раргом кодта+ ӕрмӕстдӕр иу хатт+, цӕмӕй, йӕхи нывондӕн ӕрхӕсгӕйӕ, тӕригъӕдӕн кӕрон скӕна+. 27 Ӕмӕ алы адӕймаг+ дӕр иу хатт куыд амӕлы, ӕмӕ уый фӕстӕ та – тӕрхон+, 28 афтӕ Чырысти дӕр бирӕты тӕригъӕдты тыххӕй йӕхи нывондӕн ӕрхаста+ ӕрмӕстдӕр иу хатт+. Дыккаг хатт+ та уый тыххӕй нал фӕзындзӕн+, цӕмӕй тӕригъӕд фесафа+. Ӕмӕ куы фӕзына, уӕд ӕй фендзысты, ирвӕзындзинадмӕ йӕм зӕрдиагӕй чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдон+.

10 Закъон фидӕны хорздзинӕдтӕн ӕрмӕстдӕр сӕ аууон+ кӕй у, фӕлӕ уыцы хорздзинӕдтӕ сӕхӕдӕг йӕ мидӕг кӕй не сты, уымӕ гӕсгӕ сауджынтӕ, ӕдзухдӕр азӕй-азмӕ кӕй хӕссынц, уыцы нывӕндтӕй, Хуыцауӕн чи кувы, уыдоны алцӕмӕй ӕххӕст никуы скӕндзысты+. 2 Афтӕ куы уаид, уӕд нывӕндтӕ нал хӕссиккой, уымӕн ӕмӕ сӕ чи хӕссы*, уыдон иу хатт ссыгъдӕг уаиккой, ӕмӕ сӕм афтӕ нал кӕсид, ӕмӕ тӕригъӕдджын сты*+. 3 Уыцы нывӕндтӕ та сын азӕй-азмӕ сӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц сӕ тӕригъӕдтӕ+, 4 уымӕн ӕмӕ галты ӕмӕ сӕгъты тугӕй тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕггӕнӕн нӕй+.

5 Уымӕ гӕсгӕ Чырысти, дунемӕ ӕрцӕугӕйӕ, загъта: «„Дӕу нывонд ӕмӕ кувинаг нӕ хъуыд+, фӕлӕ мын ӕрцӕттӕ кодтай буар+. 6 Судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ тӕригъӕды тыххӕй нывӕндтӕ дӕуӕн дӕ зӕрдӕмӕ нӕ цыдысты“+. 7 Ӕмӕ уӕд ӕз загътон: „О Хуыцау, ӕз ӕрцыдтӕн дӕ фӕндон сӕххӕст кӕнынмӕ+, мӕн тыххӕй чиныджы тыхтоны куыд фыст у, афтӕ“»+. 8 Фыццаг уал афтӕ загъта: «Дӕу нӕ хъуыд ӕмӕ дӕ зӕрдӕмӕ нӕ цыдысты нывӕндтӕ, кувинӕгтӕ, судзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ тӕригъӕды тыххӕй нывӕндтӕ»+, ома Закъонмӕ гӕсгӕ кӕй хӕссынц, уыцы нывӕндтӕ+. 9 Стӕй та зӕгъы: «Ӕз ӕрцыдтӕн дӕ фӕндон сӕххӕст кӕнынмӕ»+. Афтӕмӕй уый аивта фыццаг, цӕмӕй ӕрфидар кӕна дыккаг+. 10 Мах растдӕр уыцы «фӕндонмӕ»+ гӕсгӕ ссыгъдӕг стӕм+, Йесо Чырысти йӕхи* ӕрмӕстдӕр иу хатт+ нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый фӕрцы+.

11 Стӕй алы сауджын дӕр ӕрвылбон+ балӕууы йӕ бынаты+, цӕмӕй адӕмӕн лӕггад кӕна ӕмӕ ӕдзух хӕсса уыцы иу нывӕндтӕ, уымӕн ӕмӕ уыцы нывӕндтӕн сӕ бон нӕу тӕригъӕдтӕй бынтондӕр ссыгъдӕг кӕнын+. 12 Уый та тӕригъӕдты тыххӕй ӕрхаста иу нывонд ӕнустӕм+ ӕмӕ ӕрбадт Хуыцауы рахиз фарс+, 13 ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, Хуыцау ын йе знӕгты йӕ къӕхты бын кӕд ӕрӕвӕрдзӕн, уымӕ+. 14 Уымӕн ӕмӕ, кӕй ссыгъдӕг кодта, уыдоны иу нывондӕй+ ӕнустӕм скодта алцӕмӕй ӕххӕст+. 15 Уымӕй уӕлдай ма нын ӕвдисӕн лӕууы Хуыцауы сыгъдӕг тых+ дӕр, уымӕн ӕмӕ афтӕ загъта: 16 «„Семӕ уыцы бонты фӕстӕ скӕндзынӕн ахӕм бадзырд,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ сын мӕ закъӕттӕ бавӕрдзынӕн сӕ зӕрдӕты, ӕмӕ сын сӕ сӕ зонды ныффысдзынӕн“»+. 17 Уый фӕстӕ та зӕгъы: «Ӕмӕ сын сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сӕ фыдхъуыддӕгтӕ нал ӕрхъуыды кӕндзынӕн»+. 18 Ӕмӕ сын иугӕр хатыргонд ӕрцыдысты+, уӕд та тӕригъӕдты тыххӕй нывонд нал хъӕуы+.

19 Уӕдӕ, ме ’фсымӕртӕ, иугӕр Йесойы туджы фӕрцы сыгъдӕг бынатмӕ+ нӕ бон ныфсджынӕй бацӕуын у+,– 20 уый нын бакодта ног ӕмӕ удӕгас фӕндаг ӕмбӕрзӕны+ уылты, ӕмбӕрзӕн та у йӕ буар+,– 21 ӕмӕ иугӕр Хуыцауы хӕдзары сӕргъы ахӕм кадджын сауджын лӕууы+, 22 уӕд цӕй ӕмӕ Хуыцаумӕ баввахс уӕм сыгъдӕг зӕрдӕйӕ, фидар ныфсимӕ ӕмӕ уырнындзинадимӕ, уымӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ нӕ цӕсгом ссыгъдӕг сты+ туджы бапырхӕй, ӕмӕ нӕ буӕрттӕ ӕхсад ӕрцыдысты сыгъдӕг донӕй+. 23 Гъемӕ уӕдӕ нӕ ныфсы+ тыххӕй дарддӕр дӕр ӕргом ӕмӕ фидарӕй+ дзурӕм, уымӕн ӕмӕ, зӕрдӕ чи бавӕрдта, уый йӕ ныхасӕн хицау у+. 24 Ӕмӕ нӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм+ уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм+, 25 иуӕй-иутӕ куыд ахуыр сты, афтӕ не ’мбырдтӕ ма цух кӕнӕм+, фӕлӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм+, ӕмӕ, уыцы бон куыд хӕстӕг кӕны, уый цас бӕлвырддӕр уынӕм, уыйас ноджы тынгдӕр+.

26 Уымӕн ӕмӕ кӕд, рӕстдзинад* бӕлвырд куы базыдтам+, уый фӕстӕ зонгӕ-зонын тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ аразӕм+, уӕд нӕ тӕригъӕдты тыххӕй ӕндӕр нывонд хаст нал ӕрцӕудзӕн+, 27 фӕлӕ нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы фыдтӕрхон+ ӕмӕ Хуыцауы судзгӕ маст – уыцы маст аныхъуырдзӕн, йӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдоны+. 28 Моисейы закъон чи ницӕмӕ ӕрдары, ахӕм адӕймаг дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны ныхасӕй амӕлы – хатыр ын нӕ вӕййы+. 29 Ӕмӕ цымӕ уӕд цас карздӕр ӕмбӕлы бафхӕрын+, Хуыцауы Фырты йӕ къӕхты бын чи кӕны+ ӕмӕ, цы бадзырды тугӕй+ ссыгъдӕг, уымӕн аккаг аргъ чи нӕ кӕны ӕмӕ, Хуыцауы стыр хорзӕх кӕй фӕрцы рабӕрӕг, уыцы сыгъдӕг тых+ чи фауы, уый та? 30 Уымӕн ӕмӕ мах зонӕм, афтӕ чи загъта: «Мастисӕг ӕз дӕн. Цы сын ӕмбӕлы, уый сын ӕз бакӕндзынӕн»+. Ӕмӕ ма ноджыдӕр загъта: «Йегъовӕ тӕрхон кӕндзӕн йӕ адӕмӕн»+. 31 Удӕгас Хуыцауы къухмӕ бахауынӕй тӕссагдӕр ницы ис+.

32 Уӕ зӕрдыл дарут, раздӕр, Хуыцау уӕ йӕ рухсмӕ куы ’рбакодта+, уӕд, хъизӕмӕрттӕ ӕвзаргӕйӕ+ стыр тохы куыд фидар фӕлӕууыдыстут, уый. 33 Куы-иу уӕ адӕмы раз*+ ӕфхӕрдтой ӕмӕ уӕ фыдӕвзарӕнты хай кодтой, куы та-иу хъизӕмар кодтат, ахӕм уавӕры чи уыди, уыдонимӕ+. 34 Сымах, ахӕстоны чи уыд, уыдоны зын уӕ зӕрдӕмӕ айстат, ӕмӕ уын уӕ исбон куы фӕхастой, уӕд дӕр цин кодтат+, уӕлӕрвты уын хуыздӕр ӕмӕ ӕнӕсӕфгӕ бынтӕ кӕй ис, уый зонгӕйӕ+.

35 Уӕдӕ дарддӕр дӕр ныфсджынӕй дзурут+, уымӕн ӕмӕ уый тыххӕй райсдзыстут стыр хӕрзиуӕг+. 36 Сымах хъӕуы фидардзинад+, цӕмӕй, Хуыцауы фӕндон куы сӕххӕст кӕнат+, уӕд райсат, зӕрдӕ уын цӕмӕй бавӕрдта, уый+. 37 Уымӕн ӕмӕ ма «иу гыццыл»+, ӕмӕ, «ӕрцӕуинаг чи у, уый ӕрцӕудзӕн, нӕ бафӕстиат уыдзӕн»+. 38 «Мӕ рӕстаг лӕггадгӕнӕг та цӕрдзӕн йӕ уырнындзинады фӕрцы»+, фӕлӕ «куы фӕтӕрса ӕмӕ мӕ куы ныууадза, уӕд мӕ удӕн* адджын нал уыдзӕн»+. 39 Ӕмӕ мах та, чи фӕтӕрсы ӕмӕ Хуыцауы чи ныууадзы, ӕмӕ афтӕмӕй йӕхи чи сафы, уыдонӕй не стӕм+, фӕлӕ нӕм ис уырнындзинад, цӕмӕй нӕ цард* бахъахъхъӕнӕм+.

11 Уырнындзинад+ та уый у, ӕмӕ, адӕймаг цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй йӕ фидар ныфс куы уа+ ӕмӕ бӕлвырдгӕнӕнты фӕрцы куы зона, цӕстӕй цы нӕ уыны, уыдон ӕцӕгдӕр кӕй сты+. 2 Раджы заманты чи цард, уыдон сӕ уырнындзинадӕй Хуыцауы зӕрдӕ барухс кодтой, ӕмӕ, афтӕ кӕй уыди, уый сын Хуыцау бӕлвырд равдыста+.

3 Нӕ уырнындзинады фӕрцы йӕ мах ӕмбарӕм, дун-дунейы цыдӕриддӕр ис, уый*+ Хуыцау йӕ ныхасӕй+ кӕй скодта, ӕмӕ афтӕмӕй, цӕстӕй цы уынӕм, уыдӕттӕ кӕй равзӕрдысты, цӕстӕй фенӕн цы нӕй, уымӕй+.

4 Йӕ уырнындзинады фӕрцы Авел Хуыцауӕн ӕрхаста Каины нывондӕй хуыздӕр нывонд+. Йӕ уырнындзинады фӕрцы йын Хуыцау йӕ кувинӕгтӕ айста, ӕмӕ йын уымӕй бамбарын кодта+, рӕстгӕнӕг кӕй у, уый. Ӕмӕ кӕд Авел амард, уӕддӕр ма йӕ уырнындзинады фӕрцы ныр дӕр дзуры+.

5 Йӕ уырнындзинады фӕрцы Енохы+ Хуыцау айста, ӕмӕ Енох мӕлӕт нӕ федта, ӕмӕ йӕ Хуыцау кӕй айста+, уымӕ гӕсгӕ йӕ ссарӕн никуыуал уыд. Фӕлӕ йын уый размӕ Хуыцау бамбарын кодта, йӕ зӕрдӕ дзы кӕй рухс кодта, уый+. 6 Ӕнӕ уырнындзинадӕй+ та Хуыцауы зӕрдӕ барухс кӕнӕн нӕй+, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕн кувӕг адӕймаджы хъуамӕ уырна, Хуыцау кӕй ис+ ӕмӕ йӕ зӕрдиагӕй чи агуры+, уыдонӕн кӕй арфӕ кӕны+.

7 Хуыцау Нойы+, нырма цӕстӕй фенӕн цы нӕ уыд, уыдӕтты тыххӕй куы бафӕдзӕхста+, уӕд ӕм йӕ уырнындзинады фӕрцы разынд Хуыцауы тас, ӕмӕ сарӕзта нау+ йӕ бинонты фервӕзын кӕнынӕн. Йӕ уырнындзинадӕй уый дунейӕн стӕрхон кодта+, ӕмӕ йӕ уырнындзинады фӕрцы бынӕн райста рӕстгӕнӕджы+ ном.

8 Хуыцау Аврааммӕ+ куы фӕсидт, уӕд ӕм уый йӕ уырнындзинады фӕрцы байхъуыста, йӕ райгуырӕн бӕстӕ ныууагъта ӕмӕ ацыд, бынӕн кӕй хъуамӕ райстаид, уыцы зӕхмӕ. О, уый ацыд, кӕд ӕмӕ, кӕдӕм цӕуы, уый зонгӕ дӕр нӕ кодта, уӕддӕр+. 9 Уый йӕ уырнындзинады фӕрцы, Хуыцау ын зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдта, уым цард ӕцӕгӕлонау, цыма искӕй зӕхх уыди, афтӕ+. Царди цатырты+ Исахъ+ ӕмӕ Иаковимӕ+ – уыдонӕн дӕр Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, Авраамӕн цӕмӕй бавӕрдта зӕрдӕ, уымӕй+. 10 Авраам ӕнхъӕлмӕ касти, фидар бындур кӕмӕн ис, йӕ саразӕг ӕмӕ йе скӕнӕг Хуыцау кӕмӕн у+, уыцы горӕтмӕ+.

11 Афтӕ Саррӕйӕн+ дӕр, кӕд уыцы кары нал уыд, ӕмӕ йын сывӕллон райгуыра, уӕддӕр, йӕ уырнындзинады фӕрцы лӕвӕрд ӕрцыд уыцы хъару, ӕмӕ йын зӕнӕг* рацӕуа+, уымӕн ӕмӕ йын зӕрдӕ чи бавӕрдта, уый тыххӕй афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ йӕ дзырд нӕ фӕсайдзӕн+. 12 Ӕмӕ афтӕмӕй иу адӕймагӕй+,– уымӕй дӕр, зӕнӕг ын рацӕуа, уый гӕнӕн кӕмӕн нал уыд*, уымӕй+,– рацыд, арвыл стъалытӕ куыд бирӕ сты ӕмӕ денджызы был змис цас ис, уыйбӕрц цот – банымайӕн сын нӕ уыд+.

13 Уыдон иууылдӕр суанг сӕ мӕлӕты онг фидар хӕцыдысты сӕ уырнындзинадыл+, кӕд сын Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ сӕ рӕстӕджы нӕ сӕххӕст сты+, уӕддӕр. Фӕлӕ сӕ дардӕй уыдтой+ ӕмӕ сыл цин кодтой, стӕй ӕргом дзырдтой, кӕм цардысты, уыцы зӕххыл ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ рӕстӕгмӕйы цӕрджытӕ кӕй сты+. 14 Уымӕн ӕмӕ афтӕ чи дзуры, уыдон уымӕй ӕвдисынц, сӕхи чи уыдзӕн, уыцы цӕрӕнбынат зӕрдиагӕй кӕй агурынц+. 15 Уӕвгӕ, цы ранӕй рацыдысты, уый куы мысыдаиккой+, уӕд сӕ бон уыдаид фӕстӕмӕ аздӕхын дӕр+. 16 Фӕлӕ уыдон тырнынц хуыздӕр ранмӕ, уӕлӕрвты цы ис, уыимӕ баст чи у, уыцы ранмӕ+. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Хуыцаумӕ дӕр худинаг нӕ фӕкӕсы, уыдон ӕм, нӕ Хуыцау, зӕгъгӕ, куы фӕкувынц, уӕд+ – горӕт+ дӕр ма сын ӕрцӕттӕ кодта.

17 Авраам фӕлвӕрд куы цыди+, уӕд йӕ уырнындзинады фӕрцы, зӕгъӕн ис, ӕмӕ Исахъы нывондӕн ӕрхаста – о, Хуыцау ын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттыл чи цин кодта, уыцы адӕймаг цӕттӕ уыд йӕ иунӕг фырты нывондӕн ӕрхӕссынмӕ+, 18 кӕд ӕмӕ йын афтӕ загъд уыд, «дӕ байзӕддаг» кӕй хондзысты, уый Исахъӕй рацӕудзӕн, зӕгъгӕ, уӕддӕр+. 19 Фӕлӕ уый афтӕ хъуыды кодта, зӕгъгӕ йӕ Хуыцау мӕрдтӕй дӕр райгас кӕндзӕн+. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ уыди, цыма йын мӕрдтӕй раздӕхт, ӕмӕ уыцы хабарӕн ис фӕсномыг хъуыды+.

20 Исахъ дӕр йӕ уырнындзинады фӕрцы раарфӕ кодта Иаковӕн+ ӕмӕ Исавӕн+, загъта сын, фидӕны цы уыдзӕн, уый.

21 Иаков куы марди+, уӕд йӕ уырнындзинады фӕрцы раарфӕ кодта Иосифы+ дыууӕ фыртӕн ӕмӕ, йӕ лӕдзӕджы сӕрыл ӕрӕнцойгӕнгӕйӕ, Хуыцауӕн бакуывта+.

22 Иосиф мӕлӕты къахыл куы ныллӕууыд, уӕд йӕ уырнындзинады фӕрцы загъта, Израилы фырттӕ Египетӕй кӕй рацӕудзысты+, ӕмӕ сын ныффӕдзӕхста, цӕмӕй йын йе стджытӕ дӕр уырдыгӕй рахӕссой+.

23 Моисейы ныййарджытӕ сӕ уырнындзинады фӕрцы Моисейы йӕ райгуырды фӕстӕ ӕртӕ мӕйы фембӕхстой+, уымӕн ӕмӕ йӕ уыдтой, рӕсугъд сывӕллон кӕй у+, ӕмӕ паддзахы бардзырдӕй дӕр нӕ фӕтарстысты+. 24 Моисей куы сыстыр+, уӕд ӕй йӕ уырнындзинады фӕрцы нӕ бафӕндыд фараоны чызджы фырты ном хӕссын+, 25 ӕмӕ, тӕригъӕд рӕстӕгмӕ цы ӕхсызгондзинад хӕссы, уый цинӕй цӕрыны бӕсты равзӕрста Хуыцауы адӕмимӕ ӕфхӕрд ӕййафын – 26 уый Египеты хӕзнатӕй стырдӕр хъӕздыгдзинадыл банымадта, Хуыцауы сӕрст лӕггадгӕнӕг* уӕвгӕйӕ цы ӕфхӕрд ӕййӕфта+, уый, уымӕн ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр уыдысты*, цы хӕрзиуӕг ӕм ӕнхъӕлмӕ каст, ууыл+. 27 Йӕ уырнындзинады фӕрцы рацыд Египетӕй+, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ паддзахы фыдӕхӕй фӕтарст+ – уый уыд фидар, цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы цыма уынгӕ кодта, афтӕ+. 28 Йӕ уырнындзинады фӕрцы скодта Куадзӕн+ ӕмӕ дуӕртты тарвӕзтӕ тугӕй бапырх кодта+, цӕмӕй зӕд Хуыцауы адӕмы фыццаг хъӕбултӕм ма бавнӕлдтаид+.

29 Израилӕгтӕ сӕ уырнындзинады фӕрцы Сырх денджызыл ахызтысты сур зӕххыл цӕуӕгау+, ӕмӕ египетӕгтӕ дӕр уымӕ сӕ ныфс куы бахастой, уӕд уыдон та доны бын фесты+.

30 Израилӕгтӕн сӕ уырнындзинады фӕрцы Иерихоны къултӕ ныккалдысты, авд боны йӕ алыварс куы фӕзылдысты, уӕд+. 31 Хӕтаг сылгоймаг Раав+ йӕ уырнындзинады фӕрцы, чи нӕ байхъуыста, уыдонимӕ нӕ фесӕфт, уымӕн ӕмӕ сгарджыты суазӕг кодта+.

32 Цы ма зӕгъон ноджыдӕр? Гедеон+, Варак+, Самсон+, Йеффай+, Давид+, Самуил+ ӕмӕ иннӕ пехуымпарты+ тыххӕй дзурон, уыйбӕрц рӕстӕг кӕм ис. 33 Уыдон-иу сӕ уырнындзинады фӕрцы басастой ӕнӕхъӕн паддзахӕдтӕ+, архайдтой рӕстдзинад ӕрфидар кӕныныл+, Хуыцау-иу сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый-иу райстой+, домбӕйтты дзыхтӕ-иу сӕхгӕдтой+, 34 арт сыл нӕ тых кодта+, аирвӕзтысты-иу карды комӕй+, уыдысты лӕмӕгъ, фӕлӕ-иу систы тыхджын+, хӕсты-иу систы хъӕбатыр+, знаджы ӕфсӕдтӕ-иу лидзӕг фӕкодтой+. 35 Сылгоймӕгтӕн чи амард, уыдон ӕгас кодтой+. Иннӕты та фыдмард акодтой, уымӕн ӕмӕ ницавӕр аргъӕй сразы сты сӕхи ссӕрибар кӕныныл, цӕмӕй сын хай уа хуыздӕр райгасӕй. 36 Иннӕтӕй та хынджылӕг кодтой, ехсӕй-иу сӕ фӕнадтой, ӕмӕ ма-иу сӕ рӕхыстӕй дӕр сбастой+ ӕмӕ-иу сӕ ахӕстоны дӕр бакодтой+. 37 Дуртӕй-иу сӕ амардтой+, бахаудысты-иу фӕлварӕнты+, хырхӕй-иу сӕ афастой, кардӕй-иу сӕ фыдмард акодтой+, фысдзӕрмтты+ ӕмӕ сӕгъдзӕрмтты цыдысты, ӕййӕфтой хъуагдзинӕдтӕ+, зындзинӕдтӕ+, ӕфхӕрд+. 38 Дуне кӕй аккаг нӕ уыд, уыдон ӕдзӕрӕг быдырты ӕмӕ хӕхты рахау-бахау кодтой, лӕгӕтты+ ӕмӕ хӕхты скъуыдты ӕмбӕхстысты.

39 Фӕлӕ кӕд уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр Хуыцау бамбарын кодта, сӕ уырнындзинады фӕрцы сӕ йӕ зӕрдӕ кӕй рухс кодта, уый, уӕддӕр сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый сӕ рӕстӕджы нӕ сӕххӕст+, 40 уымӕн ӕмӕ Хуыцау махӕн+ хуыздӕр цыдӕр ӕрцӕттӕ кодта+, цӕмӕй уыдон+ ӕнӕ махӕй+ ма суой алцӕмӕй ӕххӕст+.

12 Уӕдӕ нӕ алыварс уыйбӕрц ӕвдисӕнтӕ*+ кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ мах дӕр нӕхицӕй аппарӕм, цыдӕриддӕр ныл уӕз кӕны, уый+ ӕмӕ нӕ ӕнцонӕй чи ӕрцахсы, уыцы тӕригъӕд+, ӕмӕ нӕ размӕ цы фӕндаг ис+, ууыл фӕразонӕй+ згъорӕм+, 2 уырнындзинады фӕндагыл нӕ чи кӕны, уыцы Сӕйраг Разамонӕгмӕ+ ӕмӕ нын нӕ уырнындзинад алцӕмӕй ӕххӕст Чи кӕны, уымӕ+, ома Йесомӕ, лӕмбынӕг кӕсгӕйӕ. Цы циндзинад ӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уый тыххӕй худинаг ницӕмӕ ӕрдардта ӕмӕ хъизӕмӕртты хъӕдыл мӕлӕт бавзӕрста+, ӕмӕ уый фӕстӕ ӕрбадт Хуыцауы паддзахбадӕны рахиз фарс+. 3 О, йӕхицӕн ӕвзӕрдӕр чи кодта, уыцы тӕригъӕдджынты ӕфхӕрӕн ныхӕстӕн+ чи бафӕрӕзта, ууыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнут, цӕмӕй ма бафӕллайат ӕмӕ уӕ ныфс ма асӕтта+.

4 Уыцы тӕригъӕды ныхмӕ тохгӕнгӕйӕ сымах афтӕ нӕма хӕцыдыстут, ӕмӕ уӕ туг ныккӕла+, 5 фӕлӕ уӕ бынтондӕр ферох, Хуыцау уын йӕ фырттау цы ныффӕдзӕхста, уый+: «Мӕ хъӕбул, Йегъовӕ дын зонд куы амона, уӕд ӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй ма кӕс, ӕмӕ дын куы уайдзӕф кӕна, уӕд дӕхимӕ ма ныхъхъус+, 6 уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ, кӕй уарзы, зонд дӕр уымӕн амоны, ӕмӕ йӕ фырттыл кӕй нымайы, уыдонӕй алкӕй дӕр бафхӕры*»+.

7 Сымах фидар кӕй лӕуут, уый фӕрцы ахуыр кӕнут раст зондыл+. Хуыцау сымахӕн у, фыд йӕ фырттӕн куыд уа, афтӕ+. Ӕмӕ ахӕм фырт ис, ӕмӕ йын йӕ фыд зонд ма бацамона?+ 8 Кӕд уын, алы сывӕллонӕн дӕр зонд куыд фӕамонынц, афтӕ зонд ничи амоны, уӕд та фырттӕ не стут, фӕлӕ дзӕгъӕлзад сывӕллӕттӕ+. 9 Стӕй нӕ алкӕмӕн дӕр уыди зӕххон фыд. Уыдон-иу нын зонд амыдтой+, ӕмӕ сӕ мах нымадтам. Ӕмӕ уӕд, сыгъдӕг тыхы фӕрцы чи сси нӕ Фыд, уый коммӕ та куыннӕ хъуамӕ кӕсӕм, кӕд ӕмӕ нӕ цард уымӕй аразгӕ у?+ 10 Уыдон нын цыбыр рӕстӕджы дӕргъы, сӕхимӕ раст куыд каст, афтӕ амыдтой зонд+, уый та нын зонд амоны нӕхи пайдайӕн, цӕмӕй йӕ сыгъдӕгдзинадӕй хайджын уӕм+. 11 Раст у, адӕймагӕн зонд куы фӕамонынц, уӕд ын ӕхсызгон нӕ вӕййы – хъыг ӕм фӕкӕсы+. Фӕлӕ уый фӕстӕ, уыцы зондамындӕй цӕуылдӕр чи сахуыр вӕййы, уыдонӕн уый ӕрхӕссы фарны тыллӕг+ – раст хъуыддӕгтӕ+.

12 Уӕдӕ бафидар кӕнут, йӕ къухтӕ чи ӕруагъта+ ӕмӕ йӕ уӕрджытӕ+ кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ сты, уыдоны. 13 Ӕмӕ уӕхицӕн аразут раст фӕндӕгтӕ+, цӕмӕй къуылыхӕн йӕ къах ма фелвӕса, фӕлӕ сдзӕбӕх уа+. 14 Алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрыныл архайут+ ӕмӕ уымӕ тырнут, цӕмӕй сыгъдӕг уат+, уымӕн ӕмӕ ӕнӕ уымӕй Хицауы ничи фендзӕн+. 15 Уӕ хъус лӕмбынӕг дарут, цӕмӕй уӕ Хуыцауы стыр хорзӕхӕй ӕнӕхай мачи фӕуа+, стӕй цӕмӕй уе ’хсӕн маргджын уидаг+ тау ма суадза ӕмӕ уын мацы бӕллӕхтӕ ракӕна ӕмӕ дзы бирӕтӕ ма фӕхъӕстӕ уой+, 16 стӕй ма цӕмӕй уе ’хсӕн ма уа хӕтаг кӕнӕ, Исавау+ Хуыцауы хъуыддӕгтӕн чи нӕ аргъ кӕны, ахӕм – уый хистӕр фырты бартӕ баивта хӕринаджы къусыл+. 17 Куы йӕ зонут, уый фӕстӕ ма йӕ бӕргӕ фӕндыд, цӕмӕй арфӕдзинадӕй уымӕн дӕр хай уыдаид+, фӕлӕ йын дзы ницы рауад+, уымӕн ӕмӕ кӕд йӕ фыдӕн цӕссыгкалгӕйӕ лӕгъстӕ кодта+, уӕддӕр йӕ фӕндӕн фӕивӕн нал уыди+.

18 Ӕмӕ сымах та, къухӕй бавналӕн кӕмӕ уыд ӕмӕ арт чи калдта+, уыцы хохмӕ нӕ баввахс стут+. Стӕй нӕдӕр сау мигъмӕ баввахс стут, нӕдӕр саудалынгмӕ, нӕдӕр тыхдымгӕмӕ+ 19 ӕмӕ нӕдӕр уадындзы уастмӕ+ кӕнӕ дзурӕджы хъӕлӕсмӕ+ – уыцы хъӕлӕс чи фехъуыста, уыдон лӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй сын иу ныхас дӕр мауал загътаид+. 20 Уымӕн ӕмӕ тынг фӕтарстысты, цы сын бафӕдзӕхста, уымӕй: «Фосӕй искӕцы йӕхи хохыл куы ахафа, уӕд ӕй дуртӕй амарут»+. 21 Стӕй, цы федтой, уый дӕр сӕ ахӕм тас бауагъта, ӕмӕ Моисей загъта: «Фыртӕссӕй мыл ризӕг бахӕцыд»+. 22 Сымах баввахс стут Сионы хохмӕ+ ӕмӕ удӕгас Хуыцауы горӕтмӕ+ – уӕларвон Иерусалиммӕ+ ӕмӕ ӕнӕнымӕц зӕдтӕм+, 23 иумӕ чи ӕрӕмбырд, уыдонмӕ+, ӕмӕ сӕ нӕмттӕ уӕлӕрвты фыст кӕмӕн сты+, уыцы фыццаггуырдты ӕмбырдмӕ+ ӕмӕ, алкӕмӕн дӕр Тӕрхонгӕнӕг+ чи у, уыцы Хуыцаумӕ, стӕй, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй гуырд чи у+ ӕмӕ алцӕмӕй ӕххӕст чи сси+, уыцы рӕстгӕнджытӕм 24 ӕмӕ ног бадзырды+ ӕхсӕны лӕг+ Йесомӕ ӕмӕ ныл кӕй бапырх кодта, уыцы тугмӕ+, Авелы тугӕй хуыздӕр чи дзуры, уымӕ+.

25 Уӕхимӕ кӕсут, цӕмӕй афтӕ ма рауайа, ӕмӕ, чи дзуры, уымӕ нӕ хъусут+. Кӕд, Хуыцауы номӕй адӕмы зӕххыл чи фӕдзӕхста+, уымӕ чи нӕ хъуыста, уыдон нӕ аирвӕзтысты, уӕд мах та куыд аирвӕздзыстӕм, уӕларвӕй чи дзуры, уымӕ куы нӕ хъусӕм, уӕд?+ 26 Уӕд йӕ хъӕлӕсӕй банкъуыст зӕхх+, фӕлӕ ныр та зӕгъы: «Ноджы ма иу хатт ӕз базмӕлын кӕндзынӕн ӕрмӕст зӕхх нӕ, фӕлӕ арв дӕр»+. 27 Ацы ныхӕстӕ, «ноджы ма иу хатт», зӕгъгӕ, ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ, цы банкъуыст, ома Хуыцау цы нӕ сарӕзта, уыдӕттӕ, фесӕфдзысты+, цӕмӕй, фенкъуысӕн цӕмӕн нӕй, уый баззайа ӕнустӕм+. 28 Уӕдӕ, фенкъуысӕн кӕмӕн нӕй, уыцы паддзахадмӕ кӕй бацӕудзыстӕм+, уый зонгӕйӕ, дарддӕр дӕр фидар хӕцӕм Хуыцауы стыр хорзӕхыл – уый фӕрцы йын у нӕ бон, йӕ фӕндон куыд у, афтӕ лӕггад кӕнын, Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ ӕмӕ йӕ нымайгӕйӕ+, 29 уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау у, ӕппӕт дӕр чи ныхъуыры, ахӕм арт+.

13 Дарддӕр дӕр уӕ кӕрӕдзийы ӕфсымӕртау уарзут+. 2 Ма уӕ рох кӕнӕд, уазӕгуарзон кӕй хъуамӕ уат, уый+. Уый фӕрцы чидӕртӕ, зонгӕ дӕр ӕй нӕ кодтой, афтӕмӕй зӕдты суазӕг кодтой+. 3 Уӕ зӕрдыл дарут, ахӕстоны чи ис, уыдоны+, цыма сымах дӕр семӕ ахст стут, афтӕ+. Стӕй уӕ зӕрдыл дарут, ӕфхӕрд чи ӕййафы, уыдоны дӕр+, уымӕн ӕмӕ уӕхӕдӕг дӕр нырма зӕххон буары мидӕг стут. 4 Йӕ бинонты цард уӕ алкӕй цӕсты дӕр уӕд кадджын ӕмӕ уӕ хуыссӕнуат ма фӕчъизи кӕнут+, уымӕн ӕмӕ, хӕтгӕ чи кӕны ӕмӕ йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй чи цӕуы, уыдонӕн Хуыцау кӕндзӕн тӕрхон+. 5 Царды мидӕг ӕхцауарзаг ма ут+, цы уын ис+, уый фагыл нымайут+, уымӕн ӕмӕ Хуыцау йӕхӕдӕг афтӕ загъта: «Никуы дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзынӕн»+. 6 Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у ныфсджынӕй+ зӕгъын: «Йегъовӕ у ме ’ххуысгӕнӕг, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн. Цы мын бакӕндзӕн адӕймаг?»+

7 Ма рох кӕнут, разамынд уын чи дӕтты+ ӕмӕ уын Хуыцауы ныхас чи дзырдта, уыдоны, ӕмӕ, сӕ цард цы хорз хъуыддӕгтӕм ӕркодта, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ сын сӕ уырнындзинад+ фӕзмут+.

8 Йесо Чырысти уыцы иухуызон у – знон дӕр, абон дӕр ӕмӕ ӕнустӕм дӕр+.

9 Алыхуызон ӕмӕ ӕцӕгӕлон ахуырӕдтӕ уӕ сӕ фӕдыл ма асайӕнт+. Зӕрдӕ фидар кӕнын хъӕуы алыхуызон хӕринӕгтӕй+ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы стыр хорзӕхӕй+, уымӕн ӕмӕ хӕринӕгтӕ ницы пайда ӕрхастой, чи сыл бафтыд, уыдонӕн.

10 Махӕн ис, цатыры чи лӕггад кӕны, уыдонӕн хӕрыны бар кӕцӕй нӕй, ахӕм нывондхӕссӕн+. 11 Уымӕн ӕмӕ, хистӕр сауджын сыгъдӕг бынатмӕ тӕригъӕды тыххӕй цы фосы туг бахӕссы, уыдоны басудзынц адӕмы цӕрӕнбынаты ӕдде+. 12 Афтӕ Йесо дӕр, цӕмӕй адӕмы йӕхи тугӕй+ ссыгъдӕг кодтаид+, уый тыххӕй мӕлӕт бавзӕрста горӕты кулдуары ӕдде+. 13 Ӕмӕ йӕм уӕдӕ мах дӕр ацӕуӕм цӕрӕнбынаты ӕддӕмӕ ӕмӕ, уый цы ӕфхӕрд баййӕфта, уый бавзарӕм нӕхиуыл+, 14 уымӕн ӕмӕ нын ам нӕй, ӕдзух чи уыдзӕн, ахӕм горӕт+, фӕлӕ зӕрдиагӕй тырнӕм фидӕны горӕтмӕ+. 15 Цӕй уӕдӕ уый уылты Хуыцауӕн алкӕддӕр хӕссӕм кады нывонд+, ома йын нӕ дзыхыныхасӕй+ адӕмы ’хсӕн йӕ ном кадджын кӕнӕм+. 16 Ма рох кӕнут хорздзинад аразын+ ӕмӕ уӕм цы ис, уымӕй иннӕтӕн хай кӕнын, уымӕн ӕмӕ ахӕм нывӕндтӕ Хуыцауӕн ӕхсызгон сты+.

17 Разамынд уын чи дӕтты+, уыдон ӕдзухдӕр сымахыл тыхсынц, уымӕн ӕмӕ сӕ сымах тыххӕй дзуапп раттын хъӕудзӕн+. Ӕмӕ сӕм уӕдӕ хъусут ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсут+, цӕмӕй уыцы хъуыддаг ӕвӕндонӕй ма кӕной, фӕлӕ зӕрдиагӕй. Ӕвӕндонӕй йӕ куы кӕной, уӕд уый сымахӕн хорз нӕу+.

18 Кувут+ мах тыххӕй, уымӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕ нӕхиуыл ницӕмӕй худы – мах алы хъуыддаджы дӕр фӕнды ӕнӕзӕрдӕхудтӕй архайын+. 19 Мах тыххӕй куват, уый уӕ уӕлдайдӕр та уымӕн курын, цӕмӕй уӕм тагъддӕр ӕрыздӕхон+.

20 Уӕдӕ фарны Хуыцау+ – фыстӕн+ се стыр фыййауы,+ нӕ Хицау Йесойы, ӕнусон бадзырды+ тугимӕ мӕрдтӕй чи райгас кодта+, 21 уыцы Хуыцау – йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый нӕ мидӕг Йесо Чырыстийы фӕрцы аразгӕйӕ, сымах схайджын кӕнӕд алы хорздзинадӕй, цӕмӕй йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнат+. Кад ын уӕд ӕнусӕй-ӕнусмӕ!+ Аммен.

22 Ме ’фсымӕртӕ, курӕг уӕ дӕн, байхъусут ацы ныфсдӕттӕг ныхӕстӕм, афтӕ бирӕ дӕр уӕм куы нӕ ныффыстон+. 23 Уый дӕр ма уын зӕгъинаг дӕн, ӕмӕ не ’фсымӕр Тимофейы+ рауагътой. Ӕмӕ кӕд тагъд зына, уӕд уӕм иумӕ ӕрцӕудзыстӕм.

24 Мӕ номӕй салӕмттӕ раттут, разамынд уын чи дӕтты, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр+ ӕмӕ иннӕ сыгъдӕджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр. Италийы+ чи ис, уыдон дӕр уын салӕмттӕ ӕрвитынц.

25 Уе ’ппӕт дӕр Хуыцауы стыр хорзӕхӕй+ хайджын ут.

[Фиппаинӕгтӕ]

Кӕнӕ «цардӕвӕрдтӕ». Грекъ. айо́нас.

Комк. «бынӕн райста».

Грекъ. пне́вмата. Кӕс Уӕлӕмх. 7. Кӕс 14 ст. дӕр.

Комк. «Ирвӕзындзинад бынӕн чи хъуамӕ райса».

Кӕнӕ «сыгъдӕг удӕй»; «уд» – грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.

Комк. «сыгъдӕг ӕфсымӕртӕ».

Кӕнӕ «уый у апостол».

Уый амоны Израилы адӕммӕ.

Комк. «мыггаг ӕппӕрст куы ӕрцыд, уӕд». Уый амоны Адам ӕмӕ Евӕйы сывӕллӕттӕм.

Комк. «афтӕ ахизы, ӕмӕ фӕхицӕн кӕны уд ӕмӕ зӕрдӕ». «Уд» – грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.

Комк. «нуӕрттӕ» кӕнӕ «ӕрхӕджытӕ».

Комк. «стыр хорзӕхы паддзахбадӕнмӕ».

Кӕнӕ «цардӕвӕрды».

Комк. «йӕ фыды хуылфы уыди».

Кӕнӕ «Уый адӕмӕн лӕггад кӕны».

Кӕнӕ «Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны».

Комк. «мыггаг ӕппӕрст куы ӕрцыд, уӕдӕй». Уый амоны Адам ӕмӕ Евӕйы сывӕллӕттӕм.

Кӕнӕ «цардӕвӕрды».

Кӕнӕ «Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны».

Кӕнӕ «сӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕ сӕ цӕсгом нал хӕрид».

Комк. «йӕ буар».

Кӕнӕ «ӕцӕгдзинад».

Комк. «цыма театры астӕу лӕууыдыстут, афтӕ».

Грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.

Комк. «уд» – грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.

Кӕнӕ «цардӕвӕрдтӕ». Грекъ. айо́нас.

Комк. «мыггаг».

Комк. «уымӕй дӕр, мардӕй уӕлдай чи нал уыд».

Комк. «Чырысти».

Комк. «уымӕн ӕмӕ ӕдзынӕг каст».

Комк. «ӕвдисӕнты ахӕм стыр мигъ».

Комк. «ехсӕй фӕнӕмы».

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын