Иаковы фыстӕг
1 Иаков+, Хуыцауы ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы цагъар+, фыссы, алы рӕттӕм чи фӕлыгъд+, уыцы дыууадӕс мыггагмӕ+.
Арфӕйаг ут!
2 Ме ’фсымӕртӕ, алыхуызон фӕлварӕнты куы бахаут, уӕд-иу цин кӕнут+, 3 уымӕн ӕмӕ йӕ уӕхӕдӕг зонут, уӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куы ’рцӕуы, уӕд дзы кӕй равзӕры фидардзинад+. 4 Фӕлӕ уадз ӕмӕ уӕ фидардзинад йӕ куыст бакӕнӕд кӕронмӕ, цӕмӕй алцӕмӕй дӕр уат ӕххӕст+ ӕмӕ ӕнӕфау, ӕппындӕр уӕм хъӕндзинад куыд нӕ уа+.
5 Уӕдӕ уӕ кӕд искӕмӕ зонд фаг нӕй+, уӕд курӕд Хуыцауӕй+,– уымӕн ӕмӕ уый алкӕмӕн дӕр дӕтты рӕдауӕй ӕмӕ ӕнӕ уайдзӕфӕй+,– ӕмӕ йын ӕнӕратгӕ нӕ фӕуыдзӕн+. 6 Ӕрмӕст дзы курӕд+ уырнӕгзӕрдӕйӕ, ӕппындӕр дызӕрдыг ма кӕнӕд+, уымӕн ӕмӕ дызӕрдыггӕнӕг у, дымгӕ+ кӕй сисы ӕмӕ кӕй фӕйлауы, ахӕм денджызы уылӕны хуызӕн. 7 Ахӕм адӕймаг Йегъовӕмӕ мацӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕд+. 8 Уый у ӕнӕныфсхаст+, алы хъуыддаджы дӕр хӕцы дыууӕрдӕм+.
9 Мӕгуыр ӕфсымӕр цин кӕнӕд, кӕй сбӕрзонд, ууыл+, 10 хъӕздыг+ та – кӕй ӕрныллӕг, ууыл, уымӕн ӕмӕ хъӕздыг адӕймаг быдырон дидинӕгау нал уыдзӕн+. 11 Хур ссӕуы ӕмӕ йӕ араугӕ тӕвдӕй зайӕгой басудзы, йӕ дидинӕг ӕрызгъӕлы ӕмӕ йӕ рӕсугъддзинад ӕрбайсӕфы. Гъе афтӕ фесӕфдзӕн хъӕздыг адӕймаг дӕр йӕ царды кӕйттӕ кӕнгӕйӕ+.
12 Амондджын у, фӕлварӕны фидар чи лӕууы, уыцы адӕймаг+, уымӕн ӕмӕ дзы Хуыцау райгонд куы уа, уӕд райсдзӕн, Йегъовӕ, чи йӕ уарзы, уыдонӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы хӕрзиуӕг*+ – цард+.13 Фӕлварӕны бахаугӕйӕ+ афтӕ мачи зӕгъӕд: «Хуыцау мӕ фӕлвары». Хуыцауы фыддзинадӕй бафӕлварӕн нӕй, ӕмӕ уый йӕхӕдӕг дӕр фыддзинадӕй никӕй фӕлвары. 14 Алкӕмӕн дӕр фӕлварӕн вӕййы, йӕхи зӕрдӕйы фӕнд ӕй кӕй сцырен кӕны ӕмӕ йӕ фӕдыл кӕй ацӕуы, уый+. 15 Уыцы фӕнд та уидаг куы ауадзы*, уӕд ӕркӕны тӕригъӕдмӕ*+, ӕмӕ тӕригъӕд та, иугӕр ӕрцыд, уӕд ӕркӕны мӕлӕтмӕ+.
16 Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, ма рӕдийут+. 17 Хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр ӕмӕ алы ӕнӕфау лӕвар+ дӕр у уӕлейӕ+, уымӕн ӕмӕ цӕуы, уӕларвон рухсгӕнӕнтӕ+ чи скодта ӕмӕ, аууон куыд ивы, афтӕ чи нӕ ивы+, уыцы Фыдӕй. 18 Кӕй йӕ бафӕндыд+, уымӕ гӕсгӕ нын радта цард рӕстдзинады* дзырды фӕрцы+, цӕмӕй, кӕй сфӕлдыста, уыдоны ’хсӕн ӕвзӕрстытӕй фыццӕгтӕ*+ уӕм.
19 Зонут уый, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ. Алы адӕймаг дӕр хъуамӕ рӕвдз уа байхъусынмӕ, дзурын+ ӕмӕ мӕсты кӕнынмӕ та тагъд ма кӕна+, 20 уымӕн ӕмӕ адӕймагӕн мӕстыйӕ йӕ бон нӕу, Хуыцауы цӕсты раст цы у, уый аразын+. 21 Уымӕ гӕсгӕ ныууадзут, ӕлгъагӕй уӕм цыдӕриддӕр ис, уый, стӕй уыцы ӕнӕхъӕугӕ миниуӕг – ӕвзӕрдзинад+, ӕмӕ, сымах* фервӕзын кӕнынхъом чи у+, уыцы дзырд сӕрныллӕгӕй уӕ зӕрдӕты тауын бауадзут+.
22 Фӕлӕ уыцы дзырд ӕххӕст дӕр кӕнут+, ма ут, ӕрмӕстдӕр ӕй хъусгӕ чи кӕны ӕмӕ йӕхи алы мӕнг хъуыдытӕй чи сайы, ахӕмтӕ+. 23 Дзырд чи хъусы, фӕлӕ йӕ чи не ’ххӕст кӕны+, уый у, кӕсӕнмӕ йӕхимӕ чи кӕсы, ахӕм адӕймаджы хуызӕн: 24 йӕхимӕ бакаст, стӕй иуварс ацыд ӕмӕ дзы уайтагъд ӕрбайрох, цыхуызӕн у, уый. 25 Сӕрибардӕттӕг ӕнаипп закъон лӕмбынӕг чи иртасы*+ ӕмӕ йыл фидар чи хӕцы, уый та, цы фехъусы, уый нӕ ферох кӕны, фӕлӕ йӕ ӕххӕст кӕны+. Ӕмӕ афтӕ кӕй кӕны, уый фӕрцы уыдзӕн амондджын+.
26 Кӕд исчи йӕхи Хуыцауӕн кувӕг адӕймагыл нымайы+, йе ’взаджы рохтыл та нӕ хӕцы+, уӕд йӕхи* сайы+, ӕмӕ ахӕмӕн йӕ дин ницы у+. 27 Нӕ Хуыцау ӕмӕ нӕ Фыды цӕсты сыгъдӕг+, ӕнӕфау+ дин у ахӕм: сидзӕртӕ+ ӕмӕ идӕдзтӕн+ сӕ тыхсты рӕстӕг+ сӕ фарсмӕ балӕуу ӕмӕ ацы дунейӕ+ дӕхи фӕчъизи кӕнын ма бауадз+.
2 Ме ’фсымӕртӕ, хъулон митӕ куы кӕнат+, уӕд цымӕ афтӕ зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ ӕцӕгдӕр ӕууӕндут нӕ кадджын+ Хицау Йесо Чырыстийыл? 2 Зӕгъӕм, уе ’мбырдмӕ+ бацыд иу адӕймаг хъӕздыг арӕзтӕй, йӕ къухтыл – сызгъӕрин къухдарӕнтӕ. Бацыд уӕм мӕгуыр адӕймаг дӕр бызгъуырты+. 3 Ӕмӕ, хъӕздыг арӕзтӕй чи ’рбацыд, ууыл бацин кодтат+ ӕмӕ йын загътат: «Мӕнӕ ам, дзӕбӕх бынаты сбад». Мӕгуырӕн та загътат: «Ды та мӕнӕ ам алӕуу», кӕнӕ: «Уӕртӕ уым ӕрбад, мӕ къӕхтӕ кӕуыл ӕрӕвӕрын, уыцы гыццыл бандоны фарсмӕ». 4 Уӕд иуты иннӕтӕй уӕлдӕр не ’вӕрут+ ӕмӕ, хӕрам+ тӕрхон чи кӕны+, ахӕмтӕ не свӕййут?
5 Байхъусут-ма мӕм, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ. Хуыцау, дунейы цӕсты мӕгуыр+ чи у, уыдоны нӕ равзӕрста, цӕмӕй уырнындзинадӕй хъӕздыг+ уой ӕмӕ йӕ чи уарзы, уыдонӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы паддзахад бынӕн райсой?+ 6 Сымах та мӕгуыры ницӕмӕ ӕрдардтат. Фӕлӕ уӕ чи ’фхӕры+ ӕмӕ уӕ тӕрхондӕттӕм чи ласы?+ Хъӕздгуытӕ не сты? 7 Цы кадджын ном хӕссут+, ууыл цъыфкалӕн уыдон нӕ кӕнынц?+ 8 Уӕдӕ кӕд паддзахы закъон+ ӕххӕст кӕнут, Фыстытӕ куыд зӕгъынц, афтӕ, зӕгъгӕ, «иннӕты* уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ»+, уӕд тынг хорз аразут. 9 Фӕлӕ кӕд хъулон митӕ кӕнут+, уӕд тӕригъӕд аразут, уымӕн ӕмӕ закъонмӕ+ гӕсгӕ стут закъонхалджытӕ.
10 Закъон ӕгасӕй дӕр чи ӕххӕст кӕны, фӕлӕ ӕрмӕст иу хъуыддаджы чи фӕрӕдийы, уый фехалы ӕппӕт закъӕттӕ дӕр+. 11 Афтӕ чи загъта: «Ма хӕт»+, уый ма афтӕ дӕр загъта: «Ма амар»+. Ӕмӕ уӕдӕ кӕд хӕтгӕ нӕ кӕныс, фӕлӕ адӕмы марыс, уӕд закъонхалӕг дӕ. 12 Уӕдӕ дзургӕ дӕр ӕмӕ архайгӕ дӕр кӕнут, сӕрибар адӕмы закъонмӕ гӕсгӕ чи уыдзӕн тӕрхонгонд, уыдонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ+. 13 Фӕлмӕнзӕрдӕ чи нӕу, уымӕ тӕрхоны дӕр фӕлмӕнзӕрдӕ нӕ уыдзысты+. Фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг та, тӕрхон ын куы кӕной, уӕд фӕуӕлахиз уыдзӕн*.
14 Ме ’фсымӕртӕ, исчи афтӕ куы зӕгъа, мӕнмӕ ис уырнындзинад+, зӕгъгӕ, хъуыддагӕй та куы ницы ’вдиса+, уӕд уый цы пайда у? Ахӕм уырнындзинад ӕй фервӕзын кӕндзӕн?+ 15 Ӕфсымӕр кӕнӕ хойӕн, йӕ уӕлӕ цы скӕна, уый куы нӕ уа ӕмӕ хӕринагхъуаг куы ӕййафа+, 16 ӕмӕ йын сымахӕй исчи афтӕ куы зӕгъа, дзӕбӕх у, дӕхи хъарм дар ӕмӕ дӕхи хӕрдцух ма уадз, зӕгъгӕ, цы хъуаг у, уый та йын куы нӕ ратта, уӕд ын уый цы пайда у?+ 17 Уӕдӕ уырнындзинад дӕр ӕнӕ хъуыддӕгтӕй+ мард у.
18 Фӕлӕ исчи зӕгъдзӕн: «Дӕумӕ уырнындзинад ис, мӕнмӕ та – хъуыддӕгтӕ. Равдис мын дӕ уырнындзинад ӕнӕ хъуыддӕгтӕй, ӕз та дын мӕ уырнындзинад равдисдзынӕн мӕ хъуыддӕгтӕй»+. 19 Уырны дӕ, иу Хуыцау кӕй ис?+ Уый хорз у. Фӕлӕ уырнгӕ хӕйрӕджыты дӕр кӕны, ӕмӕ фыртӕссӕй ризынц+. 20 Фӕлӕ дӕ уый фӕнды зонын, ӕнӕзонд адӕймаг, ӕмӕ уырнындзинад ӕнӕ хъуыддӕгтӕй ницы у? 21 Нӕ фыдӕл Авраам+ рӕстгӕнӕгыл нымад йӕ хъуыддӕгты фӕрцы не ’рцыд, йӕ фырт Исахъы нывондхӕссӕныл куы ӕрӕвӕрдта, уӕд?+ 22 Дӕхӕдӕг ӕй уыныс, йӕ уырнындзинад ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ фӕрсӕй-фӕрстӕм кӕй цыдысты ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй йӕ уырнындзинад кӕронмӕ кӕй сфӕлтӕрдта+. 23 Ӕмӕ сӕххӕст, Фыстад цы зӕгъы, уый: «Авраам баууӕндыд Йегъовӕйыл, ӕмӕ уый тыххӕй нымад ӕрцыд рӕстгӕнӕгыл»+, ӕмӕ хуынд ӕрцыд «Йегъовӕйы хӕлар»+.
24 Куыд уынут, афтӕмӕй адӕймаг рӕстгӕнӕгыл+ нымад ӕрцӕуы йӕ хъуыддӕгты+ фӕрцы, ӕрмӕст уырнындзинады фӕрцы нӕ, фӕлӕ+. 25 Хӕтаг сылгоймаг Раав+ дӕр рӕстгӕнӕгыл нымад йӕ хъуыддӕгты фӕрцы не ’рцыд, ӕрвыст лӕгты куы суазӕг кодта ӕмӕ сӕ ӕндӕр фӕндагыл куы арвыста, уӕд?+ 26 О, буар ӕнӕ улӕфтӕй* мард куыд у+, афтӕ уырнындзинад дӕр ӕнӕ хъуыддӕгтӕй мард у+.
3 Ме ’фсымӕртӕ, ахуыргӕнджытӕ*+ уе ’ппӕт дӕр хъуамӕ ма суат, уымӕн ӕмӕ йӕ зонут, Хуыцау махӕн карздӕр тӕрхон кӕй кӕндзӕн+. 2 Мах не ’ппӕт дӕр арӕх рӕдийӕм*+. Ныхасӕй чи нӕ рӕдийы+, уый та у алцӕмӕй ӕххӕст адӕймаг+ ӕмӕ йӕ бон у йӕ буары ӕппӕт уӕнгты рохтыл дӕр хӕцын. 3 Цӕмӕй бӕхтӕ нӕ коммӕ кӕсой+, уый тыххӕй сын сӕ дзыхы бакӕнӕм идоны къӕбӕлтӕ+, ӕмӕ уӕд нӕ бар фӕцӕуы сӕ буарыл ӕгасӕй дӕр. 4 Науӕд наутӕ дӕр кӕд тынг стыр сты ӕмӕ сӕ тыхджын дымгӕ размӕ хӕссы, уӕддӕр сӕ хӕрз гыццыл фыййагӕй+ наутӕрӕгӕн йӕ бон у, кӕцырдӕм ӕй фӕфӕнды, уыцырдӕм азилын.
5 Гъе афтӕ ӕвзаг дӕр, гыццыл уӕнг йеддӕмӕ нӕу, фӕлӕ ӕппӕлынмӕ уый хуызӕн нӕй+. Ӕнӕхъӕн хъӕдыл арт бандзарынӕн чысыл зынг йеддӕмӕ нӕ хъӕуы. 6 Уӕдӕ ӕвзаг дӕр у зынг+. Иннӕ уӕнгтимӕ абаргӕйӕ ӕвзаг ӕнӕхъӕнӕй дӕр у фыдбылыз, уымӕн ӕмӕ чъизи кӕны буар ӕгасӕй дӕр+ ӕмӕ адӕймаджы цардыл арт бафтауы, йӕхӕдӕг та ссудзы гееннӕйӕ*. 7 Адӕймагӕн йӕ бон у ӕрцахуыр кӕнын алы сырды мыггаг ӕмӕ алы маргъы мыггаг дӕр, стӕй уӕд хилджыты ӕмӕ денджызы цӕрӕгойты се ’ппӕты дӕр, ӕмӕ сӕ ахуыр дӕр ӕркӕны+. 8 Фӕлӕ ӕвзаг никӕй бон у ӕрцахуыр кӕнын. Уый ахӕм фыдбылыз у, ӕмӕ йын бауромӕн нӕй, йӕ тӕккӕ дзаг у мӕлӕтхӕссӕг маргӕй+. 9 Уымӕй арфӕ кӕнӕм Йегъовӕйӕн+, нӕ Фыдӕн+, ӕмӕ уымӕй ӕлгъитӕм+, «Хуыцаумӕ гӕсгӕ»+ чи ӕрцыд фӕлдыст, уыцы адӕмы. 10 Уыцы иу дзыхӕй рацӕуы арфӕ дӕр ӕмӕ ӕлгъыст дӕр.
Афтӕ хъуамӕ ма уа, ме ’фсымӕртӕ+. 11 Уыцы иу суадонӕй+ хорз* дон ӕмӕ маст дон фӕкӕлы? 12 Науӕд, ме ’фсымӕртӕ, легъуибӕласыл оливӕбӕласы гагатӕ ӕрзайы, сӕнӕфсирыл та – легъуитӕ?+ Уӕдӕ цӕхджын суадонӕй дӕр адджын дон нӕ фӕкӕлы.
13 Сымахӕй зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ чи у? Равдисӕд ӕй йӕ хъуыддӕгтӕй+ – йӕ хорз ӕгъдауӕй ӕмӕ зондӕй райгуыргӕ фӕлмӕн ахастӕй. 14 Фӕлӕ кӕд уӕ зӕрдӕйы ис хӕлӕг+ ӕмӕ уӕ зӕрдӕ загъд агуры+, уӕд уӕхицӕй ма ӕппӕлут+ ӕмӕ рӕстдзинадӕй* мӕнг ма дзурут+. 15 Уый уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд нӕу+, фӕлӕ зӕххон+, хъӕддаг, хӕйрӕджытӕй+. 16 Уымӕн ӕмӕ хӕлӕг+ ӕмӕ загъд кӕм ис, уым нӕдӕр уаг ис, нӕдӕр ӕгъдау, ис дзы алы ӕвзӕрдзинад+.
17 Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд+ та фыццаджыдӕр у сыгъдӕг+, стӕй фарнуарзаг+, ӕмбаргӕ*+, коммӕгӕс, ӕгасӕй дӕр у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ алы хорз хъуыддагӕй*+ хайджын, хъулон никӕй кӕны+, нӕй йӕм цӕстмӕ митӕ+. 18 Уымӕй уӕлдай, рӕстдзинады+ мыггаг+ тыд ӕрцӕуы ӕмӕ тыллӕг ӕрхӕссы, фарн+ кӕм ис, уым ӕмӕ, фарн чи уарзы, уыдонӕн+.
4 Уӕ кӕрӕдзиимӕ цӕуыл хӕцут ӕмӕ цӕуыл хыл кӕнут? Мыййаг+, уӕ мидӕг цы монцтӕ тох кӕнынц, уыдон нӕ расайынц уыдӕттӕ?+ 2 Хъӕуы уӕ, фӕлӕ уын нӕй. Марут+ ӕмӕ зыд кӕнут*+, фӕлӕ уӕддӕр уӕ къухы ницы ӕфты. Хыл кӕнут+ ӕмӕ уӕ кӕрӕдзиимӕ тох кӕнут. Нӕй уын, уымӕн ӕмӕ нӕ курут. 3 Ӕмӕ цы курут, уый дӕр нӕ райсут, уымӕн ӕмӕ курут ӕвзӕр хъуыддагӕн+, цӕмӕй уӕ буары монцтӕ бафсадат+.
4 Хӕтаг адӕм*+, нӕ йӕ зонут, ӕви, ацы дунеимӕ лымӕн чи у, уый Хуыцауӕн йе знаг кӕй у?+ Уӕдӕ кӕй фӕнды, ӕмӕ ацы дунеимӕ лымӕн+ уа, уый йӕхи Хуыцауӕн знаг кӕны+. 5 Ӕви уӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ Фыстад дзӕгъӕлы зӕгъы: «Нӕ мидӕг цы хӕлӕг+ ӕрцард, уый ӕппынӕдзух цӕмӕдӕрты бӕллы»? 6 Фӕлӕ нын Хуыцау цы стыр хорзӕхӕй бахай кодта, уый уымӕй стырдӕр у+. Фыстад афтӕ дӕр уымӕн зӕгъы: «Хуыцау сӕрбӕрзонд адӕймӕгтӕн+ сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕгтӕн та хай кӕны йе стыр хорзӕхӕй»+.
7 Уымӕ гӕсгӕ уӕхи Хуыцауы бар бакӕнут+, Хӕйрӕгӕн+ та йӕ ныхмӕ слӕуут, ӕмӕ уӕ алидздзӕн+. 8 Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн+. Ныхсут уӕ къухтӕ, тӕригъӕдджынтӕ+, ӕмӕ уӕ зӕрдӕтӕ ссыгъдӕг кӕнут+, ӕнӕныфсхаст+ адӕймӕгтӕ. 9 Хъыг кӕнут, кӕут ӕмӕ дзыназут+. Уӕ худын раивут кӕуынӕй, уӕ цин – мастӕй+. 10 Уӕхи Йегъовӕйы раз ӕрныллӕг кӕнут+, ӕмӕ уӕ уый сбӕрзонд кӕндзӕн+.
11 Ме ’фсымӕртӕ, кӕрӕдзийӕ ӕвзӕр мауал дзурут+. Йе ’фсымӕрӕй ӕвзӕр чи дзуры кӕнӕ йын тӕрхон чи кӕны+, уый ӕвзӕр дзуры закъонӕй* ӕмӕ тӕрхон кӕны закъонӕн. Ӕмӕ кӕд ды закъонӕн тӕрхон кӕныс, уӕд та закъон ӕххӕстгӕнӕг нӕ дӕ, фӕлӕ тӕрхонгӕнӕг+. 12 О, фӕлӕ ис ӕрмӕстдӕр иу закъонӕвӕрӕг ӕмӕ тӕрхонгӕнӕг+ – уымӕн йӕ бон у фервӕзын кӕнын дӕр ӕмӕ фесафын+ дӕр. Фӕлӕ ды та чи дӕ, ӕмӕ иннӕмӕн тӕрхон кӕнай?+
13 Ныр мӕм ӕрбайхъусут сымах дӕр, афтӕ чи дзуры: «Абон кӕнӕ райсом фӕцӕудзыстӕм ахӕм ӕмӕ ахӕм горӕтмӕ, афӕдз дзы фӕуыдзыстӕм, исты хъуыддаджы ныллӕудзыстӕм ӕмӕ ӕхца бакусдзыстӕм»+. 14 Афтӕмӕй та уыл райсом цы ’рцӕудзӕн, уый дӕр нӕ зонут+. Уӕ цард у, мӕнӕ мигъ иу гыццыл рӕстӕгмӕ куыд фӕзыны ӕмӕ стӕй куыд ӕрбайсӕфы, уый хуызӕн+. 15 Уый бӕсты хъуамӕ афтӕ дзурат: «Кӕд Йегъовӕйы фӕнда+, уӕд удӕгас уыдзыстӕм ӕмӕ сараздзыстӕм уый кӕнӕ уый»+. 16 Сымах та стыр дзыхӕй дзурут, ӕмӕ уымӕй хъал стут+. Ӕмӕ ахӕм цӕмӕйдӕрты хъал уай, уый та фыдбылыз у. 17 Уӕдӕ кӕд исчи зоны, раст цы у, уый куыд кӕнгӕ у, фӕлӕ йӕ нӕ кӕны+, уӕд тӕригъӕд+ аразы.
5 Ныр та сымахмӕ у мӕ ныхас, хъӕздгуытӕ+. Кӕут ӕмӕ дзыназут, уӕ сӕр цы бӕллӕхтӕ баййафдзӕн, ууыл+. 2 Уӕ фӕллӕйттӕ бамбыдысты, уӕ дарӕс уын рӕмпӕг бахордта+. 3 Уӕ сызгъӕрин ӕмӕ уе ’взистыл згӕ схӕцыд, ӕмӕ уыцы згӕ уӕ ныхмӕ уыдзӕн ӕвдисӕн ӕмӕ уын уӕ буар бахӕрдзӕн. Уӕхицӕн цы ӕрӕмбырд кодтат+, уый фӕстаг бонты+ уыдзӕн зынджы хуызӕн+. 4 Уӕ хуымтӕ уын чи карста, уыдоны мыздӕй уӕхицӕн цы ныууагътат+, уый дзыназы+, ӕмӕ хуымгӕрдджыты ӕрдиаг фехъуыст+ ӕфсӕдты хицау Йегъовӕмӕ. 5 Зӕххыл хъалцард фӕкодтат ӕмӕ уӕ монцты фӕдыл цыдыстут+. Фос се ’ргӕвдӕн бонмӕ куыд снард вӕййынц, афтӕ снард сты уӕ зӕрдӕтӕ+. 6 Сымах рӕстгӕнӕджы фӕаххосджын кодтат ӕмӕ йӕ амардтат. Уӕдӕ уӕ ныхмӕ куыннӕ хъуамӕ уа!+
7 Ме ’фсымӕртӕ, нӕ Хицау цалынмӕ не ’рцӕуа*+, уӕдмӕ ут фӕразон. Зӕхкусӕг дӕр фӕразонӕй фенхъӕлмӕ кӕсы зӕххы зынаргъ тыллӕгмӕ, цалынмӕ фӕззыгон ӕмӕ уалдзыгон къӕвдатӕ нӕ рауарынц, уӕдмӕ+. 8 Афтӕ сымах дӕр фӕразон ут+, фидар кӕнут уӕ зӕрдӕтӕ, уымӕн ӕмӕ Хицауы ӕрцыдмӕ* бирӕ нал баззад+.
9 Ме ’фсымӕртӕ, уӕ кӕрӕдзийӕ хъаст ма кӕнут, цӕмӕй тӕрхонгонд ма ӕрцӕуат+. Тӕрхонгӕнӕг мӕнӕ къӕсӕрыл лӕууы+. 10 Зындзинӕдтӕн быхсын+ ӕмӕ фӕразын куыд хъӕуы+, уымӕй, ме ’фсымӕртӕ, бафӕзмут+, Йегъовӕйы номӕй чи дзырдта+, уыцы пехуымпарты+. 11 О, мах амондджын хонӕм, кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууыд, уыдоны+. Сымах фехъуыстат, Иов куыд фидар разынд, уый тыххӕй+, ӕмӕ зонут, Йегъовӕ хъуыддаг куыд ахицӕн кодта, уый дӕр+, ӕмӕ уый фӕрцы базыдтат, Йегъовӕ фӕлмӕн уарзтӕй кӕй уарзы ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у+.
12 Фыццаджыдӕр та уын, ме ’фсымӕртӕ, уый зӕгъын, ӕмӕ сомы мауал кӕнут, нӕдӕр арвӕй, нӕдӕр зӕххӕй ӕмӕ нӕдӕр ӕндӕр истӕмӕй+. Фӕлӕ кӕд «о» загътат, уӕд уӕ ныхас уӕд «о», кӕд «нӕ» загътат, уӕд – «нӕ», цӕмӕй тӕрхонгонд ма ӕрцӕуат+.
13 Исчи уӕ зындзинӕдтӕ ӕвзары? Уӕд Хуыцаумӕ кувӕд+. Исчи уӕ хорз зӕрдӕйы уагыл у? Уӕд зарӕд кады зарджытӕ+. 14 Исчи уӕ рынчын у?+ Уӕд фӕдзурӕд ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕм+, ӕмӕ йын уыдон скувӕнт ӕмӕ йӕ Йегъовӕйы номӕй сойӕ байсӕрдӕнт+. 15 Ӕмӕ уырнындзинадӕй райгуыргӕ куывды фӕрцы рынчын сдзӕбӕх уыдзӕн+, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууын кӕндзӕн+. Ӕмӕ кӕд исты тӕригъӕдтӕ ракодта, уӕд ын уыдон дӕр хатыргонд ӕрцӕудзысты+.
16 Уӕдӕ уӕ кӕрӕдзийӕн ӕргом дзурут+ уӕ тӕригъӕдты тыххӕй ӕмӕ кӕрӕдзийы тыххӕй кувут, цӕмӕй сдзӕбӕх уат+. Рӕстгӕнӕджы зӕрдиаг куывдӕн стыр тых ис, уымӕн ӕмӕ Хуыцаумӕ фехъуысы+. 17 Илийа дӕр мах хуызӕн адӕймаг уыд+, фӕлӕ скуывта, цӕмӕй къӕвда ма уыдаид+, ӕмӕ ӕртӕ азы ӕмӕ ’рдӕг зӕхмӕ иу ӕртах дӕр не ’рхауд. 18 Стӕй та ногӕй скуывта, ӕмӕ къӕвда ӕруарыд, ӕмӕ зӕхх тыллӕг радта+.
19 Ме ’фсымӕртӕ, исчи уӕ раст фӕндагӕй куы адзӕгъӕл уа ӕмӕ йӕ иннӕ куы раздаха+, 20 уӕд ӕй зонут: тӕригъӕдджыны рӕдыд фӕндагӕй чи раздаха+, уый йӕ* мӕлӕтӕй фервӕзын кӕндзӕн+, ӕмӕ тӕригъӕдджынӕн хатыргонд ӕрцӕудзысты бирӕ тӕригъӕдтӕ+.
[Фиппаинӕгтӕ]
Комк. «кадыхуд».
Комк. «фӕнд куы банхъӕлцау вӕййы».
Комк. «ныййары тӕригъӕд».
Кӕнӕ «ӕцӕгдзинады».
Комк. «фыццаг тыллӕг».
Комк. «уӕ удтӕ»; «уд» – грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «закъоны чи ныккӕсы».
Комк. «йӕ зӕрдӕ».
Кӕнӕ «дӕ хионы».
Комк. «Фӕлмӕнзӕрдӕдзинад уӕлахиз кӕны тӕрхоныл».
Грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.
Уымӕн ӕмӕ алкӕй бон нӕу, ӕмӕ ӕмбырды ахуыргӕнӕг уа.
Комк. «фӕкӕлӕм» кӕнӕ «ахауӕм».
Кӕс Уӕлӕмх. 9.
Комк. «адджын».
Кӕнӕ «ӕцӕгдзинадӕй».
Кӕнӕ «ӕнцондзырд; ӕнцонтасӕн».
Комк. «хорз дыргътӕй».
Кӕнӕ «хӕлӕг кӕнут; ӕндӕр искӕй цы у, уымӕ бӕллут».
Ацы ран дзырд цӕуы, Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ чи сивта, уыдоныл.
Ӕвӕц., амоны Хуыцауы закъонмӕ ӕмткӕй райсгӕйӕ.
Грекъ. паруси́а. Кӕс Уӕлӕмх. 12.
Грекъ. паруси́а. Кӕс Уӕлӕмх. 12.
Комк. «уый йын йӕ уд»; «уд» – грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.