Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bi12 1 Петры 1:1–5:14
  • 1 Петры

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • 1 Петры
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац
Библи – Ног дунейы тӕлмац
1 Петры

Петры фыццаг фыстӕг

1 Петр, Йесо Чырыстийы апостол+, фыссы, Понтмӕ, Галатимӕ, Каппадокимӕ+, Азимӕ* ӕмӕ Вифинимӕ чи фӕлыгъд+, уыцы рӕтты рӕстӕгмӕ чи цӕры+, уыцы ӕвзӕрстытӕм+. 2 Ӕвзӕрст кӕй ӕрцӕудзыстут, уый нӕ Фыд+ Хуыцау бирӕ раздӕр аскъуыддзаг кодта ӕмӕ уӕ ссыгъдӕг кодта йӕ сыгъдӕг тыхӕй+, цӕмӕй коммӕгӕс уат ӕмӕ уыл Йесо Чырыстийы туг+ пырхгонд ӕрцӕуа+.

Хуыцауы стыр хорзӕхӕй ноджы фылдӕр хайджын цы уат, уыцы арфӕ уӕ уӕд+.

3 Табу нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Хуыцау ӕмӕ Фыдӕн+. Уый йе стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ мах ногӕй райгуырын кодта+ ӕмӕ нын радта удӕгас ныфс+, Йесо Чырыстийы мӕрдтӕй кӕй райгас кодта+, уый фӕрцы, 4 цӕмӕй райсӕм, ӕмбийгӕ чи нӕ кӕны, сыгъдӕг чи у ӕмӕ рӕстӕджы бар кӕуыл нӕ цӕуы, ахӕм бынтӕ+. Уыцы бынтӕ уӕлӕрвты ӕвӕрдӕй лӕууынц сымахӕн+ – 5 уырнындзинад+ уӕм кӕй ис, уый фӕрцы уӕ Хуыцау йӕ тыхӕй хъахъхъӕны, цӕмӕй уӕ фервӕзын кӕна+. Уыцы ирвӕзындзинад+ цӕттӕ у, цӕмӕй кӕроны рӕстӕджы раргом уа+. 6 Ӕмӕ уый сымахӕн стыр цины хос у, кӕд алыхуызон фӕлварӕнты+ тыххӕй иуцасдӕр фӕхъизӕмар кӕнут, уӕддӕр. 7 Уый уымӕн хъӕуы, цӕмӕй уӕ фӕлвӕрд уырнындзинады+ фӕрцы, арты кӕй бафӕлварынц+, фӕлӕ уӕддӕр сӕфгӕ чи кӕны, уыцы сызгъӕринӕй бирӕ зынаргъдӕр чи у, уыцы уырнындзинады фӕрцы, разынат раппӕлыны, кады ӕмӕ намысы аккаг, Йесо Чырысти куы раргом уа+, уӕд. 8 Сымах кӕд Чырыстийы уынгӕ дӕр никуы фӕкодтат, уӕддӕр ӕй уарзут+. Ӕмӕ йӕ кӕд ныртӕккӕ дӕр нӕ уынут, уӕддӕр ыл ӕууӕндут ӕмӕ, зӕгъӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм стыр цинӕй цин кӕнут, 9 уымӕн ӕмӕ йӕ фидарӕй зонут, уӕ уырнындзинад уӕ ирвӕзындзинадмӕ кӕй ӕркӕндзӕн+.

10 Уыцы ирвӕзындзинады хабар пехуымпартӕ лӕмбынӕг иртӕстой ӕмӕ йӕ бамбарыныл архайдтой+. Ӕмӕ уыдон дзырдтой+, сымах Хуыцауы стыр хорзӕхӕй кӕй хъуамӕ схайджын уыдаиккат, уый тыххӕй+. 11 Уыдон ӕдзух иртӕстой, хайджын кӕмӕй уыдысты, уыцы сыгъдӕг тых+ сын Чырыстийы+ тыххӕй цы афонмӕ ӕмӕ цавӕр рӕстӕгмӕ+ амыдта, уый. Сыгъдӕг тых сын дзырдта, Чырыстимӕ цы хъизӕмӕрттӕ ӕнхъӕлмӕ каст+ ӕмӕ уый фӕстӕ цы диссаджы хабӕрттӕ+ хъуамӕ ’рцыдаид, уыдӕтты тыххӕй. 12 Уыцы пехуымпартӕн Хуыцау раргом кодта, сӕхицӕн кӕй нӕ лӕггад кодтой+, фӕлӕ сымахӕн. Лӕггад та уын уымӕй кодтой, ӕмӕ уын, ныртӕккӕ кӕй зонут+, уыцы хабӕрттӕ фехъусын кодтой, уӕларвӕй ӕрвыст сыгъдӕг тыхы*+ фӕрцы уын хорз хабар чи радзырдта, уыдоны руаджы. Зӕдты дӕр тынг фӕнды уыцы хабӕрттӕ бамбарын+.

13 Уымӕ гӕсгӕ уӕ зонд ӕгасӕй дӕр саразут* ӕппӕт тыхтӕй архайынмӕ+ ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр ут къӕрцхъус*+. Уӕ ныфс дарут, Йесо Чырысти куы раргом уа+, уӕд уын Хуыцау цы стыр хорзӕхӕй+ бахай кӕндзӕн, ууыл. 14 Ут коммӕгӕс сывӕллӕттӕ ӕмӕ, Хуыцауы куы нӕма зыдтат, уӕд цы монцты фӕдыл цыдыстут, уыдоны фӕдыл мауал цӕут+. 15 Ӕмӕ уӕ чи ӕрхуыдта, уый Сыгъдӕг Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ сымах дӕр алы хъуыддаджы дӕр ут сыгъдӕг+. 16 Фыст дӕр афтӕ у: «Ут сыгъдӕг, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн сыгъдӕг»+.

17 Ӕмӕ кӕд, алы адӕймагӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ ӕнӕхӕрам тӕрхон чи кӕны+, уыцы Фыдмӕ кувут, уӕд, цалынмӕ ӕцӕгӕлон бӕстӕйы стут+, уӕдмӕ Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ цӕрут+. 18 Уымӕн ӕмӕ йӕ зонут: уӕ фыдӕлтӕй уын цы ницӕйаг царды уаг баззади, уымӕй ссӕрибар стут+, сӕфгӕ чи кӕны+, уыцы ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрины фӕрцы нӕ, 19 фӕлӕ Чырыстийы+ зынаргъ туджы+ фӕрцы, ӕнӕниз ӕмӕ ӕнӕсахъат уӕрыччы+ туджы фӕрцы. 20 Уый Хуыцау равзӕрста, дуне куы нӕма уыди, уӕд*+ ӕмӕ ацы рӕстӕджы кӕрон раргом сымах тыххӕй+. 21 Ӕмӕ сымах уый фӕрцы баууӕндыдыстут Хуыцауыл+, мӕрдтӕй йӕ чи райгас кодта+ ӕмӕ йын кад чи радта+, ууыл. Уӕдӕ Хуыцауыл ӕууӕндут ӕмӕ йыл уӕ ныфс дарут+.

22 Рӕстдзинады* коммӕ кӕй бакастыстут, уый фӕрцы сымах уӕ удтӕ* ссыгъдӕг кодтат+, цӕмӕй ӕфсымӕрты ӕнӕхин уарзтӕй уарзат+. Гъемӕ уӕдӕ кӕрӕдзийы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзут+, уӕ уарзт артау судзӕд. 23 Сымах ногӕй райгуырдыстут+, ӕмбийгӕ чи кӕны+, уыцы мыггагӕй нӕ, фӕлӕ, ӕмбийгӕ чи нӕ кӕны+, уыцы мыггагӕй+, удӕгас ӕмӕ ӕнусон+ Хуыцауы ныхасы+ фӕрцы. 24 Фыстад афтӕ зӕгъы: «Адӕм иууылдӕр кӕрдӕгӕй уӕлдай не сты, сӕ кад ӕгасӕй дӕр у кӕрдӕджы дидинӕджы хуызӕн+. Кӕрдӕг бахус вӕййы ӕмӕ йӕ дидинӕг азгъӕлы+, 25 Йегъовӕйы ныхас та уыдзӕн ӕнустӕм»+. Ӕмӕ уыцы «ныхас»+ у, сымахӕн цы хорз хабар фехъусын кодтой+, уый.

2 Уӕдӕ, ӕвзӕрдзинадӕй+ цыдӕриддӕр ис, уый ныууадзут, макӕй сайут, цӕстмӕ митӕ ӕмӕ хӕлӕг ма кӕнут, цъыф макӕуыл калут+. 2 Ноггуырд сывӕллӕттау+ уӕ зӕрдӕ агурӕд, Хуыцауы ныхасы чи ис, уыцы сыгъдӕг ӕхсыр+, цӕмӕй уый фӕрцы рӕзат ӕмӕ фервӕзат+, 3 кӕд, нӕ Хицау хӕларзӕрдӕ кӕй у, уый уӕхиуыл бавзӕрстат, уӕд+.

4 Адӕм+ кӕй аппӕрстой+, фӕлӕ Хуыцау кӕй равзӕрста ӕмӕ йын зынаргъ чи у+, уыцы удӕгас дурмӕ+, Чырыстимӕ, куы ’рцӕут, 5 уӕд уӕхицӕй дӕр, удӕгас дуртӕй, Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы арӕзт фӕцӕуы хӕдзар+, цӕмӕй уат сыгъдӕг сауджынтӕ ӕмӕ цӕмӕй Йесо Чырыстийы+ уылты Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ хӕссат, Хуыцауӕн ӕхсызгон чи у, ахӕм нывӕндтӕ+. 6 Уымӕн ӕмӕ Фыстад афтӕ зӕгъы: «Ӕз Сионы ӕвӕрын дур – бындуры сӕйраг дур, ӕвзӕрст ӕмӕ зынаргъ дур. Ӕмӕ йыл чи ӕууӕнды, уыдонӕй фыдӕнхъӕл ничи фӕуыдзӕн»+.

7 Уӕдӕ уый сымахӕн, уырнджытӕн, у зынаргъ. Ӕнӕуырнджыты тыххӕй та Фыстад афтӕ зӕгъы: «Аразджытӕ цы дур аппӕрстой+, раст уыцы дур сси фисыны сӕйраг дур»+, 8 стӕй, «цӕлхдур ӕмӕ къуылымпыйы хос чи уыдзӕн, ахӕм къӕдзӕх»+. Цӕлхдур сын уымӕн у, ӕмӕ Хуыцауы ныхасӕн коммӕгӕс не сты. Ахӕм кӕрон сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы+. 9 Сымах та стут «ӕвзӕрст мыггаг, паддзӕхтӕ чи уыдзысты, уыцы сауджынтӕ, сыгъдӕг адӕм+, Хуыцауӕн уӕлдай зынаргъ чи у, уыцы адӕм+, цӕмӕй алкӕмдӕр хъусын кӕнат», талынгӕй уӕ чи ракодта ӕмӕ уӕ йӕ диссаджы рухсмӕ чи ӕрхуыдта+, уымӕн йӕ «диссаджы миниуджыты тыххӕй»+. 10 Сымах кӕддӕр Хуыцауы адӕм нӕ уыдыстут, ныр та стут йӕ адӕм+. Кӕддӕр уӕм фӕлмӕнзӕрдӕ нӕ уыд, ныр та уӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдыста+.

11 Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, ацы дунейы ӕрцӕуӕггӕгтӕ ӕмӕ рӕстӕгмӕйы цӕрджытӕ+ кӕй стут, уымӕ гӕсгӕ уӕ тӕригъӕдджын буары монцты+ фӕдыл ма цӕут – уыдон тох кӕнынц уӕ* ныхмӕ+. 12 Ацы дунейы адӕмы ’хсӕн+ уӕ уаг ӕмӕ уе ’гъдауӕй фӕзминаг ут, цӕмӕй уӕ фыдгӕнджытӕ чи хоны, уыдон уын уӕ хорз хъуыддӕгтӕ+ уыной, ӕмӕ Хуыцауы скадджын кӕной, уый хъуыддӕгтӕм куы ’ркӕса, уыцы бон+.

13 Нӕ Хицауы хатырӕй коммӕгӕс ут+, бартӕ кӕй къухы сты, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр*+: паддзах+ уа, куыд уӕлдӕр хицау, афтӕ, 14 ӕви, паддзах фыдгӕнджыты бафхӕрыны тыххӕй ӕмӕ хӕрзгӕнджытӕй раппӕлыны+ тыххӕй кӕй арвиты, уыцы хицӕуттӕ уой. 15 Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы уый фӕнды, цӕмӕй-иу уӕ хорз хъуыддӕгтӕй кӕрон скӕнат* ӕнӕзонд адӕмы ӕнӕфенд ныхӕстӕн+. 16 Сымах стут сӕрибар адӕм+, ӕрмӕст уӕ сӕрибардзинад ӕвзӕр митӕ ӕмбӕхсынӕн ма уӕд+, фӕлӕ Хуыцауы цагъартау цӕрынӕн+. 17 Алкӕмӕн дӕр кад кӕнут+, уе ’фсымӕрты се ’ппӕты дӕр уарзут+, Хуыцауӕй тӕрсут+, паддзахы нымайут+.

18 Лӕггадгӕнджытӕ дӕр сӕ хицӕутты нымайӕнт+ ӕмӕ сын коммӕгӕс уӕнт+ – хорз ӕмӕ сӕ ӕмбаргӕ чи у, ӕрмӕст уыдонӕн нӕ, фӕлӕ йӕ зӕрдӕ кӕмӕн ницӕмӕй ис балхӕнӕн, уыдонӕн дӕр. 19 Кӕд исчи, цӕмӕй Хуыцауы раз йӕ цӕсгом сыгъдӕг уа, уый тыххӕй зындзинӕдтӕн быхсы ӕмӕ ӕнаххосӕй ӕфхӕрд ӕййафы, уӕд уый Хуыцауӕн ӕхсызгон у+. 20 Кӕд уӕ ӕвзӕр хъуыддӕгты тыххӕй нӕмынц ӕмӕ фидар лӕуут, уӕд уым раппӕлинагӕй цы ис?+ Фӕлӕ кӕд хорз хъуыддӕгты тыххӕй хъизӕмар кӕнут+ ӕмӕ фидар лӕуут, уӕд уый Хуыцауӕн ӕхсызгон у+.

21 Хуынд дӕр уымӕ ӕрцыдыстут, уымӕн ӕмӕ Чырысти сымах тыххӕй фӕхъизӕмар кодта+ ӕмӕ уын равдыста, куыд цӕрын хъӕуы, уый*, цӕмӕй йӕ къахвӕдтыл цӕуат+. 22 Уый иу тӕригъӕд дӕр нӕ ракодта+, йӕ дзыхӕй иу мӕнг ныхас дӕр никуы схауд+. 23 Алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ йын куы кодтой+, уӕд сӕ уый не ’фхӕрдта+. Хъизӕмӕрттӕ куы ’взӕрста+, уӕд не ’ртхъирӕн кодта, хъизӕмӕрттӕ йын чи ӕвзарын кодта, уыдонмӕ, фӕлӕ йӕхи бакодта+, раст тӕрхон чи кӕны, уый бар. 24 Уый нын нӕ тӕригъӕдтӕ+ йӕ буары мидӕг хъӕдмӕ систа+, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдтӕй фервӕзӕм+ ӕмӕ рӕстӕй цӕрӕм. Ӕмӕ «йӕ хъӕдгӕмтты фӕрцы сымах сдзӕбӕх стут»+. 25 Сымах уыдыстут дзӕгъӕл фысты хуызӕн+, фӕлӕ ныр раздӕхтыстут, уӕ удтӕ уын чи хъахъхъӕны, уыцы фыййаумӕ*+.

3 Афтӕ+ сымах дӕр, устытӕ, уӕ лӕгты коммӕ кӕсут+, цӕмӕй, Хуыцауы ныхасӕн сӕ коммӕгӕс чи нӕу+, уыдон ӕнӕ ныхӕстӕй уӕ уаг ӕмӕ уе ’гъдауы+ фӕрцы суой коммӕгӕс+, 2 хӕдӕфсарм кӕй стут+ ӕмӕ сӕ кӕй нымайут, уый уынгӕйӕ. 3 Уӕ фидауц дзыккуты быд+, сызгъӕринтӕ+ кӕнӕ уӕлӕдарӕс ма уӕд, 4 фӕлӕ, уӕ зӕрдӕйы цы ис, уый*+ – Хуыцауы цӕсты тынг зынаргъ чи у, уыцы сабыр ӕмӕ фӕлмӕн удыхъӕды+ ӕнӕсӕфгӕ рӕсугъд дарӕс+. 5 Раздӕры заманты дӕр, йӕ ныфс Хуыцауыл чи дардта, уыцы иузӕрдион* сылгоймӕгтӕн сӕ фидауц уыд, сӕ лӕгты коммӕ кӕй кастысты, уый. 6 Афтӕ Саррӕ уыд Авраамӕн коммӕгӕс ӕмӕ йӕ хуыдта йӕ сӕрыхицау+. Ӕмӕ кӕд сымах хорз хъуыддӕгтӕ аразут ӕмӕ ницӕмӕй тӕрсут+, уӕд стут Саррӕйы сывӕллӕттӕ.

7 Афтӕ сымах дӕр, лӕгтӕ, уӕ устытимӕ цӕрут+, ӕмбарут сӕ+, афтӕмӕй*. Сылгоймаг лӕмӕгъдӕр* кӕй у, уымӕ гӕсгӕ сын кад кӕнут+, уымӕн ӕмӕ сымах дӕр уыдонимӕ райсдзыстут+ Хуыцауы стыр хорзӕх – цард. Науӕд уын Хуыцау уӕ куывдтытӕ нӕ хъусдзӕн+.

8 Уӕдӕ иууылдӕр ут иу зондыл хӕст+, иннӕты рыст уӕм хъарӕд, ӕфсымӕрты уарзут, кӕрӕдзийы зын ӕмбарут+, ут сӕрныллӕг+, 9 ӕвзӕр ӕвзӕрӕй ма фидут+ ӕмӕ уын ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ чи кӕны, уыдоны ма ӕфхӕрут+, фӕлӕ семӕ уӕзданӕй ныхас кӕнут*+, уымӕн ӕмӕ хуынд дӕр уымӕ ӕрцыдыстут. Афтӕ куы кӕнат, уӕд уын хай уыдзӕн хорздзинӕдтӕй.

10 «Цард чи уарзы ӕмӕ амондджынӕй цӕрын кӕй фӕнды+, уый йӕхи уромӕд+, йӕ дзыхӕй ӕвзӕрдзинад куыд нӕ цӕуа ӕмӕ йе ’взагыл мӕнг ныхас куыд нӕ уа+. 11 Йӕхи хизӕд ӕвзӕрдзинадӕй+ ӕмӕ аразӕд хорздзинад, архайӕд иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрыныл ӕмӕ уымӕ тырнӕд+. 12 Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы цӕстытӕ+ здӕхт сты рӕстгӕнджытӕм, ӕмӕ йӕ хъустӕ – сӕ зӕрдиаг куывдтытӕм+. Ӕвзӕрдзинад чи аразы, уыдонӕн та Йегъовӕ* сӕ ныхмӕ у»+.

13 Уӕвгӕ, хорз хъуыддӕгтӕм куы тырнат, уӕд уын ӕвзӕрӕй чи цы ракӕндзӕн?+ 14 Фӕлӕ уӕ кӕд рӕстдзинады тыххӕй хъизӕмар кӕнын дӕр бахъӕуа, уӕддӕр амондджын уыдзыстут+. Иннӕтӕ цӕмӕй тӕрсынц, уымӕй та ма тӕрсут+, стӕй ма тыхсут+. 15 Уӕ зӕрдӕты Чырыстийы нымайут+ Хицауыл ӕмӕ кады аккагыл* ӕмӕ алкӕддӕр цӕттӕ ут, уӕ ныфсы тыххӕй уӕ чидӕриддӕр фӕрса, уыдонӕн дзуапп раттынмӕ+. Ӕрмӕст сын дзуапп дӕттут сабырӕй+ ӕмӕ уӕзданӕй.

16 Уӕ цӕсгом сыгъдӕг уӕд+, цӕмӕй, уӕ ныхмӕ цыфӕнды ма дзурой, уӕддӕр, уӕ ныхмӕ чи дзуры, уыдонмӕ худинаг ӕркӕса+, уӕ хорз чырыстон уаг ӕмӕ ӕгъдау уынгӕйӕ+. 17 Кӕд Хуыцау бауадза, цӕмӕй хорз хъуыддӕгты тыххӕй хъизӕмӕрттӕ ӕвзарат+, уӕд ӕвзӕр хъуыддӕгты бӕсты фӕлтау хорз хъуыддӕгты тыххӕй ӕвзарут хъизӕмӕрттӕ+. 18 Чырысти дӕр ӕрмӕстдӕр иу хатт* амард тӕригъӕдты тыххӕй+ – рӕстгӕнӕг фыдгӕнджыты тыххӕй+,– цӕмӕй уӕ Хуыцаумӕ ӕркӕна+. Адӕймаг уӕвгӕйӕ* йӕ амардтой+, фӕлӕ райгас уӕларвон буары*+. 19 Гъемӕ ацыд ӕмӕ хъусын кодта*, ахӕстоны чи ис, уыцы ӕнӕуынгӕ тыхтӕн+, 20 кӕддӕр, Нойы рӕстӕджы, Хуыцаумӕ чи нӕ байхъуыста, уыдонӕн+. Уӕд Хуыцау фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ каст+, цалынмӕ нау* арӕзт ӕрцыдаид+, уӕдмӕ. Уыцы нау цалдӕр адӕймаджы, бӕлвырдӕй та аст уды*, рахаста доны сӕрты, ӕмӕ аирвӕзтысты+.

21 Афтӕ у донаргъуыд дӕр, ныр уӕ уый ирвӕзын кӕны+, Йесо Чырысти кӕй райгас, уый фӕрцы+. Донаргъуыд буары чъизитӕ ӕрӕхсын нӕу, фӕлӕ Хуыцауӕй кӕй курут, цӕмӕй уын йӕ разы сыгъдӕг цӕсгом+ уа, уый. 22 Йесо ссыд уӕларвмӕ ӕмӕ ныр ис Хуыцауы рахиз фарс+, ӕмӕ йын Хуыцау йӕ дӕлбар бакодта зӕдты+, хицӕутты ӕмӕ барджынты+.

4 Уӕдӕ Чырысти, адӕймаг уӕвгӕйӕ+, хъизӕмӕрттӕ кӕй бавзӕрста, уымӕ гӕсгӕ сымах дӕр уӕхи сифтонг кӕнут йӕ зондахастӕй+, уымӕн ӕмӕ, хъизӕмӕрттӕ чи бавзары, уый тӕригъӕдтӕ нал фӕаразы+, 2 цӕмӕй, цалынмӕ цӕры+, уӕдмӕ цӕра адӕймаджы фӕндтӕ ӕххӕст кӕнынӕн нӕ, фӕлӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн+. 3 Фаг уын у, раздӕр+ ацы дунейы адӕмы+ зондмӕ гӕсгӕ кӕй цардыстут, уый: хӕлд митӕ*+ кодтат, уе ’нӕфсарм монцты фӕдыл цыдыстут, нозтӕй бӕрц нӕ зыдтат+, ӕнӕуаг цӕл-минас кодтат, фыднозт кодтат ӕмӕ кодтат нӕфӕтчиаг хъуыддаг – мӕнгхуыцӕуттӕн куывтат+. 4 Ӕмӕ семӕ ӕнӕгъдау миты цъымарайы уӕхи кӕй нал тъыссут+, уый тыххӕй уыл дис кӕнынц ӕмӕ уӕ алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ дзурынц+. 5 Фӕлӕ уыдон дзуапп ратдзысты+, удӕгӕстӕн ӕмӕ мӕрдтӕн тӕрхон кӕнынмӕ цӕттӕ чи у, уымӕн+. 6 Мӕрдтӕн*+ дӕр хорз хабар уымӕн хъусын кодтой, цӕмӕй, кӕд сын адӕм ӕддаг бакастмӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕнынц+, уӕддӕр Хуыцауы цӕсты цӕрой сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ+.

7 Фӕлӕ тагъд алцӕмӕн дӕр ӕрцӕудзӕн кӕрон+. Уымӕ гӕсгӕ ут ӕмбаргӕ+ ӕмӕ уӕ ма рох кӕнӕд кувын*+. 8 Сӕйраджыдӕр та кӕрӕдзийы афтӕ уарзут, уӕ уарзт артау куыд судза+, уымӕн ӕмӕ уарзондзинад бирӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны*+. 9 Уӕ кӕрӕдзийы-иу ӕнӕ хъуыр-хъуырӕй суазӕг кӕнут+. 10 Хуыцау уын уӕ бар бакодта, алыхуызонӕй кӕй ӕвдисы, уыцы стыр хорзӕх, ӕмӕ сымахӕй курдиӕттӕй* чи куыд схайджын, афтӕ сӕ пайда кӕнӕд иннӕтӕн балӕггад кӕнынӕн+. 11 Чи дзуры, уый дзурӕд Хуыцауы ныхӕстӕ+. Чи лӕггад кӕны+, уый йӕ ныфс дарӕд, Хуыцау цы хъаруйӕ хайджын кӕны+, ууыл, цӕмӕй Йесо Чырыстийы фӕрцы Хуыцау алы хъуыддаджы дӕр скадджын уа+. Уый у стыр тыхы хицау, ӕмӕ йын кад+ уӕд ӕнусӕй-ӕнусмӕ! Аммен.

12 Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, фӕлварӕнты+ арты кӕй бахаудыстут, ууыл дис ма кӕнут, цыма уыл цыдӕр ӕнахуыр хабар ӕрцыд, уыйау. 13 Фӕлӕ цин кӕнут+, сымах дӕр Чырыстийау кӕй хъизӕмар кӕнут+, ууыл, цӕмӕй, Чырыстийы кад куы раргом уа+, уӕд дӕр цин кӕнат ӕмӕ уӕ цинӕн кӕрон ма уа. 14 Кӕд уын Чырыстийы номы тыххӕй фидистӕ кӕнынц+, уӕд амондджын стут+, уымӕн ӕмӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сымах хайджын стут Хуыцауы кадджын сыгъдӕг тыхӕй+.

15 Ӕрмӕст уӕ ӕфхӕрд мачи баййафӕд+ марын ӕмӕ давыны тыххӕй кӕнӕ ӕндӕр фыдракӕнды тыххӕй, йе та, йӕхи иннӕты хъуыддӕгты кӕй тъыссы+, уый тыххӕй. 16 Фӕлӕ уӕ кӕд исчи, чырыстон кӕй у, уый тыххӕй ӕййафы ӕфхӕрд+, уӕд ӕм уый худинаг ма кӕсӕд+, фӕлӕ уыцы номмӕ гӕсгӕ цӕрӕд ӕмӕ уымӕй Хуыцауы кадджын кӕнӕд. 17 Ралӕууыд тӕрхоны сахат, ӕмӕ райдайдзӕн Хуыцауы хӕдзарӕй+. Уӕдӕ кӕд уыцы тӕрхон махӕй райдайдзӕн+, уӕд, Хуыцауы хорз хабары коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдонӕн та сӕ кӕрон цы уыдзӕн?+ 18 «Ӕмӕ кӕд рӕстгӕнӕджы ӕппӕт тыхтӕй архайын хъӕуы+, цӕмӕй йӕ Хуыцау фервӕзын кӕна, уӕд ӕнӕхуыцау адӕймагӕн ӕмӕ тӕригъӕдджынӕн та сӕ хабар куыд уыдзӕн?»+ 19 Уӕдӕ, Хуыцауы фӕндон кӕй ӕххӕст кӕны, уый тыххӕй ӕфхӕрд чи ӕййафы, уыдон-иу сӕ удтӕ иузӕрдион Сфӕлдисӕджы бар бакӕнӕнт ӕмӕ дарддӕр дӕр хорз хъуыддӕгтӕ аразӕнт+.

5 Ӕз дӕр хистӕр нӕлгоймаг+ кӕй дӕн, стӕй Чырыстийы хъизӕмӕрттӕ мӕхи цӕстӕй кӕй федтон+ ӕмӕ, цы кад раргом уыдзӕн, уымӕй хайджын кӕй дӕн, уымӕ гӕсгӕ уын уӕ хистӕр нӕлгоймӕгты фӕдзӕхсын+: 2 Хуыцауы дзуг+, уӕ бар уын кӕй бакодтой, уыцы дзуг, хизут+ тыххӕй кӕнӕгау нӕ, фӕлӕ ӕнӕзивӕгӕй*+, уӕхицӕн дзы исты спайда кӕныны тыххӕй нӕ+, фӕлӕ зӕрдиагӕй. 3 Хуыцауы бынтӕн+ уӕхи хицау ма кӕнут+, фӕлӕ дзугӕн фӕзминаг ут+. 4 Ӕмӕ хистӕр фыййау+ куы раргом уа, уӕд райсдзыстут, ӕмбийгӕ чи нӕ кӕны+, ахӕм кадыхуд+.

5 Сымах дӕр, кӕстӕртӕ, хистӕрты коммӕ кӕсут+. Кӕрӕдзиимӕ уе ’ппӕт дӕр ут сӕрныллӕг+, уымӕн ӕмӕ Хуыцау сӕрбӕрзонд адӕймӕгтӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕгтӕн та хай кӕны йе стыр хорзӕхӕй+.

6 Уӕдӕ уӕхи хъомысджын Хуыцауы раз ӕрныллӕг кӕнут*, ӕмӕ уӕ уый йӕ рӕстӕджы сбӕрзонд кӕндзӕн+. 7 Ӕмӕ уе ’ппӕт сагъӕстӕ+ дӕр Хуыцауы бар бакӕнут*, уымӕн ӕмӕ уый тыхсы сымахыл+. 8 Къӕрцхъус ут, ма бафынӕй ут+, уымӕн ӕмӕ уе знаг, Хӕйрӕг, богътӕгӕнаг домбайау разил-базил кӕны ӕмӕ агуры, кӕй аныхъуыра, уый+. 9 Фӕлӕ йӕ ныхмӕ фӕлӕуут+, уырнындзинады фидар ут, афтӕмӕй, ӕмӕ уӕ зӕрдыл дарут, уе ’фсымӕртӕ ӕгас дунейы дӕр ахӕм хъизӕмӕрттӕ кӕй ӕвзарынц+. 10 Гыццыл рӕстӕг хъизӕмӕрттӕ бавзардзыстут+, фӕлӕ уӕ стӕй Хуыцау,– стыр хорзӕх иууылдӕр кӕмӕй цӕуы, Чырыстиимӕ иудзинады+ кӕй стут, уый фӕрцы уӕ йе ’нусон кадмӕ чи ӕрхуыдта+, уый,– кӕронмӕ сахуыр кӕндзӕн, бафидар уӕ кӕндзӕн+, уӕ хъарутыл уын хъарутӕ бафтаудзӕн+. 11 Уый у стыр тыхы хицау+ ӕнустӕм дӕр! Аммен.

12 Ацы цыбыр фыстӕг+ уӕм ныффыстон Силуаны*+ ӕххуысӕй, иузӕрдион ӕфсымӕрыл кӕй нымайын, уый ӕххуысӕй, цӕмӕй уын уӕ ныфсыл ныфс бафтауон ӕмӕ уын бамбарын кӕнон, Хуыцау уын цы стыр хорзӕхӕй бахай кодта, уый ӕцӕг кӕй у. Ӕмӕ уыцы стыр хорзӕхыл фидар хӕцут+. 13 Вавилоны+ чи ис, сымахау ӕвзӕрст чи у, уый* уын салӕмттӕ ӕрвиты. Салӕмттӕ уын ӕрвиты мӕ хъӕбул Марк+ дӕр. 14 Салам дӕтгӕйӕ-иу кӕрӕдзийӕн апъа кӕнут ӕмӕ-иу уымӕй уӕ уарзондзинад равдисут+.

Уе ’ппӕт дӕр, Чырыстиимӕ иудзинады чи ис, уыдон, фарнӕй хайджын ут+.

[Фиппаинӕгтӕ]

Кӕс Хъд 2:9, фип.

Кӕнӕ «сыгъдӕг уды»; «уд» – грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.

Комк. «уӕ зонды астӕутӕ ӕрбабӕттут».

Комк. «ӕрвонг».

Комк. «мыггаг ӕппӕрст куы нӕма ӕрцыд, уӕд». Уый амоны Адам ӕмӕ Евӕйы сывӕллӕттӕм.

Кӕнӕ «Ӕцӕгдзинады».

Грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.

Комк. «уды» – грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.

Ома, адӕм цыдӕриддӕр сарӕзтой, уыдӕттӕн.

Комк. «цъутта сӕвӕрат».

Кӕнӕ «ӕмӕ уын ныууагъта цӕвиттон».

Кӕнӕ «уӕ удты фыййаумӕ ӕмӕ цӕстдарӕгмӕ»; «удты» – грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.

Комк. «зӕрдӕйы ӕмбӕхст адӕймаг».

Комк. «сыгъдӕг».

Комк. «зонындзинадмӕ гӕсгӕ».

Комк. «лӕмӕгъдӕр мигӕнӕн».

Комк. «фӕлӕ сын арфӕ кӕнут».

Кӕнӕ «Йегъовӕйы цӕсгом».

Кӕнӕ «ӕмӕ сыгъдӕгыл».

Ам цы грекъ. дзырд ис, уый нысан кӕны «ӕрмӕстдӕр иу хатт ӕмӕ ногӕй нал хъӕуы».

Комк. «буары».

«Уӕларвон буары» – грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.

Кӕнӕ «хъусын кодта тӕрхоны хабар».

Кӕс Мф 24:38, фип.

Грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.

Кӕс Га 5:19, фип.

Ӕвӕц., амоны, йӕ тӕригъӕдты тыххӕй мардӕй уӕлдай чи нӕ уыд, уыдонмӕ. Кӕс Еф 2:1.

Кӕнӕ «кувынмӕ ут къӕрцхъус».

Комк. «ӕмбӕрзы».

Комк. «лӕварӕй».

Кӕнӕ «барвӕндӕй».

Комк. «уӕхи ӕрныллӕг кӕнут Хуыцауы фидар къухы бын».

Комк. «Хуыцауыл баппарут».

Кӕнӕ «Силӕйы».

Ам грекъ. тексты цы номивӕг ис, уый амоны сылгоймагмӕ ӕмӕ, ӕвӕц., ӕвдисы Вавилоны ӕмбырд.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын