Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bi12 2 Петры 1:1–3:18
  • 2 Петры

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • 2 Петры
  • Библи – Ног дунейы тӕлмац
Библи – Ног дунейы тӕлмац
2 Петры

Петры дыккаг фыстӕг

1 Симон Петр, Йесо Чырыстийы цагъар+ ӕмӕ апостол+, фыссы, нӕ Хуыцауы ӕмӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы+ рӕстдзинады+ руаджы махау зынаргъ уырнындзинадӕй чи схайджын*+, уыдонмӕ.

2 Хуыцауы стыр хорзӕх ӕмӕ фарнӕй ноджы фылдӕр хайджын цы уат+, уыцы арфӕ уӕ уӕд. Уый тыххӕй та уӕ хъӕуы Хуыцауы ӕмӕ нӕ Хицау Йесойы бӕлвырдӕй базонын+, 3 уымӕн ӕмӕ нын Хуыцау йӕ тыхы фӕрцы рӕдауӕй алцыдӕр радта, цӕмӕй цӕрӕм+ ӕмӕ йыл иузӕрдион уӕм+. Ӕмӕ нын уыдӕттӕ та рӕдауӕй уымӕн радта, ӕмӕ нӕ йӕ кад+ ӕмӕ хӕрзӕгъдаудзинады руаджы чи ӕрхуыдта+, уый бӕлвырдӕй базыдтам. 4 Уыдӕтты фӕрцы нын Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, аргъ кӕмӕн нӕй, ахӕм стыр хорздзинӕдтӕй+, цӕмӕй уыдоны фӕрцы сымах Хуыцауы+ миниуджытӕй+ схайджын уат. Зӕрдӕ та нын бавӕрдта, ацы дунейы се ’нӕфсарм монцты тыххӕй цы хӕлд хъуыддӕгтӕ кӕнынц, уыдонӕй кӕй фервӕзтыстӕм+, уый тыххӕй.

5 Уымӕ гӕсгӕ ӕппӕт хъарутӕй архайут+, цӕмӕй уӕ уырнындзинад баххӕст кӕнат хӕрзӕгъдаудзинадӕй+, уӕ хӕрзӕгъдаудзинад – зонындзинӕдтӕй+, 6 уӕ зонындзинӕдтӕ – хиуылхӕцындзинадӕй, уӕ хиуылхӕцындзинад+ – фидардзинадӕй, уӕ фидардзинад – Хуыцауыл иузӕрдион уат+, уымӕй, 7 Хуыцауыл иузӕрдион кӕй стут, уый – ӕфсымӕрты уарзат, уымӕй, ӕфсымӕрты кӕй уарзут, уый та – алкӕй дӕр уарзат+, уымӕй. 8 Кӕд уӕм ахӕм миниуджытӕ ис, ӕмӕ уӕм сты уӕлдайджынтӕй, уӕд, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы тыххӕй бӕлвырдӕй цы базыдтат, уымӕ гӕсгӕ архайгӕйӕ уыдзыстут ӕнтыстджын ӕмӕ уӕ къухы бирӕ бафтдзӕн+.

9 Ацы миниуджытӕ кӕмӕ не сты, уый та у куырм, йӕ цӕстытӕ ӕхгӕны, цӕмӕй рухс ма уына+, ферох дзы ис+, Хуыцау ӕй йӕ раздӕры тӕригъӕдтӕй кӕй ссыгъдӕг кодта+, уый. 10 Уымӕ гӕсгӕ, ӕфсымӕртӕ, ноджы зӕрдиагдӕрӕй архайут, цӕмӕй, Хуыцау уӕ цӕмӕ ӕрхуыдта+ ӕмӕ цӕмӕн равзӕрста+, уымӕй ӕцӕгдӕр хайджын уат. Афтӕ куы кӕнат, уӕд никуы фӕкӕлдзыстут+. 11 Ӕмӕ уӕд ахӕм стыр арфӕдзинадӕй хайджын уыдзыстут, ӕмӕ бацӕудзыстут+ нӕ Хицау ӕмӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы+ ӕнусон+ паддзахадмӕ.

12 Уымӕ гӕсгӕ уын ацы хабӕрттӕ ӕдзухдӕр уӕ зӕрдыл лӕууын кӕндзынӕн+, кӕд сӕ зонут+ ӕмӕ, цы рӕстдзинад+ базыдтат, ууыл фидар хӕцут, уӕддӕр. 13 Ӕз афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ цалынмӕ ацы зӕххон буары*+ дӕн, уӕдмӕ раст кӕй уыдзӕн, цӕмӕй уын ацы хабӕрттӕ уӕ зӕрдыл лӕууын кӕнон ӕмӕ уӕ афтӕмӕй хъал кӕнон+, 14 уымӕн ӕмӕ йӕ зонын, нӕ Хицау Йесо Чырысти дӕр мын куыд загъта+, афтӕмӕй, тагъд мӕ зӕххон буарӕй кӕй фервӕздзынӕн*+. 15 Гъе уый тыххӕй кӕддӕриддӕр ӕппӕт хъарутӕй архайдзынӕн, цӕмӕй мӕ ацыды фӕстӕ+ уӕхӕдӕг уӕхицӕн ацы хабӕрттӕ уӕ зӕрдыл лӕууын кӕнат.

16 Нӕ Хицау Йесо Чырыстийы тых ӕмӕ ӕрцыды* тыххӕй уын куы дзырдтам+, уӕд уын адӕмы ӕрымысгӕ рӕсугъд аргъӕуттӕ нӕ кодтам+. Мах ын нӕхи цӕстӕй федтам йе стыр кад+. 17 Уымӕн Хуыцау, нӕ Фыд, радта кад ӕмӕ намыс, стыр кад+ кӕмӕй цӕуы, уый йын ацы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд: «Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт»+. 18 О, мах ацы ныхӕстӕ фехъуыстам+ уӕларвӕй, йемӕ сыгъдӕг хохыл+ куы уыдыстӕм, уӕд.

19 Уымӕ гӕсгӕ ноджы фидардӕрӕй ӕууӕндӕм+ пехуымпар-ныхасыл+. Ӕмӕ сымах хорз кӕнут, уыцы ныхасмӕ – талынг ран, уӕ зӕрдӕты, чи рухс кӕны, уыцы цырагъмӕ+ – уе ’ргом кӕй здахут, цалынмӕ не сбон уа ӕмӕ сӕууон стъалы+ нӕ фӕзына, уӕдмӕ. 20 Сымах сӕйраджыдӕр уый зонут, ӕмӕ Фыстады иу пехуымпар-ныхас дӕр кӕйдӕр хъуыдытӕм гӕсгӕ кӕй нӕу+, 21 уымӕн ӕмӕ пехуымпар-ныхас адӕймаджы фӕндонмӕ+ гӕсгӕ загъд никуы уыд, фӕлӕ адӕм дзырдтой Хуыцауы фӕндӕй+, йӕ сыгъдӕг тых* сын куыд амыдта, афтӕ+.

2 Фӕлӕ Израилы адӕмы ’хсӕн уыди мӕнг пехуымпартӕ дӕр, ӕмӕ уе ’хсӕн дӕр уыдзӕн мӕнг ахуыргӕнджытӕ+. Уыдон сусӕгӕй араздзысты зианхӕссӕг сектӕтӕ. Чи сӕ балхӕдта, уыцы хицауы дӕр ныууадздзысты+, ӕмӕ афтӕмӕй сӕхи сӕфты хай бакӕндзысты, ӕмӕ се сӕфт ӕрцӕудзӕн ӕвиппайды. 2 Бирӕтӕ сын сӕ хӕлд митӕ*+ бафӕзмдзысты+, ӕмӕ уыдӕтты тыххӕй адӕм раст фӕндаг* фаудзысты+. 3 Сӕ фырзыдӕй уын зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕ кӕндзысты, цӕмӕй уӕ сӕхицӕн исты расайой+. Фӕлӕ сын раджы цы тӕрхон ӕрцыд хаст+, уый нӕ фӕстиат кӕны, се сӕфт ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзӕн+.

4 Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, тӕригъӕд чи ракодта, уыцы зӕдты+ Хуыцау ӕнӕфхӕрдӕй нӕ ныууагъта: тартармӕ* сӕ ныппӕрста+ ӕмӕ сӕ уым саудалынджы дары тӕрхоны бонмӕ+. 5 Хуыцау ӕнӕфхӕрдӕй нӕ ныууагъта рагон дуне+ дӕр, фӕлӕ рӕстдзинад хъусынгӕнӕг+ Нойы ӕмӕ ма йемӕ авд адӕймаджы+ фервӕзын кодта. Ӕнӕхуыцау адӕмы дунейыл та доны хъаймӕт+ рауагъта. 6 Содом ӕмӕ Гоморрӕйӕн дӕр стӕрхон кодта ӕмӕ сӕ фӕнык фестын кодта+. Уыцы хабарӕй равдыста, фидӕны ӕнӕхуыцау адӕмыл цы ’рцӕудзӕн, уый+. 7 Фӕлӕ ӕнӕуаг адӕмы хӕлд митӕй чи сфӕлмӕцыд+, уыцы рӕстгӕнӕг Лоты фервӕзын кодта+, 8 уымӕн ӕмӕ уыцы рӕстуд адӕймаг алы бон хъизӕмар кодта, се ’хсӕн цӕргӕйӕ цы фыдхъуыддӕгтӕ уыдта ӕмӕ хъуыста, уыдоны тыххӕй. 9 Уӕдӕ йӕ Йегъовӕ зоны, иузӕрдион ыл чи у, уыдоны куыд хъӕуы фӕлварӕнтӕй ирвӕзын кӕнын+, фыдгӕнджыты та сӕ фесафыны тыххӕй тӕрхоны бонмӕ дарын+, 10 уӕлдайдӕр та, иннӕтимӕ хӕлд митӕ чи кӕны, цӕмӕй сын сӕ буар фӕчъизи кӕной+, ӕмӕ сӕ сӕргълӕуджыты чи ницӕмӕ дары+, уыдоны.

Уыцы адӕймӕгтӕ сты къӕйных ӕмӕ хивӕнд ӕмӕ кадджынты фауынӕй нӕ тӕрсынц+. 11 Афтӕмӕй та зӕдтӕ дӕр, Йегъовӕйы ’фсӕрмӕй+, уыцы мӕнг ахуыргӕнджыты нӕ фауынц ӕмӕ сӕ не ’фхӕрынц, кӕд сӕ бирӕ хъаруджындӕр ӕмӕ тыхджындӕр сты, уӕддӕр+. 12 Адон та сты ӕнӕмбаргӕ фосы хуызӕн, уый тыххӕй чи райгуыры, цӕмӕй сӕ ӕрцахсой ӕмӕ сӕ амарой, ахӕм фосы хуызӕн, ӕмӕ фауынц+, цы не ’мбарынц, уыдӕттӕ. Цы сӕфт фӕндагыл лӕууынц, уый сӕ ӕркӕндзӕн сӕфтмӕ – 13 сӕ зианхӕссӕг хъуыддӕгты+ тыххӕй сӕхӕдӕг зиан баййафдзысты+.

Хорз сӕм кӕсы бон-сихорафон хъалцард кӕнын+. Уыдон сты, дзаумайыл чъизи фӕдтӕ ӕмӕ цӕсгомыл аиппытӕ куыд уа, афтӕ. Уымӕй хуыздӕр сӕм ницы кӕсы, ӕмӕ уемӕ минас кӕнгӕйӕ сымахӕй искӕй сӕ мӕнг ахуырӕдтӕй рӕдийын кӕной+. 14 Сӕ цӕстытӕ монцӕй судзынц*+, тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕй ӕфсис нӕ зонынц+ ӕмӕ, лӕмӕгъ чи у, уыдоны* рӕдийын кӕнынц. Сӕ зӕрдӕтӕ сахуыр сты зыд кӕныныл+. Уыдон сты ӕлгъыст цот+. 15 Раст фӕндаг ныууагътой ӕмӕ адзӕгъӕл сты. Уыдон бафӕзмыдтой Веоры фырт Валаамы+, фыдхъуыддаджы тыххӕй лӕвӕрттӕм чи бабӕллыди, уый+. 16 Фӕлӕ уый йӕ фыдракӕнды тыххӕй ӕфхӕрд баййӕфта+. Ӕгомыг хӕрӕг сдзырдта адӕймаджы ӕвзагӕй+ ӕмӕ архайдта пехуымпары ӕнӕзонд мийӕ бауромыныл+.

17 Уыдон сты ӕнӕдон суадӕттӕ+ ӕмӕ, тыхджын дымгӕ кӕй рахӕсс-бахӕсс кӕны, ахӕм мигътӕ, ӕмӕ сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы саудалынг+. 18 Стыр ныхӕстӕ, афтид ныхӕстӕ кӕнынц. Ӕмӕ, чи рӕдийы, уыцы адӕмӕй нырма бынтон ӕрӕджы чи раирвӕзт+, уыдоны цыбӕл кӕнынц+ буары монцтӕй+ ӕмӕ хӕлд митӕй. 19 Зӕрдӕ сын ӕвӕрынц сӕрибардзинадӕй+, афтӕмӕй та сӕхӕдӕг сты ӕнӕгъдаудзинады цагъартӕ+, уымӕн ӕмӕ, адӕймаг кӕй дӕлбар у, уымӕн у йӕ цагъар+. 20 Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, кӕд, нӕ Хицау ӕмӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы тыххӕй бӕлвырдӕй базонгӕйӕ, ацы дунейы чъизи хъуыддӕгтӕй фервӕзтысты+, фӕлӕ та сӕ ногӕй кӕнын райдыдтой ӕмӕ сӕ дӕлбар баисты+, уӕд сӕ уавӕр, фыццаг цы уыди, уымӕй ноджы фыддӕр фӕци+. 21 Уыдон рӕстдзинады фӕндаг бӕлвырдӕй базыдтой, фӕлӕ сын цы сыгъдӕг фӕдзӕхстытӕ ӕрцыд лӕвӕрд, уыдон ныууагътой+. Фӕлтау уыцы фӕндаг куы нӕ базыдтаиккой+. 22 Иу ӕмбисонд куыд зӕгъы, раст сыл афтӕ ӕрцыд: «Куыдз+ йӕ омдзӕгмӕ раздӕхы, ӕмӕ ӕхсад хуы фӕстӕмӕ йӕхи цъыфы сӕвдулы»+.

3 Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, ныр уӕм фыссын дыккаг фыстӕг. Ӕмӕ фыццаджы+ куыд уыд, афтӕ уын ам дӕр уӕ зӕрдыл цы лӕууын кӕнын, уымӕй уын уӕ зонд райхъал кӕныныл архайын+, 2 цӕмӕй уӕ ма рох кӕной, кӕддӕр сыгъдӕг пехуымпартӕ+ кӕй дзырдтой, уыцы ныхӕстӕ ӕмӕ уын нӕ Хицау ӕмӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг уӕ апостолты+ фӕрцы цы бафӕдзӕхста, уый. 3 Фыццаджыдӕр уый зонут, ӕмӕ фӕстаг бонты+ фӕзындзӕн, хорз цы у, ууыл чи худдзӕн+, ахӕм адӕм. Уыдон цӕудзысты сӕ зӕрдӕйы фӕдыл+ 4 ӕмӕ дзурдзысты+: «Кӕй ӕрцӕудзӕн*, уымӕй зӕрдӕ куы бавӕрдта, уӕд кӕм ис?+ Нӕ фыдӕлтӕ куы амардысты*, уӕдӕй нырмӕ ницы фӕивта, алцыдӕр у, дуне сфӕлдисынӕй фӕстӕмӕ куыддӕриддӕр уыд, афтӕ»+.

5 Уыдон зонгӕ-зонын ницӕмӕ дарынц уыцы хабар, рагзаманты дӕр кӕй уыди арв+ ӕмӕ зӕхх – Хуыцауы ныхасмӕ гӕсгӕ уыцы фидар зӕхх зынди донӕй+ ӕмӕ лӕууыд дӕтты астӕу+. 6 Ӕмӕ уыдонӕй уӕдыккон дуне сӕфт ӕрцыди, доны бын куы фӕци, уӕд+. 7 Фӕлӕ уыцы ныхасӕй ныртӕккӕйы арв+ ӕмӕ зӕхх+ ӕвӕрд сты артӕй басудзынмӕ+ ӕмӕ лӕууынц, ӕнӕхуыцау адӕмыл+ тӕрхон кӕд сӕххӕст уыдзӕн ӕмӕ кӕд фесӕфдзысты, уыцы бонмӕ+.

8 Фӕлӕ уӕ, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, иу хъуыддаг рох ма уӕд: Йегъовӕйы цӕсты иу бон у мин азы, мин азы та – иу бон+. 9 Йегъовӕ, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый сӕххӕст кӕныныл фӕстиат нӕ кӕны+, кӕд иуӕй-иутӕ уый фӕстиатыл нымайынц, уӕддӕр, фӕлӕ уын быхсы, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй се ’ппӕтӕн дӕр уа ӕрфӕсмон кӕныны+ фадат. 10 Йегъовӕйы бон+ та ӕрцӕудзӕн, давӕг+ куыд ӕрцӕуы, афтӕ. Уӕд арв гыбаргыбургӕнгӕ+ ӕвиппайды фӕцыдӕр уыдзӕн+, арв ӕмӕ зӕххыл цы ис, уыдон сзынг уыдзысты ӕмӕ ныппырх уыдзысты+, зӕхх+ ӕмӕ йыл цы хъуыддӕгтӕ ис, уыдон та раргом уыдзысты*+.

11 Кӕд ӕппӕт уыдӕттӕ афтӕ ныппырх уыдзысты, уӕд-ма ахъуыды кӕнут, цавӕр адӕймӕгтӕ хъуамӕ уат, куыд сыгъдӕг цард хъуамӕ кӕнат ӕмӕ Хуыцауыл куыд иузӕрдион хъуамӕ уат, 12 Йегъовӕйы боны+ ӕрцыдмӕ* ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ+ ӕмӕ йӕ алкӕддӕр уӕ зӕрдыл даргӕйӕ*! Уыцы бон арв арты басудздзӕн+, арв ӕмӕ зӕххыл цы ис, уыдон та сзынг уыдзысты ӕмӕ батайдзысты. 13 Фӕлӕ мах, зӕрдӕ нын куыд бавӕрдта, афтӕ, ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, рӕстдзинад кӕм уыдзӕн+, уыцы ног арв+ ӕмӕ ног зӕхмӕ+.

14 Уӕдӕ, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, уыдӕттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, ӕппӕт хъарутӕй архайут, цӕмӕй ӕппынфӕстаг йӕ разы ӕрлӕууат ӕнаиппӕй+, сыгъдӕгӕй ӕмӕ хӕларӕй цӕргӕйӕ+. 15 Ӕмӕ нӕ Хуыцауы* фӕразондзинад нымайут фервӕзыны фадатыл, нӕ уарзон ӕфсымӕр Павел дӕр уӕм Хуыцауӕй лӕвӕрд зондӕй+ куыд фыста, афтӕ+. 16 Павел уый тыххӕй фыссы йе ’ппӕт фыстӕджыты дӕр. Фӕлӕ йын дзы ис зынӕмбарӕн бынӕттӕ дӕр, ӕмӕ сӕ, чи ницы ӕмбары ӕмӕ фидар чи нӕу, уыдон зыгъуыммӕ кӕнынц, Фыстады иннӕ хӕйттӕ+ куыд зыгъуыммӕ кӕнынц, афтӕ, ӕмӕ уымӕй сӕхи бабын кӕндзысты.

17 Уӕдӕ, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, ацы хабӕрттӕ рагацау зонгӕйӕ+ уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй сымах дӕр семӕ ӕнӕуаг адӕмы рӕдыд фӕндагмӕ ма адзӕгъӕл уат ӕмӕ ма фӕцудат+. 18 Архайут, нӕ Хицау ӕмӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы стыр хорзӕхӕй фылдӕрӕй-фылдӕр хайджын куыд кӕнат ӕмӕ йӕ ноджы хуыздӕр куыд базонат+, ууыл. Кад ын уӕд ныр дӕр ӕмӕ ӕнустӕм дӕр!+

[Фиппаинӕгтӕ]

Кӕнӕ «махау уыцы кад кӕмӕ ӕрхауд, ӕмӕ уырнындзинадӕй схайджын уа».

Комк. «ацы цатыры».

Комк. «мӕ цатыр кӕй раласдзынӕн».

Грекъ. паруси́а. Кӕс Уӕлӕмх. 12.

Кӕнӕ «сыгъдӕг уд»; «уд» – грекъ. пне́вма. Кӕс Уӕлӕмх. 7.

Кӕс Га 5:19, фип.

Комк. «ӕцӕгдзинады фӕндаг».

«Тартар»-ы тыххӕй кӕс Уӕлӕмх. 10.

Кӕнӕ «дзаг сты хӕтындзинадӕй».

Комк. «лӕмӕгъ удты»; «уд» – грекъ. психе́. Кӕс Уӕлӕмх. 6.

Грекъ. паруси́а. Кӕс Уӕлӕмх. 12.

Комк. «бафынӕй сты».

Ома раргом уыдзысты, цӕмӕй арты басудзой.

Грекъ. паруси́а. Кӕс Уӕлӕмх. 12.

Комк. «ӕмӕ йӕ тагъддӕр кӕнгӕйӕ».

Кӕнӕ «Хицауы» – грекъ. Ки́риос.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын