Апрель
Дыццӕг, 1 апрель
Уый мын цы бакуыстай?.. Цӕмӕн мӕ фӕсайдтай? (Райд. 29:25).
Раджы заманты дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ӕмбӕлдысты, ӕнхъӕл кӕмӕн нӕ уыдысты, ахӕм зындзинӕдтыл. Райсӕм Иаковы. Йӕ фыд ын бафӕдзӕхста, цӕмӕй ракуырдтаид йӕ мадыфсымӕр Лаваны чызджытӕй иуы. Лаван дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнӕг уыд. Стӕй ма йын йӕ фыд загъта, Йегъовӕ йын тынг кӕй раарфӕ кӕндзӕн (Райд. 28:1–4). Ӕмӕ Иаков дӕр йӕ фыды ныхасмӕ байхъуыста. Ханаанӕй араст ӕмӕ ӕрцыд Лаваны хӕдзармӕ. Лаванӕн уыд дыууӕ чызджы – Лийӕ ӕмӕ Рахил. Иаков бауарзта кӕстӕр чызджы, Рахилы, ӕмӕ сразы Лаванӕн авд азы бакусыныл, цӕмӕй йын ӕй радтаид (Райд. 29:18). Фӕлӕ хабар, Иаков куыд ӕнхъӕл уыди, афтӕ нӕ рауад. Лаван Иаковыл сайдӕй рацыд – Рахилы ӕфсон ӕм бакодта йӕ хистӕр чызджы, Лийӕйы. Иу къуырийы фӕстӕ йын Рахилы ракурыны бар дӕр радта, фӕлӕ ма йын Иаков хъуамӕ ноджыдӕр авд азы бакуыстаид (Райд. 29:26, 27). Стӕй йӕ Лаван йӕ мыздимӕ дӕр фӕрасай-басай кодта. Йӕхицӕн ӕй ӕххуырстау фӕкусын кодта 20 азы! (Райд. 31:41, 42). w23.04 15 ф., 5 абз.
Ӕртыццӕг, 2 апрель
Ӕргом ын кӕнут уӕ зӕрдӕтӕ (Пс. 62:8).
Цавӕрдӕр уавӕры нӕ бон кӕмӕй вӕййы ӕххуыс ӕмӕ разамынд ракурын? Ацы фарстайӕн дзуапп зонӕм. Нӕ бон вӕййы Йегъовӕмӕ скувын ӕмӕ дзы ӕххуыс ракурын. Ӕмӕ нын йӕхӕдӕг дӕр дзуры, цӕмӕй-иу афтӕ бакӕнӕм. Уый фӕнды, цӕмӕй йӕм арӕх кувӕм. Дзуры нын, «ӕппынӕдзух кувут», зӕгъгӕ (1 Фес. 5:17). Нӕ бон ӕм вӕййы кӕдфӕндыдӕр скувын ӕмӕ дзы алы хъуыддаджы фӕдыл дӕр разамынд ракурын (Ӕмб. 3:5, 6). Йегъовӕ у рӕдау Хуыцау, ӕмӕ афтӕ нӕ загъта, ӕрмӕстдӕр мӕм уал ӕмӕ уал хатты кувут, зӕгъгӕ. Йесо зыдта, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты куывдтытӕн тынг кӕй аргъ кӕны. Цалынмӕ зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ уыди йӕ Фыды фарсмӕ. Ӕмӕ уыдта, иузӕрдион нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты зӕрдиаг куывдтытӕн дзуапп куыд дӕтты, уый, зӕгъӕм, Аннӕйы, Давиды, Илийайы ӕмӕ бирӕ ӕндӕр иузӕрдион лӕггадгӕнджыты куывдтытӕн (1 Сам. 1:10, 11, 20; 1 Пад. 19:4–6; Пс. 32:5). Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр дзырдта, цӕмӕй Хуыцаумӕ арӕх кувой ӕмӕ йӕм кувой уӕндонӕй (Матф. 7:7–11). w23.05 2 ф., 1, 3 абз.
Цыппӕрӕм, 3 апрель
Адӕмӕй тӕрсын къӕппӕгӕй уӕлдай нӕу, йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл чи дары, уымӕн та тӕссаг ницӕмӕй уыдзӕн (Ӕмб. 29:25).
Хистӕр сауджын Иодай тарсти Йегъовӕйӕ. Уый уӕлдай тынгдӕр рабӕрӕг, Йезавелы чызг Гофоли Иудӕйы паддзахбадӕн куы бацахста, уӕд. Уый паддзахы бынат бацахсынмӕ афтӕ тынг бӕллыд, ӕмӕ бахъавыд паддзахы фыртты се ’ппӕты дӕр ныццӕгъдынмӕ. Кӕд йӕ хъӕбулы хъӕбултӕ уыдысты, уӕддӕр сыл нӕ бацауӕрста (2 Аз. 22:10, 11). Уыцы сывӕллӕттӕй иу, Иоас, удӕгасӕй баззад, уымӕн ӕмӕ йӕ Иодайы ус Иосавеф аирвӕзын кодта. Иодай ӕмӕ Иосавеф сывӕллоны бамбӕхстой ӕмӕ йӕ хъомыл кодтой. Афтӕмӕй Давиды хӕдзарвӕндаг – паддзӕхты хӕдзарвӕндаг – бахъахъхъӕдтой. Иодай уыд Йегъовӕйыл иузӕрдион ӕмӕ Гофолийы раз фыртӕссӕй нӕ рызти. Иоасыл 7 азы куы цыд, уӕд Иодай ногӕй равдыста, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй уыд. Уый сфӕнд кодта Иоасы, Давиды байзӕддаджы, паддзахӕй сӕвӕрын. Алцыдӕр куыд фӕнд кодта, афтӕ куы рауадаид, уӕд Иоас паддзах суыдаид. Фӕлӕ йӕ фӕнд куы нӕ фӕрӕстмӕ уыдаид, уӕд ӕй, ӕвӕццӕгӕн, амардтаиккой. Йегъовӕйы фӕрцы йӕ фӕнд йӕ къухы бафтыд. w23.06 17 ф., 12, 13 абз.
Майрӕмбон, 4 апрель
Иунӕг Стыр Хуыцау... у адӕмы паддзахӕдты Хицау ӕмӕ йӕ кӕмӕн фӕнды, уымӕн сӕ... дӕтты (Дан. 4:25).
Гӕнӕн уыд, ӕмӕ Данелы ахӕм ныхӕсты тыххӕй паддзах Навуходоносор змӕнтӕгыл банымадтаид ӕмӕ йӕ амарын кодтаид. Фӕлӕ Данел равдыста хъӕбатырдзинад ӕмӕ Навуходоносорӕн радзырдта, цы йӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уый. Цымӕ Данелӕн цы ӕххуыс кодта, цӕмӕй суанг йӕ зӕронды бонтӕм дӕр хъӕбатыр уыдаид? Гыццыл ма куы уыд, уӕд ын, ӕвӕццӕгӕн, йӕ ныййарджытӕ фӕзминаг уыдысты (Дык. з. 6:6–9). Данел ӕрмӕст Дӕс фӕдзӕхсты нӕ зыдта, фӕлӕ Закъоны лыстӕг хабӕрттӕ дӕр, зӕгъӕм, израилӕгтӕн хӕрӕн цы уыд ӕмӕ цы нӕ уыд (Лев. 11:4–8; Дан. 1:8, 11–13). Данел ма зыдта Хуыцауы адӕмы истори дӕр, зӕгъӕм, Йегъовӕмӕ-иу куы нӕ хъуыстой, уӕд-иу сыл цы ’рцыд, уый (Дан. 9:10, 11). Йӕ царды цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдоны фӕрцы йӕ фидарӕй уырныдта, Йегъовӕ ӕмӕ йын йӕ хъомысджын зӕдтӕ кӕй ӕххуыс кӕнынц (Дан. 2:19–24; 10:12, 18, 19). w23.08 3 ф., 5, 6 абз.
Сабат, 5 апрель
Зонд... ис бонзонгӕтӕм (Ӕмб. 11:2).
Ревеккӕ уыди зондджын ӕмӕ ныфсхаст сылгоймаг, стӕй-иу зыдта, кӕд ӕмӕ цы ’мбӕлы саразын, уый (Райд. 24:58; 27:5–17). Фӕлӕ уыимӕ иннӕтӕн кад кодта, уыд коммӕгӕс ӕмӕ архайдта разамындмӕ гӕсгӕ (Райд. 24:17, 18, 65). Ды дӕр Ревеккӕйау сӕрныллӕг куы уай ӕмӕ, Йегъовӕ разамынд дӕттыны бар кӕмӕн радта, уыдонмӕ куы хъусай, уӕд уыдзынӕ фӕзминаг дӕ бинонтӕн дӕр ӕмӕ ӕмбырдӕн дӕр. Бонзонгӕдзинад у, алы чырыстоны дӕр чи хъӕуы, ахӕм миниуӕг. Есфир уыд бонзонгӕ адӕймаг ӕмӕ Хуыцауыл уыд иузӕрдион. Ӕмӕ, бонзонгӕ кӕй уыд, уый фӕрцы не ссӕрбӕрзонд, паддзахы ус куы сси, уӕд дӕр. Уый хъуыста йӕ фыдыфсымӕры фырт Мардохейы уынаффӕтӕм (Есф. 2:10, 20, 22). Ды дӕр-иу иннӕтӕй уынаффӕ куы ракурай ӕмӕ дын куыд загътой, афтӕ-иу куы бакӕнай, уӕд равдисдзынӕ, бонзонгӕ кӕй дӕ (Тит. 2:3–5). Есфир бонзонгӕ кӕй уыд, уый ма равдыста ӕндӕр хъуыддагӕй дӕр. Уый уыд «хӕрзконд ӕмӕ рӕсугъд», фӕлӕ-иу нӕ архайдта, цӕмӕй-иу иннӕты ӕргом йӕхимӕ раздӕхтаид (Есф. 2:7, 15). w23.12 19, 20 фф., 6–8 абз.
Хуыцаубон, 6 апрель
Хуыцау нӕ зӕрдӕтӕй стырдӕр у ӕмӕ алцыдӕр зоны (1 Иоан. 3:20).
Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕхи ӕдзух фӕсмонӕй хӕрӕм. Уый у уӕлдай уаргъ. Кӕд нӕ тӕригъӕдыл басастыстӕм, ӕрфӕсмон ыл кодтам ӕмӕ архайӕм, цӕмӕй ахӕм рӕдыд мауал ӕруадзӕм, уӕд хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нын кӕй ныххатыр кодта, ууыл (Хъуыд. 3:19). Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй ма уый фӕстӕ нӕхи фӕсмонӕй хӕрӕм. Зоны йӕ, уый нын зиан кӕй ӕрхӕсдзӕн (Пс. 31:10). Нӕхимӕ куы ныхъхъусӕм, уӕд нӕм тыхтӕ нал баззайдзӕн, цардмӕ цы фӕндаг кӕны, ууыл дарддӕр згъорынӕн (2 Кор. 2:7). Кӕд дӕхи уӕддӕр фӕсмонӕй хӕрыс, уӕд фылдӕр хъуыды кӕн, Хуыцау «ӕцӕгдӕр... хатыргӕнаг» кӕй у, ууыл (Пс. 130:4). Йӕ тӕригъӕдтыл зӕрдӕйӕ чи ’рфӕсмон кӕны, уыдонӕн ныххатыр кӕны ӕмӕ сын зӕрдӕ ӕвӕры: «Ӕз сын... сӕ тӕригъӕдтӕ нал ӕрхъуыды кӕндзынӕн» (Йер. 31:34). Уӕдӕ дын иугӕр Йегъовӕ дӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодта, уӕд дӕ уый фӕстӕ уыдоны тыххӕй дзуапп нал ӕрдомдзӕн. Кӕй фӕрӕдыдтӕ, уый тыххӕй, чи зоны, ныртӕккӕ дӕ бон нӕу ӕмбырды цавӕрдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнын кӕнӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын. Фӕлӕ уый тыххӕй дӕхи ма ’фхӕр. Йегъовӕ дын дӕ тӕригъӕдтыл нал хъуыды кӕны, ӕмӕ сыл ды дӕр мауал хъуыды кӕн. w23.08 30, 31 фф., 14, 15 абз.
Къуырисӕр, 7 апрель
Ут фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ (1 Кор. 15:58).
Коронавирусы пандемийӕйы рӕстӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ архайдтой Хуыцауы организацийы разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ иннӕ адӕмӕй уӕлдай ӕгӕр нӕ мӕт кодтой (Матф. 24:45). Хъуамӕ алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, «ахсджиагдӕр цы у, уый» (Фил. 1:9, 10). Не ’ргом ӕндӕр цӕмӕдӕрты здӕхт куы вӕййы, уӕд нын уыдӕттыл ӕгӕр бирӕ рӕстӕг ӕмӕ хъарутӕ бахардз вӕййы. Ӕнӕуи хъуыддӕгтӕ дӕр нын, зӕгъӕм, хӕринаг, куыст, фӕллад уадзын, гӕнӕн ис, къуылымпыйы хос суой, царды нын ӕппӕты ахсджиагдӕр куы суой, уӕд (Лук. 21:34, 35). Уымӕй уӕлдай, алы бон дӕр ног хабӕртты фӕдзурынц, кӕмдӕрты адӕм хицауады ныхмӕ кӕй цӕуынц ӕмӕ политиктӕ цӕуылдӕрты кӕй быцӕу кӕнынц. Хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, цӕмӕй ныл уыцы хабӕрттӕ ма бандавой, кӕннод искӕй фарс хӕцын райдайдзыстӕм, нӕхӕдӕг дӕр ӕй нӕ бамбардзыстӕм, афтӕ. Хӕйрӕг алыхуызон мадзӕлттӕй пайда кӕны, цӕмӕй нӕ фӕцудын кӕна ӕмӕ нӕ мауал фӕнда, раст цы у, уый аразын. w23.07 16, 17 фф., 12, 13 абз.
Дыццӕг, 8 апрель
Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй (Лук. 22:19).
Йегъовӕйы адӕмӕн Йесо Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр афӕдзы мидӕг ӕппӕты ахсджиагдӕр бон у. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн ӕрмӕстдӕр уыцы хабарӕй загъта, цӕмӕй йӕ бӕрӕг кӕной (Лук. 22:19, 20). Ӕрымысӕн изӕр нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны, нӕ бон куыд у равдисын, Йесо мах тыххӕй цы сарӕзта, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый (2 Кор. 5:14, 15). Вӕййы ма нын фадат, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ «кӕрӕдзийы уырнындзинадӕй бафидар уӕм» (Ром. 1:12). Кӕй фӕхонӕм, уыцы адӕмӕй бирӕтӕн сӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцӕуы, Ӕрымысӕн изӕры цы фенынц ӕмӕ цы фехъусынц, уыдӕттӕ. Ӕмӕ сӕ бафӕнды Библи ахуыр кӕнын. Ӕрымысӕн изӕрмӕ ма уымӕн фенхъӕлмӕ кӕсӕм, ӕмӕ уыцы бон, ӕгас зӕххыл дӕр нын цы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ис, уыдонимӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй фӕархайӕм. Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй Ӕрымысӕн изӕрӕн уӕлдай тынг аргъ кӕнӕм! w24.01 8 ф., 1–3 абз.
Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (9 нисаны цаутӕ бонӕй) Лукайы 19:29–44
Ӕртыццӕг, 9 апрель
Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа (Иоан. 3:16).
Йегъовӕ ӕмӕ Йесо цы стыр аргъ бафыстой, ууыл цас фылдӕр хъуыды кӕнӕм, уыйас хуыздӕр ӕмбардзыстӕм, махӕй алкӕй дӕр куыд тынг уарзынц, уый (Гал. 2:20). Хуыцау йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый йӕ уарзондзинадыл дзурӕг у. Йегъовӕ бауагъта, цӕмӕй йӕ уарзон Фырт мах тыххӕй фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ амардаид. Йегъовӕ йӕ уарзондзинад не ’мбӕхсы, фӕлӕ нын ӕргом дзуры, кӕй нӕ уарзы, уый (Йер. 31:3). Ӕмӕ нӕ йӕхимӕ дӕр уый тыххӕй ӕрбакодта. (Абар Дыккаг закъон 7:7, 8.) Йӕ уарзондзинадӕй нӕ ничи ӕмӕ ницы фӕхицӕн кӕндзӕн (Ром. 8:38, 39). Йегъовӕйы уарзондзинад дӕуыл куыд ӕндавы? w24.01 28 ф., 10, 11 абз.
Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (10 нисаны цаутӕ бонӕй) Лукайы 19:45–48; Матфейы 21:18, 19; 21:12, 13
Цыппӕрӕм, 10 апрель
Уыцы царды хай... сӕ бакодта ахӕм ныфсимӕ: Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдон ссӕрибар уыдзысты (Ром. 8:20, 21).
Сӕрст чырыстӕттӕ тынг аргъ кӕнынц, уӕлӕрвты цӕрыны ныфс сын кӕй ис, уымӕн. Уыдонӕй сӕ иу, ӕфсымӕр Фредерик Френц, уый тыххӕй афтӕ загъта: «Ныфс нӕ цӕмӕй ис, уый ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн. Гыццыл дзугӕй – 144 минӕй – алчидӕр райсдзӕн уыцы хӕрзиуӕг, иу дӕр ӕнӕ уымӕй нӕ баззайдзӕн. Уый у, ӕнхъӕл дӕр кӕмӕн не стӕм, ахӕм хӕрзиуӕг!» Ӕфсымӕр Френц 1991 азы загъта ахӕм ныхӕстӕ: «Мах ныр дӕр уыцы ныфсӕн тынг аргъ кӕнӕм. [...] Нӕ хӕрзиуӕгмӕ цас фылдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уыйас ын тынгдӕр аргъ кӕнӕм. Цы ныфс нын ис, уымӕн ӕз ныр ноджы тынгдӕр аргъ кӕнын». Уӕлдай нӕу, уӕлӕрвты цӕрыны ныфс нын ис ӕви зӕххыл цӕрыны ныфс,– уый у диссаджы ныфс ӕмӕ нын хӕссы стыр циндзинад. Ӕмӕ уый гӕнӕн ис, цӕмӕй уыцы ныфс ноджы фидардӕр кӕна. w23.12 9 ф., 6 абз.; 10 ф., 8 абз.
Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (11 нисаны цаутӕ бонӕй) Лукайы 20:1–47
Майрӕмбон, 11 апрель
Галты ӕмӕ сӕгъты тугӕй тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕггӕнӕн нӕй (Дзут. 10:4).
Рагзаманты цатыры бахизӕны раз уыди ӕрхуы нывондхӕссӕн. Уыцы нывондхӕссӕныл-иу Йегъовӕйӕн нывондӕн фос ӕрхастой (Рац. 27:1, 2; 40:29). Фӕлӕ уыцы нывӕндтӕн сӕ бон нӕ уыд адӕмы сӕ тӕригъӕдтӕй кӕронмӕ ссыгъдӕг кӕнын (Дзут. 10:1–3). Цатыры ӕдзух нывӕндтӕ кӕй хастой, уый амыдта, фидӕны чи хъуамӕ ӕрцыдаид хаст ӕмӕ адӕмы тӕригъӕдтӕ кӕронмӕ хатыргонд кӕй фӕрцы ӕрцыдаиккой, уыцы нывондмӕ. Йесо зыдта, Йегъовӕ йӕ зӕхмӕ уый тыххӕй кӕй рарвыста, цӕмӕй адӕмы тыххӕй йӕ цард нывондӕн ӕрхастаид (Матф. 20:28). Ӕмӕ, донаргъуыд кӕй райста, уымӕй равдыста, йӕ Фыды цы фӕнды, уый саразынмӕ цӕттӕ кӕй уыд (Иоан. 6:38; Гал. 1:4). Йесо йӕ цард нывондӕн ӕрхаста «ӕрмӕстдӕр иу хатт», цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уыдоны сӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕна, кӕнӕ сын сӕ тӕригъӕдтӕ бынтондӕр бамбӕрза (Дзут. 10:5–7, 10). w23.10 26, 27 фф., 10, 11 абз.
Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (12 нисаны цаутӕ бонӕй) Лукайы 22:1–6; Марчы 14:1, 2, 10, 11
ӔРЫМЫСӔН ИЗӔР
Хурныгуылды фӕстӕ
Сабат, 12 апрель
Хуыцау цы лӕвар дӕтты, уый... у ӕнусон цард нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы (Ром. 6:23).
Махӕн нӕхи бон никуы бауыдаид нӕхи тӕригъӕдӕй ӕмӕ мӕлӕтӕй балхӕнын, кӕнӕ фервӕзын кӕнын (Пс. 49:7, 8). Ӕмӕ Йегъовӕ мах тыххӕй йӕ Фырты радта, кӕнӕ бафыста ахӕсты аргъ. Йегъовӕ дӕр ӕмӕ Йесо дӕр стыр аргъ бафыстой! Мах тыххӕй цы сарӕзтой, ууыл цас фылдӕр хъуыды кӕнӕм, уыйас Чырыстийы нывондӕн тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм. Адам тӕригъӕд куы сарӕзта, уӕд ӕнустӕм цӕрыны фадатӕй ӕрмӕст йӕхи нӕ фӕкодта ӕнӕхай, фӕлӕ йӕ сывӕллӕтты се ’ппӕты дӕр. Ӕмӕ, Адам цы фесӕфта, уый фӕстӕмӕ балхӕныны, кӕнӕ раздахыны, тыххӕй Йесо нывондӕн ӕрхаста йе ’ххӕст цард. Зӕххыл куы цард, уӕд «иу тӕригъӕд дӕр нӕ ракодта, йӕ дзыхӕй иу мӕнг ныхас дӕр никуы схауд» (1 Пет. 2:22). Уый уыд ӕххӕст адӕймаг, Адам цалынмӕ тӕригъӕд нӕ сарӕзта, уӕдмӕ куыд ӕххӕст уыд, афтӕ. Йесойы ӕххӕст цардӕн ӕмӕ Адамы ӕххӕст цардӕн уыд ӕмхуызон аргъ. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд Адамы царды тыххӕй бафидын (1 Кор. 15:45; 1 Тим. 2:6). w24.01 10 ф., 5, 6 абз.
Ӕрымысӕн изӕры размӕ бакӕс: (13 нисаны цаутӕ бонӕй) Лукайы 22:7–13; Марчы 14:12–16 (14 нисаны цаутӕ хурныгуылды фӕстӕ) Лукайы 22:14–65
Хуыцаубон, 13 апрель
Ӕрмӕстдӕр иу хатт бахызт сыгъдӕг бынатмӕ, ӕцӕг, сӕгътӕ ӕмӕ уӕнгуыты тугимӕ нӕ, фӕлӕ йӕхи тугимӕ, ӕмӕ нын ӕрхаста ӕнусон ирвӕзындзинад (Дзут. 9:12).
Йесо куы райгас, уӕд бацыд ӕнӕуынгӕ кувӕндоны Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ. Уӕдӕ йӕ уынӕм, Чырыстийы нывонд ӕмӕ, Хистӕр сауджын кӕй у, уый бирӕ хуыздӕр кӕй у. Израилы-иу хистӕр сауджын бацыд, адӕймаджы къухӕй конд чи уыд, уыцы Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ фосы тугимӕ. Йесо та бацыд «комкоммӕ уӕларвмӕ», цӕмӕй Йегъовӕйы раз ӕрлӕууыдаид. Уымӕй сыгъдӕгдӕр бынат та нӕй. Йесо Йегъовӕмӕ бахаста йе ’ххӕст царды аргъ. Уый мах тыххӕй бафыста, цӕмӕй, «йӕхи нывондӕн ӕрхӕсгӕйӕ, тӕригъӕдӕн кӕрон скӕна» (Дзут. 9:24–26). Не ’ппӕты бон дӕр у Йегъовӕйӕн йе ’нӕуынгӕ кувӕндоны лӕггад кӕнын, уӕлдай нӕу, уӕлӕрвты цӕрыны ныфс нын ис ӕви зӕххыл цӕрыны ныфс. w23.10 28 ф., 13, 14 абз.
Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ бакӕс: (14 нисаны цаутӕ бонӕй) Лукайы 22:66–71
Къуырисӕр, 14 апрель
Гъемӕ уӕдӕ баввахс уӕм, стыр хорзӕх кӕмӕй цӕуы, уый паддзахбадӕнмӕ ӕмӕ Хуыцаумӕ ныфсджынӕй кувӕм (Дзут. 4:16).
Ахъуыды кӕнӕм, Йесо уӕлӕрвты цы бынат ахсы, ууыл. Уый у Паддзах ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хистӕр сауджын. Уый уылты нӕ бон у Хуыцаумӕ кувын ӕмӕ дзы курын, цӕмӕй нӕм фӕлмӕнзӕрдӕ уа ӕмӕ нын «бахъуаджы сахат» баххуыс кӕна. Афтӕмӕй баввахс вӕййӕм, «стыр хорзӕх кӕмӕй цӕуы, уый паддзахбадӕнмӕ» (Дзут. 4:14,15). Иу бон дӕр ныл афтӕ ма ацӕуӕд, цӕмӕй нын Йегъовӕ ӕмӕ Йесо цы сарӕзтой ӕмӕ цы аразынц, ууыл ма ахъуыды кӕнӕм. Сӕ уарзондзинад нын хъуамӕ нӕ зӕрдӕтӕ агайа ӕмӕ нӕ фӕнда Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын (2 Кор. 5:14, 15). Йегъовӕйӕ ӕмӕ Йесойӕ бузныг кӕй стӕм, уый равдисдзыстӕм, иннӕтӕн дӕр куы ’ххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ суой (Матф. 28:19, 20). Апостол Павел дӕр афтӕ кодта. Уый зыдта, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, «цӕмӕй алыхуызон адӕм, рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базоной ӕмӕ фервӕзой» (1 Тим. 2:3, 4). w23.10 22, 23 фф., 13, 14 абз.
Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ бакӕс: (15 нисаны цаутӕ бонӕй) Матфейы 27:62–66
Дыццӕг, 15 апрель
Нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст (Рарг. 21:4).
Хорз хабар куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд ацы ныфсы ныхӕстӕ адӕмӕн арӕх бакӕсӕм, цӕмӕй сын равдисӕм, дзӕнӕты цард цыхуызӕн уыдзӕн, уый. Нӕ бон куыд у адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ бауырна, Раргомады 21:3, 4 стихты фыст ныхӕстӕ ӕцӕгдӕр кӕй сӕххӕст уыдзысты? Ӕмӕ нӕхицӕн дӕр цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ уый ноджы тынгдӕр уырна? Йегъовӕ йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕн ӕрхаста фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Йегъовӕ зӕххыл дзӕнӕт кӕй скӕндзӕн, ууыл ӕууӕндӕн цӕмӕн ис, уый тыххӕй бакӕсӕн ис Раргомады 21:5, 6 стихты. Уым фыст ис: «Паддзахбадӕныл чи бадт, уый загъта: „Цыдӕриддӕр аразын,– ӕппӕт дӕр у ног!“ Ӕмӕ мын афтӕ: „Ныффысс, уымӕн ӕмӕ ацы ныхӕстӕ сты раст ӕмӕ ӕцӕг“. Стӕй ма мын загъта: „Сӕххӕст сты ацы ныхӕстӕ! Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ, райдиан ӕмӕ кӕрон“». w23.11 3 ф., 3–5 абз.
Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ бакӕс: (16 нисаны цаутӕ бонӕй) Лукайы 24:1–12
Ӕртыццӕг, 16 апрель
Зонд амон ӕрыгон нӕлгоймӕгтӕн дӕр, цӕмӕй уой ӕмбаргӕ (Тит. 2:6).
Ӕрыгон ӕфсымӕр хъуыды кӕнын кӕй зоны, уый бӕрӕг уыдзӕн йӕ кондӕй, йӕ уындӕй ӕмӕ йӕ сӕрыфастӕй дӕр. Арӕх ног модӕ ӕрхъуыды кӕнынц, Йегъовӕйы чи ницӕмӕ дары кӕнӕ ӕнӕгъдау цард чи кӕны, ахӕм адӕм. Ӕмӕ сӕ хӕлд зондахаст фӕзыны, кӕй ӕрхъуыды кӕнынц, уыцы уӕлӕдарӕсыл дӕр. Зӕгъӕм, нӕлгоймӕгтӕн цы дзаумӕттӕ ӕрхъуыды кӕнынц, уыдон вӕййынц кӕнӕ тынг ӕлхъывд, кӕнӕ бӕрӕг нал вӕййы, нӕлгоймаг у ӕви сылгоймаг. Уымӕ гӕсгӕ, фӕлтӕрддзинадмӕ чи тырны, уыцы ӕрыгон ӕфсымӕр уӕлӕдарӕс ӕвзаргӕйӕ хъуамӕ йӕ зӕрдыл дара Библийы уагӕвӕрдтӕ. Стӕй йӕ бон у кӕсын, чырыстонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ конд чи вӕййы, уыцы ӕфсымӕртӕм. Йӕ бон у ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕнын: «Куыд конд дӕн, уый тыххӕй иннӕтӕ цы зӕгъдзысты? Мӕнмӕ кӕсгӕйӕ иннӕты бауырндзӕн, Хуыцауы лӕггадгӕнӕг кӕй дӕн?» (1 Кор. 10:31–33). Ӕрыгон ӕфсымӕртӕ, цы аразынц, ууыл куы хъуыды кӕной, уӕд сын ӕрмӕст хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ нӕ аргъ кӕндзысты, фӕлӕ сӕ уӕларвон Фыд дӕр. w23.12 26 ф., 7 абз.
Цыппӕрӕм, 17 апрель
Мӕ паддзахад ацы дунейӕ нӕу. Мӕ паддзахад ацы дунейӕ куы уаид, уӕд мӕ лӕггадгӕнджытӕ тох кодтаиккой (Иоан. 18:36).
Раздӕр «хуссайраг паддзах» Йегъовӕйы адӕмы ӕфхӕрдта (Дан. 11:40). Зӕгъӕм, 20 ӕнусы фыццаг ӕмбисы ӕфсымӕртӕй бирӕты ахӕстӕтты бакодтой, политикӕимӕ баст хъуыддӕгты кӕй нӕ архайдтой ӕмӕ кӕй никӕй фарс хӕцыдысты, уый тыххӕй. Ӕвдисӕнты сывӕллӕттӕй та кӕйдӕрты скъолайӕ ратардтой. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй «хуссайраг паддзахы» территорийы чи цӕры, уыдон фӕстаг азты ӕмбӕлынц ӕндӕр фӕлварӕнтыл. Зӕгъӕм, ӕвзӕрстыты рӕстӕг чырыстон, гӕнӕн ис, хъуыды кӕна, зӕгъгӕ, мӕнӕ ацы политикон парти кӕнӕ ацы хицау иннӕтӕй хуыздӕр у. Ӕмӕ кӕд хъӕлӕс кӕнынмӕ нӕ ацӕудзӕн, уӕддӕр йӕ хъуыдыты ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы кӕйдӕр фарс хӕцы. Ацы дунейӕ кӕй не стӕм, уый ӕрмӕст нӕ хъуыддӕгтӕй хъуамӕ ма уа бӕрӕг, фӕлӕ ма цы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы цы ис, уымӕй дӕр (Иоан. 15:18, 19). w23.08 12 ф., 17 абз.
Майрӕмбон, 18 апрель
Табу Йегъовӕйӕн, алы бон дӕр нын нӕ уаргъ чи хӕссы, уымӕн (Пс. 68:19).
Цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл хъуамӕ «афтӕ згъорӕм, цӕмӕй хӕрзиуӕг райсӕм» (1 Кор. 9:24). Йесо загъта, зӕгъгӕ, «уӕхимӕ кӕсут, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ фырхӕрд, фырнозт ӕмӕ царды сагъӕстӕй ма ӕруӕззау уой» (Лук. 21:34). Ахӕм стихты фӕрцы дӕ бон у бамбарын, цы дӕ хъӕуы фӕивын, цӕмӕй дарддӕр дӕр дӕ фӕндагыл згъорай. Хъуамӕ нӕ фидарӕй уырна, цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл кӕронмӕ кӕй азгъордзыстӕм. Йегъовӕ нын ратдзӕн хъӕугӕ тыхтӕ (Ис. 40:29–31). Уӕдӕ дарддӕр дӕр тагъд згъор! Дӕ бон у апостол Павелы бафӕзмын. Уый йӕ хъарутӕ иууылдӕр уымӕ сарӕзта, цӕмӕй йӕ хӕрзиуӕг райстаид (Фил. 3:13, 14). Никӕй бон у дӕ бӕсты ацы фӕндагыл згъорын. Фӕлӕ дын Йегъовӕ ӕххуыс кӕндзӕн, ӕмӕ кӕронмӕ азгъордзынӕ! Уый дын баххуыс кӕндзӕн дӕ хӕссинӕгтӕ хӕссынӕн ӕмӕ уӕлдай уӕргътӕ аппарынӕн. Йегъовӕ демӕ ис, ӕмӕ дӕ бон бауыдзӕн дӕ фӕндагыл фӕразонӕй згъорын, рамбулын ӕмӕ хӕрзиуӕг райсын! w23.08 31 ф., 16, 17 абз.
Сабат, 19 апрель
Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады (Рац. 20:12).
Йесойыл 12 азы йыл куы цыд, уӕд йӕ ныййарджытимӕ ацыд Иерусалиммӕ (Лук. 2:46–52). Фӕлӕ фӕстӕмӕ хӕдзармӕ куы цыдысты, уӕд Марийӕ ӕмӕ Иосиф нӕ бамбӕрстой, семӕ кӕй нӕй. Уыдон хъуамӕ сӕ сывӕллӕттӕм кастаиккой ӕмӕ бафиппайдтаиккой, чидӕр сӕ кӕй фесӕфт, уый. Ӕппынфӕстаг ӕй куы ссардтой, уӕд ын Марийӕ бауайдзӕф кодта, уый, дам, нын цы ми бакодтай. Йесойӕн йӕ бон уыд зӕгъын, ӕз ницы аххосджын дӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уый йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадӕн дзуапп радта уӕзданӕй. Кӕд Иосиф ӕмӕ Марийӕ, цы сын загъта, «уый нӕ бамбӕрстой», уӕддӕр сын дарддӕр дӕр «уыд коммӕгӕс». Сывӕллӕттӕ, ӕрыгӕттӕ, уӕ ныййарджытӕ куы фӕрӕдийынц кӕнӕ уӕ куы нӕ фембарынц, уӕд сымахӕн дӕр зын вӕййы сӕ коммӕ кӕсын? Кӕд о, уӕд уын цы баххуыс кӕндзӕн? Ахъуыды кӕнут Йегъовӕйы ӕнкъарӕнтыл. Библийы фыст ис, уӕ ныййарджыты коммӕ кӕй кӕсут, уый кӕй «цӕуы нӕ Хицауы зӕрдӕмӕ» (Кол. 3:20). Йегъовӕ зоны, хатт уӕ кӕй нӕ фембарынц кӕнӕ, цы уагӕвӕрдтӕ ӕрфидар кӕнынц, уыдон алы хатт раст кӕй нӕ вӕййынц. Фӕлӕ-иу уӕддӕр сӕ коммӕ куы кӕсат, уӕд Йегъовӕ цин кӕндзӕн. w23.10 7 ф., 5, 6 абз.
Хуыцаубон, 20 апрель
[Ут] ӕмбаргӕ, алкӕимӕ дӕр фӕлмӕн (Тит. 3:2).
Гӕнӕн ис, дӕ къласаг дын зӕгъа, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты гомосексуализмы тыххӕй сӕ хъуыды фӕивын кӕй хъӕуы. Афтӕ дын цӕмӕн зӕгъы? Чи зоны йын хъӕудзӕн бамбарын кӕнын, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй ӕмбарынц, алы адӕймагӕн дӕр бар кӕй ис, цӕмӕй йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕна, куыд бакӕндзӕн, уый (1 Пет. 2:17). Ӕмӕ йын уӕд дӕ бон уыдзӕн радзурын, Библийы хӕрзӕгъдаудзинады тыххӕй цы фыст ис ӕмӕ нын уый куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй амондджын уӕм. Исчи немӕ цӕйдӕр тыххӕй разы куы нӕ уа ӕмӕ йӕхи хъуыдыйыл куы ныллӕууа, уӕд-иу хъуамӕ уайтагъд афтӕ ма ахъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, бамбӕрстон ӕй, цӕуыл ӕууӕнды. Зӕгъӕм, дӕ къласаг дын зӕгъы, гъеныр Хуыцауыл куыд хъуамӕ ӕууӕндай, зӕгъгӕ. Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ эволюцийыл ӕууӕнды ӕмӕ уый тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ зоны? Ӕнӕмӕнг афтӕ нӕу. Чи зоны, иннӕтӕй цы фехъуыста, уый дзуры. Дӕ бон ын у равдисын, цард куыд фӕзынд, уый тыххӕй сайты jw.org цы ӕрмӕг ис, уый. Гӕнӕн ис, фӕстӕдӕр уыцы ӕрмӕгмӕ ӕркӕса ӕмӕ йӕ бафӕнда кӕцыдӕр статьяйыл кӕнӕ видеороликыл аныхас кӕнын. Йемӕ уӕзданӕй куы ныхас кӕнай, уӕд ӕй, гӕнӕн ис, бафӕнда, Библийы цы фыст ис, уый тыххӕй фылдӕр базонын. w23.09 17 ф., 12, 13 абз.
Къуырисӕр, 21 апрель
Йегъовӕ, ды дӕ хӕларзӕрдӕ, ды дӕ цӕттӕ хатыр кӕнынмӕ, чи дӕм сиды, уыдоны се ’ппӕты дӕр рӕдауӕй тавыс де ’нувыд уарзтӕй (Пс. 86:5).
Хъуамӕ нӕ фидарӕй уырна: куы фӕрӕдийӕм, уӕддӕр Йегъовӕ мах уылты йӕ фӕндон ӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ нын арфӕ кӕндзӕн. Ӕрмӕст-иу хъуамӕ, цы хъӕуа, уый фӕивӕм ӕмӕ йыл нӕ ныфс дарӕм (Ӕмб. 28:13). Самсон ӕххӕст адӕймаг нӕ уыди. Фӕлӕ йӕ ныфс никуы асаст ӕмӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кодта, зӕгъӕм, Далидӕйы хабары фӕстӕ дӕр. Ӕмӕ йыл Йегъовӕ дӕр йӕ къух нӕ ауыгъта. Ӕмӕ ма йын иу хатт ӕнахуыр стыр тых радта, цӕмӕй йын йӕ фӕндон сӕххӕст кодтаид. Йегъовӕйы цӕсты уыд фидар уырнындзинады хицау. Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй ныффыссын кодта Дзуттӕгтӕм 11-ӕм сӕры иузӕрдион лӕггадгӕнджыты номхыгъды. Ахӕм уарзӕгой уӕларвон Фыд нын кӕй ис, уый нын стыр ныфсы хос у. Уый зӕрдиагӕй фӕфӕнды махӕн тыхтӕ раттын, уӕлдайдӕр лӕмӕгъ куы вӕййӕм, уӕд. Уӕдӕ цӕй ӕмӕ Самсонау мах дӕр Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕнӕм: «Курын дӕ, ӕрхъуыды мӕ кӕн, ӕмӕ... мын... ратт хъарутӕ» (Тӕрх. 16:28). w23.09 7 ф., 18, 19 абз.
Дыццӕг, 22 апрель
Йегъовӕйы боны ӕрцыд... алкӕддӕр уӕ зӕрдыл дарут (2 Пет. 3:12).
Мах зонӕм, Йегъовӕйы бон тагъд кӕй ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ фӕнды иннӕтӕн дӕр хорз хабар хъусын кӕнын. Фӕлӕ иуӕй-иу хатт уымӕ нӕ ныфс нӕ фӕхӕссӕм, уымӕн ӕмӕ фӕтӕрсӕм, адӕм нӕ цы ахъуыды кӕндзысты кӕнӕ нын исты кӕй бакӕндзысты, уымӕй. Петрыл дӕр ахӕм хабар ӕрцыд. Йесойӕн тӕрхон куы кодтой, уыцы ӕхсӕв Петр нӕ басаст, уый дӕр йӕ ахуыргӕнинаг кӕй у, ууыл. Ӕмӕ ма ӕртӕ хатты афтӕ дӕр загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ (Матф. 26:69–75). Фӕлӕ цасдӕры фӕстӕ ныффыста: «Иннӕтӕ цӕмӕй тӕрсынц, уымӕй... ма тӕрсут, стӕй ма тыхсут» (1 Пет. 3:14). Бӕрӕг у, адӕмӕй кӕй нал тарсти. Йӕ ныхӕстӕ нын ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ уый гӕнӕн ис, цӕмӕй мах дӕр адӕмӕй ма тӕрсӕм. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй адӕмӕй ма тӕрсӕм? Петр ныффыста: «Уӕ зӕрдӕты Чырыстийы нымайут Хицауыл ӕмӕ кады аккагыл» (1 Пет. 3:15). Хъуамӕ-иу ахъуыды кӕнӕм, нӕ Хицау ӕмӕ нӕ Паддзах Йесо Чырысти цы бынат ахсы ӕмӕ йӕм цы стыр бартӕ ис, ууыл. w23.09 27, 28 фф., 6–8 абз.
Ӕртыццӕг, 23 апрель
Хуыцауы адӕмӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ уӕм хӕтынӕн ӕмӕ алы чъизи хъуыддагӕн... йӕ кой дӕр ма уӕд (Еф. 5:3).
Мах хъуамӕ дарддӕр дӕр нӕхи хизӕм «талынджы ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕй» (Еф. 5:11). Адӕймаг чъизи, ӕнӕгъдау цӕмӕдӕрты куы фӕкӕсы, куы фӕхъусы кӕнӕ уыдӕттыл куы фӕныхас кӕны, уӕд йӕ бон вӕййы ӕнцонтӕй фӕрӕдийын (Райд. 3:6; Иак. 1:14, 15). Хӕйрӕджы дуне нӕ ахӕм зондыл аразы, зӕгъгӕ, Йегъовӕ чъизийыл ӕмӕ ӕнӕгъдауыл цы нымайы, уым ӕцӕгӕй ӕвзӕрӕй ницы ис (2 Пет. 2:19). Хӕйрӕг алкӕддӕр архайдта, цӕмӕй адӕмы зонд сзыгъуыммӕ кӕна ӕмӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый ма ӕмбарой (Ис. 5:20; 2 Кор. 4:4). Ӕмӕ уый тыххӕй, бирӕ киноты, телепередачӕты ӕмӕ сайтты цы февдисынц кӕнӕ цы фӕдзурынц, уыдӕттӕ вӕййынц Йегъовӕйы уагӕвӕрдты ныхмӕ. Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй афтӕ хъуыды кӕнын райдайӕм, ӕмӕ хӕлд ӕмӕ ӕвзӕр митӕ куы кӕнӕм, уӕд уым ӕвзӕрӕй кӕй ницы ис (Еф. 5:6). w24.03 22 ф., 8–10 абз.
Цыппӕрӕм, 24 апрель
Сӕ лӕггад ӕвдисы, уӕлӕрвты цы ис, уыдӕттӕ ӕмӕ у сӕ аууон (Дзут. 8:5).
Израилӕгтӕ-иу иу ранӕй иннӕмӕ куы цыдысты, уӕд-иу цатыр семӕ хастой. Уыцы цатыр уыди 500 азы бӕрц, цалынмӕ Иерусалимы кувӕндон арӕзт не ’рцыд, уӕдмӕ (Рац. 25:8, 9; Ным. 9:22). Израилӕгтӕ-иу цатырмӕ ӕрбацыдысты, цӕмӕй-иу Хуыцауӕн бакуывтаиккой ӕмӕ-иу ын нывӕндтӕ ӕрхастаиккой (Рац. 29:43–46). Фӕлӕ ма цатыр амыдта хуыздӕр цӕмӕдӕр. Цатыр уыд, «уӕлӕрвты цы ис, уыдӕттӕн... сӕ аууон» ӕмӕ амыдта Йегъовӕйы стыр ӕнӕуынгӕ кувӕндонмӕ. Апостол Павел ныффыста: «Уыцы цатыр фӕсномыгӕй амоны абоны рӕстӕгмӕ» (Дзут. 9:9). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, йӕ фыстӕг Дзуттӕгтӕм куы ныффыста, уӕдмӕ ӕнӕуынгӕ кувӕндон фӕзынд. Уый фӕзынд н. э. 29 азы. Уыцы аз Йесо донаргъуыд райста ӕмӕ ӕнӕуынгӕ кувӕндоны «цытджын хистӕр сауджынӕй» лӕггад кӕнын райдыдта (Дзут. 4:14; Хъуыд. 10:37, 38). w23.10 26 ф., 6, 7 абз.
Майрӕмбон, 25 апрель
Уе ’мбаргӕдзинадӕй уӕ зонӕд алчидӕр (Фил. 4:5).
Цӕмӕй зындзинӕдтыл сӕмбӕлгӕйӕ Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй-иу хъуамӕ «фӕтасӕм». Ома куыд? Хъуамӕ уӕм ӕмбаргӕ. Уыцы миниуӕг нӕ бахъӕудзӕн, нӕ царды-иу исты куы фӕива, уӕд, стӕй цӕмӕй иннӕты хъуыдыйӕн ӕмӕ, цы уынаффӕтӕ рахӕссынц, уыдонӕн аргъ кӕнӕм. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн цавӕр миниуджытӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй ӕмбаргӕ уой? Сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад. Библийы Йегъовӕ хуыйны «Къӕдзӕх», уымӕн ӕмӕ у фидар, ӕнӕфӕцудгӕ (Дык. з. 32:4). Фӕлӕ уыимӕ у ӕмбаргӕ. Ацы дунейы ӕдзух цыдӕртӕ фӕивы, ӕмӕ Хуыцау дӕр цӕттӕ вӕййы, цы хъӕуы, уый фӕивынмӕ, цӕмӕй йӕ фӕнд сӕххӕст кӕна. Йегъовӕ адӕмы скодта йӕхимӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ афтӕ конд стӕм, цӕмӕй-иу нӕ царды исты куы фӕива, уӕд-иу, цы хъӕуы, уый фӕивӕм ӕмӕ-иу ног уавӕртыл сахуыр уӕм. Стӕй Библийы ныффыссын кодта бӕлвырд уагӕвӕрдтӕ, ӕмӕ нын уыдон баххуыс кӕнынц раст уынаффӕтӕ рахӕссынӕн, цыфӕнды зындзинӕдтыл ма сӕмбӕлӕм, уӕддӕр. Йегъовӕ куыд фӕархайы, уымӕй ӕмӕ нын цы уагӕвӕрдтӕ радта, уыдонӕй бӕрӕг у, «Къӕдзӕх» кӕй у, фӕлӕ ма уыимӕ кӕй у ӕмбаргӕ дӕр. w23.07 20 ф., 1–3 абз.
Сабат, 26 апрель
Тыхст хъуыдытӕ мын-иу ӕнцой куы нал лӕвӕрдтой, уӕд мын дӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ рӕвдыдтой мӕ уд (Пс. 94:19).
Библийы Йегъовӕ йӕхи бары, йӕ хъӕбулы фӕлмӕн уарзтӕй чи уарзы, ахӕм мадимӕ (Ис. 66:12, 13). Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, мад йӕ гыццыл хуры тыныл куыд цинтӕ кӕны, уый. Мад йӕ сывӕллонмӕ ӕдзухдӕр йӕ хъус фӕдары. Дӕуӕн дӕр дӕ зӕрдӕ истӕуыл куы рисса, истӕуыл куы тыхсай, уӕд дӕ Йегъовӕ йӕ уарзондзинадӕй батавдзӕн. Истӕмӕй куы фӕрӕдийӕм, уӕд дӕр ныл йӕ къух нӕ сисы (Пс. 103:8). Израилӕгтӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фӕриссын кодтой. Фӕлӕ-иу куы ’рфӕсмон кодтой ӕмӕ-иу се ’взӕр хъуыддӕгтӕ куы ныууагътой, уӕд-иу сын загъта, ӕнувыд уарзтӕй сӕ кӕй уарзы. Зӕгъӕм, уый равдыста ахӕм ныхӕстӕй: «Зынаргъ мын кӕй дӕ, уый тыххӕй кадджын дӕ мӕ цӕсты, ӕмӕ дӕ тынг уарзын» (Ис. 43:4, 5). Ӕмӕ Йегъовӕ абон мах дӕр афтӕ уарзы. Суанг стыр рӕдыдтытӕ куы ’руадзӕм, ӕмӕ куы ’рфӕсмон кӕнӕм ӕмӕ йӕм куы раздӕхӕм, уӕд фендзыстӕм, раздӕрау нӕ кӕй уарзы. Уый зӕрдӕ ӕвӕры, зӕрдиагӕй нын кӕй «ныххатыр кӕндзӕн» (Ис. 55:7). Библийы фыст ис, Йегъовӕ нын куы ныххатыр кӕны, уӕд нӕ афтӕмӕй «йӕхӕдӕг ног хъарутӕ» кӕй бауадзы (Хъуыд. 3:19). w24.01 27 ф., 4, 5 абз.
Хуыцаубон, 27 апрель
Мӕ Хуыцау Йегъовӕ [мын]... ӕххуыс кодта (Езд. 7:28).
Йегъовӕ нын баххуыс кӕны алыхуызон зын уавӕрты. Зӕгъӕм, нӕхи куыстӕй куы ракурӕм, цӕмӕй конгресмӕ ацӕуӕм кӕнӕ та нӕ хицауӕн куы зӕгъӕм, цӕмӕй нын нӕ график фӕива ӕмӕ иу ӕмбырд дӕр ма цух кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйӕн ратдзыстӕм фадат, цӕмӕй нын баххуыс кӕна. Ӕмӕ, алцыдӕр куыд рауайдзӕн, ууыл ма дис дӕр кӕндзыстӕм. Ӕмӕ уӕд нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл тынгдӕр дарын райдайдзыстӕм. Ездрӕ сӕрныллӕгӕй Йегъовӕйӕ ӕххуыс куырдта. Ездрӕ-иу куы мӕт кодта, йӕ хӕстӕ куыд ӕххӕст кӕндзӕн, ууыл, уӕд-иу алы хатт дӕр Йегъовӕмӕ сӕрныллӕгӕй скуывта (Езд. 8:21–23; 9:3–5). Йӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дардта, уый тыххӕй-иу иннӕтӕ йӕ фарсмӕ ӕрбалӕууыдысты ӕмӕ сӕ фӕндыд, цӕмӕй уыдонӕн дӕр йӕ уырнындзинады хуызӕн уырнындзинад уыдаид (Езд. 10:1–4). Кӕд ӕхцайӕ фӕтыхстыстӕм кӕнӕ нӕ бинонтыл мӕт кӕнӕм, уӕд-иу хъуамӕ Йегъовӕмӕ скувӕм ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, кӕй нын баххуыс кӕндзӕн, ууыл. w23.11 18 ф., 15–17 абз.
Къуырисӕр, 28 апрель
Аврам баууӕндыд Йегъовӕйыл, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй банымадта рӕстгӕнӕгыл (Райд. 15:6).
Авраам йӕ уырнындзинад цы хъуыддӕгтӕй равдыста, Йегъовӕ махӕй ахӕм хъуыддӕгтӕ нӕ домы, цӕмӕй нӕ рӕстгӕнджытыл банымайа. Нӕ бон у нӕ уырнындзинад бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕй ӕвдисын. Зӕгъӕм, нӕ бон вӕййы, ӕмбырдмӕ фыццаг хатт чи ’рбацыд, уыцы адӕмыл ӕмӕ, не ’мбырды цы ног хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ фӕзынд, уыдоныл бацин кӕнын, ӕххуысхъуаг хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ нӕ бинонтӕн хорздзинад аразын. Ахӕм хъуыддӕгтӕ цӕуынц Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ ӕмӕ сын арфӕ кӕны (Ром. 15:7; 1 Тим. 5:4, 8; 1 Иоан. 3:18). Уырнындзинад нӕм кӕй ис, уый уӕлдай тынгдӕр бӕрӕг уыдзӕн, иннӕтӕн зынгзӕрдӕйӕ хорз хабар куы хъусын кӕнӕм, уымӕй (1 Тим. 4:16). Махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон у хъуыддагӕй ӕвдисын, кӕй йӕ уырны, Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ йӕ разамынд алкӕддӕр ӕппӕты хуыздӕр кӕй вӕййы. Ӕмӕ нӕ уӕд Йегъовӕ рӕстгӕнджытыл банымайдзӕн ӕмӕ нӕ схондзӕн йӕ хӕлӕрттӕ. w23.12 2 ф., 3 абз.; 6 ф., 15 абз.
Дыццӕг, 29 апрель
Ме ’фсымӕртӕ, зондӕй сывӕллӕтты хуызӕн ма ут. ...Зондӕй... [ут] стыр адӕймӕгты хуызӕн (1 Кор. 14:20).
Апостол Павел коринфӕгтӕн загъта, абоны стихы кӕй кӕсӕм, уыцы ныхӕстӕ (1 Кор. 14:20). Ӕмӕ абон чырыстон нӕлгоймӕгтӕй алкӕй дӕр хъӕуы ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын. Цӕмӕй ӕнтыстджын уой, уый тыххӕй хъуамӕ сахуыр уой Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайын (Лук. 2:52). Ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй ӕрыгон ӕфсымӕртӕ фӕлтӕрдджын чырыстон нӕлгоймӕгтӕ суой? Чырыстон нӕлгоймагыл ис ахсджиаг хӕстӕ бинонты ’хсӕн дӕр ӕмӕ ӕмбырды дӕр. Ӕмӕ ӕрыгон ӕфсымӕртӕ дӕр, ӕвӕццӕгӕн, фӕхъуыды кӕнынц, фидӕны цавӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕндзысты, ууыл. Чи зоны дӕ фӕнды, цӕмӕй суай пионер, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр ӕмӕ фӕстӕдӕр та – хистӕр нӕлгоймаг. Чи зоны ма фӕхъуыды кӕныс, иу бон бинонтӕ кӕй скӕндзынӕ ӕмӕ уын сывӕллӕттӕ кӕй уыдзӕн, ууыл дӕр (Еф. 6:4; 1 Тим. 3:1). Цӕмӕй уыцы нысӕнттӕ дӕ къухы бафтой ӕмӕ дыл цы хӕстӕ уыдзӕн, уыдон хорз ӕххӕст кӕнай, уый тыххӕй хъуамӕ суай фӕлтӕрдджын чырыстон. w23.12 24 ф., 1, 2 абз.
Ӕртыццӕг, 30 апрель
Гедеоны... тыххӕй дзурон, уыйбӕрц рӕстӕг кӕм ис (Дзут. 11:32).
Йегъовӕ йӕ зынаргъ фысты бакодта хистӕр нӕлгоймӕгты бар. Ахӕм кады аккаг сӕ скодта, цӕмӕй сӕ хотӕ ӕмӕ се ’фсымӕртӕн лӕггад кӕной, ӕмӕ уымӕн тынг аргъ кӕнынц. Ӕмӕ архайынц, цӕмӕй Йегъовӕйы «зӕрдӕйы фӕндиаг фыййӕуттӕ» уой (Йер. 3:15; 1 Пет. 5:2). Мах Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, не ’мбырдты ахӕм «фыййӕуттӕ» кӕй ис, уый тыххӕй. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн тӕрхонгӕнӕг Гедеоны цӕвиттон (Дзут. 6:12). Уый Хуыцауы адӕмӕн разамынд дӕр лӕвӕрдта ӕмӕ сӕ хъахъхъӕнгӕ дӕр кодта (Тӕрх. 2:16; 1 Аз. 17:6). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕвӕрд сты, цӕмӕй ацы уӕззау рӕстӕджы Хуыцауы адӕммӕ кӕсой ӕмӕ сын ӕххуыс кӕной (Хъуыд. 20:28; 2 Тим. 3:1). Махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон у Гедеоны бафӕзмын. Уый уыд бонзонгӕ, сӕрныллӕг ӕмӕ коммӕгӕс. Стӕй ма йӕ йӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ хъуыди фидардзинад дӕр. Уӕлдай нӕу, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ стӕм ӕви нӕ,– хъуамӕ нӕ алчидӕр тынг аргъ кӕна, разамынд нын чи дӕтты, уыдонӕн ӕмӕ сын ӕххуыс кӕна. Уыцы ӕфсымӕртӕ бирӕ фыдӕбон кӕнынц (Дзут. 13:17). w23.06 2 ф., 1, 3 абз.