Май
Цыппӕрӕм, 1 май
Тагъд ӕгас зӕххыл дӕр... скӕндзӕн тынг ӕххормаг рӕстӕг (Хъуыд. 11:28).
«Ӕгас зӕххыл дӕр» тынг ӕххормаг рӕстӕг куы скодта, уӕд уый сӕхиуыл бавзӕрстой 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ дӕр. Сӕ цард тынг фӕзын уыдаид. Бинонтӕ кӕмӕн уыд, уыдон мӕт кодтаиккой, сӕ бинонты куыд фӕдарой, ууыл. Фылдӕр хъусын кӕнын кӕй фӕндыд, уыцы ӕрыгон хоты ӕмӕ ’фсымӕрты та, чи зоны, бахъуыд сӕ пълӕнттӕ фӕстӕдӕрмӕ аиргъӕвын. 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ архайдтой уавӕртӕм гӕсгӕ. Уыдон дарддӕр дӕр хорз хабар хъусын кодтой, сӕ бон куыд уыд, афтӕ, стӕй Иудейӕйы цӕрӕг хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн зӕрдиагӕй ӕххуыс кодтой (Хъуыд. 11:29, 30). Кӕмӕн баххуыс кодтой, уыдон федтой, Йегъовӕ сын куыд ӕххуыс кӕны (Матф. 6:31–33). Ӕмӕ сын ӕххуыс чи арвыста, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ, ӕвӕццӕгӕн, ноджы ӕнгомдӕр систы. Мысайнӕгтӕ чи радта кӕнӕ ма ӕндӕр цӕмӕйдӕр чи баххуыс кодта, уыдон та банкъардтой, раттын амондджын хъуыддаг кӕй у (Хъуыд. 20:35). w23.04 16 ф., 12, 13 абз.
Майрӕмбон, 2 май
[Мах] зонӕм, ӕмӕ дзы цы курӕм, уый кӕй райсдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ дзы куырдтам (1 Иоан. 5:15).
Хатт Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты куывдтытӕн дзуапп ратты ӕнӕуырнджыты уылты. Зӕгъӕм, паддзах Артаксерксы ахӕм зондыл сарӕзта, цӕмӕй Неемийы Иерусалиммӕ ауагътаид, уымӕн ӕмӕ горӕт хъуыди ногӕй саразын (Неем. 2:3–6). Абон дӕр Йегъовӕйӕн йӕ бон у, чи йын нӕ лӕггад кӕны, уыдоны ахӕм зондыл саразын, цӕмӕй нын бахъуаджы сахат баххуыс кӕной. Арӕхдӕр нын Йегъовӕ нӕ куывдтытӕн дзуапп цавӕрдӕр диссаджы хуызы нӕ ратты. Фӕлӕ нын йӕ алы дзуапп дӕр баххуыс кӕны, цӕмӕй йыл иузӕрдионӕй баззайӕм. Уӕдӕ-иу дӕ хъус дар, дӕ куывдтытӕн дын дзуапп куыд дӕтты, уымӕ. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фӕхъӕуы ӕрлӕууын ӕмӕ ахъуыды кӕнын, Йегъовӕ дын дӕ куывдтытӕн дзуапп куыд дӕтты, ууыл (Пс. 66:19, 20). Уырнындзинад нӕм кӕй ис, уый, Йегъовӕмӕ кӕй фӕкувӕм, ӕрмӕст уымӕй нӕ равдисӕм. Уый ма равдисӕм, цы дзуапп нын ратты, ууыл кӕй сразы вӕййӕм, уымӕй дӕр, цыфӕнды дзуапп ма уа, уӕддӕр (Дзут. 11:6). w23.05 11 ф., 13 абз.; 12 ф., 15, 16 абз.
Сабат, 3 май
Дӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын мын у цины хос (Пс. 40:8).
Нӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кодтам, уӕд ын дзырд радтам, кӕй йын лӕггад кӕндзыстӕм ӕмӕ йын йӕ фӕндон кӕй ӕххӕст кӕндзыстӕм. Ӕмӕ хъуамӕ уыцы дзырд ӕххӕст кӕнӕм. Уый уаргъ нӕу. Йегъовӕ нӕ ӕнӕуи дӕр афтӕ сфӕлдыста, цӕмӕй йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнӕм (Рарг. 4:11). Скодта нӕ йӕхимӕ гӕсгӕ. Адӕймаг афтӕ конд у, ӕмӕ йӕ фӕфӕнды Хуыцауы базонын ӕмӕ йын лӕггад кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ гӕнӕн вӕййы, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм, ӕмӕ нын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын вӕййы тынг ӕхсызгон. Уымӕй уӕлдай, йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнгӕйӕ ӕмӕ йӕ Фырты фӕдыл цӕугӕйӕ «удӕнцой» ссарӕм (Матф. 11:28–30). Уӕдӕ архай, цӕмӕй Йегъовӕйы тынгдӕр бауарзай. Уый тыххӕй дӕ хъӕуы, хорзӕй дын цы сарӕзта ӕмӕ дын цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрцӕттӕ кодта, уыдоныл хъуыды кӕнын. Ӕмӕ йӕ цас фылдӕр уарзай, уыйас дын ӕнцондӕр уыдзӕн йӕ коммӕ кӕсын (1 Иоан. 5:3). Йесо Хуыцауы фӕндон кӕронмӕ сӕххӕст кодта. Ӕмӕ йын цы ӕххуыс кодта? Йегъовӕйӕ-иу ӕххуыс куырдта ӕмӕ йе ’ргом здӕхт уыд йӕ хӕрзиуӕгмӕ (Дзут. 5:7; 12:2). Ды дӕр Йесойау Йегъовӕйӕ тых кур ӕмӕ ӕдзух дӕ зӕрдыл дар, цы хӕрзиуӕг дӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый – ӕнусон цард. w23.08 27, 28 фф., 4, 5 абз.
Хуыцаубон, 4 май
Хуыцау афтӕ хӕларзӕрдӕ, афтӕ быхсаг кӕй у ӕмӕ бирӕ кӕй фӕразы, уый ницӕмӕ дарыс – нӕ йӕ зоныс, Хуыцау йӕ хӕларзӕрдӕйӕ ууыл кӕй архайы, цӕмӕй ды ӕрфӕсмон кӕнай? (Ром. 2:4).
Фӕразон адӕймаг алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр цӕуы. Ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕй куы фӕхъӕуы, уӕд мӕсты нӕ фӕкӕны. Куы фӕрӕдийӕм, уӕд нын фӕбыхсы. Немӕ Библи чи ахуыр кодта, уый дӕр немӕ уыд фӕразон. Библи ахуыр кӕнгӕйӕ-иу цыдӕр нӕ бамбӕрстам, цӕуылдӕр-иу не сразы стӕм ӕмӕ-иу, цы базыдтам, уымӕ гӕсгӕ архайын уайтагъд нӕ райдыдтам. Ӕмӕ дзы бузныг куыннӕ стӕм. Уӕлдайдӕр та Йегъовӕйӕ стӕм бузныг, фӕразон кӕй у ӕмӕ нын бирӕ кӕй быхсы, уый тыххӕй. Кӕд фӕразон адӕмӕн аргъ кӕнӕм, уӕддӕр, чи зоны, нӕхӕдӕг алкӕд фӕразон нӕ разынӕм. Зӕгъӕм, фӕндагыл бирӕ машинӕтӕ куы вӕййы, уӕд нын, чи зоны, зын вӕййы хиуыл хӕцын, уӕлдайдӕр ӕрӕджы куы фӕкӕнӕм, уӕд. Кӕнӕ кӕмӕдӕр рамӕсты вӕййӕм йӕ хъуыддӕгты кӕнӕ йӕ ныхӕсты тыххӕй. Хатт та нын зын вӕййы ӕнхъӕлмӕ кӕсын, Йегъовӕ нын зӕрдӕ цы ног дунейӕ бавӕрдта, уымӕ. Фӕлӕ ӕппӕт ацы уавӕрты хъуамӕ ноджы фӕразондӕр уӕм. w23.08 20 ф., 1, 2 абз.
Къуырисӕр, 5 май
Гедеон... йемӕ ныууагъта ӕрмӕстдӕр... ӕртӕсӕдӕ лӕджы. Иннӕ израилӕгты та... сӕ хӕдзӕрттӕм арвыста (Тӕрх. 7:8).
Гедеон Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ йе ’фсад 99 процентӕй фылдӕр фӕкъаддӕр кодта. Чи зоны, хъуыды кодта: «Афтӕ бакӕнын ӕнӕмӕнг хъӕуы? Исты дзы рауайдзӕн?» Фӕлӕ уӕддӕр, Йегъовӕ йын куыд загъта, афтӕ бакодта. Абон дӕр Йегъовӕйы организаци разамынд куы ратты, цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ скӕнын хъӕуы, зӕгъгӕ, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр Гедеонау уайтагъд уыцы разамындмӕ гӕсгӕ архайын райдайынц (Дзут. 13:17). Кӕд Гедеон цӕмӕйдӕрты тарсти ӕмӕ йын тӕссаг дӕр уыд, уӕддӕр Йегъовӕмӕ байхъуыста (Тӕрх. 9:17). Гедеон ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, йӕ бон кӕй бауыдзӕн Хуыцауы адӕмы бахъахъхъӕнын, уымӕн ӕмӕ йын Йегъовӕ бамбарын кодта, кӕй йын ӕххуыс кӕндзӕн. Нӕ хъуыддаг ӕхгӕд кӕм у, уым чи цӕры, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр сты Гедеонау хъӕбатыр. Тӕссаг сын вӕййы, кӕй сӕ ӕрцахсдзысты ӕмӕ сӕ цӕмӕйдӕрты кӕй рафӕрс-бафӕрс кӕндзысты, ӕнӕ куыстӕй кӕй баззайдзысты кӕнӕ сын фыдмитӕ дӕр кӕй кӕндзысты, уымӕй. Фӕлӕ уыдон уӕддӕр ӕмбырдтӕ уадзынц ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд дӕттынц, стӕй дзы сӕхӕдӕг дӕр архайынц. Стыр бӕллӕхы рӕстӕг хистӕр нӕлгоймӕгты хъӕудзӕн хъӕбатырдзинад, цӕмӕй архайой, организаци сын цы разамынд ратдзӕн, уымӕ гӕсгӕ, кӕд афтӕ кӕнын тӕссаг уыдзӕн, уӕддӕр. w23.06 5, 6 фф., 12, 13 абз.
Дыццӕг, 6 май
Ӕз кад кӕндзынӕн, мӕнӕн чи кад кӕны, уыдонӕн (1 Сам. 2:30).
Йегъовӕ хистӕр сауджын Иодайы хорз хъуыддӕгты тыххӕй ныффыссын кодта Библийы, цӕмӕй дзы мах цӕуылдӕр сахуыр уӕм (Ром. 15:4). Ӕмӕ Иодай куы амард, уӕд ын уӕлдай кад скодтой – бавӕрдтой йӕ «Давиды горӕты паддзӕхты фарсмӕ, уымӕн ӕмӕ Иодай Израилӕн бирӕ хӕрзты бацыд, ӕцӕг Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ йын йӕ хӕдзары тыххӕй бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ сарӕзта» (2 Аз. 24:15, 16). Иодайы хабар не ’ппӕтӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕм Хуыцауы тас уа. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Хуыцауы дзугмӕ лӕмбынӕг куы кӕсой ӕмӕ йӕ куы хъахъхъӕной, уӕд афтӕмӕй Иодайы бафӕзмдзысты (Хъуыд. 20:28). Ацӕргӕтӕн та йӕ цӕвиттон куыд баххуыс кӕндзӕн? Йегъовӕйӕ куы тӕрсой ӕмӕ йыл алкӕддӕр иузӕрдион куы уой, уӕд йӕ бон уыдзӕн уыдоны уылты дӕр йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын. Ӕрыгӕттӕн та сӕ бон у ахъуыды кӕнын, Йегъовӕ Иодаймӕ цы цӕстӕй каст, ууыл, ӕмӕ уыйау ацӕргӕты нымайын ӕмӕ сын кад кӕнын, уӕлдайдӕр бирӕ азты дӕргъы иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыдонӕн (Ӕмб. 16:31). Мах дӕр хъуамӕ, разамынд нын чи дӕтты, уыдоны коммӕ кӕсӕм ӕмӕ сын афтӕмӕй ӕххуыс кӕнӕм (Дзут. 13:17). w23.06 17 ф., 14, 15 абз.
Ӕртыццӕг, 7 май
Рӕстгӕнӕджы ӕвзаг фыййауы хуызӕн хизы бирӕты (Ӕмб. 10:21).
Ахъуыды-иу кӕн, ӕмбырды дӕ къухыл цал хатты схӕцдзынӕ. Ӕмбаргӕдзинад-иу равдис. Дӕ къухыл-иу ӕгӕр арӕх куы схӕцай, уӕд, гӕнӕн ис, ӕфсымӕрмӕ афтӕ кӕсын райдайа, ӕмӕ дӕ къух цал хатты систай, уал хатты дӕ хъуамӕ бафӕрса, кӕд иннӕтӕ дзуапп нӕма радтой, уӕддӕр. Ӕмӕ-иу уӕд, гӕнӕн ис, иннӕты дӕр мауал бафӕнда сӕ къухыл схӕцын (Еккл. 3:7). Ӕмбырды сӕ къухтыл бирӕтӕ куы схӕцынц, уӕд дӕу, чи зоны, афтӕ арӕх нӕ бафӕрсынц йе та дӕ ӕппындӕр нӕ бафӕрсынц. Уый тыххӕй, гӕнӕн ис, дӕ ныфс асӕтта. Фӕлӕ-иу ма фӕтӕргай у ӕмӕ-иу афтӕ ма хъуыды кӕн, барӕй мӕ нӕ фӕрсынц, зӕгъгӕ (Еккл. 7:9). Цал хатты дӕ фӕнды дзуапп раттын, уал хатты дӕ куы нӕ бафӕрсой, уӕд та? Иннӕты дзуаппытӕм лӕмбынӕг хъус ӕмӕ-иу сӕ стӕй ӕмбырды фӕстӕ раппӕл. Цы дзуапп раттаис, уымӕй куыд бафидар кодтаис хоты ӕмӕ ’фсымӕрты, афтӕ сӕ бафидар кӕндзынӕ, куы сӕ раппӕлай, уӕд дӕр. w23.04 23, 24 фф., 14–16 абз.
Цыппӕрӕм, 8 май
Мӕ зӕрдӕ фидар у, о Хуыцау (Пс. 57:7).
Хуыцауы Ныхас иртас ӕмӕ йыл хъуыды кӕн. Бӕлас йӕ уидӕгтӕй вӕййы фидар. Ӕмӕ мах дӕр фидар лӕудзыстӕм, нӕ уырнындзинад арф уидӕгтӕ куы ауадза, уӕд. Бӕлас стырӕй-стырдӕр куы фӕкӕны, уӕд йӕ уидӕгтӕ дӕр арфдӕр ацӕуынц ӕмӕ фидардӕр свӕййынц. Афтӕ мах дӕр Библи куы фӕиртасӕм ӕмӕ йыл арф куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ уырнындзинад свӕййы фидардӕр ӕмӕ та ногӕй фенӕм, Хуыцау куыд зӕгъы, афтӕ цӕрын ӕппӕты хуыздӕр кӕй у (Кол. 2:6, 7). Ахъуыды-иу кӕн, раджы заманты Йегъовӕйы разамынд ӕмӕ йӕ уынаффӕтӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн куыд ӕххуыс кодтой ӕмӕ сӕ куыд хъахъхъӕдта, ууыл. Зӕгъӕм, Йезекил цӕстылуайӕны федта, зӕд кувӕндоны алцыдӕр куыд сбарста, уый, ӕмӕ уыдӕттӕм лӕмбынӕг каст. Уыцы цӕстылуайӕн ӕй тынг бафидар кодта. Махӕн дӕр уыцы цӕстылуайӕнӕй нӕ бон у базонын, Йегъовӕйӕн куыд хъуамӕ кувӕм, уый (Йез. 40:1–4; 43:10–12). Хуыцауы Ныхасы ӕрфытӕм-иу куы ныккӕсӕм ӕмӕ дзы цы арф хъуыдытӕ ис, уыдоныл лӕмбынӕг куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый стыр пайда хӕсдзӕн. Мах фӕнды, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ уа фидар, Йегъовӕйӕ ныфсджын (Пс. 112:7). w23.07 18 ф., 15, 16 абз.
Майрӕмбон, 9 май
Хъуыды кӕнын зон (Ӕмб. 3:21).
Библийы ис, бафӕзмӕн кӕй ис, бирӕ ахӕм нӕлгоймӕгты кой. Уыдон Хуыцауы тынг уарзтой ӕмӕ Хуыцауы адӕмӕн лӕггад кӕнгӕйӕ ӕххӕст кодтой алыхуызон хӕстӕ. Чи зоны, дӕ бинонтӕй дӕр исчи у фӕлтӕрдджын чырыстон нӕлгоймаг ӕмӕ де ’мбырды дӕр ис фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртӕ (Дзут. 13:7). Ӕппӕты тынгдӕр та дӕ бон у Йесо Чырыстийы бафӕзмын (1 Пет. 2:21). Уыцы цӕвиттонтыл куы хъуыды кӕнай, уӕд-иу ахъуыды кӕн сӕ хорз миниуджытыл ӕмӕ, дӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕй цӕуынц, ууыл (Дзут. 12:1, 2). Уый фӕстӕ та-иу ахъуыды кӕн, цӕмӕй сӕ бафӕзмдзынӕ. Хъуыды кӕнын чи зоны, уыцы нӕлгоймаг сонтӕй ницы фӕаразы. Фыццаг уал дзӕбӕх ахъуыды кӕны, цы сараздзӕн, ууыл. Уӕдӕ дӕу дӕр хъӕуы бацархайын, цӕмӕй, цы араздзынӕ, ууыл хъуыды кӕнын сахуыр уай. Фыццаг уал базон Библийы уагӕвӕрдтӕ, ома, Йегъовӕ цавӕрдӕр фарстаты фӕдыл цы хъуыды кӕны, уый. Ӕмӕ-иу ахъуыды кӕн, уый куыд дзуры, афтӕ бакӕнын хорз цӕмӕн у. Ӕмӕ-иу уый фӕстӕ уыцы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архай, цӕмӕй рахӕссай, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи фӕцӕудзӕн, ахӕм уынаффӕ (Пс. 119:9). Уый дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕлтӕрдджын чырыстон нӕлгоймаг суай (Ӕмб. 2:11, 12; Дзут. 5:14). w23.12 25 ф., 4, 5 абз.
Сабат, 10 май
Цӕттӕ ут, уӕ ныфсы тыххӕй уӕ чидӕриддӕр фӕрса, уыдонӕн дзуапп раттынмӕ. Ӕрмӕст сын дзуапп дӕттут сабырӕй ӕмӕ уӕзданӕй (1 Пет. 3:15).
Скъолайы сывӕллӕтты фӕхъӕуы сӕ уырнындзинады сӕрыл дзурын. Ӕмӕ ныййарджытӕн сӕ бон у сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнын фӕлмӕнӕй дзуапп дӕттын (Иак. 3:13). Иуӕй-иутӕ бинонты ахуыры рӕстӕг фӕныхас кӕнынц, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сывӕллӕтты скъолайы цӕмӕй фӕфӕрсынц, уыдӕттыл. Иумӕ ахъуыды кӕнынц, цавӕр дзуапп уаид раттӕн, ӕмӕ йӕ фӕлваргӕ дӕр акӕнынц. Стӕй сын фӕамонынц, сӕ бон куыд у иннӕтимӕ фӕлмӕнӕй ӕмӕ зӕрдӕхӕларӕй ныхас кӕнын. Бинонтӕ-иу сӕхи рагацау куы бацӕттӕ кӕной, уӕд сын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕхӕдӕг дӕр ма дызӕрдыг кӕной, Библийы цы фыст ис, ууыл ӕмӕ йӕ сӕ бон уа иннӕтӕн дӕр ӕмбарын кӕнын. Сайты jw.org хайы «Подростки» ис «Рабочие схемы». Уыдон сын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй сӕ уырнындзинад бафидар кӕной, стӕй сӕ исчи куы фӕрса, уӕд дзуапп сӕхи ныхӕстӕй дӕттой. Уыцы хайы цы статьятӕ ӕмӕ цы кусӕн схемӕтӕ ис, уыдон бинонтӕ иумӕ куы иртасой, уӕд се ’ппӕт дӕр сахуыр уыдзысты сӕ уырнындзинады сӕрыл фӕлмӕнӕй ӕмӕ зӕрдӕхӕларӕй дзурын. w23.09 17 ф., 10 абз.; 18, 19 фф., 15, 16 абз.
Хуыцаубон, 11 май
Хорз цы у, уый аразгӕйӕ нӕ ныфс ма асӕттӕд, уымӕн ӕмӕ йӕ рӕстӕджы ӕркӕрддзыстӕм тыллӕг, кӕд нӕ бафӕллайӕм, уӕд (Гал. 6:9).
Махӕй алкӕй дӕр фӕнды Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын. Уый тыххӕй нӕ разы сӕвӕрӕм нысӕнттӕ, зӕгъӕм, нӕ удыхъӕды цавӕрдӕр чырыстон миниуӕг сфидар кӕнын, Библи алы бон дӕр кӕсын ӕмӕ йӕ арфдӕр иртасын кӕнӕ та арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕнын. Чи зоны, ды дӕр дӕ разы цавӕрдӕр нысан сӕвӕрдтай, фӕлӕ дӕ къухы никуыд ӕфты. Бирӕтӕ дӕ бамбардзысты. Зӕгъӕм, Филиппы фӕндыд йӕ куывдтытӕ фӕхуыздӕр кӕнын, стӕй арӕхдӕр кувын. Фӕлӕ йын зын уыд рӕстӕг кувынӕн ссарын. Эрикӕ йӕ разы сӕвӕрдта нысан, уацамындон фембӕлдтӕм афоныл кӕй цӕудзӕн. Фӕлӕ-иу уӕддӕр фылдӕр хатт байрӕджы кодта. Кӕд дӕ разы нысан сӕвӕрдтай, фӕлӕ дӕ къухы не ’фты, уӕд афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ дын ницы рауайдзӕн. Цӕмӕй дӕ къухы хуымӕтӕг нысан бафта, уымӕн дӕр арӕх фӕхъӕуы рӕстӕг ӕмӕ бафыдӕбон кӕнын. Фӕлӕ дӕ нысанмӕ кӕй тырныс, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дын Йегъовӕимӕ цы хӕлардзинад ис, уый дын зынаргъ у ӕмӕ дӕ фӕнды, хуыздӕрӕй дӕм цы ис, уый йын дӕттын. Йегъовӕ дын дӕ фыдӕбонӕн тынг аргъ кӕны. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕ бон цас у, уымӕй фылдӕр дӕ нӕ домы (Пс. 103:14; Мих. 6:8). Уымӕ гӕсгӕ дӕ разы хъуамӕ ӕвӕрай, дӕ къухы чи бафтдзӕн, ахӕм нысӕнттӕ, дӕ уавӕртӕ куыд амонынц, уымӕ гӕсгӕ. w23.05 26 ф., 1, 2 абз.
Къуырисӕр, 12 май
Кӕд Хуыцау немӕ ис, уӕд нӕ ныхмӕ чи уыдзӕн? (Ром. 8:31).
Хъӕбатыр адӕймаг дӕр цӕмӕйдӕрты фӕтӕрсы, фӕлӕ уӕддӕр, раст цы у, уый фӕаразы. Данел уыд тынг хъӕбатыр лӕппу. Данел иртӕста пехуымпарӕдтӕ, зӕгъӕм, Йеремийы пехуымпарад. Уый фӕрцы базыдта, тагъд дзуттӕгтӕ Вавилоны уацарӕй кӕй ссӕрибар уыдзысты (Дан. 9:2). Библийы пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уый уынгӕйӕ Данел Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ ноджы тынгдӕр дардта. Хуыцауыл фидарӕй чи ’ууӕнды ӕмӕ йыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уый та вӕййы тынг хъӕбатыр. (Абар Ромӕгтӕм 8:32, 37–39.) Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый уыд, ӕмӕ Данел тынг арӕх куывта йӕ уӕларвон Фыдмӕ (Дан. 6:10). Ӕргом-иу дзырдта Йегъовӕйӕн йӕ рӕдыдтыты тыххӕй ӕмӕ-иу ын раргом кодта, йӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый. Стӕй дзы ӕххуыс куырдта (Дан. 9:4, 5, 19). Уый дӕр мах хуызӕн адӕймаг уыди, ӕмӕ хъӕбатырдзинад йӕ мады гуыбынӕй нӕ рахаста. Уый Хуыцауы Ныхас иртӕста, куывта йӕм ӕмӕ йыл фидарӕй ӕууӕндыд, ӕмӕ афтӕмӕй хъӕбатырдзинад йӕ удыхъӕды фидар кодта. w23.08 3 ф., 4 абз.; 4 ф., 7 абз.
Дыццӕг, 13 май
Уӕ рухс дӕр кӕлӕд адӕммӕ, цӕмӕй уын уӕ хорз хъуыддӕгтӕ уыной ӕмӕ уын уӕ уӕларвон Фыды кадджын кӕной (Матф. 5:16).
Хицӕутты коммӕ куы фӕкӕсӕм, уӕд уый нӕхицӕн дӕр ӕрхӕссы пайда ӕмӕ иннӕтӕн дӕр. Зӕгъӕм, закъӕттӕ куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд ӕфхӕрд нӕ баййафдзыстӕм (Ром. 13:1, 4). Уымӕй уӕлдай ма нӕ алчидӕр хицӕутты коммӕ куы кӕса, уӕд ӕй фендзысты, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ коммӕгӕс адӕм кӕй сты. Зӕгъӕм, бирӕ азты размӕ Нигерийы ӕмбырды рӕстӕг Паддзахады залмӕ салдӕттӕ бацыдысты. Уыдон агуырдтой, хъалонтӕ фидын кӕй нӕ фӕндыд, уыцы змӕнтджыты. Фӕлӕ офицер куы базыдта, уый Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты фембӕлд кӕй уыд, уӕд салдӕттӕн загъта, цӕмӕй уырдыгӕй ацыдаиккой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, дам, алкӕддӕр фӕфидынц хъалонтӕ. Закъӕттӕ куы ’ххӕст кӕнай, уӕд Хуыцауы адӕмӕн скӕндзынӕ хорз ном. Ӕмӕ фидӕны уыцы хорз ном, гӕнӕн ис, дӕ хоты ӕмӕ де ’фсымӕрты бахъахъхъӕна. w23.10 9 ф., 13 абз.
Ӕртыццӕг, 14 май
Сымах хъӕуы фидардзинад, цӕмӕй, Хуыцауы фӕндон куы сӕххӕст кӕнат, уӕд райсат, зӕрдӕ уын цӕмӕй бавӕрдта, уый (Дзут. 10:36).
Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй чидӕртӕ ацы дунейы кӕронмӕ рагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц. Кӕмӕдӕрты, чи зоны, афтӕ кӕсы, ӕмӕ Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрд сӕххӕст кӕныныл фӕстиат кӕны. Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты хорз ӕмбары. Уый бӕрӕг у, пехуымпар Аввакумӕн цы ныффыссын кодта, уымӕй: «Ныффысс ӕй, уымӕн ӕмӕ ацы цӕстылуайӕн нырма хъуамӕ йӕ рӕстӕджы сӕххӕст уа. Тагъд сӕххӕст уыдзӕн ӕмӕ нӕ фӕсайдзӕн. Кӕд бафӕстиат уа, уӕддӕр ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕс, уымӕн ӕмӕ ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн. Нӕ байрӕджы кӕндзӕн» (Ав. 2:3). Ацы ныхӕстӕ ӕрмӕстдӕр Аввакуммӕ хаудтой? Ӕви махӕн дӕр цӕуылдӕр дзурӕг сты? Фӕстӕдӕр Хуыцауы разамындӕй апостол Павел уыцы ныхӕстӕ ӕрхаста ӕмӕ сӕ загъта, ног дунемӕ тынг чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыцы чырыстӕттӕн (Дзут. 10:37). Уӕдӕ нӕм кӕд афтӕ кӕсы, ӕмӕ нӕ ирвӕзындзинадмӕ ӕгӕр бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уӕддӕр нӕ хъуамӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн. «Нӕ байрӕджы кӕндзӕн»! w23.04 30 ф., 16 абз.
Цыппӕрӕм, 15 май
Израилы фырттӕ се ’ппӕт дӕр Моисейыл... хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой (Ным. 14:2).
Израилӕгтӕ уыцы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ницӕмӕ ӕрдардтой ӕмӕ Моисейы Йегъовӕйы ӕрвыст минӕварыл нӕ банымадтой (Ным. 14:10, 11). Ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕ уыцы фӕлтӕр Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацӕуын нӕ бауагъта (Ным. 14:30). Фӕлӕ уӕддӕр израилӕгтӕй чидӕртӕ архайдтой Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ. Зӕгъӕм, Халевы тыххӕй Йегъовӕ загъта: «Уый... алы хъуыддаджы дӕр каст мӕ коммӕ» (Ным. 14:24). Хуыцау ын йӕ коммӕгӕсдзинады тыххӕй раарфӕ кодта ӕмӕ ма йын Ханааны, чи йӕ хъуыд, уыцы зӕхх дӕр радта (Йес. Н. 14:12–14). Ӕдзӕрӕг быдыры чи амард, уыдоны байзӕддӕгтӕ дӕр кастысты Йегъовӕйы коммӕ. Моисейы фӕстӕ Израилы адӕмӕн разамонӕг Йесо На́вин куы сси, уӕд ӕй тынг нымадтой (Йес. Н. 4:14). Йегъовӕ сын уый тыххӕй раарфӕ кодта ӕмӕ сӕ бакодта, зӕрдӕ сын кӕмӕй бавӕрдта, уыцы зӕхмӕ (Йес. Н. 21:43, 44). w24.02 21 ф., 6, 7 абз.
Майрӕмбон, 16 май
Хуыцауы чи уарзы, уый хъуамӕ йе ’фсымӕры дӕр уарза (1 Иоан. 4:21).
Пульсмӕ гӕсгӕ куыд ис зӕрдӕйы тыххӕй цыдӕр базонӕн, афтӕ, иннӕты цас уарзӕм, уымӕй ис базонӕн, Хуыцауы цас уарзӕм, уый. Куы бафиппайӕм, ӕмӕ нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты раздӕрау нал уарзӕм, уӕд уый, гӕнӕн ис, ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцауы дӕр афтӕ тынг нал уарзӕм. Фӕлӕ кӕд ӕдзух ӕвдисӕм, нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уый, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцауы дӕр тынг уарзӕм. Кӕд нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты тынг нал уарзӕм, уӕд хабар хорз нӕу. Уӕд нын тӕссаг у, Хуыцауӕй кӕй адард уыдзыстӕм, уымӕй. Апостол Иоанн уый хорз бамбарын кодта. Уый загъта: «Кӕй уыны, уыцы ӕфсымӕры чи нӕ уарзы, уымӕн йӕ бон куыд у, кӕй нӕ уыны, уыцы Хуыцауы уарзын?» (1 Иоан. 4:20). Уый махӕн цӕуыл дзурӕг у? Йегъовӕ нӕ райгонд уыдзӕн, «нӕ кӕрӕдзийы [куы] уарзӕм», ӕрмӕстдӕр уӕд (1 Иоан. 4:7–9, 11). w23.11 8 ф., 3 абз.; 9 ф., 5, 6 абз.
Сабат, 17 май
Цин кӕндзысты дӕ фыд ӕмӕ дӕ мад (Ӕмб. 23:25).
Иоас гыццылӕй ӕнӕ фыдӕй баззад. Ӕмӕ йӕ хистӕр сауджын Иодай йӕхи фыртау хъомыл кодта ӕмӕ йӕ Йегъовӕйы фӕндагыл ӕвӕрдта. Иоас арӕзта, раст цы у, уый, уымӕн ӕмӕ хъуыста, Иодай йын цы амыдта, уымӕ. Иодайы фӕрцы Иоас аскъуыддзаг кодта, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕндзӕн ӕмӕ адӕмӕн дӕр кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕной. Стӕй ма Йегъовӕйы кувӕндон дӕр сцалцӕг кӕнын кодта (2 Аз. 24:1, 2, 4, 13, 14). Кӕд дӕу дӕр дӕ мад, дӕ фыд кӕнӕ ӕндӕр исчи ахуыр кӕны Йегъовӕйы уарзын ӕмӕ йӕ закъӕттӕ ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын, уӕд уый нымай зынаргъ лӕварыл (Ӕмб. 2:1, 10–12). Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн алыхуызӕтты фӕамонынц цыдӕртӕ. Дӕ ныййарджытӕ уыдзысты амондджын, Библийӕ дын цы уынаффӕтӕ фӕдӕттынц, уыдонмӕ гӕсгӕ куы архайай, уӕд. Уымӕй ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕндзынӕ ӕмӕ дын йемӕ цы хӕлардзинад ис, уый ноджы фидардӕр суыдзӕн (Ӕмб. 22:6; 23:15, 24). Уӕдӕ ӕрыгон Иоасы куы фӕзмӕм, уӕд нын уый стыр пайда ӕрхӕсдзӕн. w23.09 8, 9 фф., 3–5 абз.
Хуыцаубон, 18 май
Ӕз [уӕ] фехъусдзынӕн (Йер. 29:12).
Йегъовӕ нын зӕрдӕ бавӕрдта, нӕ куывдтытӕм нын кӕй хъусдзӕн. Нӕ Хуыцау уарзы йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты. Ӕмӕ афтӕ никуы вӕййы, цӕмӕй сын сӕ куывдтытӕ мацӕмӕ ӕрдара (Пс. 10:17; 37:28). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нын нӕ курдиӕттӕ иууылдӕр сӕххӕст кӕндзӕн. Кӕцыдӕртӕ ӕрмӕстдӕр ног дунейы сӕххӕст кӕндзӕн. Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕм куы фӕхъусы, уӕд йӕ зӕрдыл фӕдары, цы фӕнд ӕм ис, уый (Ис. 55:8, 9). Уый фӕнды, цӕмӕй зӕхх байдзаг уа, йӕ Хицауыл ӕй чи нымайдзӕн ӕмӕ йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын циндзинад кӕмӕн хӕсдзӕн, ахӕм адӕмӕй. Фӕлӕ Хӕйрӕг зӕгъы, адӕм ӕнӕ Хуыцауӕй амондджындӕр кӕй уыдзысты (Райд. 3:1–5). Ӕмӕ Йегъовӕ адӕмӕн бар радта, цӕмӕй сӕхӕдӕг сӕхицӕн хицӕуттӕ уой. Афтӕмӕй сбӕлвырд, Хӕйрӕг мӕнг ныхӕстӕ кӕй кӕны. Абон ӕй хорз уынӕм, адӕмы хицаудзинад хорзӕй кӕй ницӕмӕ ӕркодта (Еккл. 8:9). Мах ӕй ӕмбарӕм, Йегъовӕ нӕ ӕппӕт зындзинӕдтӕй ныртӕккӕ кӕй нӕ фервӕзын кӕндзӕн. w23.11 21 ф., 4, 5 абз.
Къуырисӕр, 19 май
Ӕз дӕ скодтон бирӕ адӕмты фыд (Ром. 4:17).
Йегъовӕ Авраамӕн зӕрдӕ бавӕрдта, уый уылты «бирӕ адӕмтӕ» арфӕгонд кӕй ӕрцӕудзысты. Фӕлӕ Авраамыл 100 азы куы цыд, Саррӕйыл та – 90 азы, уӕд дӕр сын фырт нӕма уыд. Адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ уый гӕнӕн нӕ уыд, ӕмӕ сын сывӕллон райгуыра. Уый Авраамӕн уыд ӕцӕг фӕлварӕн. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр «ныфс уыд ӕмӕ йӕ уырныдта, бирӕ адӕмты фыд кӕй суыдзӕн» (Ром. 4:18, 19). Ӕмӕ нӕ фӕфыдӕнхъӕл. Райгуырд ын, тынг кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уыцы фырт – Исахъ (Ром. 4:20–22). Куыд федтам, афтӕмӕй уый гӕнӕн ис, ӕмӕ Авраамау Хуыцауы хорзӕх ссарӕм ӕмӕ нӕ банымайа рӕстгӕнджытыл ӕмӕ йӕ хӕлӕрттыл. Ӕмӕ Павел дӕр уый кой кодта. Уый загъта: «Ацы ныхӕстӕ, „уый тыххӕй нымад ӕрцыд“, зӕгъгӕ, Авраамӕн ӕрмӕст йӕхи тыххӕй не ’рцыдысты фыст, фӕлӕ мах тыххӕй дӕр, рӕстгӕнджытыл нымад чи хъуамӕ ’рцӕуа, уыдоны тыххӕй, уымӕн ӕмӕ мах ӕууӕндӕм, нӕ Хицау Йесойы мӕрдтӕй чи райгас кодта, ууыл» (Ром. 4:23, 24). Авраамау махмӕ дӕр хъуамӕ уа уырнындзинад, нӕ уырнындзинад хъуамӕ бӕрӕг уа нӕ хъуыддӕгтӕй ӕмӕ нӕ ныфс уа, Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый кӕй сӕххӕст уыдзӕн. w23.12 7 ф., 16, 17 абз.
Дыццӕг, 20 май
Федтай [мын] мӕ мӕстытӕ, базыдтай мын мӕ уды хъизӕмар (Пс. 31:7).
Ды дӕр фӕлварӕны бахаугӕйӕ цӕмӕйдӕр куы фӕтӕрсыс, уӕд Йегъовӕ фӕуыны, цытӕ ӕвзарыс, уый дӕр ӕмӕ, цы ӕнкъарыс, уый дӕр. Зӕгъӕм, израилӕгтӕ Египеты цы ӕфхӕрд ӕййӕфтой, Йегъовӕ ӕрмӕст уый нӕ уыдта, фӕлӕ, «куыд удхар кӕнынц», уый дӕр зыдта (Рац. 3:7). Фӕлварӕны рӕстӕг куы тӕрсай, уӕд, гӕнӕн ис, ма уынай, Йегъовӕ дын куыд ӕххуыс кӕны, уый. Ӕмӕ-иу ын уӕд зӕгъ, цӕмӕй дын уый фенынӕн баххуыс кӕна (2 Пад. 6:15–17). Стӕй-иу ахъуыды кӕн: мыййаг дӕ цавӕрдӕр раныхас кӕнӕ ӕмбырды кӕйдӕр дзуапп, кӕцыдӕр публикаци, видео кӕнӕ, нӕ сайты цы зарджытӕ ис, уыдонӕй искӕцы бафидар кодта? Мыййаг дӕ чидӕр цавӕрдӕр хъуыдыйӕ кӕнӕ стихӕй ныфс бауагъта? Нӕ уарзӕгой хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ӕмӕ уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг сты Йегъовӕйы уӕлдай зынаргъ лӕвӕрттӕ, фӕлӕ нӕ уый, гӕнӕн ис, айрох уа (Ис. 65:13; Мар. 10:29, 30). Уыцы лӕвӕрттӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ дӕ Йегъовӕ тынг уарзы ӕмӕ йыл дӕ бон у алкӕддӕр дӕ зӕрдӕ дарын (Ис. 49:14–16). w24.01 4 ф., 9, 10 абз.
Ӕртыццӕг, 21 май
Дӕ цагъартӕн баххуыс кӕн, дӕ ныхас дын ныфсджынӕй куыд дзурой (Хъуыд. 4:29).
Йесо фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕм аздӕхыны размӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта сӕ хӕслӕвӕрд. Уыдон ын хъуамӕ уыдаиккой ӕвдисӕнтӕ «Иерусалимы, стӕй ӕгас Иудейӕйы ӕмӕ Самарийы, ӕмӕ суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыд. 1:8; Лук. 24:46–48). Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ дзуттаг дины разамонджытӕ апостол Петры ӕмӕ апостол Иоанны ӕрцахстой ӕмӕ сӕ Сӕйраг тӕрхондонмӕ ӕрбакодтой. Ӕмӕ сын бардзырд радтой, мауал хъусын кӕнут, зӕгъгӕ, суанг ма сӕм бартхъирӕн кодтой (Хъуыд. 4:18, 21). Петр ӕмӕ Иоанн загътой: «Уӕхӕдӕг-ма ахъуыды кӕнут, Хуыцаумӕ нӕ, фӕлӕ сымахмӕ куы хъусӕм, уӕд уый Хуыцауы раз раст уыдзӕн? Мах уын зӕгъӕм: цы федтам ӕмӕ цы фехъуыстам, уыдӕтты тыххӕй ма дзурӕм, уый нӕ бон нӕу» (Хъуыд. 4:19, 20). Куы сӕ рауагътой, уӕд ацыдысты иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕм. Ӕмӕ иууылдӕр иумӕ Йегъовӕмӕ скуывтой, цӕмӕй сын баххуыс кодтаид йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн. Ӕмӕ сын Йегъовӕ сӕ зӕрдиаг куывдӕн дзуапп радта (Хъуыд. 4:31). w23.05 5 ф., 11, 12 абз.
Цыппӕрӕм, 22 май
Ай у мӕ уарзон Фырт (Матф. 17:5).
Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт иумӕ цас сты, уымӕн банымайӕн дӕр нӕй. Уыйбӕрц иумӕ никуы ничи цард. Миллиардгай азты дӕргъы кӕрӕдзийӕн афтӕ адджын систы, ӕмӕ сӕ ницы фӕхицӕн кӕндзӕн. Йегъовӕ-иу ӕргом дзырдта, Йесойы кӕй уарзы, уый. Зӕгъӕм, уый тыххӕй бакӕсӕн ис абоны стихы. Йегъовӕйӕн йӕ бон уыд ӕнӕуи зӕгъын: «Ай у мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг адӕймаг». Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй йӕ зонӕм, Йесойы куыд тынг уарзы, уый. Уымӕ гӕсгӕ загъта: «Ай у мӕ уарзон Фырт». Йегъовӕ Йесойӕ сӕрыстыр уыд, уӕлдайдӕр йӕ цард раттынмӕ цӕттӕ кӕй уыд, уый тыххӕй (Еф. 1:7). Ӕмӕ Йесо никуы дызӕрдыг кодта, йӕ Фыдӕн зынаргъ кӕй у, ууыл. Зыдта йӕ, кӕй йӕ уарзы, ӕмӕ йӕ йӕ зӕрдӕйӕ дӕр ӕнкъардта. Ӕмӕ-иу уый кой арӕх кодта (Иоан. 3:35; 10:17; 17:24). w24.01 28 ф., 8 абз.
Майрӕмбон, 23 май
Хорз ном хуыздӕр у стыр хъӕздыгдзинӕдтӕй (Ӕмб. 22:1).
Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн ахӕм уавӕр. Бирӕ кӕй уарзыс, уыцы адӕймаг дӕу тыххӕй ӕвзӕр цыдӕртӕ фӕдзырдта. Ды йӕ зоныс, уыдон мӕнг ныхӕстӕ кӕй сты. Фӕлӕ уыцы ныхӕстыл чидӕртӕ баууӕндыдысты. Иннӕ бӕллӕх та ма уый у, ӕмӕ уыдон дӕр уыцы мӕнг ныхӕстӕ иннӕтӕн дзурын райдыдтой, ӕмӕ сыл бирӕтӕ баууӕндыдысты. Ахӕм уавӕры куы бахауис, уӕд дӕм уый куыд фӕкӕсид? Ӕвӕццӕгӕн дын хъыг уаид. Ацы цӕвиттоны фӕрцы нӕ бон у бамбарын, Йегъовӕйӕн дӕр куыд хъыг уыди, йӕ номыл ын цъыф куы фӕкалдтой, уӕд. Йӕ уӕларвон фырттӕй дзы иу фыццаг сылгоймагӕн, Евӕйӕн, мӕнг ныхӕстӕ фӕкодта. Ӕмӕ сыл Евӕ баууӕндыд. Уыцы сайд уымӕ ӕркодта, ӕмӕ нӕ рагфыдӕлтӕ Хуыцауы ныхмӕ рацыдысты. Уый аххосӕй адӕм иууылдӕр систы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъартӕ (Райд. 3:1–6; Ром. 5:12). Ӕмӕ абон дунейы цытӕ цӕуы, уыдӕттӕ цӕуынц, Хӕйрӕг цы мӕнг ныхӕстӕ апарахат кодта, уыдоны аххосӕй. Адӕм хъизӕмар кӕнынц, цагъды кӕнынц, бирӕ рӕтты цӕуы хӕстытӕ. Уӕдӕ Хӕйрӕг Йегъовӕйы фыдкой кӕй фӕкодта, уымӕй йын йӕ зӕрдӕ тынг фӕриссын кодта. Ӕмӕ, уый цӕмӕ ӕркодта, уыдӕттӕм кӕсын дӕр Йегъовӕйӕн зын куыннӕ у. Фӕлӕ йӕ зӕрдӕйы маст хӕссын нӕ райдыдта. Уый уӕддӕр у «амондджын Хуыцау» (1 Тим. 1:11). w24.02 8 ф., 1, 2 абз.
Сабат, 24 май
Куыд хъуамӕ бакӕнон ахӕм фыддзинад ӕмӕ Хуыцауы раз тӕригъӕд куыд хъуамӕ саразон? (Райд. 39:9).
Дӕ бон куыд у Иосифы бафӕзмын ӕмӕ дӕ исты куы рӕдийын кӕна, уӕд Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайын? Дӕ бон у ныр аскъуыддзаг кӕнын, фӕлварӕны куыд бакӕндзынӕ, уый. Исты-иу дӕ куы рӕдийын кӕна, уӕд-иу уайтагъд исты сараз, цӕмӕй ма фӕрӕдийай. Йегъовӕ йе сӕфт цӕмӕй уыны, уыдӕттыл-иу хъуыды дӕр ма кӕн (Пс. 97:10; 119:165). Афтӕ кӕнын куы сахуыр уай, уӕд ӕй зондзынӕ, фӕлварӕны куыд бакӕндзынӕ. Гӕнӕн ис, бамбӕрстай, рӕстдзинад кӕй ссардтай ӕмӕ дӕ фӕнды Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын. Фӕлӕ уӕддӕр цӕйдӕр тыххӕй дӕ ныфс нӕ хӕссыс дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнынмӕ ӕмӕ донаргъуыд райсынмӕ. Уӕд дӕ бон у паддзах Давидау Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕнын: «О Хуыцау, басгар мын мӕ зӕрдӕ ӕмӕ йӕ базон. Ныккӕс мын мӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ йӕ базон, ӕнцой мын цы нӕ дӕтты. Ӕркӕс, мыййаг, мӕ зӕрдӕйы ницы ис ахӕмӕй, фыдбылыз фӕндагмӕ мӕ цы схойы, ӕмӕ мӕ ӕнусон фӕндагыл кӕн» (Пс. 139:23, 24). Йегъовӕ арфӕ кӕны, «зӕрдиагӕй [йӕ] чи агуры, уыдонӕн». Дарддӕр дӕ нысанмӕ куы тырнай, уӕд равдисдзынӕ, ды дӕр Йегъовӕйы зӕрдиагӕй кӕй агурыс (Дзут. 11:6). w24.03 6 ф., 13–15 абз.
Хуыцаубон, 25 май
Алы бон [ӕй] нӕ хъӕуы нывӕндтӕ хӕссын (Дзут. 7:27).
Хистӕр сауджын архайдта Хуыцауы раз адӕмы номӕй. Израилӕгтӕн сӕ фыццаг хистӕр сауджын уыд Аарон. Йегъовӕ йӕ хистӕр сауджынӕй сӕвӕрдта, цатыр куы снывонд кодтой, уӕд. Фӕлӕ апостол Павел куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй-иу «сауджынтӕ бирӕтӕ систы, ӕмӕ-иу кӕрӕдзи ивтой, уымӕн ӕмӕ-иу сӕ мӕлӕт нӕ бауагъта, цӕмӕй ӕдзухдӕр уыдаиккой сауджынтӕ» (Дзут. 7:23–26). Стӕй уыцы хистӕр сауджынтӕ уыдысты ӕнӕххӕст, ӕмӕ сӕ хъуыди сӕхи тӕригъӕдты тыххӕй дӕр нывӕндтӕ хӕссын. Уымӕй тынг хицӕн кодтой цытджын Хистӕр сауджын Йесо Чырыстийӕ. Нӕ Хистӕр сауджын Йесо Чырысти «лӕггад кӕны... ӕцӕг цатыры – уыцы цатыр сӕвӕрдта адӕймаг нӕ, фӕлӕ Йегъовӕ» (Дзут. 8:1, 2). Павел бамбарын кодта, Йесо «ӕнустӕм [кӕй] цӕры, ӕмӕ йӕ бӕсты ӕндӕр сауджыны [кӕй] никуы бахъӕудзӕн ӕвӕрын». Стӕй ма загъта, зӕгъгӕ, Йесо у «ӕнӕфау, тӕригъӕдджынтимӕ [йын] иумӕйагӕй... ницы ис» ӕмӕ йӕ Израилы хистӕр сауджынтау «алы бон нӕ хъӕуы нывӕндтӕ хӕссын» йӕхи тӕригъӕдты тыххӕй. w23.10 26 ф., 8, 9 абз.
Къуырисӕр, 26 май
Раздӕры арв ӕмӕ раздӕры зӕхх... нал сты (Рарг. 21:1).
«Раздӕры арв» амоны, Хӕйрӕджы ӕмӕ йӕ дӕлимонты зондӕй чи архайы, уыцы зӕххон хицауӕдтӕм (Матф. 4:8, 9; 1 Иоан. 5:19). «Зӕхх» та Библийы кӕцыдӕр рӕтты фӕамоны зӕххыл цӕрӕг адӕммӕ (Дык. з. 32:1; 1 Аз. 16:31). Уымӕ гӕсгӕ, «раздӕры зӕхх» амоны, нӕ рӕстӕджы чи ис, уыцы ӕнӕхуыцау адӕммӕ. Йегъовӕ ныртӕккӕйы арв ӕмӕ зӕхмӕ ӕнӕуи базилынмӕ кӕнӕ сӕ ӕнӕуи бадзӕбӕхтӕ кӕнынмӕ нӕ хъавы, фӕлӕ бынтондӕр фесафынмӕ. Ӕмӕ сӕ баивдзӕн «ног арв ӕмӕ ног зӕххӕй», ома уыдзӕн ног хицауад, йӕ дӕлбар та цӕрдзысты рӕстгӕнӕг адӕм. Пехуымпар Исай куыд загъта, афтӕмӕй ӕнӕхъӕн зӕхх дӕр суыдзӕн Едемы цӕхӕрадоны хуызӕн рӕсугъд. Стӕй адӕмы се ’ппӕты дӕр сдзӕбӕх кӕндзӕн ӕмӕ суыдзысты ӕххӕст. Алы адӕймаг дӕр уыдзӕн, цыма ногӕй райгуырд, афтӕ. Къуылых чи у, цӕстӕй чи нӕ уыны ӕмӕ хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдоны сдзӕбӕх кӕндзӕн ӕмӕ ма суанг мӕрдты дӕр фӕстӕмӕ цардмӕ раздахдзӕн (Ис. 25:8; 35:1–7). w23.11 4 ф., 9, 10 абз.
Дыццӕг, 27 май
Уӕхи цӕттӕ дарут (Матф. 24:44).
«Стыр бӕллӕх» ӕнӕнхъӕлӕджы райдайдзӕн (Матф. 24:21). Фӕлӕ иннӕ бӕллӕхтӕй уӕлдай, уый се ’ппӕты ӕдзӕттӕйӕ не ’рӕййафдзӕн. Иу-2 000 азы размӕ Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты бафӕдзӕхста, цӕмӕй уыцы бонмӕ сӕхи бацӕттӕ кӕной. Цӕттӕ куы уӕм, уӕд нын уыцы уӕззау рӕстӕджы иузӕрдионӕй баззайын ӕнцондӕр уыдзӕн ӕмӕ ма нӕ бон уыдзӕн иннӕтӕн дӕр баххуыс кӕнын (Лук. 21:36). Мах хъӕудзӕн фидардзинад, цӕмӕй Йегъовӕйы коммӕ кӕсӕм ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, кӕй нӕ бахъахъхъӕндзӕн, ууыл. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ ӕнӕ ницӕмӕй куы баззайой, уӕд куыд бакӕндзыстӕм? (Ав. 3:17, 18). Хъуамӕ-иу сын сӕ зын нӕ зӕрдӕмӕ айсӕм ӕмӕ-иу сын баххуыс кӕнӕм. Ӕппӕт зӕххон хицауӕдты цӕдис Хуыцауы адӕмы ныхмӕ куы рацӕуа ӕмӕ нӕ цасдӕр рӕстӕг хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ иумӕ иу ран цӕрын куы бахъӕуа, уӕд нӕхи куыд дардзыстӕм? (Йез. 38:10–12). Хъӕудзӕн нӕ тыхджын уарзондзинад, цӕмӕй иууылдӕр уыцы уӕззау рӕстӕджы иузӕрдионӕй баззайӕм. w23.07 2 ф., 2, 3 абз.
Ӕртыццӕг, 28 май
Куыд цӕрут, уымӕ лӕмбынӕг кӕсут, цӕмӕй ӕнӕзонд ма уат, фӕлӕ зондджынтӕ, ӕмӕ уӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕнут (Еф. 5:15, 16).
Уӕ бон у бафӕзмын Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕйы. Уыдон цардысты 1 ӕнусы. Чырыстӕттӕй сын бирӕтӕ тынг аргъ кодтой (Ром. 16:3, 4). Библийы сӕ бинонты царды тыххӕй бирӕ нӕй фыст. Фӕлӕ дзы базонӕн ис, кусгӕ дӕр, хъусын дӕр иумӕ кӕй кодтой ӕмӕ иннӕтӕн дӕр иумӕ кӕй ӕххуыс кодтой (Хъуыд. 18:2, 3, 24–26). Библийы Акилӕйы кой кӕм вӕййы, уым вӕййы Прискиллӕйы кой дӕр, Прискиллӕйы кой кӕм вӕййы, уым та вӕййы Акилӕйы кой дӕр. Уӕ бон сӕ куыд уаид бафӕзмын? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уӕ дыууӕйы дӕр бирӕ хъуыддӕгтӕ фӕхъӕуы аразын. Ӕмӕ уӕ бон нӕ уаид уыцы хъуыддӕгтӕй кӕцыдӕртӕ хицӕнтӕй нӕ, фӕлӕ иумӕ аразын? Зӕгъӕм, Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ иумӕ хъусын кодтой. Сымах дӕр арӕх спълан кӕнут, цӕмӕй иумӕ хъусын кӕнат? Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ ма кусгӕ дӕр иумӕ кодтой. Чи зоны, сымах иумӕ нӕ кусут, фӕлӕ уӕ бон нӕ уаид хӕдзары куыстытӕ иумӕ аразын? (Еккл. 4:9). Кӕрӕдзийӕн-иу исты аразынӕн куы ӕххуыс кӕнат, уӕд уыдзыстут иу командӕйы хуызӕн, стӕй-иу уын фылдӕр фадӕттӕ уыдзӕн аныхас кӕнынӕн. w23.05 22, 23 фф., 10–12 абз.
Цыппӕрӕм, 29 май
Куы фӕтӕрсон, уӕд мӕ зӕрдӕ дардзынӕн дӕуыл (Пс. 56:3).
Алы адӕймаг дӕр иуӕй-иу хатт цӕмӕйдӕр фӕтӕрсы. Зӕгъӕм, паддзах Саул Давиды фӕдыл куы зылд ӕмӕ йӕ марынмӕ куы хъавыд, уӕд алыгъд филистимаг горӕт Гефмӕ. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Гефы паддзах Анху́с базыдта, уый размӕ Давидӕн кӕй зарыдысты, филистимӕгтӕй амардта «дӕсгай минтӕ», зӕгъгӕ. Ӕмӕ Давид «тынг фӕтарст», Анхус ӕй кӕй амардзӕн, уымӕй (1 Сам. 21:10–12). Цымӕ йын уыцы уавӕры цы баххуыс кодта? 56-ӕм псаломы Давид ӕргом дзуры, Гефы куы уыд, уӕд цы ӕнкъардта, цӕмӕй тарст, уыдӕтты тыххӕй. Стӕй ма дзы бамбарын кодта, цы йын баххуыс кодта, цӕмӕй мауал тарстаид. Давид йӕ зӕрдӕ дардта Йегъовӕйыл (Пс. 56:1–3, 11). Ӕмӕ нӕ фӕфыдӕнхъӕл. Йегъовӕ йын баххуыс кодта, ӕмӕ ӕнахуыр цыдӕр ӕрхъуыды кодта: йӕхицӕй ӕрра сарӕзта! Гъемӕ Анхус афтӕ нал хъуыды кодта, ай нын исты знаггад ракӕндзӕн, ӕмӕ йӕ амарын хъӕуы, зӕгъгӕ. Фӕндыди йӕ, цӕмӕй дзы тагъддӕр фервӕзтаид. Ӕмӕ афтӕмӕй Давид аирвӕзт (1 Сам. 21:13–22:1). w24.01 2 ф., 1–3 абз.
Майрӕмбон, 30 май
Йемӕ фӕуӕлахиз уыдзысты, хуынд чи у, уыдон, ӕвзӕрстытӕ ӕмӕ иузӕрдионтӕ (Рарг. 17:14).
Абоны стихы кӕй кой ис, уыдон чи сты? Чи райгас, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ. Уӕдӕ стыр бӕллӕхы кӕронмӕ хӕстӕг сӕрст чырыстӕттӕй фӕстӕгтӕ уӕлӕрвтӕм ист куы ’рцӕуой, уӕд сӕ фыццаг хӕслӕвӕрдтӕй иу уыдзӕн, хӕцын сӕ кӕй хъӕудзӕн, уый. Уӕларвон цардмӕ куы райгас уой, уӕд уыдзысты иу ӕфсады Чырыстиимӕ ӕмӕ йӕ сыгъдӕг зӕдтимӕ ӕмӕ фӕстаг хӕсты хӕцдзысты Хуыцауы знӕгтимӕ. Ууыл-ма ахъуыды кӕн! Сӕрст чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ сты ацӕргӕ ӕмӕ лӕмӕгъ. Фӕлӕ, куы райгас уой, уӕд суыдзысты хъомысджын ӕнӕмӕлгӕ уӕларвон удгоймӕгтӕ. Уыдон фӕрсӕй-фӕрстӕм хӕцдзысты сӕ уӕлахиздзау Паддзах Йесо Чырыстиимӕ. Армагеддоны хӕсты фӕстӕ та Йесоимӕ иумӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй суой ӕххӕст. Дзырд дӕр ыл нӕй, уӕлӕрвтӕй сӕ зынаргъ зӕххон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕ бон бирӕ фылдӕр уыдзӕн саразын! Ӕнӕххӕст адӕймӕгтӕ уӕвгӕйӕ сын уыйбӕрц хорздзинӕдтӕ никуы сарӕзтаиккой. w24.02 6, 7 фф., 15, 16 абз.
Сабат, 31 май
Хуыцауы сыгъдӕг тыхы коммӕ кӕсут, ӕмӕ уӕ тӕригъӕдджын буары монцты фӕдыл никуы ацӕудзыстут (Гал. 5:16).
Иуӕй-иутӕ, кӕд цӕттӕ вӕййынц сӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнынмӕ ӕмӕ донаргъуыд райсынмӕ, уӕддӕр уымӕ сӕ ныфс нӕ фӕхӕссынц. Гӕнӕн ис, фӕхъуыды кӕнынц: «Уӕдта ма уый фӕстӕ уӕззау тӕригъӕд сарӕзтон ӕмӕ мӕ ӕмбырдӕй ацух кодтой». Кӕд ды дӕр уымӕй тӕрсыс, уӕд ӕй зон: Йегъовӕ дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын «алцӕмӕй дӕр йӕ зӕрдӕ рухс кӕнай» (Кол. 1:10). Стӕй дын дӕтдзӕн тыхтӕ дӕр, цӕмӕй, раст цы у, уый аразай. Афтӕ кӕй кӕны, уый бӕрӕг у бирӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты цардӕй (1 Кор. 10:13). Ӕмбырдтӕй кӕй ацух кӕнынц, уыдон, зӕгъӕн ис, афтӕ бирӕ не сты. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕ йӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йыл иузӕрдион уой. Алы ӕнӕххӕст адӕймагӕн дӕр тӕссаг у фӕрӕдийынӕй (Иак. 1:14). Фӕлӕ, куыд бакӕндзынӕ, уый дӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕныс. Куыд цӕрдзынӕ, уый дӕхицӕй кӕнгӕ у. Иуӕй-иутӕ фӕдзурынц, не ’нкъарӕнтыл ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтыл нӕ бар кӕй нӕ цӕуы. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ дӕ тӕригъӕдджын буары фӕндтыл дӕ бар цӕуа. w24.03 5 ф., 11, 12 абз.