Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • es25
  • Июнь

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Июнь
  • Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
  • Сӕргӕндтӕ
  • Хуыцаубон, 1 июнь
  • Къуырисӕр, 2 июнь
  • Дыццӕг, 3 июнь
  • Ӕртыццӕг, 4 июнь
  • Цыппӕрӕм, 5 июнь
  • Майрӕмбон, 6 июнь
  • Сабат, 7 июнь
  • Хуыцаубон, 8 июнь
  • Къуырисӕр, 9 июнь
  • Дыццӕг, 10 июнь
  • Ӕртыццӕг, 11 июнь
  • Цыппӕрӕм, 12 июнь
  • Майрӕмбон, 13 июнь
  • Сабат, 14 июнь
  • Хуыцаубон, 15 июнь
  • Къуырисӕр, 16 июнь
  • Дыццӕг, 17 июнь
  • Ӕртыццӕг, 18 июнь
  • Цыппӕрӕм, 19 июнь
  • Майрӕмбон, 20 июнь
  • Сабат, 21 июнь
  • Хуыцаубон, 22 июнь
  • Къуырисӕр, 23 июнь
  • Дыццӕг, 24 июнь
  • Ӕртыццӕг, 25 июнь
  • Цыппӕрӕм, 26 июнь
  • Майрӕмбон, 27 июнь
  • Сабат, 28 июнь
  • Хуыцаубон, 29 июнь
  • Къуырисӕр, 30 июнь
Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
es25

Июнь

Хуыцаубон, 1 июнь

Хуыцауы паддзахадмӕ бацӕуынӕн нӕ бирӕ зындзинӕдтӕ бавзарын хъӕуы (Хъуыд. 14:22).

Йегъовӕ арфӕ кодта, 1 ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕн, уымӕн ӕмӕ-иу кӕд сӕ уавӕртӕ фӕивтой, уӕддӕр-иу сӕ бон цы уыд, уый арӕзтой. Арӕх ӕфхӕрд ӕййӕфтой, иуӕй-иу хатт, уый ӕнхъӕл куы нӕ уыдысты, уӕд. Ахъуыды-ма кӕнӕм, Варнавӕ ӕмӕ апостол Павел Листрӕйы куы хъусын кодтой, уӕд сыл цы ’рцыд, ууыл. Фыццаг сӕм адӕм хорз цӕстӕй ракастысты, цин сыл кодтой. Фӕлӕ фӕстӕдӕр се знӕгтӕ «адӕмы сӕ ныхмӕ скодтой». Ӕмӕ уӕд уыцы адӕмӕй чидӕртӕ Павелы дуртӕй фӕхостой ӕмӕ йӕ горӕтӕй ӕддӕмӕ раластой, ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ амард (Хъуыд. 14:19). Фӕлӕ Варнавӕ ӕмӕ Павел уырдыгӕй ацыдысты ӕмӕ ӕндӕр ран хъусын кодтой. Уым «бирӕ ахуыргӕнинӕгтӕ» бацӕттӕ кодтой. Уымӕй уӕлдай ма хоты ӕмӕ ’фсымӕрты фидар кодтой ӕмӕ сын уыдысты фӕзминаг (Хъуыд. 14:21, 22). Варнавӕ ӕмӕ Павел ӕфхӕрд ӕййафгӕйӕ дӕр хорз хабар кӕй хъусын кодтой, уый бирӕтӕн стыр ӕххуыс фӕци. Махӕн дӕр Йегъовӕ арфӕ кӕндзӕн, цы хъуыддаг нын бахӕс кодта, уый дарддӕр куы аразӕм, уӕд. w23.04 16 ф., 13, 14 абз.

Къуырисӕр, 2 июнь

О Йегъовӕ, мӕ куывдмӕ мын дӕ хъус ӕрдар, фехъус мын мӕ лӕгъстӕтӕ. Зын сахат дӕм ӕххуысмӕ фӕсиддзынӕн, ӕмӕ мын ды дзуапп ратдзынӕ (Пс. 86:6, 7).

Паддзах Давидӕн уыди бирӕ знӕгтӕ, ӕмӕ-иу арӕх уыди тӕссаг уавӕрты. Ӕмӕ-иу уыцы уавӕрты Йегъовӕйӕ ӕххуыс куырдта. Давид нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йын йӕ куывдтытӕ кӕй хъусы ӕмӕ сын дзуапп кӕй дӕтты. Ӕмӕ-иу ды дӕр ууыл ма дызӕрдыг кӕн. Библи нын зӕрдӕ ӕвӕры, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн кӕй ратты зонд, стӕй сын кӕй ратты тыхтӕ, цӕмӕй-иу зындзинӕдты фидар фӕлӕууой. Хатт та сын баххуыс кӕны хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уылты кӕнӕ йын чи нӕ лӕггад кӕны, суанг уыдоны уылты дӕр. Мах ӕй зонӕм, Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕн дзуапп кӕй дӕтдзӕн, кӕд-иу нын алы хатт дзуапп, мах куыд ӕнхъӕл стӕм, афтӕ нӕ ратдзӕн, уӕддӕр. Уый нын дӕтдзӕн, цы нӕ хъӕуы, растдӕр уый ӕмӕ нӕ кӕд хъӕуы, растдӕр гъеуӕд. Уӕдӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕмӕ кув ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕн, кӕй дӕ хъусы ӕмӕ дын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Ӕмӕ ног дунейы та «алкӕмӕн дӕр» ратдзӕн, «йӕ зӕрдӕ цы зӕгъы, уый» (Пс. 145:16). w23.05 8 ф., 4 абз.; 13 ф., 17, 18 абз.

Дыццӕг, 3 июнь

Йегъовӕйӕн йе ’ппӕт хорздзинӕдтӕ цӕмӕй бафиддзынӕн? (Пс. 116:12).

Хорз уыдзӕн, куы хъуыды кӕнай, дӕ нысан дӕ къухы куы бафта, уӕд дын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн, ууыл. Кӕд дӕ нысан Библи кӕсынимӕ кӕнӕ дӕ куывдтытимӕ баст у, уӕд ахъуыды кӕн, уыцы хъуыддӕгты фӕрцы Йегъовӕмӕ кӕй баввахсдӕр уыдзынӕ, ууыл (Пс. 145:18, 19). Кӕд дӕ нысан у цавӕрдӕр чырыстон миниуӕгыл бакусын, уӕд ахъуыды кӕн, уый дын куыд баххуыс кӕндзӕн иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрынӕн (Кол. 3:14). Дӕ бон у дӕхимӕ бӕстон ныффыссын, цӕмӕн дӕ фӕнды, цӕмӕй дӕ нысан дӕ къухы бафта. Ӕмӕ-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ дӕ фыстытӕм ӕркӕс. Стӕй дӕ рӕстӕг ӕрвит, дӕ нысанмӕ тырнынӕн дын чи ӕххуыс кӕндзӕн, уыдонимӕ (Ӕмб. 13:20). Ӕргом куы зӕгъӕм, уӕд нӕ алкӕмӕн дӕр хатт вӕййы афтӕ, ӕмӕ нӕ ницы фӕфӕнды аразын. Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уӕд нӕ нысанмӕ хъуамӕ мауал тырнӕм? Нӕ. Фӕхъӕуы нӕ ӕндӕр мадзӕлттӕ ссарын, цӕмӕй дарддӕр нӕ нысанмӕ тырнӕм, уый тыххӕй-иу нӕ куы ницы фӕнда аразын, суанг уӕд дӕр. Уый ӕнцон нӕ уыдзӕн, фӕлӕ уӕддӕр уый йӕ фыдӕбоны аргъ у. w23.05 27, 28 фф., 5–8 абз.

Ӕртыццӕг, 4 июнь

Адӕймаг цы байтауа, уый ӕркӕрддзӕн (Гал. 6:7).

Куы ’мбарӕм, нӕ уынаффӕты тыххӕй дзуапп нӕхӕдӕг кӕй дӕттӕм, уӕд-иу нӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕндзыстӕм, нӕ рӕдыдтытӕ-иу сраст кӕндзыстӕм ӕмӕ архайдзыстӕм, цӕмӕй афтӕ мауал бакӕнӕм. Уыдӕттӕ нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй, цардмӕ чи кӕны, уыцы фӕндагыл дарддӕр згъорӕм. Кӕд раст уынаффӕ нӕ рахастай ӕмӕ йӕ дӕ бон аивын нал у, уӕд ууыл ӕгӕр ма маст кӕн. Дӕхи ма рӕстытӕ кӕн ӕмӕ дӕхи ӕгӕр ма хӕр кӕнӕ йӕ иннӕты аххос ма кӕн. Дӕ хъарутӕ уыдӕттыл дзӕгъӕлы ма хардз кӕн. Фӕлтау дӕхицӕн басӕтт, о, фӕрӕдыдтӕн, зӕгъгӕ, ӕмӕ, ныртӕккӕ дӕ бон цы у аразын, уый араз. Кӕд дӕ дӕ рӕдыды тыххӕй дӕ цӕсгом хӕры, уӕд сӕрныллӕгӕй Йегъовӕмӕ скув, йӕ разы дӕ рӕдыдыл басӕтт ӕмӕ дзы кур, цӕмӕй дын ныххатыр кӕна (Пс. 25:11; 51:3, 4). Кӕд искӕй фӕхъыг кодтай, уӕд дзы хатыр ракур ӕмӕ, куы хъӕуа, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр зӕгъ, цӕмӕй дын баххуыс кӕной (Иак. 5:14, 15). Дӕ рӕдыдтытӕй истӕуыл сахуыр у ӕмӕ уый фӕстӕ архай, цӕмӕй афтӕ мауал бакӕнай. Ӕмӕ-иу уӕд ма дызӕрдыг кӕн: Йегъовӕ дӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисдзӕн ӕмӕ, цӕмӕй хъӕуа, уымӕй дын баххуыс кӕндзӕн (Пс. 103:8–13). w23.08 28, 29 фф., 8, 9 абз.

Цыппӕрӕм, 5 июнь

Цалынмӕ сауджын Иодай йӕ зондамонӕг уыди, уӕдмӕ Иоас арӕзта, Йегъовӕйы цӕсты раст цы уыд, уый (2 Пад. 12:2).

Цалынмӕ Иодай паддзах Иоасы фарсмӕ уыд, уӕдмӕ Иоас хорз адӕймаг уыд. Уӕд ӕрыгон паддзахы фӕндыд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын. Фӕлӕ Иодай куы амард, уӕд Иоас хъусын райдыдта, Йегъовӕйы чи ныууагъта, уыцы кънйӕзтӕм (2 Аз. 24:4, 17, 18). Уымӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ тынг фӕриссын кодтой. Фӕлӕ сӕм Йегъовӕ уӕддӕр «ӕрвыста пехуымпарты, цӕмӕй сӕ фӕстӕмӕ йӕхимӕ раздӕхтаид. ...Фӕлӕ сӕм хъусӕг нӕ уыд». Уыдон нӕ байхъуыстой суанг Иодайы фырт Захаримӕ дӕр. Уый ӕрмӕст Йегъовӕйы пехуымпар ӕмӕ сауджын нӕ уыд, фӕлӕ ма Иоасӕн йӕ фыдыхойы лӕппу дӕр. Паддзах Иоас Захарийы амарын кодта (2 Аз. 22:11; 24:19–22). Иоас Йегъовӕйӕ нал тарст. Йегъовӕ загъта: «Нымады кӕмӕ нӕ дӕн, уыдон... уыдзысты ӕгады бынаты» (1 Сам. 2:30). Фӕстӕдӕр сириӕгтӕ Иоасы ныхмӕ рацыдысты. Кӕд Сирийы ӕфсад стыр нӕ уыд, уӕддӕр Иоасӕн йе «стыр ӕфсад» ныппырх кодтой (2 Аз. 24:24, 25). Иоасӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕ йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд скодтой ӕмӕ йӕ амардтой, Захарийы туг кӕй ныккалдта, уый тыххӕй. w23.06 18, 19 фф., 16, 17 абз.

Майрӕмбон, 6 июнь

Кӕддӕр сымах дӕр талынджы уыдыстут, ныр та... стут рухсы (Еф. 5:8).

Апостол Павел Ефесы дзӕвгар рӕстӕг фӕци. Уым хорз хабар хъусын кодта ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кодта (Хъуыд. 19:1, 8–10; 20:20, 21). Павел йӕ хоты ӕмӕ йе ’фсымӕрты тынг уарзта. Уый фӕндыд, цӕмӕй сын баххуыс кодтаид дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынӕн. Ефесӕгтӕ рӕстдзинад куы нӕма базыдтой ӕмӕ чырыстӕттӕ куы нӕма систы, уӕдмӕ мӕнг динты ахуырӕдтыл ӕууӕндыдысты. Ефесы цӕрджытӕ уыдысты хӕлд ӕмӕ ӕнӕфсармӕй алы чъизи хъуыддӕгтӕ кодтой. Театрты-иу цы спектакльтӕ ӕвдыстой, уыдоны рӕстӕг ӕмӕ суанг сӕ дины бӕрӕгбӕтты рӕстӕг дӕр арӕх ӕвзӕр дзыхӕй дзырдтой ӕмӕ кодтой ӕнӕфсарм хъазӕн ныхӕстӕ (Еф. 5:3). Бирӕтӕ дзы «се ’фсарм бынтондӕр фесӕфтой» (Еф. 4:17–19). Ацы ныхӕстӕ комкоммӕ куы ратӕлмац кӕнӕм, уӕд афтӕ уыдзысты: «рыст нал ӕмбӕрстой». Уыдон нӕ зыдтой, Йегъовӕйы цӕсты хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый, ӕмӕ сӕ сӕ хъуыддӕгты тыххӕй сӕ цӕсгом нӕ хордта. Павел дӕр уый тыххӕй ныффыста, зӕгъгӕ, «зондӕй сты талынджы ӕмӕ, Хуыцауӕй чи цӕуы, уыцы цардӕй сты дард». Фӕлӕ ефесӕгтӕй чидӕртӕ талынгӕй рацыдысты. w24.03 20 ф., 2, 4 абз.; 21 ф., 5, 6 абз.

Сабат, 7 июнь

Йӕ ныфс Йегъовӕйыл чи дары, уыдоны ногӕй тыхтӕ бацӕудзӕн... не сфӕлмӕцдзысты (Ис. 40:31).

Гедеон уыд тӕрхонгӕнӕг, ӕмӕ йӕ уыцы хӕс ӕххӕст кӕнынӕн хъуыди бирӕ хъарутӕ. Ӕхсӕвы мадиамӕгтимӕ куы хӕцыдысты ӕмӕ уыдон лидзынмӕ куы фесты, уӕд сӕ Гедеон фӕстейӕ асырдта. Сырдта сӕ Изреелы дӕлвӕзӕй суанг Иорданы цӕугӕдоны онг (Тӕрх. 7:22). Фӕлӕ Гедеон уырдыгӕй фӕстӕмӕ нӕ раздӕхт. Кӕд йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йе 300 хӕстоны дӕр фӕллад уыдысты, уӕддӕр цӕугӕдоны сӕрты ахызтысты ӕмӕ се знӕгты дарддӕр сырдтой. Ӕппынфӕстаг мадиамӕгты баййӕфтой ӕмӕ сӕ ныддӕрӕн кодтой (Тӕрх. 8:4–12). Гедеоны фидарӕй уырныдта, Йегъовӕ йын тых кӕй ратдзӕн, ӕмӕ нӕ фӕфыдӕнхъӕл (Тӕрх. 6:14, 34). Йӕ хӕстонтимӕ дыууӕ мадиамаг паддзахы фӕстейӕ куы сырдта, уӕд уыцы паддзӕхтӕ, ӕвӕццӕгӕн, теуатыл уыдысты, адон та – фистӕгӕй (Тӕрх. 8:12, 21). Фӕлӕ Хуыцау израилӕгтӕн ӕххуыс кодта, ӕмӕ се знӕгтыл фӕуӕлахиз сты. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр сӕ ныфс Йегъовӕйыл куы дарой, уӕд сын бахъуаджы сахат тыхтӕ ратдзӕн. «Уый никуы сфӕлмӕцы ӕмӕ никуы бафӕллайы» (Ис. 40:28, 29). w23.06 6, 7 фф., 14, 16 абз.

Хуыцаубон, 8 июнь

[Йегъовӕ] уӕ нӕ ныууадздзӕн ӕмӕ уӕ никуы ферох кӕндзӕн (Дык. з. 31:6).

Нӕ зӕрдӕ фидар уыдзӕн, цыфӕнды фӕлварӕнтыл ма сӕмбӕлӕм, уӕддӕр. Уӕдӕ Йегъовӕйыл ӕууӕнд ӕмӕ йыл дӕ зӕрдӕ дар. Ӕркӕсӕм Варакы хабармӕ. Уый фӕуӕлахиз знӕгтыл, Йегъовӕйы разамынд раст кӕй у, ууыл кӕй нӕ дызӕрдыг кодта, уый фӕрцы. Израилӕгтӕй иумӕ дӕр нӕдӕр арц уыд, нӕдӕр уарт. Фӕлӕ Йегъовӕ Варакӕн загъта, цӕмӕй схӕцыдаид ханаайнӕгты гӕрзифтонг ӕфсадимӕ. Се ’фсады хистӕр та уыд Сисарӕ (Тӕрх. 5:8). Ус-пехуымпар Деворӕ Варакӕн загъта, цӕмӕй дӕлвӕзмӕ ныццыдаид. Сисарӕ дӕр йӕ 900 хӕстон бӕхуӕрдонимӕ хъуамӕ уырдӕм ӕрцыдаид. Варак зыдта, лӕгъз фӕзы хӕстон бӕхуӕрдӕттыл хӕцын бирӕ ӕнцондӕр кӕй уыд, фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйы разамындмӕ байхъуыста. Варак йе ’фсӕддонтимӕ Фаворы хохӕй бынмӕ куы ӕрхызт, уӕд Йегъовӕ тыхджын къӕвда ныууарын кодта, арв фемӕхст. Сисарӕйы хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ цъыфы ныссагъдысты, ӕмӕ Йегъовӕйы фӕрцы Варак фӕуӕлахиз (Тӕрх. 4:1–7, 10, 13–16). Мах дӕр-иу Йегъовӕйы фӕрцы фӕуӕлахиз уыдзыстӕм, куы йыл ӕууӕндӕм ӕмӕ йыл нӕ зӕрдӕ куы дарӕм, стӕй нын йӕ организацийы уылты цы разамынд дӕтты, уый алкӕддӕр растыл куы нымайӕм, уӕд. w23.07 19 ф., 17, 18 абз.

Къуырисӕр, 9 июнь

Кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууа, уый фервӕздзӕн (Матф. 24:13).

Фӕразондзинад ӕнӕмӕнг хъӕуы, цӕмӕй аирвӕзӕм. Рагон иузӕрдион лӕггадгӕнджытау мах дӕр хъӕуы фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын, Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕ (Дзут. 6:11, 12). Библи чырыстӕтты бары зӕхкусӕгимӕ (Иак. 5:7, 8). Зӕхкусӕг йӕ хуым байтауы ӕмӕ йыл дон фӕкӕны. Фӕлӕ йӕ бӕлвырдӕй нӕ фӕзоны, мыггӕгтӕ ӕвзар кӕд суадздзысты. Уымӕ гӕсгӕ фӕразонӕй фенхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ нӕ фӕдызӕрдыг кӕны, тыллӕг кӕй сисдзӕн, ууыл. Афтӕ мах дӕр Хуыцауы хъуыддӕгты зӕрдиагӕй фӕархайӕм, кӕд, «[нӕ] Хицау цы бон ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонӕм», уӕддӕр (Матф. 24:42). Мах фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ӕмӕ нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ йӕ рӕстӕджы йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл. Фӕразон куы нал уӕм, уӕд ӕнхъӕлмӕ кӕсынӕй бафӕллайдзыстӕм ӕмӕ гыццылгай Йегъовӕйӕ адард уыдзыстӕм. Кӕнӕ та, чи зоны, бӕллын райдайӕм, цӕмӕй нӕм ныртӕккӕ алцыдӕр уа ӕмӕ нӕ уды дзӕбӕхӕн ацӕрӕм. Фӕлӕ фӕразон куы уӕм, уӕд кӕронмӕ фидар фӕлӕудзыстӕм ӕмӕ фервӕздзыстӕм (Мих. 7:7). w23.08 22 ф., 7 абз.

Дыццӕг, 10 июнь

Йӕ къӕхты ӕнгуылдзтӕ кӕм ӕфсӕйнагӕй, кӕм та ӕлыгӕй... уыдысты (Дан. 2:42).

Данелы 2:41–43 стихты пехуымпарад Данелы ӕмӕ Раргомады чингуытӕй иннӕ пехуымпарӕдтимӕ куы абарӕм, уӕд бамбардзыстӕм, гуымирыйы къӕхтӕ фадхъултӕй дӕлӕмӕ кӕй амонынц Великобритани ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттӕм. Уыцы дыууӕ бӕстӕйы архайынц, куыд иу дунеон паддзахад, афтӕ. Ӕмӕ нӕ рӕстӕджы сты ӕппӕты хъомысджындӕр паддзахӕдтӕ. Данел загъта, зӕгъгӕ, «уыцы паддзахад уыдзӕн кӕм фидар, кӕм та – лӕмӕгъ». Кӕмдӕр лӕмӕгъ цӕмӕн уыдзӕн? Уымӕл ӕлыг амоны хуымӕтӕг адӕммӕ. Ӕмӕ уыдоны тыххӕй йӕ бон нӕу ӕфсӕйнаджы хуызӕн фидарӕй архайын. Данел гуымирыйы тыххӕй цы загъта, уымӕй нӕ бон у базонын ахсджиаг хабӕрттӕ. Фыццаг: Великобритани ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттӕ сты тынг тыхджын, ӕмӕ сӕ хъомыс иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ равдыстой. Зӕгъӕм, уыцы бӕстӕтӕ уыдысты, Фыццаг ӕмӕ Дыккаг дунеон хӕстыты чи фӕуӕлахиз, уыцы бӕстӕтӕй сӕ иутӕ. Фӕлӕ уыцы дунеон паддзахад лӕмӕгъӕй-лӕмӕгъдӕр кӕны, йӕ адӕм кӕрӕдзиимӕ кӕй тох кӕнынц ӕмӕ хицауады ныхмӕ кӕй цӕуынц, уый тыххӕй. Ӕмӕ дарддӕр дӕр лӕмӕгъдӕр кӕндзӕн. Дыккаг: Хуыцауы Паддзахад ӕппӕт зӕххон хицауӕдтӕ куы сафа, уӕд Великобритани ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттӕ уыдзысты дунеон паддзахад. w23.08 10, 11 фф., 12, 13 абз.

Ӕртыццӕг, 11 июнь

Зын сахат ӕз дзынӕзтон Йегъовӕмӕ, ӕххуыс куырдтон мӕ Хуыцауӕй. Уый мын йӕ кувӕндонӕй фехъуыста мӕ хъӕлӕс (Пс. 18:6).

Хатт-иу Давид йӕ зындзинӕдтӕй йӕ хъуырмӕ сси (Пс. 18:4, 5). Фӕлӕ-иу дзы Йегъовӕйы фӕлмӕн уарзт хъарутӕ бауагъта. Давидмӕ-иу тыхы мур куы нал уыд, уӕд-иу Йегъовӕ йӕ хӕлары акодта «кӕрдӕгджын хизӕнтӕм» ӕмӕ «донджын улӕфӕн бынӕттӕм». Уый фӕрцы-иу Давиды ног хъарутӕ бацыд ӕмӕ-иу йӕ бон уыд дарддӕр Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнын (Пс. 18:28–32; 23:2). Кӕд мах дӕр царды бирӕ цыдӕртӕ бавзӕрстам, уӕддӕр «нӕ фесӕфтыстӕм Йегъовӕйы ӕнувыд уарзты фӕрцы» (Йер. хъ. 3:22; Кол. 1:11). Давид-иу арӕх мӕлӕты цӕстытӕм каст ӕмӕ йын уыди бирӕ тыхджын знӕгтӕ. Фӕлӕ-иу Йегъовӕйы уарзондзинадыл куы ахъуыды кодта, уӕд-иу йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, йӕ дӕлбазыр кӕй ис ӕмӕ йӕ кӕй бахъахъхъӕндзӕн. Давид алы уавӕры дӕр уыдта, Йегъовӕ йӕ фарсмӕ кӕй ис, ӕмӕ та-иу дзы ныфс бацыд. Уымӕ гӕсгӕ зарыд: «Цӕмӕй тарстӕн,– алцӕмӕй дӕр мӕ фервӕзын кодта» (Пс. 34:4). Кӕд-иу цӕмӕйдӕрты тарст, уӕддӕр-иу Йегъовӕйы уарзондзинад уыдӕттыл фӕтых. w24.01 30 ф., 15–17 абз.

Цыппӕрӕм, 12 июнь

Тӕригъӕдджынтӕ дӕ куы рӕдийын кӕной... уӕд-иу сын ма баком (Ӕмб. 1:10).

Иоасы хабар дын зондзонӕн уӕд. Хистӕр сауджын Иодай куы амард, уый фӕстӕ Иоасӕн фӕзынд ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ (2 Аз. 24:17, 18). Уый хъусын райдыдта Иудӕйы кънйӕзты зондмӕ, уыдон та Йегъовӕйы нӕ уарзтой. Иоас хъуамӕ уыцы змӕнтджытӕй йӕхи дард ластаид. Мӕлӕты ӕмбӕлттӕ! Фӕлӕ уыдонмӕ хъуыста, ӕмӕ йын уыдон та хорзӕй ницы амыдтой. Ӕмӕ йын йӕ фыды хойы лӕппу Захари йӕ рӕдыдтытӕм куы бацамыдта, уӕд ӕй Иоас амарын кодта (2 Аз. 24:20, 21; Матф. 23:35). Цӕй ӕвирхъау ӕмӕ ӕнӕзонд ми бакодта! Райдианы Иоас бӕргӕ арӕзта, раст цы у, уый. Фӕлӕ стӕй Йегъовӕйы ныууагъта ӕмӕ сси лӕгмар. Ӕппынфӕстаг ын йӕхи дӕр йӕ лӕггадгӕнджытӕ амардтой (2 Аз. 24:22–25). Иоас алкӕддӕр Йегъовӕмӕ ӕмӕ, Йегъовӕйы чи уарзта, уыдонмӕ куы хъуыстаид, уӕд йӕ цард бынтон ӕндӕрхуызон рауадаид. w23.09 9 ф., 6 абз.

Майрӕмбон, 13 июнь

Ма тӕрс (Лук. 5:10).

Йесо зыдта, апостол Петрӕй иузӕрдион лӕггадгӕнӕг кӕй рауайдзӕн. Ӕмӕ йын фӕлмӕнӕй загъта: «Ма тӕрс». Йесо равдыста, кӕй йыл ӕууӕндыд. Ӕмӕ уый Петрӕн йӕ цард бынтондӕр фӕивта. Фӕстӕдӕр йе ’фсымӕр Андреимӕ сӕ кӕсаг ахсыны куыст ныууагътой ӕмӕ систы Мессийӕйы фӕдылдзӕуджытӕ. Ӕмӕ сӕ Йегъовӕ стыр арфӕдзинӕдтӕй схайджын кодта (Мар. 1:16–18). Петр Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг куы сси, уӕд бирӕ диссӕгтӕ федта. Зӕгъӕм, федта, Йесо рынчынты куыд дзӕбӕх кодта, адӕмӕй дӕлимонты куыд сырдта ӕмӕ мӕрдты куыд ӕгас кодта (Матф. 8:14–17; Мар. 5:37, 41, 42). Петр ма цӕстылуайӕны федта, Йесойӕн, фидӕны Хуыцауы Паддзахады Паддзахӕн, цы стыр кад уыдзӕн, уый (Мар. 9:1–8; 2 Пет. 1:16–18). Ӕмӕ дзы уыцы хабар цӕрӕнбонтӕм дӕр нӕ ферох. Петр уый ӕнхъӕл кӕцӕй уыд, ӕмӕ ахӕм диссаджы хабӕрттӕ уындзӕн. Хӕрзаг, куыд цин кодтаид, йӕхимӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕй ракаст ӕмӕ уыцы арфӕдзинӕдтӕй ӕнӕхай кӕй нӕ фӕци, ууыл. w23.09 21 ф., 4, 5 абз.

Сабат, 14 июнь

Йесо йын дзуапп радта: «Зӕгъын дын: авд хатты нӕ, фӕлӕ ӕвдай авд хатты» (Матф. 18:22).

Апостол Петр йӕ фыццаг фыстӕджы ныффыста, нӕ уарзт артау куы судза, уӕд-иу нӕ бон кӕй уыдзӕн ӕрмӕст цалдӕр тӕригъӕды нӕ, фӕлӕ «бирӕ тӕригъӕдтӕ» ныххатыр кӕнын, кӕнӕ «бамбӕрзын» (1 Пет. 4:8, фип.). Чи зоны, Петр ӕрхъуыды кодта, Йесо йын бирӕ азты размӕ хатыр кӕныны тыххӕй цы загъта, уый. Уӕд ӕй Петр бафарста, зӕгъгӕ, дам, ме ’фсымӕрӕн йӕ рӕдыд «авд хатты» хъуамӕ ныббарон. Ӕвӕццӕгӕн ӕм афтӕ каст, ӕмӕ тынг хатыргӕнаг у. Фӕлӕ йын Йесо загъта, «ӕвдай авд хатты», дам, ома, цал хатты хъӕуы ныххатыр кӕнын, уымӕн нымӕц нӕй (Матф. 18:21). Ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ махмӕ дӕр хауынц. Кӕд дын зын у ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын ӕмӕ кӕмӕндӕр ныххатыр кӕнын, уӕд дӕ ныфс ма асӕттӕд. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр ӕнӕххӕст сты, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр хатт зын вӕййы ныххатыр кӕнын. Ныртӕккӕ дӕ хъӕуы, дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый саразын, цӕмӕй де ’фсымӕрӕн ныххатыр кӕнай ӕмӕ йемӕ бафидауай. w23.09 29 ф., 12 абз.

Хуыцаубон, 15 июнь

Йегъовӕмӕ скуывтон, ӕмӕ мын дзуапп радта (Ионӕ 2:2).

Ионӕ кӕсаджы хуылфы куы уыд, уӕд ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йын йӕ куывд кӕй хъусы ӕмӕ йын кӕй баххуыс кӕндзӕн, ууыл. Фӕстӕдӕр ӕй кӕсаг зӕхмӕ куы раппӕрста, уӕд цӕттӕ уыд, Йегъовӕ та йын ногӕй цы загъта, уый саразынмӕ (Ионӕ 2:10–3:4). Чи зоны, фӕлварӕны рӕстӕг афтӕ тынг фӕмӕт кӕныс, ӕмӕ дӕ бон кувын дӕр нӕ вӕййы кӕнӕ дӕм Библи иртасынӕн хъарутӕ нӕ вӕййы. Дӕ зӕрдыл-иу дар: Йегъовӕ дын дӕ уавӕр уыны ӕмӕ дӕ тынг хорз ӕмбары. Цыбыртӕй дӕр ӕм куы скувай, уӕд дӕр дӕ фехъусдзӕн ӕмӕ дын, цӕмӕй хъӕуы, уымӕй баххуыс кӕндзӕн (Еф. 3:20). Кӕд тынг ныфссаст дӕ ӕмӕ дӕм тыхы мур нӕй, цӕмӕй Библи кӕсай ӕмӕ йӕ иртасай, уӕд дӕ бон у Библийы кӕнӕ нӕ публикациты аудиозаписьтӕм хъусын. Кӕнӕ та дӕ бон у сайты jw.org нӕ зарджытӕй искӕцымӕ байхъусын йе та искӕцы видеороликмӕ бакӕсын. Йегъовӕмӕ куы кувай ӕмӕ дӕ куывдтытӕн дзуапп Библийы ӕмӕ нӕ публикациты куы агурай, уӕд ын афтӕмӕй фадат дӕтдзынӕ, цӕмӕй-иу дӕ бафидар кӕна. w23.10 13 ф., 6 абз.; 14 ф., 9 абз.

Къуырисӕр, 16 июнь

Хуыцауы сыгъдӕг тых [нын] ӕмбарын кӕны, цалынмӕ фыццаг цатыр йӕ бынаты лӕууыди, уӕдмӕ сыгъдӕг бынатмӕ бацӕуӕн кӕй нӕ уыд (Дзут. 9:8).

Цатыр ӕмӕ, фӕстӕдӕр Иерусалимы арӕзт чи ’рцыд, уыцы кувӕндӕттӕ мидӕгӕй ӕмхуызон конд уыдысты. Уыди дзы дыууӕ уаты – «Сыгъдӕг бынат» ӕмӕ «Ӕппӕты сыгъдӕг бынат». Се ’хсӕн та уыди нывӕфтыд ӕмбӕрзӕн (Дзут. 9:2–5; Рац. 26:31–33). Сыгъдӕг бынаты лӕууыд сызгъӕрин цырагъдарӕн, нывондхӕссӕн буд судзынӕн ӕмӕ стъол нывонд дзултӕн. Сыгъдӕг бынатмӕ бацӕуыны бар уыд ӕрмӕстдӕр «сӕрст сауджынтӕн», цӕмӕй сӕ хӕстӕ ӕххӕст кодтаиккой (Ным. 3:3, 7, 10). Ӕппӕты сыгъдӕг бынаты та уыд сызгъӕрин бадзырды чырын. Уый амыдта, Йегъовӕ йӕ адӕмы ’хсӕн кӕй ис, уымӕ (Рац. 25:21, 22). Ӕмбӕрзӕны мидӕмӕ, Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ, йӕ бон бацӕуын уыд ӕрмӕстдӕр хистӕр сауджынӕн афӕдз иу хатт – Сыгъдӕггӕнӕн боны (Лев. 16:2, 17). Уырдӕм-иу бацыд фосы тугимӕ, цӕмӕй-иу йӕхи дӕр ӕмӕ адӕмы дӕр тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кодтаид. Фӕстӕдӕр Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн раргом кодта, Сыгъдӕг бынат ӕмӕ Ӕппӕты сыгъдӕг бынат цӕмӕ амыдтой, уый (Дзут. 9:6, 7). w23.10 27 ф., 12 абз.

Дыццӕг, 17 июнь

Уӕ кӕрӕдзийы уарзут (Иоан. 15:17).

Хуыцауы Ныхасы арӕх ӕмбӕлы ацы фӕдзӕхст, кӕрӕдзийы уарзут, зӕгъгӕ (Иоан. 15:12; Ром. 13:8; 1 Фес. 4:9; 1 Пет. 1:22; 1 Иоан. 4:11). Фӕлӕ уарзондзинад у, зӕрдӕйы чи вӕййы, ахӕм ӕнкъарӕн. Ӕмӕ зӕрдӕ та иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕ вӕййы фенын. Уӕдӕ нӕ бон куыд у равдисын, иннӕты кӕй уарзӕм, уый? Уый бӕрӕг уыдзӕн нӕ ныхӕстӕй ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй. Нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уый нӕ бон у алыхуызӕтты ӕвдисын. Мӕнӕ цалдӕр хъуыддаджы: «кӕрӕдзийӕн, раст цы у, уый дзурут» (Зах. 8:16); «уӕ кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цӕрут» (Мар. 9:50); «кӕрӕдзийӕн кад кӕнынмӕ-иу иу иннӕйы разӕй фӕуӕд» (Ром. 12:10); «уӕ кӕрӕдзийы суазӕг кӕнут» (Ром. 15:7, фип.); «кӕрӕдзийӕн... хатыр кӕнут» (Кол. 3:13); «кӕрӕдзийы уӕргътӕ хӕссут» (Гал. 6:2); «уӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтаут ӕмӕ кӕрӕдзийы фидар кӕнут» (1 Фес. 5:11); «кӕрӕдзийы тыххӕй кувут» (Иак. 5:16). w23.11 9 ф., 7, 8 абз.

Ӕртыццӕг, 18 июнь

Цы ныфс уын ис, уый уын уӕд цины хос (Ром. 12:12).

Алы бон дӕр фӕхӕссӕм цавӕрдӕр уынаффӕтӕ, зӕгъӕм, ӕмбӕлттимӕ, ирхӕфсӕнтимӕ, уӕлдӕр ахуыримӕ, куыстимӕ, бинонты цардимӕ ӕмӕ сывӕллӕттимӕ баст уынаффӕтӕ. Ӕмӕ нӕ уымӕн фӕхъӕуы фидар уырнындзинад. Хъуамӕ-иу ахъуыды кӕнӕм ахӕм фарстатыл: «Мӕ уынаффӕтӕй бӕрӕг у, фидарӕй мӕ кӕй уырны, ацы дуне рӕстӕгмӕ кӕй у ӕмӕ йӕ тагъд Хуыцау ног дунейӕ кӕй баивдзӕн? Ӕви ӕз дӕр ацы дунейы адӕмы хуызӕн хъуыды кӕнын, зӕгъгӕ, адӕймаг иу хатт цӕры, ӕмӕ йын хъуамӕ алцыдӕр бантыса?» (Матф. 6:19, 20; Лук. 12:16–21). Ног дуне къӕсӕрыл кӕй ис, уый нӕ фидарӕй куы уырна, уӕд-иу рахӕсдзыстӕм ӕппӕты растдӕр уынаффӕтӕ. Фидар уырнындзинад ма нӕ фӕхъӕуы, фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд дӕр. Чи зоны, нӕ уырнындзинады тыххӕй ӕфхӕрд ӕййафӕм, уӕззау низ нӕм ссардтой кӕнӕ сӕмбӕлдыстӕм, адӕймагӕн йӕ ныфс кӕй тыххӕй асӕтты, ӕндӕр ахӕм фӕлварӕныл. Фыццаг, гӕнӕн ис, фидар фӕлӕууӕм. Фӕлӕ уыцы фӕлварӕн бирӕ рӕстӕг куы ахӕсса – афтӕ та арӕх рауайы – уӕд нӕ хъӕудзӕн фидар уырнындзинад, цӕмӕй йӕ сфӕразӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнӕм (1 Пет. 1:6, 7). w23.04 26, 27 фф., 4, 5 абз.

Цыппӕрӕм, 19 июнь

Ӕппынӕдзух кувут (1 Фес. 5:17).

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй нӕ куывдтытӕм гӕсгӕ архайӕм. Зӕгъӕм, ӕфсымӕр Йегъовӕмӕ кувы, цӕмӕй йын баххуыс кӕна куыстӕй йӕхи ракурынӕн ӕмӕ йӕ бон уа регионалон конгресмӕ ацӕуын. Цымӕ йын йӕ куывдӕн дзуапп куыд ратдзӕн? Йӕ бон у, ӕмӕ йын ратта хъӕбатырдзинад, цӕмӕй йӕ хицауимӕ аныхас кӕна. Фӕлӕ ӕфсымӕры йӕхи дӕр хъӕуы цыдӕр саразын – хъуамӕ йӕ хицаумӕ йӕхӕдӕг бацӕуа ӕмӕ йемӕ аныхас кӕна. Ӕмӕ, чи зоны, иу хатт дӕр нӕ, фӕлӕ цалдӕр хатты. Гӕнӕн ис, бахъӕуа йӕ уыцы бонты искӕимӕ баивын кӕнӕ отпуск йӕхи хардзӕй райсын. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй, цы нӕ тыхсын кӕны, уый тыххӕй йӕм арӕх кувӕм. Йесойы ныхӕстӕй бӕрӕг у, нӕ иуӕй-иу курдиӕттӕ нын Йегъовӕ уайтагъд кӕй нӕ сӕххӕст кӕндзӕн (Лук. 11:9). Ӕмӕ-иу дӕ къухтӕ ма ӕруадз. Дарддӕр дӕр ӕм зӕрдиагӕй кув (Лук. 18:1–7). Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд Йегъовӕ уындзӕн, уый нӕ ӕцӕгдӕр кӕй хъӕуы ӕмӕ йӕ ахсджиагыл кӕй нымайӕм. Стӕй ма афтӕмӕй равдисӕм, кӕй нӕ уырны, кӕй нын баххуыс кӕндзӕн, уый. w23.11 22 ф., 10, 11 абз.

Майрӕмбон, 20 июнь

[Адӕймаг] уыцы ныфсӕй... фыдӕнхъӕл нӕ фӕуыдзӕн (Ром. 5:5).

Йегъовӕ йӕ хӕлар Авраамӕн зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ байзӕддаджы фӕрцы зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр арфӕгонд кӕй ӕрцӕудзысты (Райд. 15:5; 22:18). Авраам Хуыцауыл тынг ӕууӕндыд, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ фидарӕй уырныдта, Хуыцауы зӕрдӕвӕрд ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн. Фӕлӕ йыл 100 азы куы цыд, йӕ усыл та – 90 азы, уӕд сын фырт нӕма уыд (Райд. 21:1–7). Ӕмӕ уӕддӕр Авраам ӕнхъӕлмӕ каст, Йегъовӕ йын цы загъта, уый кӕй сӕххӕст уыдзӕн, уымӕ. Библийы фыст ис: «Авраамы ныфс уыд ӕмӕ йӕ уырныдта, бирӕ адӕмты фыд кӕй суыдзӕн... Уырнгӕ та йӕ кодта, загъд ын цы уыд, уымӕ гӕсгӕ» (Ром. 4:18). Мах ӕй зонӕм, Авраам кӕй нӕ фӕфыдӕнхъӕл. Райгуырди йын, афтӕ бирӕ кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уыцы фырт – Исахъ. Цымӕ Авраамы афтӕ фидарӕй цӕмӕн уырныдта, Йегъовӕ йӕ ныхас кӕй нӕ фӕсайдзӕн, уый? Авраам Йегъовӕйы хорз зыдта, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ «фидарӕй уырныдта, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта», уый ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн (Ром. 4:21). Йегъовӕ дзы райгонд уыд ӕмӕ йӕ йӕ уырнындзинады тыххӕй банымадта рӕстгӕнӕгыл (Иак. 2:23). w23.12 8 ф., 1, 2 абз.

Сабат, 21 июнь

Гыццыл хъуыддаджы ӕууӕнкджын чи у, уый ӕууӕнкджын уыдзӕн стыр хъуыддаджы дӕр, гыццыл хъуыддаджы ӕнӕууӕнк чи у, уый та стыр хъуыддаджы дӕр уыдзӕн ӕнӕууӕнк (Лук. 16:10).

Ӕууӕнкджын ӕрыгон ӕфсымӕр йӕ хӕстӕ иууылдӕр хорз феххӕст кӕны. Ахъуыды кӕнӕм Йесо Чырыстийыл. Уый йӕ хӕстӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй никуы каст. Йегъовӕ йын цы хъуыддӕгтӕ бахӕс кодта, уыдон иууылдӕр сарӕзта, кӕд ын уый иуӕй-иу хатт зын уыд, уӕддӕр. Адӕмы, уӕлдайдӕр йӕ ахуыргӕнинӕгты, тынг уарзта ӕмӕ адӕмы тыххӕй йӕ цард дӕр нӕ бавгъау кодта (Иоан. 13:1). Ды дӕр Йесойы фӕзм. Цыфӕнды дын ма бахӕс кӕной, ӕппӕт тыхтӕй-иу бацархай, цӕмӕй йӕ саразай. Уыцы хъуыддаг куыд хъӕуы бакӕнын, уый куы нӕ зонай, уӕд та-иу сӕрныллӕгдзинад равдис ӕмӕ-иу фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртӕй ӕххуыс ракур. Кӕд дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ, цы хъуыд, уый сарӕзтай, фӕлӕ кӕд дӕ бон у фылдӕр саразын, уӕд ма зивӕг кӕн (Ром. 12:11). Дӕ зӕрдыл дар, уый «адӕймагӕн нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйӕн» кӕй аразыс (Кол. 3:23). Ӕмӕ йӕ уӕд кӕронмӕ ахӕццӕ кӕндзынӕ ӕмӕ алцыдӕр сараздзынӕ, хуыздӕр куыд у, афтӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕххӕст адӕймаг нӕ дӕ. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ у бонзонгӕ ӕмӕ-иу дӕ рӕдыдтытыл дӕр басӕтт (Ӕмб. 11:2). w23.12 26 ф., 8 абз.

Хуыцаубон, 22 июнь

Арфӕгонд у уыцы адӕймаг, йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл чи дары (Йер. 17:7).

Донаргъуыд райсай ӕмӕ Йегъовӕйы бинонтӕм ӕрбаиу уай, уымӕй стырдӕр циндзинад нӕй! Йегъовӕ не ’ввахс Хӕлар кӕй у, уый нын у стыр кад. Мах разы стӕм псаломзарӕггӕнӕг Давидимӕ: «Амондджын у уыцы адӕймаг, ды [Йегъовӕ] кӕй равзӕрстай ӕмӕ дӕхимӕ кӕй ӕрбаввахс кодтай, цӕмӕй дӕ кӕртыты цӕра» (Пс. 65:4). Йегъовӕ йӕ кӕртытӕм кӕй ӕрбакӕны? Кӕй фӕфӕнды, цӕмӕй йӕ хӕлар суа, уыдоны. Йегъовӕ ахӕм адӕммӕ ӕрбаввахс вӕййы (Иак. 4:8). Адӕймаг йӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕны ӕмӕ донаргъуыд куы райсы, уӕд ыл Хуыцау уый фӕстӕ йӕ арфӕдзинад ӕруадзы, «цух куыд ницӕмӕйуал ӕййафа, афтӕ» (Мал. 3:10; Йер. 17:8). Фӕлӕ донаргъуыд нӕ фӕндагӕн ӕрмӕст йӕ райдиан у. Донаргъуыды фӕстӕ нӕ фӕнды, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразын, цӕмӕй, Йегъовӕйӕн цы дзырд радтам, уый ӕххӕст кӕнӕм, суанг фӕлварӕнтыл куы ӕмбӕлӕм кӕнӕ нӕ исты куы рӕдийын кӕна, уӕд дӕр (Еккл. 5:4, 5). Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй систӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды йӕ къахвӕдтыл цӕуын ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын (Матф. 28:19, 20; 1 Пет. 2:21). w24.03 8 ф., 1–3 абз.

Къуырисӕр, 23 июнь

Адӕймаг ныууадздзӕн йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады ӕмӕ баиу уыдзӕн йӕ усимӕ (Райд. 2:24).

Чи зоны, нӕ уарзут рӕстӕг иумӕ ӕрвитын. Кӕд афтӕ у, уӕд цы ис саразӕн? Зӕгъӕм, арт куы скӕнай, уӕд уайтагъд пиллонӕй судзын нӕ райдайы. Фыццаг дзы фӕхъӕуы къӕцӕлтӕ баппарын, стӕй та – стырдӕр сугтӕ. Сымах дӕр уал гыццыл цӕмӕйдӕр райдайут. Зӕгъӕм, афтӕ бакӕнут, цӕмӕй уын алы бон дӕр иу гыццыл уӕддӕр уайа рӕстӕг иумӕ ӕрвитын. Уӕ дыууӕйы зӕрдӕмӕ дӕр цы цӕуы, уый-иу аразут (Иак. 3:18). Гыццыл цӕмӕйдӕр куы райдайат, уӕд та уӕ уарзты зынг ссудздзӕн. Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийы нымайой. Уыцы миниуӕг абарӕн ис туаггуыримӕ. Ӕнӕ туаггуырӕй арт тагъд ахуысдзӕн. Раст афтӕ, лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзи куы нӕ нымайой, уӕд сӕ уарзты зынг тагъд ӕрмынӕг уыдзӕн. Иу иннӕйы куы нымайа, уӕд та нӕ бауадздзысты, цӕмӕй сӕ уарзты зынг ахуысса. Ӕрмӕст-иу ахъуыды кӕн ахӕм фарстайыл: «Ды хъуыды кӕныс афтӕ, ӕмӕ дӕ цардӕмбалы нымайыс, ӕви уый дӕр афтӕ хъуыды кӕны?» w23.05 22 ф., 9 абз.; 24 ф., 14, 15 абз.

Дыццӕг, 24 июнь

Тыхст хъуыдытӕ мын-иу ӕнцой куы нал лӕвӕрдтой, уӕд мын дӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ рӕвдыдтой мӕ уд (Пс. 94:19).

Хатт цӕмӕйдӕр фӕтӕрсӕм. Библийы фыст ис, раджы заманты дӕр-иу Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ се знӕгтӕй кӕнӕ ӕндӕр цӕмӕйдӕрты кӕй тарстысты ӕмӕ-иу сӕ тас кӕй бацыд (Пс. 18:4; 55:1, 5). Ӕмӕ абон махӕн дӕр, гӕнӕн ис, нӕ уырнындзинады тыххӕй скъолайы, куысты, нӕ бинонтӕ кӕнӕ хицауад нӕ ныхмӕ цӕуой. Кӕнӕ, гӕнӕн ис, мӕлӕтдзаг рынчын фӕуӕм. Ахӕм рӕстӕджыты нӕхимӕ фӕкӕсӕм сывӕллонау ӕнӕбон. Уӕд нын Йегъовӕ куыд баххуыс кӕны? Йегъовӕ нын йӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕй нӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кӕны. Уӕдӕ Йегъовӕимӕ арӕх рӕстӕг ӕрвит, кув ӕм ӕмӕ йын йӕ Ныхас кӕс (Пс. 77:1, 12–14). Афтӕ кӕнын куы сахуыр уай, уӕд зын уавӕры дӕр фыццаджыдӕр дӕ уӕларвон Фыды бацагурдзынӕ. Цӕмӕй тӕрсыс, цӕуыл тыхсыс, уыдӕттӕ йын иууылдӕр дзур. Уый фӕстӕ-иу Библи бакӕс, цы зӕгъинаг дын у, уымӕ-иу байхъус. Ӕмӕ-иу ӕй афтӕмӕй бауадз, цӕмӕй дын йӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕй дӕ уд барӕвдауа ӕмӕ дын дӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кӕна (Пс. 119:28). w24.01 24, 25 фф., 14–16 абз.

Ӕртыццӕг, 25 июнь

Хуыцау уӕ йӕхӕдӕг... фидар кӕны, цӕмӕй уӕ фӕндгӕ дӕр кӕна ӕмӕ архайгӕ дӕр кӕнат (Фил. 2:13).

Адӕймаджы тынг куы фӕнда, цӕмӕй йӕ нысан йӕ къухы бафта, уӕд ӕм ӕппӕт хъарутӕй тырндзӕн ӕмӕ уый тыххӕй, цы хъӕуы, уый араздзӕн. Мах дӕр тынг куы фӕнда нӕ нысаныл сӕмбӕлын, уӕд ӕм тынгдӕр тырндзыстӕм, ӕмӕ нӕ къухы бафтдзӕн. Уӕдӕ дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дӕ нысанмӕ тынгдӕр тырнай? Хуыцауӕй ӕххуыс кур. Йегъовӕ дын йӕ сыгъдӕг тыхӕй ратдзӕн, ӕмӕ дӕ бафӕнддзӕн, цӕмӕй дӕ нысан дӕ къухы бафта. Хатт вӕййы афтӕ, ӕмӕ нӕ разы нысан сӕвӕрӕм, уымӕн ӕмӕ фӕзонӕм, уый ахсджиаг хъуыддаг кӕй у, фӕлӕ нӕ фӕндгӕ та афтӕ тынг нӕ фӕкӕны. Ӕмӕ уый дӕр хорз у. Йегъовӕ дын хорзӕй цы сарӕзта, ууыл хъуыды кӕн (Пс. 143:5). Апостол Павел дӕр-иу хъуыды кодта, Йегъовӕ йын цы стыр хорзӕхӕй бахай кодта, ууыл. Ӕмӕ-иу ӕй тынгдӕр бафӕндыд Йегъовӕйы хъуыддаджы бирӕ аразын (1 Кор. 15:9, 10; 1 Тим. 1:12–14). Ды дӕр, Йегъовӕ дын хорзӕй цы сарӕзта, ууыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дӕ ноджы тынгдӕр фӕнддзӕн, цӕмӕй дӕ нысан дӕ къухы бафта, ӕмӕ йӕм тынгдӕр тырндзынӕ (Пс. 116:12). w23.05 27 ф., 3–5 абз.

Цыппӕрӕм, 26 июнь

Кадджын кӕнут Йегъовӕйӕн йӕ ном (Пс. 113:1).

Нӕ уӕларвон Фыдӕн йӕ ном куы фӕкадджын кӕнӕм, уӕд ын уый тынг ӕхсызгон вӕййы (Пс. 119:108). Фӕлӕ цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы ӕнӕххӕст адӕмы хуызӕн фӕхъӕуы, цӕмӕй дзы ӕппӕлой, ӕмӕ-иу фӕныфсджындӕр уа? Уый афтӕ нӕу. Хӕйрӕг мах тыххӕй дӕр фӕкодта мӕнг ныхӕстӕ. Ӕмӕ нӕ уӕларвон Фыды куы фӕкадджын кӕнӕм, уӕд равдисӕм, сайгӕ кӕй кӕны. Уый афтӕ зӕгъы, ӕмӕ иу адӕймаг дӕр кӕронмӕ Хуыцауы сӕрыл нӕ хӕцдзӕн ӕмӕ йыл фӕлварӕнты иузӕрдионӕй нӕ баззайдзӕн. Ома, дам, нӕ иу дӕр Хуыцауӕн нал лӕггад кӕндзӕн, афтӕмӕй нӕхицӕн ӕнцондӕр куы уа, уӕд (Иов 1:9–11; 2:4). Фӕлӕ Иов Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззад ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, Хӕйрӕг сайӕгой кӕй у. Ды дӕр Хуыцауыл кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззайдзынӕ? Алкӕмӕн дӕр нӕ йӕ бон у алы уавӕры дӕр Хуыцауы сӕрыл хӕцын ӕмӕ йын нӕ иузӕрдион лӕггадӕй йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын (Ӕмб. 27:11). Уый махӕн стыр кад у! w24.02 8, 9 фф., 3–5 абз.

Майрӕмбон, 27 июнь

Ӕууӕндут ын йӕ пехуымпартыл, ӕмӕ уыдзыстут ӕнтыстджын (2 Аз. 20:20).

Моисейы ӕмӕ Йесо На́вины фӕстӕ Йегъовӕ райдыдта тӕрхонгӕнджыты ӕвӕрын, цӕмӕй йын йӕ адӕмӕн разамынд лӕвӕрдтаиккой, паддзӕхты рӕстӕг та – пехуымпарты. Хуыцауыл иузӕрдион чи уыд, уыцы паддзӕхтӕ-иу хъуыстой, пехуымпартӕ сын цы дзырдтой, уымӕ. Паддзах Давид равдыста сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ байхъуыста пехуымпар Нафа́нмӕ (2 Сам. 12:7, 13; 1 Аз. 17:3, 4). Паддзах Иосафа́т байхъуыста пехуымпар Иахазии́лы разамындмӕ ӕмӕ Иудӕйы адӕмӕн дӕр загъта, зӕгъгӕ, «ӕууӕндут... [Хуыцауы] пехуымпартыл» (2 Аз. 20:14, 15). Зын уавӕры паддзах Езе́ки йӕ лӕггадгӕнджыты арвыста пехуымпар Исаймӕ, цӕмӕй сын загътаид, куыд кӕнгӕ сын у, уый (Ис. 37:1–6). Паддзӕхтӕ-иу Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ куы архайдтой, уӕд-иу сын раарфӕ кодта ӕмӕ-иу йӕ адӕмы хъахъхъӕдта (2 Аз. 20:29, 30; 32:22). Бӕрӕг уыди, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн разамынд йӕ пехуымпарты уылты кӕй дӕтты, уый. w24.02 21 ф., 8 абз.

Сабат, 28 июнь

[Семӕ] уын иумӕйагӕй мацы уӕд (Еф. 5:7).

Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй нӕ рӕстӕг ӕрвитӕм, Йегъовӕйы чи нӕ уарзы, ахӕм адӕмимӕ. Уӕд нын зындӕр уыдзӕн Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын. Хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, уымӕн ӕмӕ абон адӕм ӕнӕуи дӕр фембӕлынц ӕмӕ ма социалон сетьты дӕр фӕдзурынц ӕмӕ фӕфыссынц кӕрӕдзимӕ. Кӕд нӕ ацы дуне ахӕм зондыл аразы, зӕгъгӕ, ӕнӕгъдау цард кӕнай, уым ӕвзӕрӕй ницы ис, уӕддӕр мах зонӕм, уый раст кӕй нӕу. Ӕмӕ хъуамӕ нӕхимӕ ахӕм хъуыдытӕ ӕмгӕрон дӕр ма уадзӕм (Еф. 4:19, 20). Хорз уаид, ахӕм фарстатыл куы ахъуыды кӕниккам: «Архайын, цӕмӕй, Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи нӕ цӕры, ахӕм адӕмимӕ къаддӕр рӕстӕг ӕрвитон, зӕгъӕм, куысты кӕнӕ скъолайы? Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ ныфсджынӕй фӕархайын, кӕд мӕ иннӕтӕ уый тыххӕй фанатик фӕхонынц, уӕддӕр?» 2 Тимофеймӕ 2:20–22 стихтӕм гӕсгӕ, хъуамӕ суанг ӕмбырды дӕр нӕхицӕн ӕмбӕлттӕ лӕмбынӕг ӕвзарӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ, гӕнӕн ис, чырыстӕттӕй дӕр чидӕртӕ ӕвзӕр зондыл аразой. Ӕмӕ уӕд нӕ бон нӕ уыдзӕн Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын. w24.03 22, 23 фф., 11, 12 абз.

Хуыцаубон, 29 июнь

Йегъовӕ фӕлмӕн уарзтӕй... уарзы (Иак. 5:11).

Искуы хъуыды кодтай, цымӕ Йегъовӕ цыхуызӕн у, зӕгъгӕ? Кӕд ӕнӕуынгӕ у, уӕддӕр ӕй Библи алыхуызӕтты ӕвдисы. Зӕгъӕм, фыст дзы ис, Йегъовӕ кӕй у «хур ӕмӕ... уарт» ӕмӕ «ӕппӕт дӕр чи ныхъуыры, ахӕм арт» (Пс. 84:11; Дзут. 12:29). Йезекил цӕстылуайӕны федта, Йегъовӕ кӕй бадти сапфирдуры хуызӕн паддзахбадӕныл. Зынаргъ згъӕртӕ ӕрттывдтытӕ куыд фӕкалынц, афтӕ ӕрттывдтытӕ калдта, йӕ алыварс та уыди цӕхӕркалгӕ арвӕрдыны хуызӕн цыдӕр (Йез. 1:26–28). Нӕ бон Йегъовӕйы фенын кӕй нӕу, уый тыххӕй нӕ, чи зоны, зынтӕй фӕуырны, кӕй нӕ уарзы, уый. Кӕйдӕрты та уый нӕ фӕуырны, царды цытӕ бавзӕрстой, уый тыххӕй. Ӕмӕ нӕ Йегъовӕ хорз ӕмбары. Фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм. Уымӕ гӕсгӕ нын Библийы раргом кодта, фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау кӕй у, уый. Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый кой куы кӕнӕм, уӕд ӕппӕты хуыздӕр сфидаудзӕн дзырд уарзондзинад. Библийы фыст ис: «Хуыцау у уарзондзинад» (1 Иоан. 4:8). Ӕмӕ, цыдӕриддӕр аразы, уый аразы, кӕй нӕ уарзы, уый тыххӕй. Йегъовӕмӕ уыйбӕрц уарзондзинад ис ӕмӕ йӕ уарзондзинад ахӕм тыхджын у, ӕмӕ йӕ чи нӕ уарзы, уыдонӕн дӕр дзы хай кӕны (Матф. 5:44, 45). w24.01 26 ф., 1–3 абз.

Къуырисӕр, 30 июнь

Мигъы хуызӕн цӕджындзӕй ныхас кодта семӕ (Пс. 99:7).

Йегъовӕ Моисейы равзӕрста, цӕмӕй израилӕгты Египетӕй ракодтаид. Ӕмӕ сын равдыста, йӕхӕдӕг сӕ кӕй кӕны. Бонӕй-иу сӕ разӕй цыди мигъы хуызӕн цӕджындз, ӕхсӕвы та – арты хуызӕн цӕджындз (Рац. 13:21). Моисей цыд уыцы цӕджындзы фӕдыл, ӕмӕ сӕ уыцы цӕджындз ӕрбакодта Сырх денджызмӕ. Фӕлӕ сӕ фӕстейӕ египетӕгтӕ сырдтой, ӕмӕ израилӕгтӕм афтӕ фӕкаст, ӕмӕ сын аирвӕзӕн нал ис. Гъемӕ тынг старстысты. Фӕлӕ Моисей ницӕмӕй фӕрӕдыд. Йегъовӕ сӕ Моисейӕн уырдӕм барӕй ӕрбакӕнын кодта (Рац. 14:2). Ӕмӕ сӕ стӕй, ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ уыдысты, афтӕ фервӕзын кодта (Рац. 14:26–28). Уый фӕстӕ 40 азы дӕргъы Моисей дарддӕр цыди мигъы хуызӕн цӕджындзы фӕдыл ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы адӕмы ӕдзӕрӕг быдыры кодта (Рац. 33:7, 9, 10). Уыцы цӕджындзӕй-иу Йегъовӕ Моисеимӕ ныхас кодта, ӕмӕ-иу ын Моисей йӕ амындтӕ адӕммӕ фӕхӕццӕ кодта. Израилӕгтӕн фагӕй дӕр фылдӕр уыд бӕлвырдгӕнӕнтӕ, Йегъовӕ сӕ Моисейы уылты кӕй кодта ӕмӕ сын разамынд уый уылты кӕй лӕвӕрдта, уымӕн. w24.02 21 ф., 4, 5 абз.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын