Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w25 август 2–7 фф.
  • Йегъовӕ нын фидар фӕлӕууынӕн куыд ӕххуыс кӕны?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йегъовӕ нын фидар фӕлӕууынӕн куыд ӕххуыс кӕны?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • КУЫВД
  • ХУЫЦАУЫ НЫХАС
  • ХОТӔ ӔМӔ ’ФСЫМӔРТӔ
  • НӔ НЫФС
  • Рох дӕ ма уӕд, Йегъовӕ «удӕгас Хуыцау» кӕй у
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Алцы кӕй нӕ зонӕм, уымӕ раст цӕстӕй кӕс
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Кӕронмӕ фидар фӕлӕууынӕн нын чи баххуыс кӕндзӕн, уыцы фыстӕг
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Йегъовӕ «дзӕбӕх кӕны, зӕрдӕсаст чи у, уыдоны»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
w25 август 2–7 фф.

32 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

38 ЗАРӔГ Хуыцау дӕ бафидар кӕндзӕн

Йегъовӕ нын фидар фӕлӕууынӕн куыд ӕххуыс кӕны?

«[Хуыцау уӕ] кӕронмӕ сахуыр кӕндзӕн, бафидар уӕ кӕндзӕн, уӕ хъарутыл уын хъарутӕ бафтаудзӕн» (1 ПЕТ. 5:10).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Йегъовӕ нын бирӕ лӕвӕрттӕ скодта. Нӕ бон ӕм у кувын, радта нын Библи, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты, стӕй нын радта фидӕнӕй ныфс. Уыдӕттӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй-иу зындзинӕдты рӕстӕг фидар фӕлӕууӕм?

1. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты фидардзинад цӕмӕн хъӕуы ӕмӕ сын кӕй бон у баххуыс кӕнын? (1 Петры 5:10).

АЦЫ фӕстаг бонты Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты хъӕуы фидардзинад. Чидӕртӕ нӕ уӕззау низӕй сты рынчын. Кӕмӕндӕрты йӕ бинонтӕй кӕнӕ йе ’ввахс ӕмбӕлттӕй чидӕр фӕзиан. Кӕйдӕрты сӕ бинонтӕ хъыгдарынц Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Чидӕртӕ та хицауады къухӕй ӕфхӕрд ӕййафынц. Ды та цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлыс? (Матф. 10:18, 36, 37). Цыфӕнды зындзинӕдтыл ма ’мбӕлай, уӕддӕр ма дызӕрдыг кӕн, Йегъовӕ дын фидар фӕлӕууынӕн кӕй баххуыс кӕндзӕн. (Бакӕс 1 Петры 5:10.)

2. Нӕ бон цӕй фӕрцы вӕййы фидар фӕлӕууын?

2 Фидардзинад нӕм куы уа, уӕд Йегъовӕйыл иузӕрдион уыдзыстӕм ӕмӕ йын цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕндзыстӕм, фӕлварӕнтыл куы ’мбӕлӕм, нӕ фӕдыл куы зилой ӕмӕ нын тӕригъӕд саразынӕй тӕссаг куы уа, суанг уӕд дӕр. Стӕй-иу зындзинӕдтӕн уый бар нӕ ратдзыстӕм, цӕмӕй нын нӕ ныфс асӕттой. Ахӕм фидардзинад нӕ бон ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы фӕрцы у ӕвдисын. Уый нӕ схайджын кӕны, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ» (2 Кор. 4:7). Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Йегъовӕ нын фидар фӕлӕууынӕн цавӕр цыппар хъуыддаджы фӕрцы ӕххуыс кӕны, ууыл. Стӕй базондзыстӕм, махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нын уыцы хъуыддӕгтӕ пайда хӕссой.

КУЫВД

3. Нӕ бон Йегъовӕмӕ кувын кӕй у, уый диссаг цӕмӕн у?

3 Йегъовӕ нын скодта диссаджы лӕвар – нӕ бон ӕм у кувын. Уый фӕрцы нӕ бон вӕййы зындзинӕдты рӕстӕг фидар фӕлӕууын. Кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр нын Йегъовӕ уый фадат радта, цӕмӕй нӕ бон уа йемӕ ныхас кӕнын (Дзут. 4:16). Нӕ бон у Йегъовӕимӕ ныхас кӕнын кӕдфӕнды дӕр, цӕуылфӕнды дӕр ӕмӕ цыфӕнды ӕвзагыл дӕр. Уый диссаг куыннӕ у! Йегъовӕ нӕ хъусы, кӕмфӕнды ма уӕм, уӕддӕр, суанг ахӕстоны куы уӕм, стӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн уый фадат куы нӕ уа, цӕмӕй нӕ бафидар кӕной, уӕддӕр (Ионӕ 2:1, 2; Хъуыд. 16:25, 26). Хатт нӕ фыртыхстӕй нӕ фӕзонӕм, кувгӕ-кувын цы зӕгъӕм, уый. Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕ, цы зӕгъинаг стӕм, уый бамбары (Ром. 8:26, 27). Ӕцӕгдӕр, куывд у диссаджы лӕвар!

4. Нӕ бон цӕмӕн у фидарӕй зӕгъын, Йегъовӕйӕ фидардзинад куы курӕм, уӕд нын нӕ куывд кӕй фехъусдзӕн?

4 Библийы фыст ис: «Хуыцауӕй йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ цыфӕнды ма ракурӕм, – хъусы нӕ» (1 Иоан. 5:14). Цымӕ Йегъовӕйӕ нӕ бон у курын, цӕмӕй нын зындзинӕдты сӕрты ахизынӕн баххуыс кӕна? О, уый йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ у. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис? Уымӕн ӕмӕ фӕлварӕнты рӕстӕг Хуыцауыл иузӕрдионӕй куы баззайӕм, уӕд йӕ бон вӕййы Хӕйрӕджы фидистӕн дзуапп раттын (Ӕмб. 27:11). Уымӕй уӕлдай ма Библийы фыст ис, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй, «йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ кӕмӕн у, уыдоны тыххӕй йӕ хъару равдиса» (2 Аз. 16:9). Уӕдӕ нӕ бон у фидарӕй зӕгъын, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у ӕмӕ йӕ фӕндгӕ дӕр кӕй кӕны, цӕмӕй-иу нын фидар фӕлӕууынӕн баххуыс кӕна (Ис. 30:18; 41:10; Лук. 11:13).

5. Хуыцаумӕ куы фӕкувӕм, уӕд нӕ зӕрдӕ фарнӕй куыд байдзаг вӕййы? (Исай 26:3).

5 Цы нӕ тыхсын кӕны, уый тыххӕй куы фӕкувӕм, уӕд нын «Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн» бахъахъхъӕны нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ нӕ зонд (Фил. 4:7). Ахъуыды-ма кӕнӕм, уый цӕуыл дзурӕг у. Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыцы адӕм зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлынц, уӕд райдайынц агурын, сӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кӕнынӕн сын цы баххуыс кӕндзӕн, уыдӕттӕ. Ӕмӕ кӕд ӕрсабыр вӕййынц, уӕддӕр сӕ зӕрдӕты ӕцӕг фарн нӕ фӕзыны. Ахӕм фарн ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ ратты, куы йӕм скувӕм, уӕд. Ӕмӕ уыцы фарн ницӕимӕ ис абарӕн. (Абар Матфейы 12:43–45.) Йегъовӕмӕ куы фӕкувӕм, уӕд ӕй фены, нӕ зӕрдӕ йыл ӕгасӕй дӕр кӕй дарӕм, ӕмӕ нӕ «ӕгӕрон фарнӕй» схайджын кӕны. (Бакӕс Исайы 26:3.) Уый куыд фӕаразы? Зӕгъӕм, баххуыс нын кӕны, цӕмӕй нӕ зӕрдыл ӕрлӕууой, чи нӕ бафидар кӕндзӕн, ахӕм стихтӕ. Уыцы стихты фӕрцы бамбарӕм, Йегъовӕ нӕ куыд тынг уарзы ӕмӕ ныл куыд тынг тыхсы, ӕмӕ нӕ зӕрдӕ ӕмӕ нӕ зонд ӕрсабыр вӕййынц (Пс. 62:1, 2).

6. Дӕ бон цӕй тыххӕй у кувын? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

6 Дӕ бон цы у аразын? Зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлай, уӕд-иу «дӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕр» ӕмӕ-иу ӕм кув, цӕмӕй дӕ фарнӕй схайджын кӕна (Пс. 55:22). Стӕй-иу дзы зонд кур, цӕмӕй, куыд кӕнгӕ дын у, уый бамбарай (Ӕмб. 2:10, 11). Ӕмӕ-иу ын бузныг дзурын дӕр ма рох кӕн (Фил. 4:6). Йегъовӕ дын фӕлварӕны рӕстӕг куыд ӕххуыс кӕны, уый феныныл-иу бацархай ӕмӕ-иу ын уый тыххӕй бузныг зӕгъ. Дӕ зындзинӕдтӕ дӕ ма бакуырм кӕнӕнт, ӕмӕ-иу уыдоны тыххӕй, Йегъовӕ дын нырмӕ дӕр хорзӕй цы сарӕзта, уыдӕттӕ ма ферох кӕн (Пс. 16:5, 6).

Ацӕргӕ ’фсымӕр зымӕгон бон хӕдзары бады ӕмӕ Йегъовӕмӕ кувы. Йӕ уӕрджытыл ис Библи гомӕй, йӕ фарсмӕ стъолыл та – хостӕ.

Куы фӕкувӕм, уӕд Йегъовӕимӕ фӕныхас кӕнӕм. Библи куы фӕкӕсӕм, уӕд та Йегъовӕ немӕ фӕныхас кӕны (кӕс 6 абзац)b


ХУЫЦАУЫ НЫХАС

7. Библи кӕй иртасӕм, уый нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй-иу фидар фӕлӕууӕм?

7 Йегъовӕ ма нын фидар фӕлӕууынӕн куыд ӕххуыс кӕны? Радта нын йӕ Ныхас. Йегъовӕ-иу зын рӕстӕджы нӕ фарсмӕ кӕй балӕудзӕн, уый фӕдыл Библийы ис бирӕ стихтӕ. Сӕ иу у Матфейы 6:8 стих. Фыст дзы ис: «Уӕ уӕларвон Фыд, кургӕ дӕр дзы ницыма ракӕнут, афтӕмӕй фӕзоны, цы хъуаг стут, уый». Ацы ныхӕстӕ загъта Йесо. Уымӕй хуыздӕр та Йегъовӕйы ничи зоны. Уӕдӕ нӕ бон у фидарӕй зӕгъын, цыфӕнды зындзинӕдтыл ма сӕмбӕлӕм, уӕддӕр Йегъовӕ кӕй фӕзоны, цавӕр ӕххуыс нӕ хъӕуы, уый ӕмӕ-иу нын ӕнӕмӕнг кӕй баххуыс кӕндзӕн. Ацы стихӕй уӕлдай ма нын Библийӕ бирӕ ӕндӕр стихтӕ баххуыс кӕндзысты фидар фӕлӕууынӕн (Пс. 94:19).

8. а) Библийы уагӕвӕрдтӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй-иу зындзинӕдты рӕстӕг фидар фӕлӕууӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттон. б) Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу бахъуаджы сахат Библийы уагӕвӕрдтӕ нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм?

8 Библийы уагӕвӕрдтӕ нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй-иу фидар фӕлӕууӕм ӕмӕ-иу зындзинӕдты сӕрты ахизӕм. Уыдоны фӕрцы нӕ бон вӕййы раст уынаффӕтӕ рахӕссын (Ӕмб. 2:6, 7). Зӕгъӕм, Библи нын дзуры, цӕмӕй, райсом цы ’рцӕудзӕн кӕнӕ цы не ’рцӕудзӕн, ууыл мӕт кӕныны бӕсты алы бон дӕр нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарӕм (Матф. 6:34). Нӕхи куы сахуыр кӕнӕм алы бон дӕр Библи кӕсын ӕмӕ йыл хъуыды кӕнын, уӕд-иу бахъуаджы сахат хъӕугӕ уагӕвӕрдтӕ нӕ зӕрдыл ӕрлӕудзысты.

9. Библийы, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн куыд ӕххуыс кодта, уый тыххӕй куы кӕсӕм, уӕд нын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнӕм, алкӕддӕр нӕ фарсмӕ кӕй уыдзӕн?

9 Библийы ма фыст ис Йегъовӕйы рагон лӕггадгӕнджыты тыххӕй. Уыдон дӕр мах хуызӕн адӕм уыдысты. Уыцы лӕггадгӕнджытӕ-иу сӕ ныфс Йегъовӕйыл дардтой, ӕмӕ-иу сын Йегъовӕ баххуыс кодта (Дзут. 11:32–34; Иак. 5:17). Сӕ хабӕрттыл сын куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ дызӕрдыг кӕндзыстӕм, Йегъовӕ кӕй у «не ’мбӕхсӕн ӕмӕ нӕ хъару, зын сахат нӕм уайтагъд ӕххуысмӕ фӕзыны» (Пс. 46:1). Уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ суанг зын рӕстӕджыты дӕр Йегъовӕйыл куыд ӕнувыд уыдысты, уый тыххӕй куы фӕкӕсӕм, уӕд мах дӕр бафӕнды сӕ уырнындзинад ӕмӕ сын сӕ фидардзинад бафӕзмын (Иак. 5:10, 11).

10. Хуыцауы Ныхас дын куыд баххуыс кӕндзӕн?

10 Дӕ бон цы у аразын? Алы бон дӕр Библи кӕс. Стӕй сараз, дӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы ӕмӕ дын чи феххуыс кӕны, ахӕм стихты номхыгъд. Бирӕтӕн ма сӕ зӕрдӕмӕ цӕуы брошюрӕ «Фыстад иртас» райсомӕй кӕсын. Уый фӕрцы боны дӕргъы сӕ бон вӕййы Библийы стихыл ӕмӕ йӕм цы комментари ис, ууыл хъуыды кӕнын. Ӕркӕсӕм-ма хо Мари́йыa хабармӕ. Йӕ ныййарджытӕ ракӕй фӕрынчын сты. Цы йын баххуыс кодта, цӕмӕй сӕм сӕ царды фӕстаг цалдӕр мӕйы дӕргъы кастаид? Мари загъта: «Алы райсом дӕр-иу бакастӕн стих брошюрӕйӕ „Алы бон дӕр Фыстад иртас“ ӕмӕ-иу ыл арф хъуыды кодтон. Уый фӕрцы-иу мӕ зындзинӕдтыл ӕгӕр не сдӕн ӕмӕ-иу фылдӕр хъуыды кодтон Йегъовӕйыл ӕмӕ нӕ йӕ Ныхасы уылты цӕуыл ахуыр кӕны, ууыл» (Пс. 61:2).

ХОТӔ ӔМӔ ’ФСЫМӔРТӔ

11. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ зындзинӕдты рӕстӕг фидар кӕй фӕлӕууынц, уый нӕ ныфс куыд уадзы?

11 Йегъовӕ ма нын радта хоты ӕмӕ ’фсымӕрты. Уыдон дӕр нын нӕ зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн ӕххуыс кӕнынц. Мах ӕй зонӕм, «[не] ’фсымӕртӕ ӕгас дунейы дӕр ахӕм хъизӕмӕрттӕ кӕй ӕвзарынц» (1 Пет. 5:9). Уӕдӕ цыфӕнды уӕззау фӕлварӕныл ма сӕмбӕлӕм, уӕддӕр ӕй зонӕм, нӕ хотӕй ӕмӕ не ’фсымӕртӕй дӕр чидӕртӕ ахӕм фӕлварӕныл кӕй сӕмбӕлдысты ӕмӕ фидар кӕй фӕлӕууыдысты. Ӕмӕ махӕн дӕр уый нӕ къухы бафтдзӕн! (Хъуыд. 14:22).

12. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ нын куыд ӕххуыс кӕнынц ӕмӕ сын махӕн та нӕ бон куыд у ӕххуыс кӕнын? (2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4).

12 Зын рӕстӕджыты хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ нӕ фарсмӕ ӕрбалӕууынц. Апостол Павел уый йӕхицӕй зыдта. Хӕдзары йӕ ахстӕй куы дардтой, уӕд-иу ӕй йе ’мчырыстӕттӕ бафидар кодтой, йӕ ныфсыл-иу ын ныфс бафтыдтой ӕмӕ-иу ын хъуыддагӕй дӕр баххуыс кодтой. Йӕ фыстӕджыты-иу арӕх уыцы чырыстӕтты номгай ранымадта ӕмӕ-иу ныффыста, куыд бузныг сӕ у (Фил. 2:25, 29, 30; Кол. 4:10, 11). Абон дӕр хабар афтӕ у. Зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд нӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ уайтагъд ӕххуысмӕ фӕзынынц. Ӕмӕ уыдоны куы фӕхъӕуы ӕххуыс, уӕд та мах уайтагъд сӕ уӕлхъус ӕрбалӕууӕм. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4.)

13. Майӕйӕн цы баххуыс кодта фӕлварӕны фидар фӕлӕууынӕн?

13 Фенӕм-ма, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ куыд бафидар кодтой Уӕрӕсейӕ иу хойы, Майӕйы. 2020 азы йын йӕ хӕдзар баджигул кодтой. Фӕстӕдӕр та тӕрхондоны раз ӕрлӕууыд, цӕуыл ӕууӕнды, ууыл иннӕтимӕ кӕй дзырдта, уый тыххӕй. Майӕ загъта: «Тыхы мур-иу мӕм куы нал баззад, уӕд-иу мӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ӕрбадзырдтой кӕнӕ ныффыстой. Загътой-иу мын, тынг мӕ кӕй уарзынц». Стӕй ма загъта: «Уарзӕгой стыр бинонтӕ мын кӕй ис, уый алкӕддӕр зыдтон. Фӕлӕ 2020 азӕй фӕстӕмӕ уый тынгдӕр райдыдтон ӕмбарын».

14. Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй-иу дын фӕлварӕны рӕстӕг хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ баххуыс кӕной? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

14 Дӕ бон цы у аразын? Кӕд ныртӕккӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлыс, уӕд уӕлдай ахсджиаг у, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ ӕнгом уай. Ма ’фсӕрмы кӕн хистӕр нӕлгоймӕгтӕй ӕххуыс ракурын. Уыдон сты, «дымгӕйӕ кӕм бамбӕхсай, тӕрккъӕвдайӕ дӕхи кӕм бааууон кӕнай, ахӕм бынаты хуызӕн» (Ис. 32:2). Фӕлӕ дӕ зӕрдыл дар, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дӕр фӕлварӕнтыл кӕй ӕмбӕлынц. Зын уавӕры чи ис, уымӕн исты хорздзинад куы саразай, уӕд-иу дын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ фӕлварӕнмӕ раст цӕстӕй кӕсай, амондджындӕр уай ӕмӕ фидар фӕлӕууай (Хъуыд. 20:35).

Уӕлдӕр нывы цы ацӕргӕ ’фсымӕр уыд, уый уалдзыгон бон хӕдзары бады. Йӕ фарсмӕ ис лӕдзӕг, иннӕ фарс стъолыл та – цалдӕр хуызы хостӕ. Ӕфсымӕр ӕм йӕ усимӕ ӕмӕ йӕ дыууӕ гыццыл чызгимӕ уазӕгуаты ’рбацыд. Ацӕргӕ ’фсымӕр семӕ зӕрдиагӕй ныхас кӕны. Чызджытӕй йын иу ӕвдисы, дзӕнӕт куыд сныв кодта, уый.

Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ ӕнгом у (кӕс 14 абзац)c


НӔ НЫФС

15. Йесойӕн цы ныфс уыд, уый йын куыд баххуыс кодта фидар фӕлӕууынӕн ӕмӕ махӕн дӕр нӕ ныфс куыд ӕххуыс кӕны? (Дзуттӕгтӕм 12:2).

15 Йегъовӕ ма нын радта фидар ныфс. Ӕмӕ нын афтӕмӕй дӕр ӕххуыс кӕны нӕ зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн (Ром. 15:13). Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, Йесойӕн цы ныфс уыд, уый йын куыд баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ зӕххон царды ӕппӕты уӕззаудӕр бон фидар фӕлӕууыдаид. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 12:2.) Йесо зыдта, Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй куы баззайа, уӕд ын афтӕмӕй йӕ ном кӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн. Стӕй тынг ӕнхъӕлмӕ каст, фӕстӕмӕ йӕ Фыдмӕ куы аздӕха, стӕй Паддзах куы суа ӕмӕ йе ’фсымӕртимӕ иумӕ зӕххӕн разамынд куы дӕтта, уыцы рӕстӕгмӕ. Махӕн дӕр ис ныфс, Хуыцауы ног дунейы кӕй цӕрдзыстӕм. Ӕмӕ Хӕйрӕджы дунейы цыфӕнды зындзинӕдтыл ма сӕмбӕлӕм, уӕддӕр нын уыцы ныфс баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу Йесойау фидар фӕлӕууӕм.

16. Фидӕнӕй нын цы ныфс ис, уый иу хойӕн куыд баххуыс кодта ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

16 Фидӕнӕй нын цы ныфс ис, уый Уӕрӕсейӕ иу хойӕн, Аллӕйӕн, куыд баххуыс кодта? Йӕ лӕджы йын ӕрцахстой ӕмӕ йӕ слестгӕнӕн изоляторы сбадын кодтой. Аллӕйы куы бафарстой, цы дын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй дӕхимӕ ма ныхъхъусай, зӕгъгӕ, уӕд загъта: «Цы ныфс мын ис, уый тыххӕй Йегъовӕмӕ арӕх фӕкувын ӕмӕ уыцы ныфсыл арӕх фӕхъуыды кӕнын. Стӕй мӕхицӕн фӕзӕгъын, цард ууыл кӕй не ’рлӕууыд. Йегъовӕ йе знӕгтыл ӕнӕмӕнг фӕуӕлахиз уыдзӕн ӕмӕ нӕ схорзӕхджын кӕндзӕн».

17. Нӕ бон куыд у равдисын, Йегъовӕйӕ бузныг кӕй стӕм, цы ныфс нын радта, уый тыххӕй? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

17 Дӕ бон цы у аразын? Рӕстӕг-иу рахицӕн кӕн, цӕмӕй ахъуыды кӕнай, Йегъовӕ дын цы диссаджы фидӕн ӕрцӕттӕ кодта, ууыл. Дӕ цӕстытыл-иу ауайын кӕн, ног дунейы куыд амондджын уыдзынӕ, уый. Уый фӕрцы дӕ рох нӕ уыдзӕн, «нӕ зындзинӕдтӕ рӕстӕгмӕ [кӕй] сты ӕмӕ афтӕ уӕззау [кӕй] не сты» (2 Кор. 4:17). Стӕй-иу алы фадатӕй дӕр пайда кӕн, цӕмӕй иннӕтӕн дзурай, Йегъовӕ нын фидӕнӕй цы диссаджы ныфс ӕвӕры, уый тыххӕй. Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыцы адӕм дӕр бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, фӕлӕ нын Хуыцау зӕрдӕ цы фидӕнӕй ӕвӕры, уый тыххӕй ӕппындӕр ницы зонынц. Ӕмӕ-ма ахъуыды кӕн, куыд зын сын у! Ӕмӕ-иу сын Хуыцауы Паддзахады ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдты тыххӕй дыууӕ ныхасы дӕр куы зӕгъӕм, уӕд сӕ, чи зоны, бафӕнда фылдӕр базонын.

Уыцы ацӕргӕ ’фсымӕр фӕззыгон бон хӕдзары бады. Йӕ къухы ис планшет, гом дзы у дзӕнӕты ныв. Ӕфсымӕр уыцы нывыл хъуыды кӕны. Йӕ разы лӕууынц ходуноктӕ, иннӕ фарс стъолыл та ис ноджы фылдӕр хостӕ.

Рӕстӕг-иу рахицӕн кӕн, цӕмӕй, Йегъовӕ нын цы диссаджы фидӕн ӕрцӕттӕ кодта, ууыл ахъуыды кӕнай (кӕс 17 абзац)d


18. Нӕ бон цӕмӕн у Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтыл ӕууӕндын?

18 Иов бирӕ зындзинӕдтыл сӕмбӕлд. Фӕлӕ фидар фӕлӕууыд ӕмӕ Йегъовӕйӕн загъта: «Ныр ӕй зонын, дӕуӕн дӕ бон алцыдӕр кӕй у, ӕмӕ ахӕмӕй ницы ис, дӕу цы бафӕнда ӕмӕ дӕ бон цы нӕ уа саразын» (Иов 42:2). Иов бамбӕрста: ахӕмӕй ницы ис, Йегъовӕйы йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнын цы бахъыгдара. Мах дӕр фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд-иу нын ацы хъуыды баххуыс кӕндзӕн. Ахъуыды-ма кӕнӕм ахӕм цӕвиттоныл. Сылгоймаг у уӕззау низӕй рынчын. Бирӕ дохтыртыл ӕрзылди, фӕлӕ йӕ сӕ иуӕн дӕр йӕ бон нӕ баци сдзӕбӕх кӕнын. Фӕлӕ стӕй хорз дохтыр ссардта. Уыцы дохтыр бирӕ ахӕм рынчынты сдзӕбӕх кодта. Уый йын йӕ низыхъӕд сбӕрӕг кодта ӕмӕ йын загъта, куыд ӕй дзӕбӕх кӕндзӕн, уый. Сылгоймаг йӕ риуыдзаг сулӕфыд. Кӕд нӕма сдзӕбӕх, уӕддӕр ын фенцондӕр. Йӕ бон у дарддӕр дӕр йӕ низимӕ тох кӕнын, уымӕн ӕмӕ йын фӕзынд ныфс – зоны йӕ, кӕй сдзӕбӕх уыдзӕн. Раст афтӕ махӕн дӕр нӕ бон бауыдзӕн цыфӕнды фӕлварӕны дӕр фидар фӕлӕууын, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм, Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрд ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн – зӕхх суыдзӕн дзӕнӕт!

19. Цы нын баххуыс кӕндзӕн фӕлварӕнты рӕстӕг фидар фӕлӕууынӕн?

19 Ацы статьяйы аныхас кодтам, Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны фӕлварӕнты рӕстӕг фидар лӕууынӕн. Нӕ бон ӕм у кувын, радта нын Библи, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты, стӕй диссаджы ныфс. Йегъовӕйы ӕххуысыл-иу куы сразы уӕм, уӕд цыфӕнды фӕлварӕны сӕрты дӕр ахиздзыстӕм ӕмӕ нӕхи цӕстӕй фендзыстӕм, Хӕйрӕджы дунейӕн йӕ кой дӕр куы нал уа, уыцы рӕстӕг (Фил. 4:13).

АЦЫ ХЪУЫДДӔГТӔ НЫН КУЫД БАХХУЫС КӔНДЗЫСТЫ, ЦӔМӔЙ-ИУ ФӔЛВАРӔНЫ ФИДАР ФӔЛӔУУӔМ?

  • Йегъовӕмӕ куы кувӕм ӕмӕ Библи куы кӕсӕм?

  • Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ ӕнгом куы уӕм?

  • Цы ныфс нын ис, уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм?

33 ЗАРӔГ Дӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕр

a Ацы статьяйы иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

b НЫВ. Азтӕ цӕуынц, фӕлӕ ацӕргӕ ’фсымӕр фидар лӕууы ӕмӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕны.

c НЫВ. Азтӕ цӕуынц, фӕлӕ ацӕргӕ ’фсымӕр фидар лӕууы ӕмӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕны.

d НЫВ. Азтӕ цӕуынц, фӕлӕ ацӕргӕ ’фсымӕр фидар лӕууы ӕмӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕны.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын