Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w25 август 8–13 фф.
  • Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы, ууыл ма дызӕрдыг кӕн

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы, ууыл ма дызӕрдыг кӕн
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ЙЕГЪОВӔ НӔ КӔЙ УАРЗЫ, УУЫЛ ЦӔМӔН ХЪУАМӔ ӔУУӔНДӔМ?
  • ЦЫ НЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ ЙЕГЪОВӔЙЫ УАРЗТЫЛ МА ДЫЗӔРДЫГ КӔНӔМ?
  • ЙЕСО НЫН КУЫД ӔХХУЫС КӔНЫ, ЦӔМӔЙ ЙЕГЪОВӔЙЫ УАРЗТЫЛ МА ДЫЗӔРДЫГ КӔНӔМ?
  • ДӔ БОН ЦЫ У, УЫЙ АРАЗ, ЦӔМӔЙ ДӔ ФИДАРӔЙ УЫРНА, ЙЕГЪОВӔ ДӔ КӔЙ УАРЗЫ
  • Йегъовӕ дӕ уарзы фӕлмӕн уарзтӕй
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Чырыстийы нывонд хаст кӕй ӕрцыд, уымӕй нӕ бон цы у базонын?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Алцы кӕй нӕ зонӕм, уымӕ раст цӕстӕй кӕс
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Уарзондзинад дӕ разӕнгард кӕнӕд хъусын кӕнынмӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
w25 август 8–13 фф.

33 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

4 ЗАРӔГ «Йегъовӕ у мӕ Фыййау»

Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы, ууыл ма дызӕрдыг кӕн

«Ӕнусон уарзтӕй дӕ бауарзтон. Гъе уый тыххӕй дӕ ӕлвасын мӕхимӕ ӕнувыд уарзтӕй» (ЙЕР. 31:3).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй фидарӕй ӕууӕндӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, ууыл ӕмӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ууыл ма дызӕрдыг кӕнӕм.

1. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын дӕ цӕмӕн бафӕндыд? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

ХЪУЫДЫ йӕ кӕныс, дӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кодтай ӕмӕ йын дзырд куы радтай, цӕрӕнбонты йын кӕй лӕггад кӕндзынӕ? Ахӕм уынаффӕ уый тыххӕй рахастай, ӕмӕ Хуыцауы базыдтай ӕмӕ йӕ бауарзтай. Ды йӕм скуывтай ӕмӕ йын дзырд радтай, йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын дын кӕй уыдзӕн ӕппӕты сӕйраг ӕмӕ йӕ кӕй уарздзынӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ (Мар. 12:30). Рӕстӕг цыд, ӕмӕ йӕ ноджы тынгдӕр бауарзтай. Ӕмӕ дӕ исчи куы бафӕрса, Йегъовӕйы ӕцӕгдӕр уарзыс, зӕгъгӕ, уӕд фидарӕй зӕгъдзынӕ: «Куыннӕ! Йегъовӕйӕ тынгдӕр никӕй ӕмӕ ницы уарзын!»

Цалдӕр нывы: Хо хъуыды кӕны, йӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кодта ӕмӕ донаргъуыд куы райста, уыцы рӕстӕгыл. 1. Ӕрдзы хъӕбысы бады ӕмӕ Йегъовӕмӕ кувы. 2. Цӕугӕдоны донаргъуыд исы.

Дӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кодтай ӕмӕ донаргъуыд куы райстай, уӕд Йегъовӕйы куыд тынг уарзтай, уый хъуыды кӕныс? (кӕс 1 абзац)


2, 3. а) Цӕуыл хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм? (Йереми 31:3). б) Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

2 Фӕлӕ дӕ, зӕгъӕм, чидӕр бафарста: «Ӕцӕгдӕр дӕ уырны, Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы?» Мыййаг дын зын уыдзӕн ацы фарстайӕн дзуапп раттын, дӕхи йӕ уарзты аккагыл кӕй нӕ нымайыс, уый тыххӕй? Зын уавӕрты чи схъомыл, иу ахӕм хо зӕгъы: «Ӕз ӕй зонын, Йегъовӕйы кӕй уарзын. Ууыл ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнын. Фӕлӕ арӕх фӕхъуыды кӕнын: „Цымӕ мӕ уый дӕр уарзы?“» Цымӕ дӕ Йегъовӕ ӕцӕгдӕр уарзы?

3 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй фидарӕй ӕууӕндай, кӕй дӕ уарзы, ууыл. (Бакӕс Йеремийы 31:3.) Йӕхимӕ дӕ уый тыххӕй ӕрбакодта, ӕмӕ дӕ бауарзта. Дӕхи йын куы снывонд кодтай ӕмӕ донаргъуыд куы райстай, уӕд та дын скодта стыр лӕвар – ӕнувыд уарзтӕй дӕ бауарзта. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дӕ уарзы ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ, цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр дыл йӕ зӕрдӕ нӕ сивдзӕн. Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты, уыимӕ дӕу дӕр, хоны, «уӕлдай зынаргъ... [ын] чи у, ахӕм бынтӕ» (Мал. 3:17). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй мах дӕр апостол Павелау ма дызӕрдыг кӕнӕм, кӕй нӕ уарзы, ууыл. Ромӕгтӕм 8:38, 39 стихты Павел ныффыста: «Ӕз ӕй фидарӕй зонын: нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр цард, нӕдӕр зӕдтӕ, нӕдӕр хицауӕдтӕ, нӕдӕр, ныртӕккӕ цы ис ӕмӕ нӕдӕр, фидӕны цы уыдзӕн, уыдӕттӕ, нӕдӕр барджынтӕ, нӕдӕр, уӕлейӕ цы ис, уый, нӕдӕр, бынӕй цы ис, уый, ӕмӕ ма Хуыцау ноджыдӕр цы сфӕлдыста, уыдонӕй дӕр нӕ ницы фӕхицӕн кӕндзӕн, Хуыцау нӕм нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы цы уарзондзинад равдыста, уымӕй». Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй нӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый ӕмӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ууыл ма дызӕрдыг кӕнӕм.

ЙЕГЪОВӔ НӔ КӔЙ УАРЗЫ, УУЫЛ ЦӔМӔН ХЪУАМӔ ӔУУӔНДӔМ?

4. Хӕйрӕг цавӕр мадзалӕй пайда кӕны, ӕмӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ ныхмӕ фидар фӕлӕууӕм?

4 Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, ууыл куы нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, уӕд-иу Хӕйрӕджы «хинмиты ныхмӕ» фидар фӕлӕудзыстӕм (Еф. 6:11). Хӕйрӕг цыфӕнды дӕр сараздзӕн, цӕмӕй Хуыцауӕн мауал лӕггад кӕнӕм. Цӕмӕй уый йӕ къухы бафта, уый тыххӕй цавӕр мадзалӕй пайда кӕны? Зӕгъӕм, архайы, цӕмӕй афтӕ хъуыды кӕнын райдайӕм, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ нӕ уарзы. Фӕлӕ уый у гӕдыныхас. Библийы Хӕйрӕг барст цӕуы домбаимӕ (1 Пет. 5:8, 9). Домбай йӕхи ныццӕвы, лӕмӕгъ ӕмӕ ӕдых чи у, ахӕм сырдтыл. Раст афтӕ, Хӕйрӕг дӕр ныл йӕхи ныццӕвы, лӕмӕгъ куы вӕййӕм, уыцы рӕстӕг. Зӕгъӕм, зындзинӕдтӕ нӕ сӕ быны куы скӕнынц, царды цытӕ бавзӕрстам, уый тыххӕй зӕрдӕрыст куы вӕййӕм кӕнӕ фидӕныл куы фӕмӕт кӕнӕм, уӕд (Ӕмб. 24:10). Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар фӕлӕууӕм? Хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, ууыл (Иак. 4:7).

5. Ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, ууыл?

5 Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, ууыл куы нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, уӕд ӕм ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм. Йегъовӕ нӕ афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй искӕй уарзӕм ӕмӕ нын нӕхи дӕр исчи уарза. Фӕфӕнды нӕ уарзондзинадӕн уарзондзинадӕй дзуапп раттын. Уымӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый цас тынгдӕр фенкъарӕм, уыйас ӕй мах дӕр тынгдӕр бауарзӕм (1 Иоан. 4:19). Ӕмӕ йӕ мах тынгдӕр куы бауарзӕм, уӕд нӕ Йегъовӕ дӕр ноджы тынгдӕр бауарзы. Уый бӕрӕг у, Иаковы 4:8 стихы цы фыст ис, уымӕй: «Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн». Фӕлӕ, мыййаг, Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы, ууыл уӕддӕр дызӕрдыг кӕныс? Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ уый фидарӕй уырна?

ЦЫ НЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ ЙЕГЪОВӔЙЫ УАРЗТЫЛ МА ДЫЗӔРДЫГ КӔНӔМ?

6. Кӕд, Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы, ууыл дызӕрдыг кӕныс, уӕд дӕ бон цы у аразын?

6 Йегъовӕмӕ ӕппынӕдзух кув, цӕмӕй дын баххуыс кӕна, цӕмӕн дӕ уарзы, уый бамбарынӕн (Лук. 18:1; Ром. 12:12). Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дӕхимӕ, уый дӕм цы цӕстӕй кӕсы, ахӕм цӕстӕй кӕсай. Чи зоны дӕ уый тыххӕй бон цалдӕр хатты дӕр бахъӕуа кувын. Кӕд дӕхи истӕй тыххӕй хӕрыс, уӕд дын, чи зоны, зын у баууӕндын, Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы, ууыл. Фӕлӕ дӕ рох ма уӕд, Йегъовӕ нӕ зӕрдӕтӕй стырдӕр кӕй у (1 Иоан. 3:19, 20). Уый дӕ дӕхицӕй дӕр хуыздӕр зоны. Уыны йӕ, цавӕр хорз миниуджытӕ дӕм ис, кӕд сӕ дӕхӕдӕг нӕ уыныс, уӕддӕр (1 Сам. 16:7; 2 Аз. 6:30). Уӕдӕ-иу Йегъовӕйӕн дӕ зӕрдӕ ӕргом кӕн ӕмӕ-иу дзы кур, цӕмӕй дын баххуыс кӕна, кӕй дӕ уарзы, ууыл баууӕндынӕн (Пс. 62:8). Стӕй-иу архай, дӕлдӕр цы уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ.

7, 8. Псаломты чиныджы цы фыст ис, уый нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, ууыл?

7 Йегъовӕ нын цы дзуры, ууыл ӕууӕнд. Библи у Хуыцауы комытӕфӕй фыст. Уымӕ гӕсгӕ дзы Йегъовӕйы тыххӕй цыдӕриддӕр фыст ис, ууыл ис ӕууӕндӕн. Зӕгъӕм, Йегъовӕ адӕмы цы фӕлмӕн уарзтӕй уарзы, уый тыххӕй Давид ныффыста: «Йегъовӕ хӕстӕг у, зӕрдӕсаст чи у, уыдонмӕ, ӕмӕ, ныфссаст чи у, уыдоны ирвӕзын кӕны» (Пс. 34:18). Ныфссаст куы вӕййыс, уӕд дӕм, чи зоны, афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ бынтон иунӕг дӕ. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Йегъовӕ вӕййы дӕ фарсмӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ зоны, ахӕм уавӕрты дӕ йе ’ххуыс уӕлдай тынгдӕр кӕй фӕхъӕуы. Давид ма ӕндӕр псаломы ныффыста: «Мӕ цӕссыгтӕ мын дӕ лалымы сӕвӕр» (Пс. 56:8). Йегъовӕ уыны, цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлыс, уый. Ӕмӕ дын куыд зын у, уый уынгӕйӕ йӕ зӕрдӕ фӕриссы. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ дын Йегъовӕ дӕ цӕссыгтӕ иууылдӕр ӕмбырд кӕны, иу дӕр дзы рох нӕу. Ӕмӕ адӕймаг ӕдзӕрӕг быдыры доны алы ’ртӕхӕн дӕр куыд фӕаргъ кӕны, Йегъовӕ дӕр дын дӕ цӕссыгтӕн афтӕ аргъ кӕны. Псалом 139:3 стихы кӕсӕм: «Ды мын зоныс мӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр». Йегъовӕ дын дӕ алы къахдзӕф дӕр уыны, фӕлӕ уӕлдай лӕмбынӕг кӕсы, хорзӕй цы аразыс, уымӕ (Дзут. 6:10). Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ аргъ кӕны, йӕ зӕрдӕ рухс кӕныны тыххӕй цыдӕриддӕр аразыс, уымӕнa.

8 Цы стихтӕм ӕркастыстӕм, уыдонӕй уӕлдай ма Библийы бирӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ стихтӕ ис. Уыцы стихты уылты нын, зӕгъӕн ис, Йегъовӕ дзуры: «Фӕнды мӕ, цӕмӕй йӕ зонай, куыд зынаргъ мын дӕ, куыд тынг дӕ уарзын». Фӕлӕ Хӕйрӕг та архайы, цӕмӕй ууыл дызӕрдыг кӕнӕм. Уӕдӕ дӕм иннӕ хатт дызӕрдыг хъуыдытӕ куы фӕзына, Йегъовӕмӕ мӕ уарзы ӕви нӕ, зӕгъгӕ, уӕд-иу ӕрлӕуу ӕмӕ ахъуыды кӕн: «Кӕуыл ӕууӕнддзынӕн: „мӕнгдзинады фыдыл“ ӕви „рӕстдзинады Хуыцауыл“?» (Иоан. 8:44; Пс. 31:5).

9. Йегъовӕ, чи йӕ уарзы, уыдонӕн зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры? (Рацыд 20:5, 6).

9 Хъуыды кӕн, Йегъовӕ, чи йӕ уарзы, уыдонмӕ цы зӕрдӕ дары, ууыл. Ӕрхъуыды-ма кӕн, Йегъовӕ Моисейӕн ӕмӕ иннӕ израилӕгтӕн цы загъта. (Бакӕс Рацыд 20:5, 6.) Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры, чи йӕ уарзы, уыдоны ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарздзӕн. Йегъовӕ у иузӕрдион Хуыцау, ӕмӕ уый гӕнӕн нӕй, цӕмӕй, чи йӕ уарзы, уыдоны ма уарза (Неем. 1:5). Уӕдӕ, Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы, ууыл куы дызӕрдыг кӕнай, уӕд-иу дӕхимӕ ахӕм фарста ратт: «Ӕз Йегъовӕйы уарзын?» Ӕмӕ-иу стӕй ахъуыды кӕн: кӕд ды Йегъовӕйы уарзыс ӕмӕ архайыс, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнай, уӕд дӕ уый та куыннӕ уарзы (Дан. 9:4; 1 Кор. 8:3). Кӕд ды, Хуыцауы кӕй уарзыс, ууыл нӕ дызӕрдыг кӕныс, уӕд цӕмӕн хъуамӕ дызӕрдыг кӕнай, уый дӕр дӕ кӕй уарзы? Уый дӕ алкӕддӕр уарздзӕн ӕмӕ дӕ никуы ныууадздзӕн.

10, 11. Чырыстийы нывондмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? (Галатӕгтӕм 2:20).

10 Хъуыды кӕн Чырыстийы нывондыл. Чырыстийы нывонд у Йегъовӕйы стырдӕр лӕвар адӕмӕн (Иоан. 3:16). Фӕлӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Чырысти дӕу тыххӕй дӕр амард? Куыннӕ! Ӕрхъуыды-ма кӕн апостол Павелы хабар. Цалынмӕ чырыстон не сси, уӕдмӕ сарӕзта стыр тӕригъӕдтӕ. Ӕмӕ донаргъуыд куы райста, уый фӕстӕ дӕр йӕ лӕмӕгъдзинӕдтимӕ тох кодта (Ром. 7:24, 25; 1 Тим. 1:12–14). Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ Фырты уый тыххӕй дӕр кӕй радта, ууыл ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта. (Бакӕс Галатӕгтӕм 2:20.) Йегъовӕ Павелӕн уый тыххӕй Библийы ныффыссын кодта, цӕмӕй дзы мах дӕр цӕуылдӕр сахуыр уӕм (Ром. 15:4). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнай, Чырыстийы нывондӕн дӕу тыххӕй дӕр кӕй ӕрхаста. Уыцы нывондмӕ ахӕм цӕстӕй куы кӕсай, уӕд дӕ фидарӕй уырндзӕн, Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы.

11 Мах Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, Йесойы зӕхмӕ кӕй рарвыста, цӕмӕй мах тыххӕй йӕ цард радтаид. Фӕлӕ Йесо ӕрмӕст уый тыххӕй не ’рцыд зӕхмӕ. Уыди ма йыл иу хӕс – хъуамӕ адӕмӕн Хуыцауы тыххӕй рӕстдзинад дзырдтаид (Иоан. 18:37). Зӕгъӕм, рӕстдзинад, Йегъовӕ йӕ сывӕллӕтты куыд тынг уарзы, уый тыххӕй.

ЙЕСО НЫН КУЫД ӔХХУЫС КӔНЫ, ЦӔМӔЙ ЙЕГЪОВӔЙЫ УАРЗТЫЛ МА ДЫЗӔРДЫГ КӔНӔМ?

12. Йесо Йегъовӕйы тыххӕй цы дзырдта, ууыл цӕмӕн ис ӕууӕндӕн?

12 Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд уарзта адӕмӕн Йегъовӕйы тыххӕй дзурын (Лук. 10:22). Йегъовӕйы тыххӕй цы дзырдта, ууыл нӕ бон цӕмӕн у ӕууӕндын? Уымӕн ӕмӕ уый миллиардгай азты дӕргъы Хуыцауимӕ уӕлӕрвты цард (Кол. 1:15). Йесо зыдта, йӕ Фыд ӕй куыд тынг уарзы, уый. Стӕй уыдта, Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты – зӕдты дӕр ӕмӕ адӕмы дӕр – тынг кӕй уарзы. Йесо нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый?

13. Йесо нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕрмӕст нӕ Хуыцауыл ма нымайӕм, фӕлӕ нӕ Фыдыл дӕр?

13 Йесойы фӕнды, цӕмӕй, Йегъовӕмӕ уый цы цӕстӕй кӕсы, мах дӕр ӕм ахӕм цӕстӕй кӕсӕм. Евангелиты Йесо 160 хаттӕй фылдӕр Йегъовӕйы хоны «Фыд». Йӕ фӕдылдзӕуджытимӕ-иу куы ныхас кодта, уӕд-иу арӕх спайда кодта ахӕм ныхӕстӕй: «уӕ Фыд» кӕнӕ «уӕ уӕларвон Фыд» (Матф. 5:16; Иоан. 20:17). «Учебная Библия»-йы Матфейы 5:16 стихмӕ цы комментари ис, уым фыст ис: «Рагон лӕггадгӕнджытӕ-иу Йегъовӕйы кой кӕнгӕйӕ кӕнӕ йемӕ ныхас кӕнгӕйӕ пайда кодтой, зӕгъӕм, ахӕм титултӕй: „Ӕппӕтхъомысджын“, „Иунӕг Стыр Хуыцау“ ӕмӕ „Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцау“. Фӕлӕ Йесо Йегъовӕйы арӕх хуыдта „Фыд“. Ахӕм хуымӕтӕг ныхасӕй кӕй пайда кодта, уымӕй бӕрӕг у, Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕм куыд ӕввахс у, уый». Бӕрӕг у, Йесойы кӕй фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйы нӕ уарзӕгой Фыдыл нымайӕм ӕмӕ зонӕм, зынаргъ ын кӕй стӕм. Ӕркӕсӕм-ма, Йесо Йегъовӕйы «Фыд» кӕд схуыдта, дыууӕ ахӕм цӕвиттонмӕ.

14. Йесо цавӕр цӕвиттоны фӕрцы равдыста, махӕй алчидӕр нӕ уӕларвон Фыдӕн зынаргъ кӕй у? (Матфейы 10:29–31). (Кӕс нывмӕ дӕр.)

14 Фыццаг уал аныхас кӕнӕм, Йесо Матфейы 10:29–31 стихты цы загъта, ууыл. (Бакӕс сӕ.) Ацы стихты Йесо скодта сырддонцъиуты кой. Сырддонцъиутӕн сӕ бон нӕу Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын, стӕй йӕ уарзгӕ дӕр нӕ кӕнынц. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн уыцы гыццыл цъиутӕ дӕр зынаргъ сты. Ӕмӕ дзы иу дӕр зӕхмӕ куы ’рхауы, уӕд Йегъовӕ уый ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фӕвӕййы. Мах та Йегъовӕйы уарзӕм ӕмӕ йын лӕггад кӕнӕм. Ӕмӕ-ма ахъуыды кӕн, мах та йын цас зынаргъдӕр стӕм! 30-ӕм стихы фыст ис: «Сымахӕн та уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр иууылдӕр нымад сты». Ацы ныхӕстӕм «Учебная Библия»-йы ис ахӕм комментари: «Йегъовӕ ахӕм лыстӕг хабӕрттӕ дӕр кӕй зоны, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕй алкӕуыл дӕр зӕрдиагӕй тыхсы». Уӕдӕ бӕрӕг у, Йесойы кӕй фӕнды, цӕмӕй зонӕм, нӕ уӕларвон Фыдӕн куыд зынаргъ стӕм, уый.

Йесо амоны, зӕххыл чи ӕрцӕйбады, уыцы сырддонцъиумӕ. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ йӕм лӕмбынӕг хъусынц.

Зӕхмӕ иу сырддонцъиу дӕр куы ’рхауы, уӕд Йегъовӕ уый ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фӕвӕййы. Ӕмӕ кӕд уыцы гыццыл цъиутӕн аргъ кӕны, уӕд-ма ахъуыды кӕн, дӕуӕн та куыд тынг аргъ кӕны! Уыдонӕй уӕлдай йӕ ды уарзыс ӕмӕ йын лӕггад кӕныс (кӕс 14 абзац)


15. Йесо Иоанны 6:44 стихы цы загъта, уымӕй нӕ уӕларвон Фыды тыххӕй цы базыдтай?

15 Ныр та ӕркӕсӕм ӕндӕр цӕвиттонмӕ. Ам дӕр Йесо Йегъовӕйы схуыдта «Фыд», зӕгъгӕ. (Бакӕс Иоанны 6:44.) Йегъовӕ дӕ йӕхимӕ ӕрбакодта. Баххуыс дын кодта, цӕмӕй йӕ базыдтаис ӕмӕ йӕ бауарзтаис. Йегъовӕ дын дӕ хорз миниуджытӕ федта ӕмӕ дӕ уый тыххӕй ӕрбакодта йӕхимӕ (Хъуыд. 13:48). Йесо Иоанны 6:44 стихы фыст ныхӕстӕ куы загъта, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, йӕ хъуыдыйы уыд, Йеремийы 31:3 стихы цы фыст ис, уый. Уым Йегъовӕ йӕ адӕмӕн загъта: «Ӕлвасын [дӕ] мӕхимӕ ӕнувыд уарзтӕй». (Абар Оси 11:4.) Ацы стихы афтӕ фыст цӕмӕн ис, Йегъовӕйы уарзт ӕнувыд уарзт кӕй у? Нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд дын дӕ хорз миниуджытӕ федта ӕмӕ сӕ ныр дӕр уыны, кӕд сӕ дӕхӕдӕг нӕ уыныс, уӕддӕр.

16. а) Йесойы цы фӕндыд бамбарын кӕнын, ӕмӕ йын йӕ ныхӕстыл цӕмӕн ис ӕууӕндӕн? б) Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнай, Йегъовӕйӕ хуыздӕр Фыд кӕй нӕй? (Кӕс рамкӕ «Йегъовӕйӕ хуыздӕр Фыд нӕй».)

16 Йесо Йегъовӕйы «нӕ Фыд» кӕй хуыдта, уымӕй йӕ фӕндыд бамбарын кӕнын, Йегъовӕ ӕрмӕст йӕ Фыд кӕй нӕу, фӕлӕ дӕ Фыд дӕр. Йесойы фӕнды, цӕмӕй йӕ фидарӕй зонай, Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы ӕмӕ йын зынаргъ кӕй дӕ. Ӕмӕ кӕд хатт фӕдызӕрдыг кӕныс, Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы, ууыл, уӕд-иу ӕрлӕуу ӕмӕ ахъуыды кӕн: «Йегъовӕйы йӕ Фыртӕй хуыздӕр ничи зоны. Стӕй Йесо алкӕддӕр, раст цы у, уый фӕдзуры. Ӕмӕ йын уӕд йӕ ныхӕстыл куыннӕ хъуамӕ ӕууӕндон?!» (1 Пет. 2:22).

Йегъовӕйӕ хуыздӕр Фыд нӕй

Ацы ныхӕстӕ ист сты разныхасӕй чиныгмӕ «Баввахс у Йегъовӕмӕ». Уым фыст ис: «Йегъовӕйӕ хуыздӕр Хицау ӕмӕ Фыд... нӕй. Йегъовӕ у стыр тыхы хицау, у рӕстаг, зондджын ӕмӕ уарзӕгой Фыд ӕмӕ йӕ чи уарзы, уыдоны никуы ныууадздзӕн».

Йӕ фыд арӕх кӕй ӕфхӕрдта, иу ахӕм хойӕн чиныг «Баввахс у Йегъовӕмӕ» тынг баххуыс кодта. Уый загъта: «Гыццыл куы уыдтӕн, уӕд мӕ фыдӕй тынг тарстӕн. Фӕлӕ йӕ ныр ӕмбарын, хорз фыд цавӕр вӕййы, уый, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйы диссаджы миниуджыты тыххӕй базыдтон. Ӕз ӕй зонын, Йегъовӕ мӕ кӕй уарзы. Ӕмӕ ӕз дӕр уарзын мӕ Фыды – Йегъовӕйы». Ӕндӕр хо та уыцы чиныг куы бакаст, уӕд афтӕ загъта: «Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕйӕ хуыздӕр Фыд нӕй!»

Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнай, Йегъовӕйӕ хуыздӕр Фыд кӕй нӕй, ууыл? Дӕ бон у бакӕсын чиныг «Баввахс у Йегъовӕмӕ». Ӕмӕ йӕ кӕд бакастӕ, уӕд хорз уаид, ногӕй та йӕ куы бакӕсис.

ДӔ БОН ЦЫ У, УЫЙ АРАЗ, ЦӔМӔЙ ДӔ ФИДАРӔЙ УЫРНА, ЙЕГЪОВӔ ДӔ КӔЙ УАРЗЫ

17. Ахсджиаг цӕмӕн у, цӕмӕй дарддӕр дӕр ӕууӕндӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, ууыл?

17 Дарддӕр дӕр, дӕ бон цы у, уый араз, цӕмӕй дӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы. Дӕ зӕрдыл дар: Хӕйрӕг йӕ тых, йӕ бонӕй архайдзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйӕн мауал лӕггад кӕнӕм. Фӕнды йӕ, цӕмӕй ӕрлӕмӕгъ уӕм ӕмӕ нӕ къухтӕ ӕруадзӕм. Ӕмӕ дарддӕр дӕр архайдзӕн, цӕмӕй нӕ баууӕндын кӕна, Йегъовӕ нӕ кӕй нӕ уарзы, ууыл. Фӕлӕ йын мах йӕ мӕнг ныхӕстыл ницы хуызы баууӕнддзыстӕм! (Иов 27:5).

18. Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Йегъовӕйы уарзондзинадыл макуы дызӕрдыг кӕнай?

18 Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Йегъовӕйы уарзондзинадыл макуы дызӕрдыг кӕнай? Ӕдзух Йегъовӕмӕ кув. Кур дзы, цӕмӕй дӕхимӕ уынай, хорзӕй дӕм цы уыны, уый. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты фӕлмӕн уарзтӕй кӕй уарзы, уый кой кӕм ис, уыцы стихтыл хъуыды кӕн. Дӕ зӕрдыл дар, Йегъовӕ, чи йӕ уарзы, уыдоны кӕй уарзы. Макуы рох кӕн, Йегъовӕ йӕ Фырты нывондӕн дӕу тыххӕй дӕр кӕй радта. Ӕмӕ фидарӕй ӕууӕнд Йесойы ныхӕстыл, зӕгъгӕ, Йегъовӕ дӕ уӕларвон Фыд у. Ӕмӕ дӕ уӕд исчи куы бафӕрса, зӕгъгӕ дӕ ӕцӕгдӕр уырны, Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы, уый, уӕд ын фидарӕй зӕгъдзынӕ: «О, ууыл ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнын! Ӕмӕ алы бон дӕр, мӕ бон цы у, уый фӕаразын, цӕмӕй бӕрӕг уа, ӕз дӕр ӕй кӕй уарзын».

ЦАВӔР ДЗУАПП РАТДЗЫНӔ?

  • Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый нӕ цӕмӕн хъуамӕ уырна?

  • Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, ууыл?

  • Йесо нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, ууыл ма дызӕрдыг кӕнӕм?

154 ЗАРӔГ Уарзондзинад алкӕддӕр уыдзӕн

a Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый кой кӕм ис, ахӕм стихтӕ ма ссарӕн ис чиныджы «Библийы стихтӕ нӕ цардӕн ӕмӕ нӕ лӕггадӕн», темӕйы «Дызӕрдыг кӕнын, Хуыцау нын кӕй аргъ кӕны, ууыл».

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын