ДОМИНИКАНЫ РЕСПУБЛИКӔ
Чи у организацийы сӕр?
«Уӕд сӕ организаци ӕнӕ сӕрӕй баззаид»
1957 азы 13 июлы инспектор Колон фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрмӕ писмо ныффыста: «Иу ахӕм зӕронд ӕмбисонд ис, зӕгъгӕ, дам, калмӕн йӕ сӕр куы нӕ ныцъцъӕл кӕнай, уӕд нӕ амӕлдзӕн. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн сӕ миссионерты нӕ бӕстӕйӕ исты хуызы куы арвитиккам, уӕд нын бантысид сӕ сектӕ фесафын. Уӕд сӕ организаци ӕнӕ сӕрӕй баззаид, ӕмӕ сӕ хъуыддаг ныкъкъуылымпы уаид».
Гыццыл фӕстӕдӕр Ӕдасдзинады министр Артуро Эспайльят, бӕстӕйы цы дӕс миссионеры баззад, уыдоны арвитын кодта. 1957 азы 21 июлы ӕфсымӕр Рой Брандт Трухильомӕ писмо ныффыста, зӕгъгӕ, дам, мӕ фӕнды демӕ фембӕлын, цӕмӕй, дам, нӕ уавӕр куыд у, ууыл аныхас кӕнӕм. Писмойы фыст уыд: «Ацы бӕстӕйы чидӕртӕ Йегъовӕ Хуыцауы ном фесафынмӕ куыд хъавынц ӕмӕ йӕ адӕмы ныхмӕ карзӕй куыд цӕуынц, афтӕ Чырыстийы апостолтӕн дӕр сӕ ныхмӕ цыдысты ӕмӕ сӕ мӕнг ныхӕстӕ кодтой». Дарддӕр ӕфсымӕр Брандт ныффыста, цӕмӕй Трухильо Хъуыддӕгты чиныг 2 сӕрӕй 6 сӕрмӕ бакастаид, ӕмӕ йын бамбарын кодта, фыццаг ӕнусы Тӕрхонгӕнӕг Гамалиил цы ӕргом уынаффӕ радта, уымӕ байхъусын абон дӕр раст кӕй уаид. Стӕй Хъуыддӕгты 5:38, 39 стихтӕн сӕ хъуыды стыр дамгъӕтӕй ныффыста: «АЦЫ АДӔМЫ СӔХИ БАР УАДЗУТ, УЫМӔН ӔМӔ, КӔД АЦЫ ХЪУЫДДАГ ХУЫЦАУӔЙ У, УӔД АФТӔ РАУАЙДЗӔН, ӔМӔ ХУЫЦАУЫ НЫХМӔ ЦӔУТ». Фӕлӕ Трухильо ӕфсымӕр Брандты ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардта, ӕмӕ 1957 азы 3 августы миссионерты аэропортмӕ аластой ӕмӕ сӕ уыцы бӕстӕйӕ арвыстой.
Чырысти у «ӕмбырды сӕр»
Доналд Ноуиллс уыд офисы цӕстдарӕг, 20 азы йеддӕмӕ йыл нӕ цыд, афтӕмӕй
Цымӕ ӕнӕ миссионертӕй хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ куыд кодтой? Ӕцӕгдӕр ӕнӕ «сӕрӕй» баззадысты, инспектор Колон куыд дзырдта, афтӕ? Куыд хъуамӕ баззадаиккой, кӕд ӕмӕ Чырысти у «буары сӕр, ома ӕмбырды сӕр»! (Кол. 1:18). Уӕдӕ Доминиканы Республикӕйы Йегъовӕйы адӕм ӕнӕ «сӕрӕй» нӕ баззадысты. Йегъовӕ ӕмӕ сын йӕ организаци дарддӕр дӕр ӕххуыс кодта.
Миссионертӕ куы ацыдысты, уӕд филиалы цӕстдарӕджы хӕстӕ бабар кодтой 20-аздзыд ӕфсымӕр Доналд Ноуиллсӕн (донаргъуыд райста, 16 азы йыл куы цыд, уӕд). Уый размӕ цалдӕр мӕйы лӕггад кодта районон цӕстдарӕгӕй, фӕлӕ филиалы цы куыст кодта, уый бынтон ног цыдӕр уыд. Ӕфсымӕр Ноуиллс цард Сьюдад-Трухильойы тӕссагдӕр районтӕй иуы, Гвалей, зӕгъгӕ. Йӕ хӕдзары сӕр уыд зестӕй ӕмбӕрзт, йӕ къултӕ уыдысты хъӕдын, йӕ пъол та уыди зӕхбын. Уым йӕхицӕн иу гыццыл офис скодта, ӕмӕ-иу уым куыста. Феликс Мартеимӕ, ӕнӕхъӕн бӕстӕйы цы ӕмбырдтӕ уыд, уыдонӕн журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» мыхуыр кодтой.
Мимеографыл мыхуыргонд «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1958 аз
Мэри Гласс дӕр ӕфсымӕр Ноуиллсӕн ӕххуыс кодта. Уыцы рӕстӕг йӕ сӕрыхицау Энрике ахӕстоны бадт. Мэри зӕгъы: «Мӕ куысты фӕстӕ-иу изӕры 5 сахатыл ацыдтӕн Ноуиллсы офисмӕ, цӕмӕй-иу „Хъахъхъӕнӕн мӕсыг“ трафаретыл ныммыхуыр кодтаин. Уый фӕстӕ-иу Ноуиллс журнал мимеографыл ныммыхуыр кодта. Ӕххуыс ма сын кодта иу хо Сантьягойӕ, фӕсномыгӕй йӕ хуыдтам „зӕд“. Уый-иу журналтӕ сӕвӕрдта, иу-19 литры сой кӕм цыд, ахӕм зестын къоппы. Журналтӕ-иу хъуымацӕй бамбӕрзта ӕмӕ-иу сын сӕ уӕлӕ маниокӕ, картоф кӕнӕ таро ӕрӕвӕрдта. Уӕлейӕ та-иу сӕ кӕттаг голлагӕй ӕрӕмбӕрзта. Стӕй-иу автобусыл бӕстӕйы цӕгат фарсмӕ ацыд ӕмӕ-иу алы ӕмбырдӕн дӕр фӕйнӕ журналы ныууагъта. Алы бинонтӕ дӕр-иу ӕй радгай истой ӕмӕ-иу ӕй ахуыр кодтой».
Мэри загъта: «Хъуамӕ тынг къӕрцхъус уыдаиккам, уымӕн ӕмӕ хицауады кусджытӕ уынгты разил-базил кодтой, цӕмӕй, журнал „Хъахъхъӕнӕн мӕсыг“ кӕм мыхуыр кодтам, уый базыдтаиккой. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр нӕ базыдтой. Йегъовӕ нӕ алы хатт дӕр хъахъхъӕдта».