ДОМИНИКАНЫ РЕСПУБЛИКӔ
Ӕрцахсынӕй сын тӕссаг уыд
«Кӕлмытау уӕхи хъахъхъӕнут, бӕлӕттау ут ӕнӕхин»
Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн хъусын кӕныны бар куы нӕ уыд, уыцы зын рӕстӕджыты сӕ ӕнӕмӕнг хъуыди уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг. Уыцы азты дӕргъы ӕфсымӕртӕй бирӕты ӕрцахстой ӕмӕ-иу сӕ ахӕстоны цалдӕр хатты дӕр сбадын кодтой.
Хуанитӕ Борхес радзырдта: «Ӕз рӕстдзинад базыдтон 1953 азы, ӕмӕ йӕ хорз ӕмбӕрстон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕн, уый тыххӕй мын ахӕстонмӕ бахауынӕй тӕссаг кӕй уыд. Ӕмӕ хабар ӕцӕгдӕр афтӕ рауад. 1958 азы ноябры, нӕ хо Энеидӕ Суаресмӕ уазӕгуаты куы уыдтӕн, уӕд нӕм ӕдасдзинады хайады кусджытӕй иу ӕрбацыд, ӕмӕ нӕ фӕаххосджын кодта, ӕмбырд, дам, уын ис, зӕгъгӕ. Нӕ дыууӕйы дӕр ӕртӕ мӕймӕ ахӕстоны сбадын кодтой ӕмӕ нын фӕйнӕ 100 песойы (уыцы рӕстӕг 100 доллӕры) бафидын кодтой».
Ӕдасдзинады хайады кусджытӕм уыди, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты тыххӕй алцыдӕр кӕм уыд фыст, ахӕм списоктӕ.
Хицауад цынӕ арӕзта, цӕмӕй Ӕвдисӕнтӕ иумӕ мауал ӕмбырд кодтаиккой, фӕлӕ ӕфсымӕрты ницы баурӕдта. Ӕмӕ уӕддӕр хъуамӕ «кӕлмытау сӕхи хъахъхъӕдтаиккой, бӕлӕттау уыдаиккой ӕнӕхин» (Матф. 10:16). Андреа Алмансар загъта: «Ӕмбырдтӕ-иу нын куы уыд, уӕд-иу хъуамӕ иууылдӕр иу афон ма ӕрбацыдаиккам. Нӕ хӕдзӕрттӕм та-иу арӕх ӕнафон ӕрбацыдыстӕм, уымӕн ӕмӕ-иу радгай цыдыстӕм, цӕмӕй-иу цӕсты ма хаудаиккам».
Херемиас Гласс райгуырд, йӕ фыд Леон ахӕстоны куы бадт, уыцы рӕстӕг. Херемиас хъусынгӕнӕг сси 1957 азы, 7 азы йыл куы цыд, уӕд. Хъуыды ма йӕ кӕны, сӕ хӕдзары-иу сусӕгӕй ӕмбырдтӕ куыд цыдысты ӕмӕ-иу ӕфсымӕртӕ куыд архайдтой, цӕмӕй-иу сӕ мачи базыдтаид. Уый дзуры: «Ӕмбырдмӕ-иу чи ӕрбацыд, уыдонӕй-иу алкӕмӕн дӕр радтой, номыр фыст кӕм уыд, ахӕм гӕххӕтты гӕбаз, цӕмӕй-иу зыдтаиккой, чи сӕ кӕд хъуамӕ ацӕуа, уый. Ӕмбырд-иу куы фӕци, уӕд-иу мӕ мӕ фыд дуаргӕрон слӕууын кодта, цӕмӕй-иу уыцы номыртӕм ӕркастаин ӕмӕ-иу ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты алырдӕмты дыгӕйттӕй арвыстаин».
Уымӕй уӕлдай ма-иу ӕмбырдтӕ ахӕм афон скодтой, цӕмӕй-иу ӕфсымӕртӕн афтӕ тӕссаг ма уыдаид. Зӕгъӕм, Мерседес Гарсиа рӕстдзинад базыдта йӕ мадыфсымӕр Пабло Гонсалесӕй. Мерседесыл 7 азы йеддӕмӕ нӕ цыд, афтӕ йӕ мад амард, йӕ фыд та уыцы рӕстӕг ахӕстоны бадт. Ӕмӕ авд хойӕ ӕмӕ ӕртӕ ӕфсымӕрӕй иунӕгӕй баззадысты. Мерседес донаргъуыд райста 1959 азы, 9 азы йыл куы цыд, уӕд. Ӕфсымӕр донаргъуыды фӕдыл раныхас радзырдта райсомӕй цыппары ӕрдӕгыл, цӕмӕй сӕ мачи базыдтаид. Фембӕлд сын уыд иу ӕфсымӕры хӕдзары, донаргъуыд та райстой, сӕйраг горӕты уылты чи кӕлы, уыцы цӕугӕдоны, Осамӕ, зӕгъгӕ. Мерседес загъта: «Хӕдзармӕ здӕхтыстӕм райсомӕй ӕхсӕзы ӕрдӕгыл, адӕм хъал кӕнын куы райдыдтой, уӕд».