ДОМИНИКАНЫ РЕСПУБЛИКӔ
Зӕххӕнкъуыст Гаитийы
Китайаг ӕмбырдтӕ фӕзынд
2005 азы филиал сӕрмагонд пионерӕй снысан кодта, китайаг ӕвзагыл чи дзырдта, иу ахӕм ӕфсымӕры Вефилӕй, Тин Ва Нг, зӕгъгӕ, цӕмӕй бӕстӕйы цӕрӕг китайӕгтӕн хъусын кодтаид. Йӕ ныййарджытӕ Санто-Домингомӕ Китайӕ ӕрлыгъдысты, ӕмӕ Доминиканы Республикӕйы райгуырд ӕмӕ схъомыл.
2008 азы 1 январы Санто-Домингойы фӕзынд китайаг ӕмбырд, 2011 азы та уыцы ӕвзагыл Сантьягойы фӕзынд къорд. 70 хъусынгӕнӕджы, уыимӕ 36 ӕххӕстрӕстӕг пионеры ӕмӕ цалдӕр ӕххуысгӕнӕг пионеры, алы мӕй дӕр рӕстӕмбис нымадӕй Библи фӕахуыр кӕнынц 76 адӕймагимӕ.
Агурынц, англисаг ӕвзагыл чи дзуры, уыдоны
2007 азмӕ бӕстӕйы уыд 376 ӕмбырды ӕмӕ 27 466 хъусынгӕнӕджы, ӕмӕ Библи ахуыр кодтой 49 795 адӕймагимӕ. Фӕлӕ дзы англисаг ӕмбырдтӕ нӕ уыд, кӕд дзы уыцы ӕвзагыл дзурӕг адӕм бирӕ цӕры, уӕддӕр. Уымӕ гӕсгӕ 2008 азы апрелы филиал Санто-Домингомӕ снысан кодта миссионерты, Доналд ӕмӕ Джейн Элуэллы, цӕмӕй дзы англисаг къорд скодтаиккой. Сӕ къорд гыццыл уыд, фӕлӕ тынг зӕрдиагӕй архайдтой. Англисаг ӕвзагыл дзурӕг адӕм кӕм цӕрынц, уый сбӕрӕг кодтой ӕмӕ участоктӕ скодтой, цӕмӕй хорз хабар бӕстон хъусын кодтаиккой.
Уый фӕрцы Санто-Домингойы англисаг къорд стырӕй-стырдӕр кодта, ӕмӕ 2009 азы июлы фӕзынд ӕмбырд, ӕмӕ дзы уыд 39 хъусынгӕнӕджы. Стӕй ӕфсымӕртӕ архайдтой, цӕмӕй бӕстӕйы ӕндӕр рӕтты дӕр англисаг ӕмбырдтӕ фӕзындаид. Ӕмӕ 2011 азы ноябрмӕ бӕстӕйы уыди 7 англисаг ӕмбырды ӕмӕ 1 къорд.
Хъусӕй чи нӕ хъусы ӕмӕ цӕстӕй чи нӕ уыны, ахӕм сылгоймаг Йегъовӕйы базыдта
Сӕрмагонд пионер ныхас кӕны Лорисимӕ, йӕ къухтӕ йын йӕ къухтыл сӕвӕрдта, афтӕмӕй
Лорис схъомыл сидзӕрӕй. Куы райгуырд, уӕд хъусӕй ӕппындӕр нӕ хъуыста, ӕмӕ йыл 16 азы куы цыди, уӕд та цӕстӕй ӕвзӕр уынын райдыдта (Ашеры синдром). Боныгон ма гыццыл цыдӕртӕ фӕуыны, фӕлӕ ӕхсӕвы ӕппындӕр ницы уыны. Ӕмӕ изӕрыгон иннӕтимӕ ныхас кӕнын йӕ бон вӕййы, сӕ къухтӕ йын йӕ къухтыл куы сӕвӕрынц ӕмӕ йын афтӕмӕй цыдӕртӕ куы фӕамонынц, ӕрмӕстдӕр уӕд.
Сӕрмагонд пионертӕй чи лӕггад кодта, иу ахӕм ус ӕмӕ лӕг Лорисимӕ базонгӕ сты, 23 азы йыл куы цыди, уӕд. Лорис царди, хъусӕй чи нӕ хъуыста, ахӕм нӕлгоймагимӕ ӕмӕ сын уыд афӕдздзыд чызг, уый хъусӕй хъуыста. Лорис ӕмбырдмӕ ацӕуыныл сразы, ӕмӕ дзы цы базыдта, уый йӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд.
Лорис йӕ цард ивын райдыдта. Зӕгъӕм, куы базыдта, уыцы нӕлгоймагимӕ сӕ къухтӕ кӕй не ’рфыстой, уый раст кӕй нӕу, уӕд йемӕ ууыл аныхас кодта ӕмӕ йын бамбарын кодта, Библийы уагӕвӕрдты сӕрты кӕй нал ахиздзӕн. Лорис йемӕ афтӕ ӕргом кӕй аныхас кодта, уый йӕ дисы бафтыдта, ӕмӕ сразы, цӕмӕй сӕ къухтӕ ӕрфыстаиккой.
Сӕ къухтӕ куы ’рфыстой, уӕд Лорис сси хъусынгӕнӕг, гыццыл фӕстӕдӕр та донаргъуыд райста. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи кӕй ахуыр кодта, уый фӕрцы сахуыр кодта америкаг къухӕйамонгӕ ӕвзаг. Ӕмӕ йӕ чызгӕн дӕр ӕххуыс кӕны уыцы ӕвзаг сахуыр кӕнынӕн ӕмӕ рӕстдзинады фӕндагыл слӕууынӕн.
Стыр зӕххӕнкъуыст Гаитийы
Доминиканы Республикӕйы ӕмӕ Гаитийы цӕрджытӕ никуы ферох кӕндзысты, 2010 азы 12 январы, дыццӕджы, цы хабар ӕрцыд, уый. Уыцы бон Гаитийы уыд тынг стыр зӕххӕнкъуыст. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет ӕвӕстиатӕй бацархайдта, ӕмӕ Доминиканы Республикӕйы филиалӕн бахӕс кодта, цӕмӕй Гаитийы филиалмӕ ӕхца арвыстаиккой ӕмӕ, бӕллӕх кӕуыл ӕрцыд, уыдонӕн баххуыс кодтаиккой. Бирӕ ӕхца ӕрвитын кӕй хъуыд, уымӕ гӕсгӕ уыцы хъуыддаг бабар кодтой ӕфсымӕр Эван Батистӕн, йӕ бӕрзӕнд уыд 1,9 метры, йӕ уӕз та – 127 килӕйы. Лӕггад та кодта Вефилы медицинон хайады.
Ӕфсымӕртӕ Эван Батисты кӕй арвыстой, уымӕй нӕ фӕрӕдыдысты – арӕнмӕ куы бахӕццӕ, уӕд рабӕрӕг, адӕмы дохтырты ӕххуыс тынг кӕй хъӕуы. Зӕххӕнкъуыст зиан кӕмӕн ӕрхаста, уыдоны ластой, Гаитийы филиалы фарсмӕ цы Конгрессты зал ис, уырдӕм, цӕмӕй сын дохтыртӕ баххуыс кодтаиккой. Ӕфсымӕртӕ куы базыдтой, Эван Батист Вефилы медицинон хайады кӕй лӕггад кӕны, уӕд Доминиканы Республикӕйы филиалмӕ фӕдзырдтой, уӕ хорзӕхӕй, ам-ма нын ӕй уадзут, зӕгъгӕ. Филиал, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сразы. Ӕмӕ зӕххӕнкъуыстӕй цалдӕр сахаты йеддӕмӕ нӕ рацыд, афтӕ ӕфсымӕртӕ ӕххуыс кӕнынмӕ бавнӕлдтой.
Ӕфсымӕртӕ сӕ тыхтӕ баиу кодтой, 2010 азы Гаитийы зӕххӕнкъуыст зиан кӕмӕн ӕрхаста, уыдонӕн баххуыс кӕнынӕн
Доминиканы Республикӕйы филиалы амал кӕныны хайад ӕвӕстиатӕй фӕдзырдта, хӕринӕгтӕ сын чи ласта, уыцы фирмӕтӕм. Ӕмӕ самал кодтой 7 тоннӕйы бӕрц пырындз, хъӕдур ӕмӕ ӕндӕр хӕринӕгтӕ, ӕмӕ сӕ 14 январы, цыппӕрӕмы, ӕхсӕвы ӕртӕйы ӕрдӕгыл Гаитимӕ арвыстой. Фӕсарӕнтӕй уырдӕм гуманитарон ӕххуыс ӕппӕты фыццаг арвыста филиал. Уыцы бон ма фӕстӕдӕр ӕрцыдысты ӕртӕ дохтыры Доминиканы Республикӕйӕ, фӕндагыл бахъуыдысты 7 сахаты. Кӕд ӕнафон ӕрхӕццӕ сты, уӕддӕр сӕ фӕллад уадзынмӕ нӕ ацыдысты, фӕлӕ, се ’ххуыс кӕй хъуыд, уыдоныл ӕмбисӕхсӕвмӕ зылдысты. Иннӕ бон ма Доминиканы Республикӕйӕ ӕрцыд ноджы цыппар дохтыры ӕмӕ цыппар медицинон хойы. Конгрессты залы сӕхицӕн иу къуым рахицӕн кодтой, ӕмӕ адӕмӕн уыцы къуындӕг уавӕрты операцитӕ кодтой. Иннӕ къуырийы дӕргъы уыцы 12 дохтыры баххуыс кодтой 300 адӕймагӕй фылдӕрӕн.
Тынг цӕфтӕ чи уыд, уыдоны-иу алы бон дӕр ластой Доминиканы Республикӕмӕ, цӕмӕй-иу сӕм уым фӕкастаиккой. Хатт-иу сӕ уырдӕм медицинон центртӕм ӕвӕстиатӕй аластой, Гаитимӕ гуманитарон ӕххуыс цы машинӕтыл ластой, уыдоныл. Доминиканы Республикӕйы филиал скодта, рынчынты чи бӕрӕг кодтаид, ахӕм къордтӕ. Уыцы къордтӕ адӕмӕн сӕ ныфс фидар кодтой, стӕй сын хостӕ ӕмӕ ма сӕ ӕнӕмӕнг цы хъуыд, уый хастой. Бынӕттон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ батыхстысты, цӕмӕй, цӕфтӕ чи уыд, уыдонимӕ сӕ бинонтӕй чи рацыд, уыдонӕн хӕринаг ӕмӕ цӕрӕнбынат уыдаид.
Цы гуманитарон ӕххуыс ӕрбаластой, уый ӕдӕппӕтӕй уыд 450 000 килӕйӕ фылдӕр, уыимӕ 400 000 адӕймаджы фаг хӕринаг
Уыцы рӕстӕг Йегъовӕйы адӕм кӕрӕдзийӕн куыд ӕнӕрынцойӕ ӕмӕ удуӕлдайӕ ӕххуыс кодтой, уымӕй бӕрӕг у, Ӕмбисӕндты 17:17 стихы ныхӕстӕм гӕсгӕ кӕй архайдтой. Уым фыст ис: «Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзы. Уый у, зын сахат адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууынӕн чи райгуыры, ахӕм ӕфсымӕр». Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы ӕмӕ йӕ организацийы фӕрцы йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ баххуыс кодта, мӕлӕтӕй дӕр сын тӕссаг куы уыд, уӕд дӕр. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ се ’мчырыстӕттӕн ӕххуыс кодтой цалдӕр мӕйы дӕргъы. Цы гуманитарон ӕххуыс ӕрбаластой, уый ӕдӕппӕтӕй уыд 450 000 килӕйӕ фылдӕр, уыимӕ 400 000 адӕймаджы фаг хӕринаг. Дохтырӕй чи куыста, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй ӕндӕр бӕстӕтӕй ӕрцыд иу-78 адӕймаджы, ӕмӕ иннӕ барвӕндон кусджытимӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнынӕн сӕ рӕстӕг ӕмӕ сӕ хъарутӕ не ’вгъау кодтой.a
a Ацы хабары тыххӕй фылдӕр базонӕн ис брошюрӕйӕ «Истина о Рождестве» (ba805), 14–19 фӕрстӕ.