МА БАФЫНӔЙ УТ!
Уаг ӕмӕ ӕгъдауыл цы ӕрцыд? Библийы цы фыст ис?
Уаг ӕмӕ ӕгъдау кӕмӕ нал ис, ахӕм адӕм фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц. Рынчынтӕ дохтыртыл фӕхъӕр кӕнынц; ресторанты адӕм официанттимӕ схуыст ныхас фӕкӕнынц; хӕдтӕхӕджы чи фӕтӕхы, уыдон хӕдтӕхӕджы кусджытӕм нӕ фӕхъусынц ӕмӕ сӕм сӕ къух сисынц; скъолаты сывӕллӕттӕ ахуыргӕнджытӕй хынджылӕг кӕнынц, фертхъирӕн сӕм кӕнынц ӕмӕ сӕм сӕ къух дӕр сисынц; иуӕй-иу политиктӕн се ’взӕр хъуыддӕгтӕ ахъӕр вӕййынц, иннӕ политиктӕ та сӕ хорз хъуыддӕгтӕ ныддиссаг кӕнынц.
Библийӕ базонӕн ис, уаг ӕмӕ ӕгъдау цы у, уый. Стӕй ма дзы базонӕн ис, абон бирӕтӕм уаг ӕмӕ ӕгъдау цӕуылнӕуал ис, уый.
Уаг ӕмӕ ӕгъдауыл цы ӕрцыд?
Зӕгъӕн ис, уаг ӕмӕ ӕгъдау нал ис, адӕм сӕхи, куыд ӕмбӕлы, афтӕ нал дарынц, ӕмӕ афтӕ у ӕгас дунейы дӕр.
Гэллапы институт куыд сбӕрӕг кодта, афтӕмӕй Америкӕйы цӕрджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, сӕ бӕстӕйы ӕгъдау ныр цы ӕвзӕр уавӕры ис, ахӕм уавӕры фӕстаг 22 азы нӕ уыд.
28 бӕстӕйы 32 000 адӕймаджы бафарстой ӕмӕ сӕ 65 проценты загътой, уаг ӕмӕ ӕгъдауыл хӕст чи у, уыдоны нымӕц къаддӕрӕй-къаддӕр кӕй кӕны.
Нӕ рӕстӕджы адӕм сӕхи афтӕ кӕй дардзысты, уый тыххӕй Библийы раджы ӕрцыд фыст.
«Фӕстаг бонты скӕндзӕн тынг уӕззау рӕстӕг. Уымӕн ӕмӕ адӕм уыдзысты хиуарзон, ӕхцауарзаг, хиппӕлой, сӕрбӕрзонд, Хуыцауы фаудзысты, сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты коммӕ нӕ кӕсдзысты, хорздзинадӕн аргъ кӕнын нӕ зондзысты... хиуыл хӕцын нӕ зондзысты, уыдзысты ӕгъатыр» (2 Тимофеймӕ 3:1–3).
Ацы пехуымпарад куыд ӕххӕст кӕны, уый базондзынӕ статьяйӕ «Предсказала ли Библия, какими будут люди в наше время?».
Уаг ӕмӕ ӕгъдау цы у, уый кӕцӕй ис базонӕн?
Ӕгас дунейы дӕр уаг ӕмӕ ӕгъдау нал ис, фӕлӕ милуантӕ базыдтой, хӕрзӕгъдау цард кӕнӕн куыд ис, уый фӕдыл ӕппӕты хуыздӕр уынаффӕтӕ Библийы кӕй ис. Уыцы уынаффӕтӕ «фидаргонд сты ӕнустӕм, мыггагмӕ» (Псалом 111:8). Ӕркӕсӕм дзы цалдӕрмӕ.
Библийы фыст ис: «Уӕдӕ уӕ алы хъуыддаджы дӕр куыд фӕнды, цӕмӕй уын адӕм уой, афтӕ сын ут уӕхӕдӕг дӕр» (Матфейы 7:12).
Йӕ хъуыды. Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕм иннӕтӕ хорз зӕрдӕ дарой ӕмӕ нын аргъ кӕной, уӕд сын нӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ афтӕ уӕм.
Библийы фыст ис: «Сымах ныууагътат мӕнг ныхас, ӕмӕ уӕ ныр алчидӕр иннӕмӕн дзурӕд, ӕцӕг цы у, уый» (Ефесӕгтӕм 4:25).
Йӕ хъуыды. Хъуамӕ макуы сайӕм ӕмӕ хъуамӕ нӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уа, ӕууӕндӕн ныл кӕй ис.
Ацы темӕйы фӕдыл фылдӕр базоныны тыххӕй бакӕс:
Журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», «Куыд ис базонӕн, цы у хорз ӕмӕ ӕвзӕр?».
Статья «Библия помогает проявлять терпимость».