34 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
3 ЗАРӔГ Нӕ ныфс, нӕ хъару, нӕ фидар мӕсыг
Йегъовӕ дын кӕй ныххатыр кодта, ууыл ма дызӕрдыг кӕн
«Ды [мын] мӕ рӕдыд ӕмӕ мӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодтай» (ПС. 32:5).
МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ
Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ кӕй хатыр кӕны, ууыл фидарӕй цӕмӕн хъуамӕ ’ууӕндӕм ӕмӕ, Библийӕ куыд у бӕрӕг, йӕ тӕригъӕдтыл чи ’рфӕсмон кӕны, уыдонӕн Йегъовӕ кӕй ныххатыр кӕны.
1, 2. Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ куы ныххатыр кӕны, уӕд цы фенкъарӕм? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
ПАДДЗАХ Давид уӕззау тӕригъӕдтӕ сарӕзта ӕмӕ-иу уыдоны тыххӕй йӕхи хордта (Пс. 40:12; 51:3; разныхас). Фӕлӕ сыл зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кодта, ӕмӕ йын Йегъовӕ ныххатыр кодта (2 Сам. 12:13). Ӕмӕ Давид бамбӕрста, Йегъовӕ дын куы ныххатыр кӕны, уӕд уый цы стыр удӕнцой ӕрхӕссы (Пс. 32:1).
2 Мах дӕр Давидау нӕ риуыдзаг сулӕфӕм, Йегъовӕ нӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад куы равдисы ӕмӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ куы ныххатыр кӕны, уӕд. Дӕ тӕригъӕд цыфӕнды уӕззау ма уа, уӕддӕр дын ӕй Йегъовӕ ныххатыр кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй у, уый зонын стыр удӕнцой куыннӕ у! Фӕлӕ-иу уый тыххӕй хъуамӕ зӕрдӕйӕ ’рфӕсмон кӕнӕм, нӕ тӕригъӕдтыл-иу басӕттӕм ӕмӕ архайӕм, цӕмӕй ахӕм тӕригъӕдтӕ мауал ӕруадзӕм (Ӕмб. 28:13; Хъуыд. 26:20; 1 Иоан. 1:9). Уӕлдай тынгдӕр та нын нӕ зӕрдӕ агайы, Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕд кӕронмӕ кӕй ныххатыр кӕны, раст ӕй цыма никуы сарӕзтам, афтӕ (Йез. 33:16).
Паддзах Давид, Йегъовӕ куыд хатыр кӕны, уый тыххӕй бирӕ псаломтӕ ныффыста (кӕс 1, 2 абзацтӕ)
3, 4. а) Иу хомӕ донаргъуыды фӕстӕ цавӕр ӕнкъарӕнтӕ уыд? б) Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?
3 Фӕлӕ нын хатт зын вӕййы баууӕндын, Йегъовӕ нын кӕй ныххатыр кодта, ууыл. Афтӕ уыд йӕ хабар Дже́нниферӕн дӕр. Уый схъомыл Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты бинонты ’хсӕн. Фӕлӕ рӕзгӕ кары куы уыд, уӕд йӕ ныййарджыты сусӕгӕй ӕнӕгъдау цард кӕнын райдыдта. Цалдӕр азы фӕстӕ Дженнифер Йегъовӕмӕ раздӕхт, йӕ цард аивта ӕмӕ донаргъуыд райста. Уый загъта: «Йегъовӕйы куы ныууагътон, уӕд мӕ сӕйраг мӕт сси ӕхца, нозтыл бафтыдтӕн ӕмӕ ӕнӕгъдау цард кӕнын райдыдтон. Стӕй сдӕн тынг мӕстыгӕр. Фӕлӕ фӕстӕдӕр ӕрфӕсмон кодтон ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодтон, цӕмӕй мын ныххатыр кӕна. Бӕргӕ йӕ ’мбӕрстон, Йегъовӕйӕн Чырыстийы нывонды фӕрцы цыфӕнды уӕззау тӕригъӕд дӕр йӕ бон кӕй у ныххатыр кӕнын, уый. Фӕлӕ мӕ зӕрдӕ йӕхионтӕ кодта. Мӕнӕн йӕ бон кӕй у ныххатыр кӕнын, уый мӕ нӕ уырныдта».
4 Мыййаг, ды дӕр хатт фӕдызӕрдыг кӕныс, Йегъовӕ дын дӕ раздӕры рӕдыдтытӕ кӕй ныххатыр кодта, ууыл? Уӕд-иу паддзах Давидыл ахъуыды кӕн. Уый нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау кӕй у, ууыл. Ӕмӕ Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй мах дӕр ууыл ма дызӕрдыг кӕнӕм. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Йегъовӕ нын кӕй хатыр кӕны, ууыл нӕ бон цӕмӕн у ӕууӕндын ӕмӕ нын уымӕн цы баххуыс кӕндзӕн.
ЙЕГЪОВӔ НЫН КӔЙ НЫХХАТЫР КӔНЫ, УУЫЛ ӔУУӔНДЫН АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У?
5. Хӕйрӕг нӕ цӕуыл хъавы баууӕндын кӕнынмӕ? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
5 Йегъовӕ нын кӕй ныххатыр кӕны, ууыл куы ’ууӕндӕм, уӕд Хӕйрӕджы къӕппӕджы нӕ бахаудзыстӕм. Дӕ зӕрдыл дар: Хӕйрӕг цыфӕнды дӕр сараздзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйӕн мауал лӕггад кӕнӕм. Ӕмӕ цӕмӕй уый йӕ къухы бафта, уый тыххӕй архайы, цӕмӕй нӕ баууӕндын кӕна, нӕ тӕригъӕдтӕ ӕгӕр уӕззау кӕй сты ӕмӕ нын сӕ Йегъовӕ кӕй никуы ныххатыр кӕндзӕн. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, рагон Коринфы цы хабар ӕрцыд. Иу лӕджы ӕмбырдӕй фӕхицӕн кодтой, хӕтгӕ кӕй кодта, уый тыххӕй (1 Кор. 5:1, 5, 13). Фӕстӕдӕр уыцы чырыстон ӕрфӕсмон кодта. Фӕлӕ Хӕйрӕджы фӕндыд, цӕмӕй йын хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ма ныххатыр кодтаиккой ӕмӕ, Йегъовӕмӕ кӕй ӕрбаздӕхт, ууыл ма цин кодтаиккой. Уымӕй уӕлдай ма Хӕйрӕджы фӕндыд, цӕмӕй, чи ’рфӕсмон кодта, уыцы лӕг йӕхи, Йегъовӕ йын ныххатыр кӕна, уый аккагыл ма нымайа, ӕмӕ уый тыххӕй «бынтондӕр йӕхимӕ... ныхъхъуса», ӕмӕ Йегъовӕйӕн мауал лӕггад кӕна. Хӕйрӕг абон дӕр афтӕ архайы. Фӕлӕ, «куыд архайы, уый нын ӕнӕзонгӕ нӕу» (2 Кор. 2:5–11).
6. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ рӕдыдтыты тыххӕй нӕхи мауал хӕрӕм?
6 Йегъовӕ нын кӕй ныххатыр кӕны, ууыл куы ’ууӕндӕм, уӕд-иу нӕхи нал хӕрдзыстӕм ӕмӕ-иу нын фенцон уыдзӕн. Тӕригъӕд куы саразӕм, уӕд уый тыххӕй нӕхи фӕхӕрӕм (Пс. 51:17). Ӕмӕ уый хорз у, уымӕн ӕмӕ нӕ уӕд фӕфӕнды, цӕмӕй фӕивӕм ӕмӕ, раст цы у, уый аразӕм (2 Кор. 7:10, 11). Фӕлӕ кӕд нӕ тӕригъӕдыл ӕрфӕсмон кодтам, фӕлӕ уӕддӕр нӕхи фӕсмонӕй хӕрӕм, уӕд нӕм, гӕнӕн ис, тыхы мур мауал баззайа ӕмӕ нӕ къухтӕ ’руадзӕм. Йегъовӕ нын кӕй ныххатыр кӕны, ууыл куы ’ууӕндӕм, уӕд-иу уыцы ӕнкъарӕнтӕй фӕд дӕр нал баззайдзӕн. Фӕстейӕ-иу баззайдзысты – растдӕр уым ис сӕ бынат. Ӕмӕ уӕд нӕ бон уыдзӕн Йегъовӕйӕн, уый куыд фӕнды, афтӕ лӕггад кӕнын – сыгъдӕг цӕсгомӕй ӕмӕ цингӕнгӕйӕ (Кол. 1:10, 11; 2 Тим. 1:3). Фӕлӕ нын кӕд зын у баууӕндын, Йегъовӕ нын кӕй ныххатыр кӕны, ууыл, уӕд нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй уыцы дызӕрдыг хъуыдытӕй фервӕзӕм?
ЦЫ НЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ МА ДЫЗӔРДЫГ КӔНӔМ, ЙЕГЪОВӔ НЫН КӔЙ НЫХХАТЫР КӔНЫ, УУЫЛ?
7, 8. Йегъовӕ Моисейӕн йӕхи тыххӕй цы загъта ӕмӕ нын уый цӕуыл дзурӕг у? (Рацыд 34:6, 7).
7 Хъуыды кӕн, Йегъовӕ йӕхи тыххӕй цы дзуры, ууыл. Ахъуыды-ма кӕн, зӕгъӕм, Йегъовӕ Моисеимӕ Синайы хохыл куы ныхас кодта, ууылa. (Бакӕс Рацыд 34:6, 7.) Йегъовӕмӕ бирӕ рӕсугъд миниуджытӕ ис. Фӕлӕ фыццаджыдӕр йӕхи тыххӕй загъта, «фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау» кӕй у. Уӕдӕ-ма ахъуыды кӕн: ахӕм миниуджытӕ кӕмӕ ис, уыцы Хуыцау, зӕрдӕйӕ чи фӕсмон кӕны, ахӕм адӕймагӕн нӕ ныххатыр кӕндзӕн? Нӕ, уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ Йегъовӕ ахӕм ӕгъатыр ми бакӕна!
8 Йегъовӕ йӕхи тыххӕй цы дзуры, ууыл нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, уымӕн ӕмӕ у рӕстдзинады Хуыцау (Пс. 31:5). Кӕд дӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй ныр дӕр ма дӕхи хӕрыс, уӕд-ма ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Уырны мӕ, Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау кӕй у ӕмӕ, зӕрдӕйӕ чи фӕсмон кӕны, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр кӕй хатыр кӕны? Кӕд мӕ уый фидарӕй уырны, уӕд цӕмӕн хъуамӕ дызӕрдыг кӕнон, Йегъовӕ мӕнӕн дӕр кӕй ныххатыр кодта, ууыл?»
9. Псалом 32:5 стихӕй нӕ бон цы у базонын, Йегъовӕ куыд хатыр кӕны, уый тыххӕй?
9 Хъуыды кӕн, Йегъовӕ куыд хатыр кӕны, уый кой кӕм ис, уыцы стихтыл. Зӕгъӕм, Йегъовӕ хатыргӕнаг кӕй у, уый тыххӕй Давид ныффыста Псалом 32:5 стихы. (Бакӕс ӕй.) Давид загъта: «Ды [мын] мӕ рӕдыд ӕмӕ мӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодтай». Ацы стихы «ныххатыр кӕнын»-ӕй цы дзуттаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый ма нысан кӕны «сисын», «айсын» кӕнӕ «хӕссын». Йегъовӕ Давидӕн куы ныххатыр кодта, уӕд ын, зӕгъӕн ис, йӕ тӕригъӕдтӕ систа ӕмӕ сӕ ахаста. Уӕд Давидӕн, цыма йе уӕхсчытӕй уӕззау уаргъ ахауд, уыйау фенцон – йӕхи фӕсмонӕй нал хордта (Пс. 32:2–4). Махӕн дӕр нӕ бон у ахӕм удӕнцой ссарын. Кӕд зӕрдӕйӕ ’рфӕсмон кодтам, уӕд-иу хъуамӕ нӕхи мауал хӕрӕм, уымӕн ӕмӕ нын Йегъовӕ кӕронмӕ ныххатыр кодта ӕмӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ ахаста.
10, 11. Цы нысан кӕнынц ныхӕстӕ «Йегъовӕ... ды дӕ цӕттӕ хатыр кӕнынмӕ»? (Псалом 86:5).
10 Бакӕс Псалом 86:5. Ам Давид Йегъовӕйы тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, «ды дӕ цӕттӕ хатыр кӕнынмӕ». Иу библииртасӕг ацы дзырдбасты тыххӕй ныффыста, зӕгъгӕ, дам, Хуыцауы «фӕнды ӕмӕ цӕттӕ у хатыр кӕнынмӕ – йӕ удыхъӕд ахӕм у». Цымӕ Йегъовӕ ахӕм Хуыцау цӕмӕн у? Дзуапп ис стихӕн йӕ дыккаг хайы: «Чи дӕм сиды, уыдоны се ’ппӕты дӕр рӕдауӕй тавыс де ’нувыд уарзтӕй». Айразмӕйы статьяйӕ базыдтам, Йегъовӕ зӕрдӕ кӕй ӕвӕры, чи йӕ уарзы, уыдоны ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарздзӕн ӕмӕ, цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр сыл йӕ зӕрдӕ кӕй нӕ сивдзӕн. Йегъовӕйы йе ’нувыд уарзт разӕнгард кӕны, цӕмӕй, йӕ тӕригъӕдтыл чи фӕсмон кӕны, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр зӕрдиагӕй хатыр кӕна (Ис. 55:7). Кӕд дын зын у баууӕндын, Йегъовӕ дын кӕй ныххатыр кодта, ууыл, уӕд ахъуыды кӕн: «Уырны мӕ, Йегъовӕ цӕттӕ кӕй у, йӕ тӕригъӕдты тыххӕй хатыр чи куры, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр ныххатыр кӕнынмӕ ӕмӕ сӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисынмӕ? Кӕд о, уӕд цӕмӕн хъуамӕ дызӕрдыг кӕнон, куы йын лӕгъстӕ кодтон, цӕмӕй мӕм фӕлмӕнзӕрдӕ уа, уӕд мӕнӕн дӕр кӕй ныххатыр кодта?»
11 Стыр удӕнцойы хос ма нын у, Йегъовӕ кӕй ӕмбары, ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый (Пс. 139:1, 2). Ныртӕккӕ ӕркӕсдзыстӕм, Давид ӕндӕр псаломы цы ныффыста, уымӕ. Уыцы ныхӕстӕй дӕр бӕрӕг у, Йегъовӕ хатыр кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй у.
ЙЕГЪОВӔЙӔ РОХ ЦЫ НӔУ, УЫЙ МА РОХ КӔН
12, 13. Псалом 103:14 стихмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕйӕ рох цы нӕу ӕмӕ йӕ уый цӕмӕ разӕнгард кӕны?
12 Бакӕс Псалом 103:14. Давид Йегъовӕйы тыххӕй загъта: «Сыджыт кӕй стӕм, уый дзы рох нӕу». Ацы ныхӕстӕй Давид бамбарын кодта, Йегъовӕ хатыр кӕнынмӕ цӕттӕ цӕмӕн у. Иу уый, ӕмӕ алкӕддӕр йӕ зӕрдыл фӕдары, тӕригъӕдджын кӕй стӕм. Ацы ныхӕстӕм-ма лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсӕм.
13 Давид загъта, Йегъовӕ «хорз [кӕй] зоны, цӕмӕй конд стӕм, уый». Хуыцау Адамы «сыджытӕй скодта» (Райд. 2:7). Ӕмӕ хорз зоны, ӕххӕст адӕймагӕн йӕ бон цы у ӕмӕ цы нӕу. Зӕгъӕм, хъӕуы йӕ хӕрын, стӕй йӕ хъӕуы улӕфын ӕмӕ фынӕй кӕнын. Фӕлӕ Адам ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд куы сарӕзтой, уӕд дзырдбастӕн «сыджыт кӕй стӕм» фӕзынд ӕндӕр хъуыды дӕр. Сӕ байзӕддӕгтӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ туджы рахастам тӕригъӕд, ӕмӕ уый тыххӕй ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ аразынмӕ ӕмхиц стӕм. Давиды ныхӕстӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ уый ӕрмӕст зонгӕ кӕй нӕ кӕны, фӕлӕ ма дзы уый рох дӕр кӕй нӕу. Дзырдбастӕй «рох нӕу» цы дзуттаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый, гӕнӕн ис, ӕрмӕст хъуыдытӕм ма амона, фӕлӕ ма хъуыддӕгтӕм дӕр. Уымӕ гӕсгӕ, Псалом 103:14 стихы фыст ныхӕстӕ ис афтӕ бамбарӕн: Йегъовӕ зоны рӕдийаг кӕй стӕм. Фӕлӕ, зӕрдӕйӕ куы ’рфӕсмон кӕнӕм, уӕд нӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисы ӕмӕ нын ныххатыр кӕны (Пс. 78:38, 39).
14. а) Псалом 103:12 стихӕй куыд зыны, Йегъовӕ нын кӕронмӕ кӕй ныххатыр кӕны? б) Давиды хабарӕй куыд у бӕрӕг, Йегъовӕ нын кӕронмӕ кӕй ныххатыр кӕны? (Кӕс рамкӕ «Йегъовӕ ныххатыр кӕны ӕмӕ ферох кӕны».)
14 Цымӕ нын Йегъовӕ нӕ тӕригъӕдтӕ бынтондӕр ныххатыр кӕны? (Бакӕс Псалом 103:12.) Давид загъта, Йегъовӕ нын куы ныххатыр кӕны, уӕд нын нӕ тӕригъӕдтӕ, «хурыскӕсӕн хурныгуылӕнӕй куыд дард у», афтӕ дард кӕй ахӕссы. Скӕсӕнӕй ӕппӕты дарддӕр у ныгуылӕн, ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ никуы фембӕлынц. Ацы ныхӕстӕй цы ис базонӕн, Йегъовӕ куыд хатыр кӕны, уый тыххӕй? Иу чиныджы ацы стихы тыххӕй фыст ис, Хуыцау нын нӕ тӕригъӕд афтӕ дард кӕй ахӕссы, ӕмӕ, зӕгъӕн ис, нӕдӕр йӕ фӕд баззайы, нӕдӕр йӕ тӕф. Уымӕ гӕсгӕ, дам, нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, уыцы тӕригъӕд кӕй никуыуал ӕрхъуыды кӕндзӕн ӕмӕ нын ӕй нӕ цӕстмӕ кӕй никуы бадардзӕн. Тӕф нын, гӕнӕн ис, нӕ зӕрдыл цавӕрдӕр хабар ӕрлӕууын кӕна. Фӕлӕ нын Йегъовӕ куы ныххатыр кӕны, уӕд нӕ тӕригъӕдӕн йӕ тӕф дӕр нал баззайы. Ӕмӕ ахӕмӕй ницы баззайы, цӕмӕй та йын нӕ тӕригъӕд йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕна ӕмӕ нӕ уый тыххӕй бафхӕра (Йез. 18:21, 22; Хъуыд. 3:19).
15. Кӕд нӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй нӕхи хӕрӕм, уӕд нӕ бон цы у саразын?
15 Давид 103-ӕм псаломы цы ныхӕстӕ загъта, уыдон дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнай, Йегъовӕ дын кӕй ныххатыр кодта, ууыл. Кӕд дӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй ныр дӕр ма дӕхи хӕрыс, уӕд-ма ахъуыды кӕн: «Йегъовӕйӕ рох цы нӕу, уый цымӕ ӕз нӕ рох кӕнын? Ома мӕ рох нӕу, Йегъовӕ кӕй зоны, ӕнӕххӕст кӕй дӕн ӕмӕ, йӕ тӕригъӕдтыл чи фӕсмон кӕны, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр, уыимӕ мӕнӕн дӕр, кӕй хатыр кӕны? Мӕ зӕрдыл ма дарын, Йегъовӕ цы ферох кодта, уый? Зӕгъӕм, мӕ зӕрдыл ма дарын, Йегъовӕ мын кӕй ныххатыр кодта ӕмӕ мын мӕ цӕстмӕ кӕй никуы бадардзӕн, уыцы тӕригъӕдтӕ?» Йегъовӕ нын нӕ тӕригъӕдтыл ӕдзух нӕ фӕхъуыды кӕны, ӕмӕ сыл мах дӕр ма хъуамӕ хъуыды кӕнӕм (Пс. 130:3). Йегъовӕ нын кӕй ныххатыр кодта, ууыл куы нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн нӕхицӕн ныххатыр кӕнын ӕмӕ Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнын.
16. Нӕхи нӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй ӕдзух куы хӕрӕм, уӕд уый тӕссаг цӕмӕн у? Ӕрхӕсс цӕвиттон. (Кӕс нывмӕ дӕр.)
16 Ӕркӕсӕм ахӕм цӕвиттонмӕ. Дӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй ӕдзух дӕхи хӕрай, уый абарӕн ис, машинӕ скъӕргӕйӕ ӕдзух, фӕстӕмӕ кӕсынӕн цы кӕсӕн ис, уырдӕм куыд кӕсай, уыимӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, шофыр рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ уырдӕм дӕр хъуамӕ кӕса, цӕмӕй фӕндагыл цӕугӕйӕ йӕ бон уа йӕхи тӕссаг уавӕртӕй бахизын. Фӕлӕ цӕмӕй фыдбылызы ма бахауа, уый тыххӕй йӕ хъӕуы размӕ кӕсын. Раст афтӕ мах дӕр хатт нӕ раздӕры рӕдыдтытыл фӕхъуыды кӕнӕм. Ӕмӕ уый ӕвзӕр нӕу. Уый фӕрцы нӕ зӕрдыл ӕрлӕууы, цӕуыл дзы сахуыр стӕм, уый, стӕй уыцы рӕдыд ногӕй саразынӕй нӕхи бахизӕм. Фӕлӕ нӕ раздӕры рӕдыдтытыл ӕдзух куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ циндзинад ӕрмынӕг уыдзӕн ӕмӕ нӕ бон нал уыдзӕн Йегъовӕйӕн ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кӕнын. Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр размӕ кӕсӕм, уымӕн ӕмӕ, цы фӕндагыл цӕуӕм, уый кӕны ног дунемӕ. Уым, раздӕр ӕвзӕрӕй цы уыд, уыдон «хъуыды дӕр ничиуал ӕркӕндзӕн» (Ис. 65:17; Ӕмб. 4:25).
Шофыр хъуамӕ размӕ йӕ фӕндагмӕ кӕса. Раст афтӕ мах дӕр хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, разӕй нӕм цы арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдоныл, нӕ раздӕры рӕдыдтытыл нӕ, фӕлӕ (кӕс 16 абзац)
ДАРДДӔР ДӔР ДӔ ЗӔРДӔ ӔУУӔНДЫН КӔН
17. Цӕмӕн нӕ хъӕуы дарддӕр дӕр нӕ зӕрдӕтӕ ӕууӕндын кӕнын, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы ӕмӕ нын цӕттӕ кӕй у хатыр кӕнынмӕ?
17 Мах хъӕуы дарддӕр дӕр нӕ зӕрдӕтӕ ӕууӕндын кӕнын, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы ӕмӕ нын хатыр кӕнынмӕ алкӕддӕр цӕттӕ кӕй вӕййы (1 Иоан. 3:19). Уый ахсджиаг цӕмӕн у? Уымӕн ӕмӕ Хӕйрӕг архайдзӕн, цӕмӕй нӕ баууӕндын кӕна, Йегъовӕйы уарзты аккаг кӕй не стӕм ӕмӕ нын кӕй никуы ныххатыр кӕндзӕн. Йӕ нысан у, цӕмӕй Йегъовӕйӕн мауал лӕггад кӕнӕм. Зоны йӕ, рӕстӕг ын бирӕ кӕй нал баззад, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ноджы карздӕрӕй архайдзӕн (Рарг. 12:12). Фӕлӕ йын мах уый бар нӕ ратдзыстӕм, цӕмӕй ныл фӕуӕлахиз уа!
18. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ зӕрдӕ баууӕндын кӕнай, Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы ӕмӕ дын хатыр кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй у?
18 Айразмӕйы статьяйӕ базыдтам, цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, ууыл. Ӕмӕ нын Йегъовӕ кӕй ныххатыр кӕны, ууыл та нӕ зӕрдӕтӕ куыд баууӕндын кӕнӕм? Дӕ хъус-иу дар, Йегъовӕ йӕхи тыххӕй Библийы цы дзуры, уымӕ. Куыд хатыр кӕны, уый тыххӕй цы стихты ис фыст, уыдоныл-иу хъуыды кӕн. Рох дӕ ма уӕд, Йегъовӕ хорз кӕй зоны, ӕнӕххӕст кӕй дӕ, уый ӕмӕ дӕм фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй уыдзӕн. Ӕмӕ дӕ зӕрдыл дар, куы нын ныххатыр кӕны, уӕд нын бынтондӕр кӕй ныххатыр кӕны. Ӕмӕ уӕд Давидау ды дӕр нӕ дызӕрдыг кӕндзынӕ, Йегъовӕ дӕм фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй уыдзӕн. Ӕмӕ дӕ бон уыдзӕн зӕгъын: «Йегъовӕ, бузныг, „мӕ рӕдыд ӕмӕ [мын] мӕ тӕригъӕдтӕ [кӕй] ныххатыр кодтай“» (Пс. 32:5).
1 ЗАРӔГ Йегъовӕйы миниуджытӕ
a Кӕс статья «Баввахс у Хуыцаумӕ. Цы дзуры Йегъовӕ йӕхи тыххӕй?» 2009 азы 1 июлы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы».