Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
Публикацитӕ иронау (1997–2026)
Рацу
Бацу
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Абон

Майрӕмбон, 7 ноябрь

Курӕд уырнӕгзӕрдӕйӕ, ӕппындӕр дызӕрдыг ма кӕнӕд (Иак. 1:6).

Йегъовӕ у нӕ Фыд, тынг нӕ уарзы, ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй маст ӕмӕ зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм (Ис. 63:9). Цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм, уыдон абарӕн ис цӕугӕдӕттимӕ кӕнӕ артимӕ (Ис. 43:2). Ӕмӕ нӕ Йегъовӕ ӕппӕт зындзинӕдтӕй нӕ бахизы, фӕлӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, кӕй-иу нын баххуыс кӕндзӕн сӕ сӕрты ахизынӕн. Ӕмӕ цыфӕнды фӕлварӕнтыл ма сӕмбӕлӕм,– ӕххуыс нын кӕндзӕн, цӕмӕй дзы ма адард уӕм. Уымӕй уӕлдай ма нын ратты йӕ хъомысджын сыгъдӕг тых дӕр, ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон вӕййы фидар фӕлӕууын (Лук. 11:13; Фил. 4:13). Уӕдӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нын, цӕмӕй хъӕуы, уымӕй алкӕддӕр кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй кӕронмӕ фидар фӕлӕууӕм ӕмӕ йыл иузӕрдионӕй баззайӕм. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йыл нӕ зӕрдӕ дарӕм (Дзут. 11:6). Иуӕй-иу хатт нӕм нӕ зындзинӕдтӕ хохы йас фӕкӕсынц. Ӕмӕ, гӕнӕн ис, дызӕрдыг кӕнын дӕр райдайӕм, Йегъовӕ нын кӕй баххуыс кӕндзӕн, ууыл. Фӕлӕ нын Библи зӕрдӕ ӕвӕры, Хуыцауы тыхы фӕрцы нӕ бон кӕй у «къулыл сбырын дӕр» (Пс. 18:29). Уӕдӕ-иу хъуамӕ ахӕм дызӕрдыг хъуыдытӕй фервӕзӕм ӕмӕ-иу Йегъовӕмӕ ныфсджынӕй кувӕм. Хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, нӕ куывдтытӕн нын дзуапп кӕй ратдзӕн, ууыл (Иак. 1:6, 7). w23.11 22 ф., 8, 9 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Сабат, 8 ноябрь

Уарзты цӕхӕртӕ сты арты цӕхӕртӕ, Йагъы пиллон арт. Уарзты зынг бирӕ дӕттӕ дӕр нӕ ахуыссын кӕндзысты, цӕугӕдӕттӕ дӕр ӕй нӕ аласдзысты (Сол. з. 8:6, 7).

Диссаджы рӕсугъд ныхӕстӕ! Ахӕм у ӕцӕг уарзондзинад. Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ уый гӕнӕн ис, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийы алкӕддӕр уарзой. Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийы цӕрӕнбонтӕм уарздзысты ӕви нӕ, уый сӕхицӕй кӕнгӕ у. Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Арт, гӕнӕн ис, ӕмӕ макуы ахуысса. Фӕлӕ дзы уый тыххӕй хъӕуы сугтӕ ӕппарын. Артмӕ йӕ хъус куы ничи дара, уӕд сабыргай ахуысдзӕн. Раст афтӕ лӕг ӕмӕ усӕн дӕр сӕ уарзты зынг, гӕнӕн ис, макуы ахуысса. Фӕлӕ уый тыххӕй фӕхъӕуы цыдӕртӕ аразын. Хатт лӕг ӕмӕ ус фембарынц, сӕ уарзты зынг кӕй мынӕг кӕны, уӕлдайдӕр та ӕхцаимӕ, ӕнӕниздзинадимӕ кӕнӕ сывӕллӕтты хъомыл кӕнынимӕ баст зындзинӕдты тыххӕй. Цӕмӕй «Йагъы пиллон арт» ма ахуысса ӕмӕ алкӕддӕр судза, уый тыххӕй хъуамӕ лӕгӕн дӕр ӕмӕ усӕн дӕр Йегъовӕ уа йе ’ввахс Хӕлар. w23.05 20, 21 фф., 1–3 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Хуыцаубон, 9 ноябрь

Ма тӕрс (Дан. 10:19).

Гӕнӕн ис, дӕ ныййарджытӕ дын дзурой, хъӕбатыр хъуамӕ уай, зӕгъгӕ. Фӕлӕ дын сӕ бон нӕу уыцы миниуӕг бынӕн ныууадзын. Цӕмӕй хъӕбатыр уӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы цыдӕр аразын. Уый абарӕн ис, ног цӕуылдӕр куыд ахуыр кӕнай, уыимӕ. Уыцы хъуыддаг дын хуыздӕр уайдзӕн, дӕ ахуыргӕнӕгмӕ лӕмбынӕг куы кӕсай ӕмӕ, уый куыд кӕны, афтӕ куы кӕнай, уӕд. Афтӕ у хъӕбатырдзинады хабар дӕр. Иннӕтӕ уыцы миниуӕг куыд ӕвдисынц, уымӕ лӕмбынӕг куы кӕсай ӕмӕ сӕ куы фӕзмай, уӕд суыдзынӕ хъӕбатыр. Мах дӕр хъуамӕ Данелау Хуыцауы Ныхас хорз зонӕм, Йегъовӕмӕ арӕх кувӕм, йемӕ ӕргом ныхас кӕнӕм ӕмӕ йӕм афтӕмӕй ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕнӕм. Стӕй йыл хъуамӕ фидарӕй ӕууӕндӕм ӕмӕ йыл нӕ зӕрдӕ дарӕм. Ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, алкӕддӕр нӕ фарсмӕ кӕй вӕййы, ууыл. Ӕмӕ-иу уӕд фӕлварӕнты рӕстӕг разындзыстӕм хъӕбатыр. Хъӕбатыр адӕм иннӕты цӕсты арӕх кадджын вӕййынц. Стӕй уыдоны фӕрцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы бафӕнды Йегъовӕйы хуыздӕр базонын. w23.08 2 ф., 2 абз.; 4 ф., 8, 9 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын