Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Абон

Къуырисӕр, 4 август

Нӕ уӕлӕ дарӕм... згъӕрхӕдон, стӕй... згъӕрхуд (1 Фес. 5:8).

Апостол Павел чырыстӕтты абарста, сӕ хӕстон дзауматӕ сӕ уӕлӕ кӕмӕн сты ӕмӕ тохмӕ цӕттӕ чи у, ахӕм ӕфсӕддонтимӕ. Ӕфсӕддон хъуамӕ уа къӕрцхъус ӕмӕ кӕдфӕндыдӕр цӕттӕ уа тохмӕ. Афтӕ мах дӕр нӕ уӕлӕ уырнындзинады ӕмӕ уарзондзинады згъӕрхӕдон, стӕй ныфсы згъӕрхуд куы дарӕм, уӕд алкӕддӕр Йегъовӕйы бонмӕ цӕттӕ уыдзыстӕм. Згъӕрхӕдон-иу хъахъхъӕдта ӕфсӕддонӕн йӕ зӕрдӕ. Афтӕ нын уырнындзинад ӕмӕ уарзондзинад дӕр хъахъхъӕнынц нӕ зӕрдӕ. Уыдон нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй дарддӕр дӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕнӕм ӕмӕ Йесойы фӕдыл цӕуӕм. Мах уырны, Йегъовӕ нын кӕй раарфӕ кӕндзӕн, зӕрдиагӕй йӕ кӕй агурӕм, уый тыххӕй (Дзут. 11:6). Стӕй нын уырнындзинад ӕххуыс кӕны нӕ Разамонӕг Йесойыл зындзинӕдты иузӕрдионӕй баззайынӕн. Бирӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззадысты, сӕ уырнындзинады тыххӕй-иу ӕфхӕрд куы ӕййӕфтой кӕнӕ-иу сын цардамӕлттӕ кӕнын зын куы уыд, уӕд. Ӕмӕ нын сӕ цӕвиттонтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидардӕр кӕнӕм ӕмӕ-иу уый фӕрцы зындзинӕдтӕ сфӕразӕм. Нӕ бон ма у, йӕ цард чи фӕхуымӕтӕгдӕр кодта ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад фыццаг бынаты чи сӕвӕрдта, уыдоны дӕр бафӕзмын. Уый нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй мулчы фӕдыл ма адзӕгъӕл уӕм. w23.06 10 ф., 8, 9 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Дыццӕг, 5 август

Мигътӕм чи кӕсы, уый ницы ӕркӕрддзӕн (Еккл. 11:4).

Сыгъдӕг тыхы фӕрцы нӕм фӕзындзӕн, нӕ нысанмӕ тырнынӕн нын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм миниуджытӕ, уӕлдайдӕр кӕд ӕнцон нысан нӕу кӕнӕ йӕм афтӕ тынг нӕ тырнӕм, уӕд. Уӕдӕ Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы баххуыс кӕна, сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ чи хауы, уыцы миниуджытӕ дӕ удыхъӕды сфидар кӕнынӕн (Лук. 11:13; Гал. 5:22, 23). Уавӕртӕ, дӕу куыд фӕнды, афтӕ кӕй уыдзысты, уымӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕс. Ацы дунейы, гӕнӕн ис, ӕмӕ, дӕу куыд фӕнды, афтӕ макуы рауайа. Дӕ уавӕртӕ кӕд амондзысты, уымӕ куы ӕнхъӕлмӕ кӕсай, уӕд дӕ нысан дӕ къухы никуы бафтдзӕн. Иуӕй-иу хатт та нӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ нӕ нысан нӕ къухы зынтӕй бафтдзӕн. Ӕмӕ йӕм уый тыххӕй дӕр, гӕнӕн ис, афтӕ тынг ма тырнӕм. Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ хабар афтӕ у, уӕд дӕ бон у дӕ нысан гыццылдӕр нысӕнттыл ныддихтӕ кӕнын. Зӕгъӕм, кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй дӕм цавӕрдӕр миниуӕг фӕзына, уӕд уал бацархай, цӕмӕй йӕ гыццыл хъуыддӕгты равдисай. Кӕд дӕ фӕнды Библи ӕнӕхъӕнӕй бакӕсын, уӕд уал ӕй гыццыл скъуыддзӕгтӕй кӕсын райдай. w23.05 29 ф., 11–13 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Ӕртыццӕг, 6 август

Рӕстгӕнджыты фӕндаг у хуры рухсы хуызӕн – уыцы рухс кӕны тынгӕй-тынгдӕр, цалынмӕ хур йӕ тӕмӕны нӕ бацӕуы, уӕдмӕ (Ӕмб. 4:18).

Фӕстаг бонты нын Йегъовӕ йӕ организацийы уылты ӕдзух лӕвӕрдта ӕмӕ дӕтты уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг, цӕмӕй не ’ппӕт дӕр дарддӕр «Сыгъдӕг фӕндагыл» цӕуӕм (Ис. 35:8; 48:17; 60:17). Зӕгъӕн ис, ӕмӕ, Библи ахуыр кӕнын чи райдайы, уый райдайы «Сыгъдӕг фӕндагыл» цӕуын. Иуӕй-иутӕ йыл иуцасдӕр ацӕуынц, фӕлӕ йӕ стӕй ныууадзынц. Иннӕтӕ та йыл фидар къахдзӕфтӕй размӕ цӕуынц. Фӕнды сӕ, цӕмӕй кӕронмӕ бахӕццӕ уой. Цымӕ кӕдӕм цӕуынц? Уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдоны «Сыгъдӕг фӕндаг» кӕны уӕлӕрвтӕм, «Хуыцауы дзӕнӕтмӕ» (Рарг. 2:7). Зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдоны та уыцы фӕндаг кӕны ӕххӕстдзинадмӕ – ӕххӕст та суыдзысты Чырыстийы миназон хицаудзинады кӕрон. Кӕд абон «Сыгъдӕг фӕндагыл» цӕуыс, уӕд фӕстӕмӕ мауал фӕкӕс. Ӕмӕ цалынмӕ дӕ балц нӕ фӕуа ӕмӕ ног дунемӕ нӕ бахӕццӕ уай, уӕдмӕ уыцы фӕндагӕй ма ахиз. w23.05 17 ф., 15 абз.; 19 ф., 16–18 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын