Хуыцаубон, 3 август
Кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтаут (Дзут. 10:25).
Зӕгъӕм, дзуапп раттын дӕ кӕй хъӕуы, ӕрмӕст уыцы хъуыдыйӕ дӕр дӕ хид акӕлы. Уӕд-иу дӕхи дзӕбӕх бацӕттӕ кӕн (Ӕмб. 21:5). Ӕрмӕг хорз куы зонай, уӕд-иу дын ӕнцондӕр уыдзӕн дӕ къухыл схӕцын. Стӕй-иу бацӕттӕ кӕн цыбыр дзуаппытӕ (Ӕмб. 15:23; 17:27). Цыбыр дзуапп дӕтгӕйӕ адӕймаг афтӕ тынг нӕ фӕтыхсы. Дӕхи ныхӕстӕй цыбыр дзуапп куы раттай, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, дӕхи хорз кӕй бацӕттӕ кодтай ӕмӕ ӕрмӕг хорз кӕй ӕмбарыс. Чи зоны, ацы уынаффӕтӕм гӕсгӕ бацархайдтай, фӕлӕ уӕддӕр дӕ ныфс хӕссыс ӕрмӕстдӕр иу кӕнӕ дыууӕ дзуаппы раттынмӕ. Ма дызӕрдыг кӕн: Йегъовӕ аргъ кӕны, дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕй аразыс, уымӕн (Лук. 21:1–4). Дӕ бон цы нӕу, уый дӕ никуы домдзӕн (Фил. 4:5). Ахъуыды кӕн, дӕ бон цавӕр нысан у дӕ разы сӕвӕрын, стӕй архай, цӕмӕй уыцы нысан дӕ къухы бафта, ӕмӕ кув, цӕмӕй-иу ма тыхсай. Фыццаг уал, чи зоны, дӕ разы сӕвӕрай нысан, иу цыбыр дзуапп кӕй ратдзынӕ. w23.04 21 ф., 6–8 абз.
Къуырисӕр, 4 август
Нӕ уӕлӕ дарӕм... згъӕрхӕдон, стӕй... згъӕрхуд (1 Фес. 5:8).
Апостол Павел чырыстӕтты абарста, сӕ хӕстон дзауматӕ сӕ уӕлӕ кӕмӕн сты ӕмӕ тохмӕ цӕттӕ чи у, ахӕм ӕфсӕддонтимӕ. Ӕфсӕддон хъуамӕ уа къӕрцхъус ӕмӕ кӕдфӕндыдӕр цӕттӕ уа тохмӕ. Афтӕ мах дӕр нӕ уӕлӕ уырнындзинады ӕмӕ уарзондзинады згъӕрхӕдон, стӕй ныфсы згъӕрхуд куы дарӕм, уӕд алкӕддӕр Йегъовӕйы бонмӕ цӕттӕ уыдзыстӕм. Згъӕрхӕдон-иу хъахъхъӕдта ӕфсӕддонӕн йӕ зӕрдӕ. Афтӕ нын уырнындзинад ӕмӕ уарзондзинад дӕр хъахъхъӕнынц нӕ зӕрдӕ. Уыдон нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй дарддӕр дӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕнӕм ӕмӕ Йесойы фӕдыл цӕуӕм. Мах уырны, Йегъовӕ нын кӕй раарфӕ кӕндзӕн, зӕрдиагӕй йӕ кӕй агурӕм, уый тыххӕй (Дзут. 11:6). Стӕй нын уырнындзинад ӕххуыс кӕны нӕ Разамонӕг Йесойыл зындзинӕдты иузӕрдионӕй баззайынӕн. Бирӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззадысты, сӕ уырнындзинады тыххӕй-иу ӕфхӕрд куы ӕййӕфтой кӕнӕ-иу сын цардамӕлттӕ кӕнын зын куы уыд, уӕд. Ӕмӕ нын сӕ цӕвиттонтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидардӕр кӕнӕм ӕмӕ-иу уый фӕрцы зындзинӕдтӕ сфӕразӕм. Нӕ бон ма у, йӕ цард чи фӕхуымӕтӕгдӕр кодта ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад фыццаг бынаты чи сӕвӕрдта, уыдоны дӕр бафӕзмын. Уый нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй мулчы фӕдыл ма адзӕгъӕл уӕм. w23.06 10 ф., 8, 9 абз.
Дыццӕг, 5 август
Мигътӕм чи кӕсы, уый ницы ӕркӕрддзӕн (Еккл. 11:4).
Сыгъдӕг тыхы фӕрцы нӕм фӕзындзӕн, нӕ нысанмӕ тырнынӕн нын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм миниуджытӕ, уӕлдайдӕр кӕд ӕнцон нысан нӕу кӕнӕ йӕм афтӕ тынг нӕ тырнӕм, уӕд. Уӕдӕ Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы баххуыс кӕна, сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ чи хауы, уыцы миниуджытӕ дӕ удыхъӕды сфидар кӕнынӕн (Лук. 11:13; Гал. 5:22, 23). Уавӕртӕ, дӕу куыд фӕнды, афтӕ кӕй уыдзысты, уымӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕс. Ацы дунейы, гӕнӕн ис, ӕмӕ, дӕу куыд фӕнды, афтӕ макуы рауайа. Дӕ уавӕртӕ кӕд амондзысты, уымӕ куы ӕнхъӕлмӕ кӕсай, уӕд дӕ нысан дӕ къухы никуы бафтдзӕн. Иуӕй-иу хатт та нӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ нӕ нысан нӕ къухы зынтӕй бафтдзӕн. Ӕмӕ йӕм уый тыххӕй дӕр, гӕнӕн ис, афтӕ тынг ма тырнӕм. Кӕд дӕуӕн дӕр дӕ хабар афтӕ у, уӕд дӕ бон у дӕ нысан гыццылдӕр нысӕнттыл ныддихтӕ кӕнын. Зӕгъӕм, кӕд дӕ фӕнды, цӕмӕй дӕм цавӕрдӕр миниуӕг фӕзына, уӕд уал бацархай, цӕмӕй йӕ гыццыл хъуыддӕгты равдисай. Кӕд дӕ фӕнды Библи ӕнӕхъӕнӕй бакӕсын, уӕд уал ӕй гыццыл скъуыддзӕгтӕй кӕсын райдай. w23.05 29 ф., 11–13 абз.