Дыццӕг, 9 сентябрь
Ӕнӕзонд сылгоймаг у ӕнӕуаг. Йӕ зонд у цыбыр (Ӕмб. 9:13).
«Ӕнӕзонд сылгоймаджы» хъӕлӕс чи хъусы, уыдоны хъӕуы равзарын, йӕ хӕдзармӕ бацӕудзысты ӕви нӕ. Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй нӕхи хизӕм хӕтындзинадӕй ӕмӕ ӕнӕгъдау митӕй. Цӕмӕн? «Ӕнӕзонд сылгоймаг» дзуры: «Давӕггаг дон адджын у» (Ӕмб. 9:17). Цы у «давӕггаг дон»? Лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн цы сыгъдӕг сусӕг ахастдзинӕдтӕ вӕййы, уыдон Библи бары, адӕймаг йӕ дойны кӕмӕй басӕтты, ахӕм донимӕ (Ӕмб. 5:15–18). Ахӕм ахастдзинӕдтӕ хъуамӕ уой, йӕ къухтӕ чи ’рфыста, ӕрмӕстдӕр уыцы нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн. Фӕлӕ «давӕггаг донӕн» йӕ хабар ӕндӕрхуызон у. Уый, ӕвӕццӕгӕн, амоны, лӕг ӕмӕ ус чи нӕу, уыдон ӕмуат куы ’рцӕуынц, уымӕ. Ахӕм хъуыддӕгтӕ арӕх фӕаразынц сусӕгӕй, давӕг куыд фӕархайы, афтӕ. «Давӕггаг дон» сӕм уӕлдай адджын, чи зоны, уый тыххӕй фӕкӕсы, ӕмӕ афтӕ фӕхъуыды кӕнынц, ӕмӕ сын сӕ миты тыххӕй ничи базондзӕн. Фӕлӕ уымӕй сӕхи сайынц! Йегъовӕ алцыдӕр уыны. Ӕмӕ ахӕм хъуыддӕгты тыххӕй адӕймаг, гӕнӕн ис, йӕ хорзӕхӕй ӕнӕхай фӕуа. Уый та масты хос у, «адджын» нӕу, фӕлӕ (1 Кор. 6:9, 10). w23.06 22 ф., 7–9 абз.
Ӕртыццӕг, 10 сентябрь
Кӕд ӕй ӕвӕндонӕй аразын, уӕддӕр мын, Хуыцау мын мӕ бар цы бакодта, уый ӕнӕкӕнгӕ нӕй (1 Кор. 9:17).
Чи зоны дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ Йегъовӕмӕ афтӕ зӕрдиагӕй нал кувыс кӕнӕ раздӕрау цингӕнгӕйӕ нал хъусын кӕныс. Афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ дын Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тых нал дӕтты. Мах стӕм ӕнӕххӕст, ӕмӕ нӕ хатт фӕфӕнды цыдӕр аразын, хатт та – нӕ. Кӕд дӕ зӕрдӕйы зынг мынӕг кӕнын райдыдта, уӕд ахъуыды кӕн апостол Павелы цӕвиттоныл. Кӕд Павел архайдта, цӕмӕй Йесойы фӕзмыдтаид, уӕддӕр ӕй ӕмбӕрста, хатт-иу ӕй афтӕ тынг кӕй нӕ фӕнддзӕн цыдӕр аразын. Павелӕн йӕ нысан уыд, дарддӕр дӕр хорз хабар хъусын кӕнын, уый йӕ фӕндыдаид ӕви нӕ, уӕддӕр. Ды дӕр Павелау де ’нӕххӕст зӕрдӕйы коммӕ ма кӕс. Дӕхицӕн фидарӕй зӕгъ, раст цы у, уый кӕй араздзынӕ, уый-иу дӕ куы нӕ фӕнда, уӕд дӕр. Дӕ хъуыддӕгтӕ уымӕ ӕркӕндзысты, ӕмӕ та дӕ зӕрдӕйы зынг ногӕй ссудздзӕн (1 Кор. 9:16). w24.03 11, 12 фф., 12, 13 абз.
Цыппӕрӕм, 11 сентябрь
Равдисут [сын], уӕ уарзондзинад ӕцӕг кӕй у (2 Кор. 8:24).
Нӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ рӕстӕг куы ’рвитӕм ӕмӕ-иу семӕ куы балымӕн уӕм, уӕд равдисдзыстӕм, кӕй сӕ уарзӕм, уый (2 Кор. 6:11–13). Не ’мбырдты ис алыхуызон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ. Сӕ хорз миниуджытӕ сын куы уынӕм, уӕд се ’ппӕты дӕр тынгдӕр уарздзыстӕм. Мах дӕр куы фӕархайӕм, цӕмӕй иннӕтӕм Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсӕм, уӕд равдисӕм, кӕй сӕ уарзӕм. Стыр бӕллӕхы рӕстӕг тынг ахсджиаг уыдзӕн нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты уарзын. Уыцы бӕллӕх куы райдайа, уӕд нӕ Йегъовӕ куыд бахъахъхъӕндзӕн? Ӕркӕсӕм, Йегъовӕйы адӕм цы хъуамӕ арӕзтаиккой, мидиӕгтӕ ӕмӕ персайнӕгтӕ Вавилонмӕ куы бабырстой, уӕд. Йегъовӕ сын загъта: «Ацӕут, мӕ адӕм, уӕ мидӕггаг уӕттӕм бацӕут, уӕхиуыл дуӕрттӕ сӕхгӕнут. Иуцасдӕрмӕ бамбӕхсут, цалынмӕ фыдӕхы рӕстӕг нӕ аивгъуыйа» (Ис. 26:20). Ӕвӕццӕгӕн, стыр бӕллӕхы рӕстӕг мах дӕр афтӕ бакӕнын хъӕудзӕн. w23.07 6, 7 фф., 14–16 абз.