Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Абон

Ӕртыццӕг, 10 сентябрь

Кӕд ӕй ӕвӕндонӕй аразын, уӕддӕр мын, Хуыцау мын мӕ бар цы бакодта, уый ӕнӕкӕнгӕ нӕй (1 Кор. 9:17).

Чи зоны дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ Йегъовӕмӕ афтӕ зӕрдиагӕй нал кувыс кӕнӕ раздӕрау цингӕнгӕйӕ нал хъусын кӕныс. Афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ дын Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тых нал дӕтты. Мах стӕм ӕнӕххӕст, ӕмӕ нӕ хатт фӕфӕнды цыдӕр аразын, хатт та – нӕ. Кӕд дӕ зӕрдӕйы зынг мынӕг кӕнын райдыдта, уӕд ахъуыды кӕн апостол Павелы цӕвиттоныл. Кӕд Павел архайдта, цӕмӕй Йесойы фӕзмыдтаид, уӕддӕр ӕй ӕмбӕрста, хатт-иу ӕй афтӕ тынг кӕй нӕ фӕнддзӕн цыдӕр аразын. Павелӕн йӕ нысан уыд, дарддӕр дӕр хорз хабар хъусын кӕнын, уый йӕ фӕндыдаид ӕви нӕ, уӕддӕр. Ды дӕр Павелау де ’нӕххӕст зӕрдӕйы коммӕ ма кӕс. Дӕхицӕн фидарӕй зӕгъ, раст цы у, уый кӕй араздзынӕ, уый-иу дӕ куы нӕ фӕнда, уӕд дӕр. Дӕ хъуыддӕгтӕ уымӕ ӕркӕндзысты, ӕмӕ та дӕ зӕрдӕйы зынг ногӕй ссудздзӕн (1 Кор. 9:16). w24.03 11, 12 фф., 12, 13 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Цыппӕрӕм, 11 сентябрь

Равдисут [сын], уӕ уарзондзинад ӕцӕг кӕй у (2 Кор. 8:24).

Нӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ рӕстӕг куы ’рвитӕм ӕмӕ-иу семӕ куы балымӕн уӕм, уӕд равдисдзыстӕм, кӕй сӕ уарзӕм, уый (2 Кор. 6:11–13). Не ’мбырдты ис алыхуызон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ. Сӕ хорз миниуджытӕ сын куы уынӕм, уӕд се ’ппӕты дӕр тынгдӕр уарздзыстӕм. Мах дӕр куы фӕархайӕм, цӕмӕй иннӕтӕм Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсӕм, уӕд равдисӕм, кӕй сӕ уарзӕм. Стыр бӕллӕхы рӕстӕг тынг ахсджиаг уыдзӕн нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты уарзын. Уыцы бӕллӕх куы райдайа, уӕд нӕ Йегъовӕ куыд бахъахъхъӕндзӕн? Ӕркӕсӕм, Йегъовӕйы адӕм цы хъуамӕ арӕзтаиккой, мидиӕгтӕ ӕмӕ персайнӕгтӕ Вавилонмӕ куы бабырстой, уӕд. Йегъовӕ сын загъта: «Ацӕут, мӕ адӕм, уӕ мидӕггаг уӕттӕм бацӕут, уӕхиуыл дуӕрттӕ сӕхгӕнут. Иуцасдӕрмӕ бамбӕхсут, цалынмӕ фыдӕхы рӕстӕг нӕ аивгъуыйа» (Ис. 26:20). Ӕвӕццӕгӕн, стыр бӕллӕхы рӕстӕг мах дӕр афтӕ бакӕнын хъӕудзӕн. w23.07 6, 7 фф., 14–16 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Майрӕмбон, 12 сентябрь

Ацы дунейӕн йӕ хуыз ивы, театры нывтӕ куыд фӕивынц, афтӕ (1 Кор. 7:31).

Ӕмбаргӕ у. Ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕн: «Иннӕтӕ мӕ ӕмбаргӕ, ӕнцондзырд ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймагӕй зонынц? Ӕви афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ карз, тызмӕг кӕнӕ хивӕнд адӕймаг дӕн? Иннӕтӕм дӕр байхъусын ӕмӕ, гӕнӕн куы вӕййы, уӕд, уыдоны куыд фӕфӕнды, афтӕ бакӕнын?» Ӕмбаргӕдзинад куы равдисӕм, уӕд бӕрӕг вӕййы, Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы хуызӕн кӕй стӕм. Нӕ царды исты куы фӕивы, уӕд нӕ ӕмбаргӕдзинад цӕмӕн фӕхъӕуы? Ахӕм уавӕрты, гӕнӕн ис, сӕмбӕлӕм, ӕнхъӕл дӕр кӕмӕн нӕ уыдыстӕм, ахӕм зындзинӕдтыл. Гӕнӕн ис, ссарой нӕм цавӕрдӕр низ. Кӕнӕ та, кӕм цӕрӕм, уым, чи зоны, экономикӕйы кӕнӕ политикӕйы уавӕр ӕнӕнхъӕлӕджы фӕивта, ӕмӕ уый тыххӕй нӕ цард дӕр цӕхгӕр фӕивта (Еккл. 9:11). Адӕймагӕн йӕ лӕггады исты куы фӕивы, уӕд ын суанг уый дӕр хатт фӕлварӕн свӕййы. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу ног уавӕртыл сахуыр уай? Цыппар хъуыддаджы: 1) хъуамӕ бамбарай, ныр дӕ уавӕртӕ ӕндӕрхуызон кӕй сты; 2) хъуыды кӕн, раздӕр цы арӕзтай, ууыл нӕ, фӕлӕ, ныр цы араздзынӕ, ууыл; 3) хъуыды кӕн, дӕ царды хорзӕй цы ис, ууыл ӕмӕ 4) иннӕтӕн хорздзинад араз. w23.07 21, 22 фф., 7, 8 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын