Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Абон

Майрӕмбон, 12 сентябрь

Ацы дунейӕн йӕ хуыз ивы, театры нывтӕ куыд фӕивынц, афтӕ (1 Кор. 7:31).

Ӕмбаргӕ у. Ахӕм фарстатыл ахъуыды кӕн: «Иннӕтӕ мӕ ӕмбаргӕ, ӕнцондзырд ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймагӕй зонынц? Ӕви афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ карз, тызмӕг кӕнӕ хивӕнд адӕймаг дӕн? Иннӕтӕм дӕр байхъусын ӕмӕ, гӕнӕн куы вӕййы, уӕд, уыдоны куыд фӕфӕнды, афтӕ бакӕнын?» Ӕмбаргӕдзинад куы равдисӕм, уӕд бӕрӕг вӕййы, Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы хуызӕн кӕй стӕм. Нӕ царды исты куы фӕивы, уӕд нӕ ӕмбаргӕдзинад цӕмӕн фӕхъӕуы? Ахӕм уавӕрты, гӕнӕн ис, сӕмбӕлӕм, ӕнхъӕл дӕр кӕмӕн нӕ уыдыстӕм, ахӕм зындзинӕдтыл. Гӕнӕн ис, ссарой нӕм цавӕрдӕр низ. Кӕнӕ та, кӕм цӕрӕм, уым, чи зоны, экономикӕйы кӕнӕ политикӕйы уавӕр ӕнӕнхъӕлӕджы фӕивта, ӕмӕ уый тыххӕй нӕ цард дӕр цӕхгӕр фӕивта (Еккл. 9:11). Адӕймагӕн йӕ лӕггады исты куы фӕивы, уӕд ын суанг уый дӕр хатт фӕлварӕн свӕййы. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу ног уавӕртыл сахуыр уай? Цыппар хъуыддаджы: 1) хъуамӕ бамбарай, ныр дӕ уавӕртӕ ӕндӕрхуызон кӕй сты; 2) хъуыды кӕн, раздӕр цы арӕзтай, ууыл нӕ, фӕлӕ, ныр цы араздзынӕ, ууыл; 3) хъуыды кӕн, дӕ царды хорзӕй цы ис, ууыл ӕмӕ 4) иннӕтӕн хорздзинад араз. w23.07 21, 22 фф., 7, 8 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Сабат, 13 сентябрь

Ды Хуыцауӕн тынг зынаргъ дӕ (Дан. 9:23).

Пехуымпар Данелы вавилойнӕгтӕ уацары куы акодтой, уӕд ӕрыгон уыд. Йӕ райгуырӕн бӕстӕйӕ тынг дард уыди. Уым ыл паддзахы фӕсдзӕуинтӕ сӕ цӕст ӕрӕвӕрдтой. Уыдон кастысты, «цӕст цы уыны, уымӕ» – «иунӕг хъӕндзинад дӕр» ӕм кӕй нӕ уыд, «бакастӕй рӕсугъд» кӕй уыд ӕмӕ кадджын мыггагӕй кӕй уыд, уымӕ (1 Сам. 16:7). Ӕмӕ йӕ вавилойнӕгтӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр кодтой, цӕмӕй йӕ бон уыдаид паддзахы галуаны лӕггад кӕнын (Дан. 1:3, 4, 6). Йегъовӕ та Данелы цӕмӕн уарзта? Уыцы ӕрыгон лӕппу йыл иузӕрдион кӕй уыд, уый тыххӕй. Иухатт Йегъовӕ Ной ӕмӕ Иовы кой кӕнгӕйӕ ракодта Данелы кой дӕр. Уӕд Данелыл 20 азы бӕрц йеддӕмӕ нӕ цыдаид. Уыдон та Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы фӕлӕггад кодтой. Ӕмӕ уый дӕр уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты хуызӕн нымадта рӕстгӕнӕгыл (Райд. 5:32; 6:9, 10; Иов 42:16, 17; Йез. 14:14). Йегъовӕ йӕ алкӕддӕр уарзта (Дан. 10:11, 19). Данел бирӕ фӕцард, стӕй йӕ царды бирӕ диссаджы хабӕрттӕ ’рцыд. w23.08 2 ф., 1, 2 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Хуыцаубон, 14 сентябрь

Уӕ бон кӕронмӕ бамбарын уыдзӕн, цы у рӕстдзинадӕн йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ дӕргъ, йӕ бӕрзӕнд ӕмӕ йӕ арф (Еф. 3:18).

Хӕдзар балхӕнын куы сфӕнд кӕнай, уӕд ын йӕ алы къуым дӕр фендзынӕ ӕмӕ алцӕмӕ дӕр лӕмбынӕг ӕркӕсдзынӕ. Библи куы фӕкӕсӕм ӕмӕ йӕ куы фӕиртасӕм, уӕд дӕр нӕ бон вӕййы алцӕмӕ дӕр лӕмбынӕг ӕркӕсын. Тагъд ӕй куы бакӕсай, уӕд ын базондзынӕ ӕрмӕстдӕр йӕ сӕйраг ахуырӕдтӕ – «Хуыцауы ныхӕсты „абетӕ“» (Дзут. 5:12). Фӕлӕ хӕдзар ӕлхӕнгӕйӕ мидӕмӕ бацӕуын куыд хъӕуы, цӕмӕй дзы алцыдӕр фенай ӕмӕ дзы цы ис, уый базонай, афтӕ дӕ хъӕуы Библимӕ дӕр «мидӕмӕ бакӕсын», ома йӕ арф иртасын, цӕмӕй дзы цы фыст ис, уый ноджы хуыздӕр бамбарай. Фӕлӕ дӕ бон куыд у уый аразын? Ахъуыды-иу кӕн, Библийы хъуыдытӕ кӕрӕдзиимӕ куыд баст сты, ууыл. Стӕй-иу ахъуыды кӕн, цӕуыл ӕууӕндыс, уыдӕттӕ дзӕбӕх ӕмбарыс ӕви нӕ ӕмӕ сыл цӕмӕн ӕууӕндыс, ууыл дӕр. Цӕмӕй Хуыцауы Ныхас хорз ӕмбарӕм, уый тыххӕй йын хъуамӕ йӕ ӕрфытӕм ныккӕсӕм. Апостол Павел йӕ чырыстон хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн дзырдта, цӕмӕй Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг иртӕстаиккой. Афтӕмӕй сӕ бон уыдаид «кӕронмӕ бамбарын... цы у рӕстдзинадӕн йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ дӕргъ, йӕ бӕрзӕнд ӕмӕ йӕ арф». Уый фӕрцы уырнындзинады «уидӕгтӕ» ауагътаиккой ӕмӕ «фидар бындурыл» фидар лӕууыдаиккой (Еф. 3:14–19). Мах дӕр хъуамӕ афтӕ кӕнӕм. w23.10 18 ф., 1–3 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын