Сабат, 13 сентябрь
Ды Хуыцауӕн тынг зынаргъ дӕ (Дан. 9:23).
Пехуымпар Данелы вавилойнӕгтӕ уацары куы акодтой, уӕд ӕрыгон уыд. Йӕ райгуырӕн бӕстӕйӕ тынг дард уыди. Уым ыл паддзахы фӕсдзӕуинтӕ сӕ цӕст ӕрӕвӕрдтой. Уыдон кастысты, «цӕст цы уыны, уымӕ» – «иунӕг хъӕндзинад дӕр» ӕм кӕй нӕ уыд, «бакастӕй рӕсугъд» кӕй уыд ӕмӕ кадджын мыггагӕй кӕй уыд, уымӕ (1 Сам. 16:7). Ӕмӕ йӕ вавилойнӕгтӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр кодтой, цӕмӕй йӕ бон уыдаид паддзахы галуаны лӕггад кӕнын (Дан. 1:3, 4, 6). Йегъовӕ та Данелы цӕмӕн уарзта? Уыцы ӕрыгон лӕппу йыл иузӕрдион кӕй уыд, уый тыххӕй. Иухатт Йегъовӕ Ной ӕмӕ Иовы кой кӕнгӕйӕ ракодта Данелы кой дӕр. Уӕд Данелыл 20 азы бӕрц йеддӕмӕ нӕ цыдаид. Уыдон та Йегъовӕйӕн бирӕ азты дӕргъы фӕлӕггад кодтой. Ӕмӕ уый дӕр уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты хуызӕн нымадта рӕстгӕнӕгыл (Райд. 5:32; 6:9, 10; Иов 42:16, 17; Йез. 14:14). Йегъовӕ йӕ алкӕддӕр уарзта (Дан. 10:11, 19). Данел бирӕ фӕцард, стӕй йӕ царды бирӕ диссаджы хабӕрттӕ ’рцыд. w23.08 2 ф., 1, 2 абз.
Хуыцаубон, 14 сентябрь
Уӕ бон кӕронмӕ бамбарын уыдзӕн, цы у рӕстдзинадӕн йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ дӕргъ, йӕ бӕрзӕнд ӕмӕ йӕ арф (Еф. 3:18).
Хӕдзар балхӕнын куы сфӕнд кӕнай, уӕд ын йӕ алы къуым дӕр фендзынӕ ӕмӕ алцӕмӕ дӕр лӕмбынӕг ӕркӕсдзынӕ. Библи куы фӕкӕсӕм ӕмӕ йӕ куы фӕиртасӕм, уӕд дӕр нӕ бон вӕййы алцӕмӕ дӕр лӕмбынӕг ӕркӕсын. Тагъд ӕй куы бакӕсай, уӕд ын базондзынӕ ӕрмӕстдӕр йӕ сӕйраг ахуырӕдтӕ – «Хуыцауы ныхӕсты „абетӕ“» (Дзут. 5:12). Фӕлӕ хӕдзар ӕлхӕнгӕйӕ мидӕмӕ бацӕуын куыд хъӕуы, цӕмӕй дзы алцыдӕр фенай ӕмӕ дзы цы ис, уый базонай, афтӕ дӕ хъӕуы Библимӕ дӕр «мидӕмӕ бакӕсын», ома йӕ арф иртасын, цӕмӕй дзы цы фыст ис, уый ноджы хуыздӕр бамбарай. Фӕлӕ дӕ бон куыд у уый аразын? Ахъуыды-иу кӕн, Библийы хъуыдытӕ кӕрӕдзиимӕ куыд баст сты, ууыл. Стӕй-иу ахъуыды кӕн, цӕуыл ӕууӕндыс, уыдӕттӕ дзӕбӕх ӕмбарыс ӕви нӕ ӕмӕ сыл цӕмӕн ӕууӕндыс, ууыл дӕр. Цӕмӕй Хуыцауы Ныхас хорз ӕмбарӕм, уый тыххӕй йын хъуамӕ йӕ ӕрфытӕм ныккӕсӕм. Апостол Павел йӕ чырыстон хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн дзырдта, цӕмӕй Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг иртӕстаиккой. Афтӕмӕй сӕ бон уыдаид «кӕронмӕ бамбарын... цы у рӕстдзинадӕн йӕ уӕрх ӕмӕ йӕ дӕргъ, йӕ бӕрзӕнд ӕмӕ йӕ арф». Уый фӕрцы уырнындзинады «уидӕгтӕ» ауагътаиккой ӕмӕ «фидар бындурыл» фидар лӕууыдаиккой (Еф. 3:14–19). Мах дӕр хъуамӕ афтӕ кӕнӕм. w23.10 18 ф., 1–3 абз.
Къуырисӕр, 15 сентябрь
Зындзинӕдтӕн быхсын ӕмӕ фӕразын куыд хъӕуы, уымӕй, ме ’фсымӕртӕ, бафӕзмут, Йегъовӕйы номӕй чи дзырдта, уыцы пехуымпарты (Иак. 5:10).
Библийы ис, нӕ бон бафӕзмын кӕй у, бирӕ ахӕм адӕмы хабӕрттӕ. Ӕмӕ дӕ бон у уыдоны тыххӕй дӕр фылдӕр базонын. Зӕгъӕм, Давид Израилы паддзахӕй сӕрст ӕрцыд бынтон ӕрыгонӕй. Фӕлӕ йӕ бахъуыд бирӕ азтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын, цалынмӕ паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ райста, уӕдмӕ. Симеон ӕмӕ Аннӕ зӕрдӕвӕрд Мессийӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодтой (Лук. 2:25, 36–38). Ахӕм хабӕрттӕ куы иртасай, уӕд-иу дзуапп ссар ахӕм фарстатӕн: «Ацы адӕймагӕн цы ’ххуыс кодта, цӕмӕй фӕразон уыдаид? Уый йын цы пайда ӕрхаста? Мӕ бон ӕй куыд у бафӕзмын?» Дӕ бон ма у цыдӕртӕ базонын, фӕразондзинад чи нӕ равдыста, уыдоны хабӕрттӕй дӕр (1 Сам. 13:8–14). Ахъуыды-иу кӕн: «Фӕразондзинад цӕуылнӕ равдыста? Уый йӕ цӕмӕ ӕркодта?» w23.08 25 ф., 15 абз.