Къуырисӕр, 15 сентябрь
Зындзинӕдтӕн быхсын ӕмӕ фӕразын куыд хъӕуы, уымӕй, ме ’фсымӕртӕ, бафӕзмут, Йегъовӕйы номӕй чи дзырдта, уыцы пехуымпарты (Иак. 5:10).
Библийы ис, нӕ бон бафӕзмын кӕй у, бирӕ ахӕм адӕмы хабӕрттӕ. Ӕмӕ дӕ бон у уыдоны тыххӕй дӕр фылдӕр базонын. Зӕгъӕм, Давид Израилы паддзахӕй сӕрст ӕрцыд бынтон ӕрыгонӕй. Фӕлӕ йӕ бахъуыд бирӕ азтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын, цалынмӕ паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ райста, уӕдмӕ. Симеон ӕмӕ Аннӕ зӕрдӕвӕрд Мессийӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодтой (Лук. 2:25, 36–38). Ахӕм хабӕрттӕ куы иртасай, уӕд-иу дзуапп ссар ахӕм фарстатӕн: «Ацы адӕймагӕн цы ’ххуыс кодта, цӕмӕй фӕразон уыдаид? Уый йын цы пайда ӕрхаста? Мӕ бон ӕй куыд у бафӕзмын?» Дӕ бон ма у цыдӕртӕ базонын, фӕразондзинад чи нӕ равдыста, уыдоны хабӕрттӕй дӕр (1 Сам. 13:8–14). Ахъуыды-иу кӕн: «Фӕразондзинад цӕуылнӕ равдыста? Уый йӕ цӕмӕ ӕркодта?» w23.08 25 ф., 15 абз.
Дыццӕг, 16 сентябрь
Ӕмӕ дыл мах баууӕндыдыстӕм ӕмӕ йӕ базыдтам, ды Хуыцауӕй ӕрвыст кӕй дӕ (Иоан. 6:69).
Апостол Петр уыди иузӕрдион адӕймаг. Ӕмӕ йӕ ницы бакъуылымпы кодта Йесойы фӕдыл цӕуын. Иухатт Йесо цы ныхӕстӕ загъта, уыдон йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ бамбӕрстой (Иоан. 6:68). Бирӕтӕ нӕ банхъӕлмӕ кастысты, кӕй сын сӕ бамбарын кӕндзӕн, уымӕ ӕмӕ йӕ фӕдыл нал цыдысты. Фӕлӕ йыл Петр уыд иузӕрдион. Уый загъта, ӕрмӕстдӕр Йесомӕ кӕй сты, «ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы ныхӕстӕ». Йесо Петримӕ ӕмӕ иннӕ апостолтимӕ куы уыд, уӕд ӕй зыдта, уыдон ӕй иууылдӕр кӕй ныууадздзысты. Фӕлӕ ма зыдта, Петр фӕстӕмӕ кӕй сфидар уыдзӕн ӕмӕ йыл иузӕрдионӕй кӕй баззайдзӕн. Ӕмӕ йын уый йӕхицӕн дӕр загъта (Лук. 22:31, 32). Йесо ӕмбӕрста, «уд... фидар [кӕй] у, фӕлӕ буар та лӕмӕгъ [кӕй] у» (Мар. 14:38). Ӕмӕ дзы Петр афтӕ куы загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ, уӕд йӕ апостолыл йӕ къух нӕ систа. Йесо куы райгас, уӕд ӕм фӕзынд, ӕвӕццӕгӕн, уый иунӕгӕй куы уыд, уӕд (Мар. 16:7; Лук. 24:34; 1 Кор. 15:5). Петр йӕхи фӕсмонӕй куыннӕ хордтаид. Ӕмӕ йӕм Йесо кӕй фӕзынд, уый йӕ куыд тынг бафидар кодтаид! w23.09 22 ф., 9, 10 абз.
Ӕртыццӕг, 17 сентябрь
Амондджын сты, Хуыцау йӕ фыдхъуыддӕгтӕ кӕмӕн ныббарста ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕ кӕмӕн ныххатыр кодта (Ром. 4:7).
Хуыцау ныххатыр кӕны, чи йыл ӕууӕнды, уыдоны тӕригъӕдтӕ. Уыдоны тыххӕй сӕ дзуапп нал ӕрдомы, кӕронмӕ сын ныххатыр кӕны (Пс. 32:1, 2). Ӕмӕ сӕ сӕ уырнындзинады фӕрцы фӕнымайы ӕнӕфау, ӕнаххос адӕймӕгтыл ӕмӕ рӕстгӕнджытыл. Кӕд Йегъовӕ Авраамы, Давиды ӕмӕ иннӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты рӕстгӕнджытыл банымадта, уӕддӕр уыдысты ӕнӕххӕст, тӕригъӕдджын адӕймӕгтӕ. Фӕлӕ сӕ уырнындзинады фӕрцы Хуыцауы цӕсты уыдысты ӕнаххос ӕмӕ ӕнӕфау, уӕлдайдӕр, чи йын нӕ лӕггад кодта, уыдонимӕ абаргӕйӕ (Еф. 2:12). Йӕ фыстӕджы Ромӕгтӕм апостол Павел бамбарын кодта, ӕнӕ уырнындзинадӕй Хуыцауы хӕлӕрттӕ кӕй не суыдзыстӕм. Уырнындзинад Авраамы ӕмӕ Давиды куыд хъуыд, афтӕ хъӕуы мах дӕр. w23.12 3 ф., 6, 7 абз.