Дыццӕг, 16 сентябрь
Ӕмӕ дыл мах баууӕндыдыстӕм ӕмӕ йӕ базыдтам, ды Хуыцауӕй ӕрвыст кӕй дӕ (Иоан. 6:69).
Апостол Петр уыди иузӕрдион адӕймаг. Ӕмӕ йӕ ницы бакъуылымпы кодта Йесойы фӕдыл цӕуын. Иухатт Йесо цы ныхӕстӕ загъта, уыдон йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ бамбӕрстой (Иоан. 6:68). Бирӕтӕ нӕ банхъӕлмӕ кастысты, кӕй сын сӕ бамбарын кӕндзӕн, уымӕ ӕмӕ йӕ фӕдыл нал цыдысты. Фӕлӕ йыл Петр уыд иузӕрдион. Уый загъта, ӕрмӕстдӕр Йесомӕ кӕй сты, «ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы ныхӕстӕ». Йесо Петримӕ ӕмӕ иннӕ апостолтимӕ куы уыд, уӕд ӕй зыдта, уыдон ӕй иууылдӕр кӕй ныууадздзысты. Фӕлӕ ма зыдта, Петр фӕстӕмӕ кӕй сфидар уыдзӕн ӕмӕ йыл иузӕрдионӕй кӕй баззайдзӕн. Ӕмӕ йын уый йӕхицӕн дӕр загъта (Лук. 22:31, 32). Йесо ӕмбӕрста, «уд... фидар [кӕй] у, фӕлӕ буар та лӕмӕгъ [кӕй] у» (Мар. 14:38). Ӕмӕ дзы Петр афтӕ куы загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ, уӕд йӕ апостолыл йӕ къух нӕ систа. Йесо куы райгас, уӕд ӕм фӕзынд, ӕвӕццӕгӕн, уый иунӕгӕй куы уыд, уӕд (Мар. 16:7; Лук. 24:34; 1 Кор. 15:5). Петр йӕхи фӕсмонӕй куыннӕ хордтаид. Ӕмӕ йӕм Йесо кӕй фӕзынд, уый йӕ куыд тынг бафидар кодтаид! w23.09 22 ф., 9, 10 абз.
Ӕртыццӕг, 17 сентябрь
Амондджын сты, Хуыцау йӕ фыдхъуыддӕгтӕ кӕмӕн ныббарста ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕ кӕмӕн ныххатыр кодта (Ром. 4:7).
Хуыцау ныххатыр кӕны, чи йыл ӕууӕнды, уыдоны тӕригъӕдтӕ. Уыдоны тыххӕй сӕ дзуапп нал ӕрдомы, кӕронмӕ сын ныххатыр кӕны (Пс. 32:1, 2). Ӕмӕ сӕ сӕ уырнындзинады фӕрцы фӕнымайы ӕнӕфау, ӕнаххос адӕймӕгтыл ӕмӕ рӕстгӕнджытыл. Кӕд Йегъовӕ Авраамы, Давиды ӕмӕ иннӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты рӕстгӕнджытыл банымадта, уӕддӕр уыдысты ӕнӕххӕст, тӕригъӕдджын адӕймӕгтӕ. Фӕлӕ сӕ уырнындзинады фӕрцы Хуыцауы цӕсты уыдысты ӕнаххос ӕмӕ ӕнӕфау, уӕлдайдӕр, чи йын нӕ лӕггад кодта, уыдонимӕ абаргӕйӕ (Еф. 2:12). Йӕ фыстӕджы Ромӕгтӕм апостол Павел бамбарын кодта, ӕнӕ уырнындзинадӕй Хуыцауы хӕлӕрттӕ кӕй не суыдзыстӕм. Уырнындзинад Авраамы ӕмӕ Давиды куыд хъуыд, афтӕ хъӕуы мах дӕр. w23.12 3 ф., 6, 7 абз.
Цыппӕрӕм, 18 сентябрь
Хуыцауӕн алкӕддӕр хӕссӕм кады нывонд, ома йын нӕ дзыхыныхасӕй адӕмы ’хсӕн йӕ ном кадджын кӕнӕм (Дзут. 13:15).
Чырыстӕттӕй алкӕмӕ дӕр ӕрхауд стыр кад – нӕ бон у Йегъовӕйӕн нывӕндтӕ хӕссын. Уыцы нывӕндтӕ сты нӕ рӕстӕг, нӕ хъарутӕ, не ’хца. Ӕмӕ сӕ Паддзахады хъуыддагӕн не ’вгъау кӕнӕм. Нӕ бон Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй у, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый равдисдзыстӕм, ӕппӕты хуыздӕр нывӕндтӕ йын куы хӕссӕм, уымӕй. Апостол Павел ранымадта, рохуаты цы нӕй уадзӕн, уыдӕттӕ (Дзут. 10:22–25). Уымӕ хауы, Йегъовӕмӕ кӕй хъуамӕ кувӕм, нӕ ныфсы тыххӕй ӕргом кӕй хъуамӕ дзурӕм ӕмӕ ӕмбырдтӕм кӕй хъуамӕ цӕуӕм, стӕй кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс кӕй хъуамӕ ӕфтауӕм, Йегъовӕйы бон «куыд хӕстӕг кӕны, уый цас бӕлвырддӕр уынӕм, уыйас ноджы тынгдӕр». Раргомады чиныджы фӕстаг сӕрты та Йегъовӕйы зӕд Иоаннӕн дыууӕ хатты загъта, Хуыцауӕн бакув, зӕгъгӕ (Рарг. 19:10; 22:9). Уӕдӕ макуы ферох кӕнӕм, Йегъовӕйы стыр ӕнӕуынгӕ кувӕндоны тыххӕй цы ахсджиаг цыдӕртӕ базыдтам, уыдӕттӕ ӕмӕ, нӕ бон нӕ кадджын Хуыцауӕн лӕггад кӕнын кӕй у, уый стыр кадыл нымайӕм! w23.10 29 ф., 17, 18 абз.