Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Абон

Майрӕмбон, 19 сентябрь

Нӕ кӕрӕдзийы уарзӕм (1 Иоан. 4:7).

Не ’ппӕты дӕр фӕнды, цӕмӕй кӕрӕдзийы алкӕддӕр уарзӕм. Фӕлӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм Йесойы ныхӕстӕ. Уый загъта: «Адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ уарзондзинад ӕруазал уыдзӕн» (Матф. 24:12). Йесойы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг нӕ уыдысты, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр сӕ фылдӕрӕн сӕ уарзондзинад ӕруазал уыдзӕн. Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ нӕхи хъахъхъӕнӕм ацы дунейы зондахастӕй, кӕннод махӕн дӕр нӕ уарзондзинад ӕруазал уыдзӕн. Нӕ бон куыд у базонын, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты тынг уарзӕм ӕви нӕ? Зӕгъӕм, ис ахъуыды кӕнӕн, кӕцыдӕр уавӕрты нӕхи куыд фӕдарӕм, ууыл (2 Кор. 8:8). Иу ахӕм уавӕры кой скодта апостол Петр. Уый загъта: «Сӕйраджыдӕр та кӕрӕдзийы афтӕ уарзут, уӕ уарзт артау куыд судза, уымӕн ӕмӕ уарзондзинад бирӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны [комк. «ӕмбӕрзы», фип.]» (1 Пет. 4:8). Уӕдӕ хотӕй кӕнӕ ’фсымӕртӕй исчи куы фӕрӕдийы кӕнӕ нӕ куы фӕхъыг кӕны, уӕд фӕлвӕрд ӕрцӕуы, нӕ уарзондзинад ӕцӕг уарзондзинад у ӕви нӕ. w23.11 10 ф., 12, 13 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Сабат, 20 сентябрь

Уарзут уӕ кӕрӕдзийы (Иоан. 13:34).

Ӕмбырды иуты куы уарзӕм, иннӕты та – нӕ, уӕд афтӕмӕй Йесойы фӕдзӕхст не ’ххӕст кӕндзыстӕм. Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ се ’ппӕты дӕр ӕмхуызон уарздзыстӕм. Йесойӕн дӕр йе ’мбӕлттӕй чидӕртӕ ӕввахсдӕр уыдысты (Иоан. 13:23; 20:2). Фӕлӕ нын апостол Петр нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты се ’ппӕты дӕр кӕй хъуамӕ уарзӕм, уымӕн ӕмӕ иу бинонтӕ стӕм (1 Пет. 2:17). Петр ныффыста, «кӕрӕдзийы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзут, уӕ уарзт артау судзӕд», зӕгъгӕ (1 Пет. 1:22). Нӕ уарзт артау кӕй хъуамӕ судза, уый ацы ран амоны, нӕ зӕрдӕ кӕй хъуамӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕнӕм, ӕмӕ нын уарзын зын кӕй у, уыдоны дӕр кӕй хъуамӕ бауарзӕм. Зӕгъӕм, хотӕй кӕнӕ ӕфсымӕртӕй нӕ исчи куы фӕхъыг кӕны, уӕд нӕ, чи зоны, фыццаг фӕфӕнды уымӕй йын ӕй бафидын, уарзондзинад равдисын нӕ, фӕлӕ. Фӕлӕ Йесо Петрӕн бамбарын кодта, уый Хуыцауы зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуы (Иоан. 18:10, 11). Ӕмӕ Петр уый фӕстӕ ныффыста: «Ӕвзӕр ӕвзӕрӕй ма фидут ӕмӕ уын ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ чи кӕны, уыдоны ма ӕфхӕрут, фӕлӕ семӕ уӕзданӕй ныхас кӕнут» (1 Пет. 3:9). Уӕдӕ дӕуӕн дӕр дӕ уарзт артау судзӕд, ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ у. w23.09 29 ф., 9–11 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Хуыцаубон, 21 сентябрь

Афтӕ сылгоймӕгтӕ дӕр хъуамӕ... алцӕмӕй дӕр бӕрц зоной, алы хъуыддаджы дӕр уой Хуыцауыл иузӕрдион (1 Тим. 3:11).

Диссаг у, сывӕллон куыд тагъд астыр вӕййы. Адӕймагмӕ афтӕ фӕкӕсы, цыма йӕхӕдӕг рӕзы ӕмӕ йӕ уый тыххӕй аразын дӕр ницы хъӕуы. Фӕлӕ цӕмӕй фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕ суӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы фыдӕбон кӕнын (1 Кор. 13:11; Дзут. 6:1). Цӕмӕй уыцы нысан нӕ къухы бафта, уый тыххӕй Йегъовӕ хъуамӕ суа не ’ввахс Хӕлар. Хъӕуы ма нӕ йӕ сыгъдӕг тых дӕр, цӕмӕй нӕм фӕзына, йӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм миниуджытӕ, царды нӕ чи бахъӕудзӕн, ахӕм хъуыддӕгтыл сахуыр уӕм ӕмӕ ныл фидӕны цы хӕстӕ уыдзӕн, уыдонмӕ нӕхи бацӕттӕ кӕнӕм (Ӕмб. 1:5). Йегъовӕ адӕмы куы сфӕлдыста, уӕд сфӕлдыста нӕлгоймаджы ӕмӕ сылгоймаджы (Райд. 1:27). Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнынц уындӕй дӕр ӕмӕ ӕндӕр цӕмӕйдӕрты дӕр. Йегъовӕ сӕ афтӕ сфӕлдыста, цӕмӕй дзы алчидӕр бӕлвырд хӕстӕ ӕххӕст кӕна (Райд. 2:18). Ӕмӕ сӕ уый тыххӕй та хъӕуы цавӕрдӕр миниуджытӕ, стӕй хъуамӕ сахуыр уой цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ аразын. w23.12 18 ф., 1, 2 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын