Цыппӕрӕм, 18 сентябрь
Хуыцауӕн алкӕддӕр хӕссӕм кады нывонд, ома йын нӕ дзыхыныхасӕй адӕмы ’хсӕн йӕ ном кадджын кӕнӕм (Дзут. 13:15).
Чырыстӕттӕй алкӕмӕ дӕр ӕрхауд стыр кад – нӕ бон у Йегъовӕйӕн нывӕндтӕ хӕссын. Уыцы нывӕндтӕ сты нӕ рӕстӕг, нӕ хъарутӕ, не ’хца. Ӕмӕ сӕ Паддзахады хъуыддагӕн не ’вгъау кӕнӕм. Нӕ бон Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй у, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый равдисдзыстӕм, ӕппӕты хуыздӕр нывӕндтӕ йын куы хӕссӕм, уымӕй. Апостол Павел ранымадта, рохуаты цы нӕй уадзӕн, уыдӕттӕ (Дзут. 10:22–25). Уымӕ хауы, Йегъовӕмӕ кӕй хъуамӕ кувӕм, нӕ ныфсы тыххӕй ӕргом кӕй хъуамӕ дзурӕм ӕмӕ ӕмбырдтӕм кӕй хъуамӕ цӕуӕм, стӕй кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс кӕй хъуамӕ ӕфтауӕм, Йегъовӕйы бон «куыд хӕстӕг кӕны, уый цас бӕлвырддӕр уынӕм, уыйас ноджы тынгдӕр». Раргомады чиныджы фӕстаг сӕрты та Йегъовӕйы зӕд Иоаннӕн дыууӕ хатты загъта, Хуыцауӕн бакув, зӕгъгӕ (Рарг. 19:10; 22:9). Уӕдӕ макуы ферох кӕнӕм, Йегъовӕйы стыр ӕнӕуынгӕ кувӕндоны тыххӕй цы ахсджиаг цыдӕртӕ базыдтам, уыдӕттӕ ӕмӕ, нӕ бон нӕ кадджын Хуыцауӕн лӕггад кӕнын кӕй у, уый стыр кадыл нымайӕм! w23.10 29 ф., 17, 18 абз.
Майрӕмбон, 19 сентябрь
Нӕ кӕрӕдзийы уарзӕм (1 Иоан. 4:7).
Не ’ппӕты дӕр фӕнды, цӕмӕй кӕрӕдзийы алкӕддӕр уарзӕм. Фӕлӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм Йесойы ныхӕстӕ. Уый загъта: «Адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ уарзондзинад ӕруазал уыдзӕн» (Матф. 24:12). Йесойы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг нӕ уыдысты, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр сӕ фылдӕрӕн сӕ уарзондзинад ӕруазал уыдзӕн. Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ нӕхи хъахъхъӕнӕм ацы дунейы зондахастӕй, кӕннод махӕн дӕр нӕ уарзондзинад ӕруазал уыдзӕн. Нӕ бон куыд у базонын, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты тынг уарзӕм ӕви нӕ? Зӕгъӕм, ис ахъуыды кӕнӕн, кӕцыдӕр уавӕрты нӕхи куыд фӕдарӕм, ууыл (2 Кор. 8:8). Иу ахӕм уавӕры кой скодта апостол Петр. Уый загъта: «Сӕйраджыдӕр та кӕрӕдзийы афтӕ уарзут, уӕ уарзт артау куыд судза, уымӕн ӕмӕ уарзондзинад бирӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны [комк. «ӕмбӕрзы», фип.]» (1 Пет. 4:8). Уӕдӕ хотӕй кӕнӕ ’фсымӕртӕй исчи куы фӕрӕдийы кӕнӕ нӕ куы фӕхъыг кӕны, уӕд фӕлвӕрд ӕрцӕуы, нӕ уарзондзинад ӕцӕг уарзондзинад у ӕви нӕ. w23.11 10 ф., 12, 13 абз.
Сабат, 20 сентябрь
Уарзут уӕ кӕрӕдзийы (Иоан. 13:34).
Ӕмбырды иуты куы уарзӕм, иннӕты та – нӕ, уӕд афтӕмӕй Йесойы фӕдзӕхст не ’ххӕст кӕндзыстӕм. Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ се ’ппӕты дӕр ӕмхуызон уарздзыстӕм. Йесойӕн дӕр йе ’мбӕлттӕй чидӕртӕ ӕввахсдӕр уыдысты (Иоан. 13:23; 20:2). Фӕлӕ нын апостол Петр нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты се ’ппӕты дӕр кӕй хъуамӕ уарзӕм, уымӕн ӕмӕ иу бинонтӕ стӕм (1 Пет. 2:17). Петр ныффыста, «кӕрӕдзийы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзут, уӕ уарзт артау судзӕд», зӕгъгӕ (1 Пет. 1:22). Нӕ уарзт артау кӕй хъуамӕ судза, уый ацы ран амоны, нӕ зӕрдӕ кӕй хъуамӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕнӕм, ӕмӕ нын уарзын зын кӕй у, уыдоны дӕр кӕй хъуамӕ бауарзӕм. Зӕгъӕм, хотӕй кӕнӕ ӕфсымӕртӕй нӕ исчи куы фӕхъыг кӕны, уӕд нӕ, чи зоны, фыццаг фӕфӕнды уымӕй йын ӕй бафидын, уарзондзинад равдисын нӕ, фӕлӕ. Фӕлӕ Йесо Петрӕн бамбарын кодта, уый Хуыцауы зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуы (Иоан. 18:10, 11). Ӕмӕ Петр уый фӕстӕ ныффыста: «Ӕвзӕр ӕвзӕрӕй ма фидут ӕмӕ уын ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ чи кӕны, уыдоны ма ӕфхӕрут, фӕлӕ семӕ уӕзданӕй ныхас кӕнут» (1 Пет. 3:9). Уӕдӕ дӕуӕн дӕр дӕ уарзт артау судзӕд, ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ у. w23.09 29 ф., 9–11 абз.