Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Абон

Къуырисӕр, 22 сентябрь

Ӕппӕт адӕмтӕй дӕр [мын] цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. Дӕттут сын донаргъуыд Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг тыхы номыл (Матф. 28:19).

Цымӕ Йесойы фӕндыд, цӕмӕй йын иннӕтӕ йӕ Фыды йӕ номӕй хуыдтаиккой? Бӕгуыдӕр. Уыцы рӕстӕджы иуӕй-иу дины разамонджытӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ Хуыцауы ном дзурын нӕ фӕтчы. Фӕлӕ Йесо зыдта, уыдӕттӕ адӕмы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттӕ кӕй сты. Уый уӕддӕр йӕ Фыды ном кадджын кодта. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, Герасӕйы раз хӕйрӕджджын лӕджы куы сдзӕбӕх кодта, уыцы хабар. Адӕм старстысты, ӕмӕ Йесойӕн лӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй уырдыгӕй ацыдаид. Ӕмӕ дзы уый дӕр нал ӕрлӕууыд (Мар. 5:16, 17). Фӕлӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй уым дӕр Йегъовӕйы ном базыдтаиккой. Уымӕ гӕсгӕ, кӕй сдзӕбӕх кодта, уыцы нӕлгоймагӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй адӕмӕн дзырдтаид, Йегъовӕ йын цы хорздзинад ракодта, уый тыххӕй. Афтӕ йын нӕ загъта, Йесо цы сарӕзта, уый тыххӕй дзур, зӕгъгӕ (Мар. 5:19). Ӕмӕ Йесойы фӕнды, цӕмӕй абон мах дӕр ӕгас зӕххыл йӕ Фыды ном ӕргом кӕнӕм! (Матф. 24:14; 28:20). Афтӕмӕй рухс кӕнӕм нӕ Паддзах Йесо Чырыстийы зӕрдӕ. w24.02 10 ф., 10 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Дыццӕг, 23 сентябрь

Ды... мӕ номы тыххӕй бирӕ бавзӕрстай (Рарг. 2:3).

Ацы уӕззау фӕстаг бонты дунейы уавӕр фыддӕрӕй-фыддӕр кӕны. Фӕлӕ мах стӕм Йегъовӕйы организацийы. Ӕмӕ нын уый фӕрцы ис, чи нын ӕххуыс кӕны, ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ (Пс. 133:1). Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ бинонтӕ уой ӕнгом (Еф. 5:33–6:1). Стӕй нын амоны, цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы уа фарн. Фӕлӕ нӕ уӕддӕр хъӕуы ӕппӕт тыхтӕй архайын, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ нын хатт иннӕтӕ сӕ ныхӕстӕй ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕй нӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕнынц. Хатт та нӕ ныфс асӕтты, кӕй фӕрӕдийӕм, уый тыххӕй, уӕлдайдӕр, уыцы иу рӕдыдтытӕ ногӕй ӕмӕ ногӕй куы саразӕм, уӕд. Фӕлӕ-иу хъуамӕ нӕ къухтӕ ма ӕруадзӕм. Хъуамӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм, 1) хотӕ ӕмӕ нӕ ’фсымӕртӕй исчи куы фӕхъыг кӕна, 2) нӕ цардӕмбалыл нӕ зӕрдӕ куы фӕхуда ӕмӕ 3) нӕхиуыл нӕ зӕрдӕ куы фӕхуда, уӕддӕр. w24.03 14 ф., 1, 2 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Ӕртыццӕг, 24 сентябрь

Цы нын бантыст, ууыл ма ’рлӕууӕм, фӕлӕ дарддӕр дӕр афтӕ размӕ цӕуӕм (Фил. 3:16).

Чи зоны, фехъуыстай хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй чидӕртӕ Хуыцауӕн фылдӕр лӕггад кӕнын кӕй райдыдтой. Ӕмӕ ма, чи зоны, ахӕм хабӕрттӕ уый фӕстӕ дӕр хъусдзынӕ. Зӕгъӕм, чидӕртӕ ахуыр кодтой Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъолайы кӕнӕ та ацыдысты, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ранмӕ. Кӕд дӕ уавӕртӕ амонынц, уӕд ды дӕр дӕ разы ахӕм нысан сӕвӕр. Йегъовӕйы адӕм иу ран нӕ лӕууынц ӕмӕ сӕ алкӕддӕр фӕфӕнды фылдӕр аразын (Хъуыд. 16:9). Фӕлӕ, чи зоны, ныртӕккӕ дӕ уавӕртӕ нӕ амонынц, цӕмӕй ахӕм нысӕнттӕм тырнай. Уӕд афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ ды иннӕтӕй ӕвзӕрдӕр дӕ. Сӕйраг у, цӕмӕй фидар уай ӕмӕ дӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъорай (Матф. 10:22). Ма рох кӕн, Йегъовӕ тынг кӕй аргъ кӕны, дӕ уавӕрты дӕ бон цы у, уый кӕй аразыс, уымӕн. Дарддӕр дӕр афтӕ куы кӕнай, уӕд донаргъуыды фӕстӕ дӕр ӕппынӕдзух Йесойы фӕдыл цӕудзынӕ (Пс. 26:1). w24.03 10 ф., 11 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын