Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Абон

Дыццӕг, 23 сентябрь

Ды... мӕ номы тыххӕй бирӕ бавзӕрстай (Рарг. 2:3).

Ацы уӕззау фӕстаг бонты дунейы уавӕр фыддӕрӕй-фыддӕр кӕны. Фӕлӕ мах стӕм Йегъовӕйы организацийы. Ӕмӕ нын уый фӕрцы ис, чи нын ӕххуыс кӕны, ахӕм хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ (Пс. 133:1). Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ бинонтӕ уой ӕнгом (Еф. 5:33–6:1). Стӕй нын амоны, цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы уа фарн. Фӕлӕ нӕ уӕддӕр хъӕуы ӕппӕт тыхтӕй архайын, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ нын хатт иннӕтӕ сӕ ныхӕстӕй ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕй нӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕнынц. Хатт та нӕ ныфс асӕтты, кӕй фӕрӕдийӕм, уый тыххӕй, уӕлдайдӕр, уыцы иу рӕдыдтытӕ ногӕй ӕмӕ ногӕй куы саразӕм, уӕд. Фӕлӕ-иу хъуамӕ нӕ къухтӕ ма ӕруадзӕм. Хъуамӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм, 1) хотӕ ӕмӕ нӕ ’фсымӕртӕй исчи куы фӕхъыг кӕна, 2) нӕ цардӕмбалыл нӕ зӕрдӕ куы фӕхуда ӕмӕ 3) нӕхиуыл нӕ зӕрдӕ куы фӕхуда, уӕддӕр. w24.03 14 ф., 1, 2 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Ӕртыццӕг, 24 сентябрь

Цы нын бантыст, ууыл ма ’рлӕууӕм, фӕлӕ дарддӕр дӕр афтӕ размӕ цӕуӕм (Фил. 3:16).

Чи зоны, фехъуыстай хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй чидӕртӕ Хуыцауӕн фылдӕр лӕггад кӕнын кӕй райдыдтой. Ӕмӕ ма, чи зоны, ахӕм хабӕрттӕ уый фӕстӕ дӕр хъусдзынӕ. Зӕгъӕм, чидӕртӕ ахуыр кодтой Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъолайы кӕнӕ та ацыдысты, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ранмӕ. Кӕд дӕ уавӕртӕ амонынц, уӕд ды дӕр дӕ разы ахӕм нысан сӕвӕр. Йегъовӕйы адӕм иу ран нӕ лӕууынц ӕмӕ сӕ алкӕддӕр фӕфӕнды фылдӕр аразын (Хъуыд. 16:9). Фӕлӕ, чи зоны, ныртӕккӕ дӕ уавӕртӕ нӕ амонынц, цӕмӕй ахӕм нысӕнттӕм тырнай. Уӕд афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ ды иннӕтӕй ӕвзӕрдӕр дӕ. Сӕйраг у, цӕмӕй фидар уай ӕмӕ дӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъорай (Матф. 10:22). Ма рох кӕн, Йегъовӕ тынг кӕй аргъ кӕны, дӕ уавӕрты дӕ бон цы у, уый кӕй аразыс, уымӕн. Дарддӕр дӕр афтӕ куы кӕнай, уӕд донаргъуыды фӕстӕ дӕр ӕппынӕдзух Йесойы фӕдыл цӕудзынӕ (Пс. 26:1). w24.03 10 ф., 11 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025

Цыппӕрӕм, 25 сентябрь

Йӕ хӕларзӕрдӕйӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ иууылдӕр ныххатыр кодта (Кол. 2:13).

Нӕ уӕларвон Фыд нын зӕрдӕ ӕвӕры, куы ӕрфӕсмон кӕнӕм, уӕд нын кӕй ныххатыр кӕндзӕн (Пс. 86:5). Уӕдӕ нӕ тӕригъӕдтыл зӕрдӕйӕ куы ’рфӕсмон кӕнӕм, уӕд хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ нын кӕй ныххатыр кӕндзӕн. Хъуамӕ нӕ рох ма уа: Йегъовӕ тызмӕг Хуыцау нӕу, уый у ӕмбаргӕ. Уый нӕ, нӕ бон цы у, уымӕй фылдӕр никуы фӕдомы. Йегъовӕ фӕаргъ кӕны, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕй аразӕм, уымӕн. Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи лӕггад кодта, ахӕм рагон лӕггадгӕнджытыл дӕр, зӕгъӕм, апостол Павелыл. Уый бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодта. Мингай километртӕ фӕцыди, ӕмӕ йӕ фӕрцы фӕзынд бирӕ ног ӕмбырдтӕ. Фӕлӕ стӕй йӕ уавӕртӕ фӕивтой, ӕмӕ йӕ бон нал уыд, раздӕр цас хъусын кодта, уыйбӕрц хъусын кӕнын. Цымӕ дзы Йегъовӕ райгонд нал уыд? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Павел дарддӕр дӕр, йӕ бон цы уыд, уый арӕзта, ӕмӕ йын Йегъовӕ арфӕ кодта (Хъуыд. 28:30, 31). Махӕн дӕр нӕ уавӕртӕ фӕивынц, ӕмӕ нӕ бон куы фылдӕр вӕййы аразын, куы та – къаддӕр. Фӕлӕ Йегъовӕйӕн сӕйрагдӕр у, цӕмӕн ын лӕггад кӕнӕм, уый. w24.03 27 ф., 7, 9 абз.

Алы бон дӕр Фыстад иртас – 2025
Ӕгас нӕм цӕут!
Ацы сайты иртасӕн ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикацитӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл.
Публикаци рафыссыны тыххӕй бацу сайтмӕ jw.org
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын